Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 14 ур., 22–23 фф.
  • Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи хизынц ӕвзӕр митӕй

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи хизынц ӕвзӕр митӕй
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ
    Хуыцау нӕ цы домы?
  • Нӕ бон куыд у Хуыцауы хорзӕх ссарын?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • 13 хай
    Хуыцаумӕ хъус
  • «Ис рӕстӕг уарзынӕн ӕмӕ рӕстӕг де сӕфт уынынӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 14 ур., 22–23 фф.

14 УРОК

Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи хизынц ӕвзӕр митӕй

Сайтан адӕмы ардауы, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразой. Хуыцауы хӕлар уӕвын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йе сӕфт уына, Хуыцауӕн ӕнӕуынон цы у, уымӕй (Псалом 96:10). Ӕркӕсӕм, Хуыцауы хӕлӕрттӕ сӕхи цы хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизой, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон сты хӕтындзинад, фыднозт кӕнын, аборт кӕнын, давын, сайын, мӕсты кӕнын, ӕхцайыл хъазын

Хӕтындзинад. «Ма хӕт» (Рацыд 20:14). Чызг ӕмӕ лӕппу цалынмӕ сӕ къухтӕ не ’рфыссой, уӕдмӕ се ’хсӕн ӕрдон бастдзинад хъуамӕ ма уа (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

Расыг кӕнын. «Расыггӕнджытӕ... Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:10).

Адӕймаджы марын, аборт. «Ма амар» (Рацыд 20:13).

Къӕрныхдзинад. «Ма дав» (Рацыд 20:15).

Сайын. Иегъовӕ нӕ уарзы «мӕнг ӕвзаг» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 6:17).

Тыхми ӕмӕ мӕстыгӕрдзинад. «Тыхдзинад уарзӕг... ӕнӕуынон у [Иегъовӕйӕн]» (Псалом 10:5). «Буары хъуыддӕгтӕм... [хауы мӕстыгӕрдзинад]» (Галатӕгтӕм 5:19, 20).

Ӕхцайыл хъазын. «Баст ма ут уыимӕ, кӕцы... гӕртӕмттӕ исы [«кӕрӕф адӕймаг у», НД]» (1 Коринфӕгтӕм 5:11).

Ӕндӕр расӕмӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕм знаджы цӕстӕй кӕсын. «Уарзут уе знӕгты, арфӕдзинад курут уӕ ӕлгъитджытӕн» (Матфейы 5:43, 44).

Хуыцау нын цы дзуры, уый у нӕ пайдайӕн. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хи хизын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы. Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Ӕвдисӕнты ӕххуысӕй дӕ бон у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый аиуварс кӕнын (Исай 48:17; Филиппӕгтӕм 4:13, НФ; Дзуттытӕм 10:24, 25).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын