Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gf 16 ур., 26–27 фф.
  • Хуыцауы кӕй уарзыс, уый ӕвдис

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы кӕй уарзыс, уый ӕвдис
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Хуыцау дӕ хоны, цӕмӕй йӕ хӕлар суай
    Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
  • Куыд хъуыды кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2018
Фылдӕр фенын
Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар уай!
gf 16 ур., 26–27 фф.

16 УРОК

Хуыцауы кӕй уарзыс, уый ӕвдис

Нӕлгоймаг кувы ӕмӕ Библи кӕсы

Цӕмӕй дын дӕ хӕларимӕ хорз ахастытӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнай. Ды фӕхъусыс уымӕ, уый та — дӕумӕ. Иннӕтӕн дӕр йӕ хорзы кой фӕкӕныс. Хуыцауы хӕлар куы уай, уӕд дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнай. Ӕркӕс ма, Библи уый тыххӕй цы дзуры, уымӕ.

Иегъовӕимӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ныхас кӕн. «Ӕппынӕдзух кувут» (Ромӕгтӕм 12:12, НД).

Кӕс Хуыцауы Ныхас Библи. «Ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй ӕмӕ пайда у сахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, сраст уӕвынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).

Дзур иннӕтӕн Хуыцауы тыххӕй. «Ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20).

Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны нӕлгоймагӕн хъусын кӕнынц

Хуыцауы хӕлӕрттимӕ хӕлариуӕг кӕн. «Зондджынтимӕ чи цӕуа, уый уыдзӕн зондджын; ӕдылытимӕ чи хӕлариуӕг кӕна, уый та сӕнӕгъдау уыдзӕн» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 13:20).

Паддзахады Залмӕ фембӕлдтӕм цу. «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ... кӕрӕдзийӕн амондзыстӕм [«кӕрӕдзийы ныфсхаст кӕнӕм», НФ] (Дзуттытӕм 10:24, 25).

Ӕххуыс кӕн Паддзахады хъуыддагӕн. «Алчидӕр хай кӕнӕд йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ, ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ тыххӕй кӕнӕгау нӕ; уымӕн ӕмӕ барвӕндонӕй дӕттӕджы уарзы Хуыцау» (2 Коринфӕгтӕм 9:7).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Паддзахады залы
    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын