Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 52 ф.–54 ф., 4 абз.
  • Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Лӕмбынӕг ӕркӕс пъланмӕ
  • Библийы стихтӕ
  • Дӕуӕй аразгӕ цы у
  • Пълан аразын куыд хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Пъланмӕ гӕсгӕ дзур
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 52 ф.–54 ф., 4 абз.

Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы ӕргом раныхӕстӕ

ИЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕн сӕ фылдӕры алы къуыри дӕр вӕййы раныхӕстӕ Библийӕ алыхуызон фарстаты фӕдыл. Кӕд хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ, уӕд, дӕ хӕслӕвӕрдтӕ куыд цӕттӕ кӕныс, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дзурынмӕ, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ арӕхсыс? Кӕд о, уӕд дын, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной ӕргом раныхас бацӕттӕ кӕнын. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы уыцы арфӕйаг хъуыддагыл сахуыр сты мингай ӕфсымӕртӕ. Уӕдӕ дын раныхас куы бахӕс кӕной, уӕд ӕй куыд райдайдзынӕ цӕттӕ кӕнын?

Лӕмбынӕг ӕркӕс пъланмӕ

Цалынмӕ дӕ раныхасӕн ӕрмӕг агурынмӕ ӕрӕвналай, уӕдмӕ уал биноныг ӕркӕс пъланмӕ ӕмӕ йыл хъуыды кӕн, цалынмӕ йӕ дзӕбӕх нӕ бамбарай. Раныхасы ном, ома дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый дзӕбӕх бахъуыды кӕн. Цы бацамонын дӕ хъӕуы, чи дӕм хъусы, уыдонӕн? Цы у дӕ нысан?

Фыццаг уал ӕркӕс сӕйраг дӕлсӕргӕндтӕм — уыдон сты дӕ раныхасы сӕйраг хӕйттӕ. Дзӕбӕх сыл ахъуыды кӕн. Куыд дзы ӕххуыс кӕны алкӕцы дӕр, дӕ ныхасы сӕр цы у, уый райхалынӕн? Алы сӕйраг хъуыдыйы бынмӕ дӕр ис цалдӕр уӕлӕмхасӕн хъуыдыйы. Дӕлдӕр та цӕуынц, уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ арфдӕр чи халы, ӕндӕр ахӕм хъуыдытӕ. Дӕ хъус ӕрдар, пъланы алы хицӕн хай дӕр, йӕ размӕ чи ис, уыимӕ куыд баст у, уымӕ, стӕй иннӕмӕ куыд хизы ӕмӕ куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй раныхасы нысан къухы бафта. Иугӕр, дӕ ныхасы сӕр ӕмӕ нысан цы у, уый бамбӕрстай, стӕй, уыцы нысан къухы цӕмӕй бафта, уымӕн сӕйраг хъуыдытӕ куыд ӕххуыс кӕнынц, уый дӕр, уӕд дӕ бон у ӕмӕ ӕрмӕгыл кусын райдайай.

Чи зоны дын райдианты ӕнцондӕр уа дӕ раныхас, иу сӕйраг хъуыды кӕм уа, ахӕм цыппар-фондз гыццыл раныхасыл адих кӕнын. Фыццаг уал дзы иу бацӕттӕ кӕн, стӕй иннӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

Цы пълан дын радтой, уый дӕ хъӕуы, куы цӕттӕ кӕнай, уӕд. Уыцы пълан уымӕн нӕу, ӕмӕ дӕ раныхас уырдыгӕй дзурай. Уыцы пълан схонӕн ис афтид «стӕгдар». Дӕу та хъӕуы уыцы стӕгдарыл фыдӕй буар скӕнын, зӕрдӕ йын радтын ӕмӕ дзы царды уддзӕф бауадзын.

Библийы стихтӕ

Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмӕн цы дзырдтой, уый дзырдтой Фыстадӕй (Лук. 4:16—21; 24:27; Ап. к. 17:2, 3). Ды дӕр афтӕ кӕн. Дӕ раныхас хъуамӕ арӕзт уа Фыстадыл. Пъланы цы хъуыдытӕ ис, уыдон ӕнӕуи сур ныхӕстӕй ӕмбарын кӕныны бӕсты ахъуыды кӕн, уыцы хъуыдытӕ Библийы стихтӕ куыд бӕлвырд кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй иннӕтӕн амон, Фыстад цы дзуры, уый.

Дӕ раныхас цӕттӕгӕнгӕйӕ ӕркӕс, цы стихтӕ дзы ис, уыдонӕй алкӕцымӕдӕр. Кӕс, кӕцӕй ист у, уыцы скъуыддзагмӕ ӕнӕхъӕнӕй. Кӕцыдӕр стихты дзы дзырд фӕцӕуы, хабар кӕд ӕмӕ кӕм ӕрцыд, архайӕг чи у, уыдӕттыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы стих нӕ хъӕуы кӕсын ӕмӕ ӕмбарын кӕнын. Равзар дзы, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн дзы тынгдӕр чи фӕахъаз уыдзӕн, уыдон. Пъланӕн йӕхи мидӕг цы стихтӕ ис, уыдоныл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнай, уӕд дӕм ахӕм хъуыды нӕ сӕвзӕрдзӕн, ӕндӕр стихтӕ дзы куы ӕрхӕссин, зӕгъгӕ.

Дӕ ныхас куыд хорз рауайдзӕн, уый, Библийӕ цас стихтӕ ӕрхӕссай, уымӕй аразгӕ нӕу. Сӕйраг у, иннӕты ахуыр кӕнынмӕ куыд арӕхсыс, уый. Фыстадӕй цавӕрдӕр стих ӕрхӕссыны размӕ уал бамбарын кӕн, цӕмӕн дӕ фӕнды уыцы стих ӕрхӕссын. Уый фӕстӕ ӕрдзур, царды кӕм бахъӕудзӕн, ууыл. Стих куы бакӕсай, уӕд Библи ма сӕхгӕн, афтӕмӕй йӕ бамбарын кӕн. Уӕд ӕй, чи дӕм хъусы, уыдон дӕр нӕ сӕхгӕндзысты. Куыд сын у дӕ бон баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы Ныхасмӕ се ’ргом тынгдӕр раздахой ӕмӕ дзы сӕхицӕн зондӕн фылдӕр райсой? (Неем. 8:8, 12). Дӕу хъӕуы стихы хъуыды райхалын, цӕстуынгӕ цӕвиттон ӕрхӕссын ӕмӕ, стих царды кӕм бахъӕудзӕн, уый бамбарын кӕнын.

Хъуыды райхалын. Дӕ раныхасы сӕйраг стихы хъуыды куыд райхалдзынӕ, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ дӕхи бафӕрс: ацы стихӕн йӕ мидис цы у? Цӕмӕн дзы пайда кӕнын мӕ раныхасы? Цымӕ ацы стихы фӕдыл ныхасмӕхъусджытӕм цавӕр фарстытӕ фӕзынид? Цӕмӕй уыдӕттӕ базонай, уый тыххӕй дӕ, ӕвӕццӕгӕн, хъӕудзӕн, стих кӕцӕй ист у, цы уавӕрты фыст ӕрцыд, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсын, ацы ныхӕстӕн цы тых ис, Библийы цӕмӕн ӕрцыдысты фыст, уыдӕттӕ бамбарын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы иртасын, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг агурын. Бирӕ хъӕугӕ ӕрмӕг ссардзынӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын цы литературӕ цӕттӕ кӕны, уым (Матф. 24:45—47). Стихы тыххӕй цы базонай, уыдӕттӕ иууыл нӕ хъӕуы дзурын. Бамбарын кӕн, ацы стих сын цӕмӕн кӕсын кӕныс ӕмӕ дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ цы бар дары, уый.

Цӕстуынгӕ цӕвиттон. Цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ уый тыххӕй хъӕуынц, цӕмӕй адӕймаг хуыздӕр бамбара ӕмӕ бахъуыды кӕна, цы ахсджиаг хъуыды зӕгъын дӕ фӕнды, уый. Цӕстуынгӕ цӕвиттон фехъусгӕйӕ адӕмӕн сӕ бон вӕййы, цы сын дзурыс, уый, цы зонынц, уыимӕ абарын. Бирӕ ахӕм цӕвиттонтӕ-абарстытӕ ис Йесойы зындгонд Уӕлхох уацамынды. «Ӕрвон мӕргътӕ», «быдыры дидинджытӕ», «уынгӕг дуар», «къӕдзӕхыл амад хӕдзар» ӕмӕ бирӕ ӕндӕр ахӕм абарстыты руаджы йӕ ныхас ӕмбӕлд зӕрдӕйыл, уыд ӕнцонӕмбарӕн ӕмӕ йын ферохгӕнӕн нӕ уыд (Матф., 5—7 сӕртӕ).

Царды кӕм бахъӕудзӕн. Стихы хъуыды кӕй халыс ӕмӕ йӕ бамбарынӕн цӕстуынгӕ цӕвиттон кӕй хӕссыс, уый фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕныс Библийӕ ног цыдӕр базонынӕн. Фӕлӕ сын уый ӕцӕг ахъаз ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, царды мидӕг дзы куы спайда кӕной. Уӕвгӕ, Библийӕ цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ архайдзысты ӕви нӕ, уый сӕхи хъуыддаг у, фӕлӕ сын дӕ бон у баххуыс кӕнын, бӕлвырдӕй сӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый бамбарынӕн. Кӕд ныхасмӕхъусджытӕ стихӕн йӕ мидис ӕмӕ, дӕ ныхасимӕ куыд баст у, уый бамбӕрстой, уӕд иннӕ хъуыдымӕ ахизыныл ма тагъд кӕн, фӕлӕ сын равдис, цы базыдтой, уый, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ куыд цӕрынц, ууыл куыд хъуамӕ фӕзына. Дзӕбӕх сын бамбарын кӕн, Библимӕ гӕсгӕ раст цы динон ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ не сты, уыдоныл сӕ къух куы сисой, уӕд сын уый хорз цӕмӕй уыдзӕн.

Стих царды кӕм бахъӕудзӕн, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ дӕ зӕрдыл дар, чи дӕм хъуса, уыдоны ’хсӕн кӕй ис, сӕ ивгъуыд дӕр ӕмӕ сӕ ныры уавӕртӕ дӕр иухуызон кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймӕгтӕ. Чидӕр дзы нырма хӕрз ӕрӕджы райдыдта Библиимӕ зонгӕ кӕнын. Ис дзы, йӕ зын цардӕй тыхс чи у, ахӕмтӕ. Се ’хсӕн ис ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр. Уӕдӕ дӕ раныхасы равдис царды ӕцӕгдзинад, афтӕ йӕ сараз, ӕмӕ сын царды мидӕг куыд феххуыс уа. Дӕ уынаффӕтыл-иу хорз ахъуыды кӕн, цӕмӕй афтӕ макӕмӕ фӕкӕса, цыма бӕлвырд искӕй кой кӕныс.

Дӕуӕй аразгӕ цы у

Дӕ раныхас куыд уыдзӕн, уымӕй дӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы. Сӕйраг хъуыдытӕ бӕлвырд сты, алы хай дӕр цас рӕстӕг хъуамӕ бацахса, уый дӕр бӕрӕг у. Иннӕ хъуыддӕгтӕ та дӕхицӕй аразгӕ сты. Уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕй фылдӕр кӕнӕ къаддӕр кӕцыйыл ныхас кӕндзынӕ, уый дӕхи бар у. Афтӕ нӕ хъӕуы хъуыды кӕнын, ӕмӕ дзы алы хъуыды дӕр иухуызон бӕстон хъӕуы райхалын. Уӕд дӕ хъӕудзӕн ӕгӕр тагъд дзурын ӕмӕ дӕм чи хъуса, уыдон бафӕллайдзысты. Фӕлӕ куыд ис базонӕн, кӕцы хъуыды дзы хъӕуы бӕстондӕр райхалын, кӕцы та дыууӕ ныхасӕй зӕгъын? Ахъуыды кӕн: мӕ раныхасӕй сӕйраджыдӕр цы зӕгъинаг дӕн, уый хуыздӕр кӕцы хъуыдытӕ ӕмбарын кӕнынц? Чи мӕм хъуса, уыдонӕн дзы ахсджиагдӕр кӕцытӕ сты? Кӕцыдӕр стих ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы хъуыды куы айсон, уӕд мӕ раныхасы иумӕйаг хъуыды нӕ фескъуыйдзӕн?

Цыфӕндыйӕ дӕр дӕхи хиз, кӕронмӕ сбӕлвырдгӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цаутӕй ӕмӕ дӕхи сӕрмагонд хъуыдытӕй. Суанг ма Йесо Чырысти — Хуыцауы Фырт — дӕр «йӕхицӕй нӕ дзырдта» (Иоан. 14:10). Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, адӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕм уый тыххӕй кӕй ӕрбацӕуынц, цӕмӕй Библи хуыздӕр бамбарой. Уӕдӕ дӕ кӕд дӕсны ныхасгӕнӕгыл нымайынц, уӕд уый, ӕввӕцӕгӕн, уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сын се ’ргом здахыс, дӕхимӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасмӕ. Ӕмӕ дӕ раныхӕстӕн аргъ дӕр уымӕн кӕнынц (Фил. 1:10, 11).

Уӕдӕ ныр дӕ къухы ис афтид пълан нӕ, фӕлӕ, Фыстад бӕстон ӕвзӕрст кӕм цӕуы, ахӕм раныхас. Хъӕуы ма дӕ, куыд ӕй дзурдзынӕ, ууыл хӕдзары бакусын. Тынг стыр ахъаз дын фӕуыдзӕн, дӕхицӕн ӕй хъӕрӕй куы дзурай. Ӕнӕмӕнг сбӕлвырд кӕн, цы хъуыдытӕ дзы ис, уыдон хорз бахъуыды кодтай ӕви нӕ. Хъуамӕ дӕ ныхас цӕуа зӕрдӕйӕ, бауадз дзы царды уддзӕф, иннӕты зӕрдӕты зынг куыд ссудза. Цалынмӕ ныхасы рацӕуай, уӕдмӕ ноджыдӕр ахъуыды кӕн: мӕ раныхасы нысан цы у? Алы сӕйраг хъуыды дӕр дзы бӕрӕг у? Мӕ ныхас ӕцӕгдӕр Фыстадыл арӕзт у? Иу сӕйраг хъуыды дзы иннӕмӕ ӕнцонӕй хизы? Чи мӕм хъуса, уыдонӕн баххуыс кӕндзӕн Иегъовӕйы тынгдӕр уарзынӕн ӕмӕ йӕ бирӕ хорздзинӕдтӕн аргъ кӕнынӕн? Мӕ ныхасы кӕронбӕттӕн, цӕуыл дзурын, уыимӕ баст у, цы кӕнын сӕ хъӕуы, уый дзы бамбардзысты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйыл сӕмбӕлдзӕн? Кӕд ацы фарстытӕн дӕ бон у разыйы дзуапп раттын, уӕд фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цӕттӕ дӕ, «цы зоныс, уымӕй хорз ракӕнынмӕ» — ӕмбырды пайдайӕн ӕмӕ Иегъовӕйы кадӕн! (Ӕмб. 15:2).

НЫХАСЫ РАЦӔУГӔЙӔ ДӔ ТӔЛМАЦГӔНӔДЖЫ СӔР КУЫ ХЪӔУА

Бирӕ бӕстӕты цӕры, алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, ахӕм адӕмтӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Библийӕ цавӕрдӕр фарстайы фӕдыл раныхас кӕнынӕн фӕхъӕуы тӕлмацгӕнӕджы сӕр. Дӕлдӕр ис, ахӕм уавӕры дӕ куы бахъӕуа ныхасы рацӕуын, уӕд дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ тӕлмацгӕнӕгӕн дӕр чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм уынаффӕйы.

  • Дӕ раныхас хорз рауайдзӕн ӕви нӕ, уый тӕлмацгӕнӕгӕй дӕр бирӕ аразгӕ у. Тӕлмацгӕнӕг цыфӕнды дӕсны ма уа, уӕддӕр йӕ куыст хуыздӕр бакӕндзӕн, куы йын баххуыс кӕнай, уӕд.

  • Фылдӕр хатт раныхасӕн айсын бахъӕуы йе ’ртыккаг хай. (Ам дзырд нӕ цӕуы, раныхас къухӕй амонгӕ ӕвзагмӕ куы цӕуа тӕлмац, ууыл, уымӕн ӕмӕ уӕд дыууӕтӕн дӕр сӕ бон дзурын вӕййы, зӕгъӕн ис, уыцы иу рӕстӕг).

  • Рагацау иумӕ ӕркӕсут раныхасы пъланмӕ ӕмӕ, йӕ нысан цы у, ууыл аныхас кӕнут. Кӕд дӕ конгрессы хъӕуы ӕнӕхъӕнӕй фыст раныхас радзурын, уӕд дӕ тӕлмацгӕнӕгмӕ рагацау раттын хъӕуы раныхасы къопи, дзӕбӕх ӕм куыд ӕркӕса.

  • Цавӕр стихтӕ ӕрхӕссын дӕ фӕнды, уый йын бамбарын кӕн. Раныхас тӕлмац цы ӕвзагмӕ цӕуы, уым дӕр Библийы уыцы хъуыды ис ӕви нӕ, уый сбӕлвырд кӕн. Тӕлмацгӕнӕгӕн равдис, стихтӕй дӕ цавӕр ныхӕстӕ фӕнды бамбарын кӕнын ӕмӕ сӕм уӕлдай ӕргом аздахын.

  • Рагацау баныхас кӕнут, стихтӕ дыууӕ ӕвзагыл дӕр кӕсдзыстут ӕви нӕ. Фаг уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр сӕ тӕлмацгӕнӕг куы кӕса.

  • Цавӕрдӕр цау кӕд ӕмӕ цы бон ӕрцыд, нымӕцтӕ, стӕй стих кӕцӕй ист у, уыдӕттӕ тагъд ма дзур. Гыццыл-иу фӕлӕуу. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дзур ӕрмӕстдӕр ӕнӕхъӕн нымӕцтӕ.

  • Иумӕ аныхас кӕнут, цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ дӕ фӕнды ӕрхӕссын, уыдоныл, афтӕ ма, ӕндӕр ӕвзагмӕ комкоммӕ раивӕн кӕй нӕ вӕййы, ахӕм дзырдбӕстытыл кӕ­нӕ ныхасы арӕх кӕмӕй нӕ пайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстыл дӕр. Бӕлвырд базон, тӕлмацгӕнӕг сӕ дзӕбӕх ӕмбары ӕмӕ сӕ ратӕлмац кӕнӕн уыдзӕн ӕви нӕ.

  • Дзур хуымӕтӕг ӕмӕ цыбыр хъуыдыйӕдтӕй. Дӕ хъуыды кӕронмӕ куы зӕгъай, ӕрмӕстдӕр-иу уӕд ратт рӕстӕг тӕлмац кӕнынӕн (тӕлмацгӕнӕджы алы дзырд нӕ фӕхъӕуы тӕлмац кӕнын, сӕйраг у хъуыды зӕгъын). Цалынмӕ тӕлмацгӕнӕг хъуыды кӕронмӕ нӕ зӕгъа, уӕдмӕ-иу ма адарддӕр кӕн дӕ ныхас, кӕннод ӕй йӕ бон нӕ бауыдзӕн ратӕлмац кӕнын.

  • Тӕлмацгӕнӕг хорз тӕлмац кӕндзӕн ӕви нӕ, уый, дӕ хъӕлӕс куыд хорз хъуысдзӕн ӕмӕ дзырдтӕ куыд раст дзурдзынӕ, уымӕй аразгӕ дӕр у.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын