Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 3 ур., 5 ф.
  • Хъӕуы дӕ Хуыцауы базонын

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъӕуы дӕ Хуыцауы базонын
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Куыд ис раст дин ссарӕн
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Хорз ӕмбӕлттӕ куыд ссарӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 3 ур., 5 ф.

3 УРОК

Хъӕуы дӕ Хуыцауы базонын

Цӕмӕй Хуыцауы хӕлар уай, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ базонай. Де ’мбӕлттӕ дын дӕ ном зонынц ӕмӕ дӕм дӕ номӕй дзурынц? Ӕнӕмӕнгӕй. Хуыцауы дӕр фӕнды, цӕмӕй йын ды йӕ ном зонай ӕмӕ йӕм йӕ номӕй дзурай. Хуыцауы ном у Иегъовӕ (Псалом 82:19, СПб; Матфейы 6:9). Хъуамӕ ма ноджыдӕр базонай, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Хъӕуы дӕ базонын йӕ хӕлӕртты дӕр ӕмӕ йе знӕгты дӕр. Цӕмӕй искӕй базонай, уый тыххӕй та хъӕуы рӕстӕг. Библи дзуры, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы базонынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнын у зондджын ми (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).

Хуыцауы хӕлӕрттӕ кӕнынц, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый. Ахъуыды ма кӕн де ’мбӕлттыл. Ӕвзӕр ахаст сӕм куы дарай ӕмӕ, се сӕфт цы хъуыддӕгтӕй уынынц, уыдон куы кӕнай, уӕд ма дарддӕр дӕр уыдзысты де ’мбӕлттӕ? Ницы хуызы! Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы хӕлар уай, уӕд хъуамӕ аразай, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый (Иоанны 4:24).

Бинонтӕ нарӕг кулдуары раз лӕууынц ӕмӕ кӕсынц, адӕм нарӕг фӕндагыл куыд цӕуынц, уымӕ

Алы дин Хуыцауимӕ хӕлардзинадмӕ нӕ кӕны. Йесо, Хуыцауы ӕппӕты хуыздӕр хӕлар, дзырдта дыууӕ фӕндаджы тыххӕй. Фыццаг фӕндаг у уӕрӕх ӕмӕ йыл цӕуы бирӕ адӕм. Уыцы фӕндаг кӕны сӕфтмӕ. Дыккаг фӕндаг та у нарӕг, ӕмӕ йыл бирӕ адӕм нӕ цӕуы. Уыцы фӕндаг та кӕны ӕнусон цардмӕ. Уӕдӕ дӕ кӕд фӕнды Хуыцауы хӕлар уӕвын, уӕд хъуамӕ базонай, куыд ын хъӕуы кувын, уый (Матфейы 7:13, 14).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын