Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 1 ур., 83 ф.–85 ф., 3 абз.
  • Раст кӕс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Раст кӕс
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕсынмӕ зивӕг ма кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Дзургӕ-дзурын кӕм ӕмӕ цас фӕлӕууын хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Библи кӕсын у пайда ӕмӕ хӕссы ӕхцондзинад
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Раст кӕс
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 1 ур., 83 ф.–85 ф., 3 абз.

1 УРОК

Раст кӕс

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Гӕххӕттыл цы фыст ис, уый хъӕрӕй афтӕ бакӕс, дзырдтӕ дзы куыд нӕ ауадзай, дзырдты уӕнгтӕ куыд нӕ «аныхъуырай» кӕнӕ цавӕрдӕр дзырды бӕсты ӕндӕр дзырд куыд нӕ бакӕсай. Алы дзырд дӕр дзур раст, ма рох кӕн ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ.

Цӕмӕн хъӕуы?

Лӕмбынӕг ӕмӕ раст куы кӕсай, уӕд дӕ бон уыдзӕн, Библийы цы ӕцӕгад ис, уый иннӕтӕн раст амонын.

ФЫСТАД нын куыд дзуры, афтӕмӕй Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй адӕм се ’ппӕт дӕр «ӕцӕгад базоной» (1 Тим. 2:4, НФ). Уӕдӕ нӕ кӕд адӕмӕн, раст цы у, уый бацамонын фӕнды, уӕд уый хъуамӕ бӕрӕг уа, иннӕтӕн Библи куыд кӕсӕм, уымӕй.

Библи ӕмӕ йӕ чи ӕмбарын кӕны, уыцы литературӕ хъӕрӕй хорз кӕсын хъӕуы куыд ӕрыгӕтты, афтӕ ацӕргӕты дӕр. Махыл, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл, уыцы хӕс ис, ӕмӕ хъуамӕ адӕмӕн Иегъовӕ ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзурӕм. Ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ арӕх цыдӕр кӕсын бахъӕуы кӕм иу адӕймагӕн, кӕм та цалдӕрӕн. Афтӕ ма фӕкӕсӕм нӕ бинонтимӕ дӕр. Ӕмӕ цӕмӕй хъӕрӕй раст кӕсӕм, уымӕн та нӕ алкӕмӕндӕр — ӕфсымӕртӕн дӕр ӕмӕ хотӕн дӕр, ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр — баххуыс кӕндзысты, Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы нын цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдон.

Библи иу адӕймагӕн кӕсай ӕви ӕгас ӕмбырдӕн,— уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Библи Хуыцауы удцырынӕй фыст у. Уымӕй дарддӕр «Хуыцауы дзырд цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын у... ӕмӕ тӕрхон кӕны зӕрдӕйы фӕндтӕн ӕмӕ хъуыдытӕн» (Дзут. 4:12, НФ). Адӕймаг Хуыцауы Ныхасӕй цы ахсджиаг цыдӕртӕ базоны, уый ӕндӕр никӕцӕй базонӕн ис. Уыцы чиныгӕй ис базонӕн, чи у иунӕг ӕцӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ хӕлар суай, уый тыххӕй цы аразын хъӕуы; уый нын ӕххуыс кӕны царды зындзинӕдты сӕрты ӕнтыстджынӕй хизынӕн. Хуыцау ма нын йӕ Ныхасы амоны, йе сконд ног дунейы ӕнустӕм цӕрынӕн цы хъӕуы, уый дӕр. Уӕдӕ нӕ уд куыннӕ хъуамӕ хъарӕм, Библи, нӕ бон куыд у, афтӕ хорз кӕсыныл! (Пс. 118:140; Иер. 26:2).

Цы хъӕуы раст кӕсынӕн. Хорз кӕсынӕн бирӕ цыдӕртӕ хъӕуы, фӕлӕ уал фыццаджыдӕр хъӕуы, гӕххӕттыл цы ис фыст, уый раст кӕсын. Кӕсгӕ-кӕсын-иу дзырдтӕ ма ауадз, сӕ кӕрӕттӕ кӕнӕ сын сӕ фӕсӕфтуантӕ ма «ныхъуыр» ӕмӕ ӕмхуызон дзырдтӕ ма хӕццӕ кӕн.

Ӕрмӕджы иумӕйагӕй дзырд цӕуыл цӕуы, уый куы ӕмбарай, раст уӕд кӕсдзынӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъӕуы бӕстон цӕттӕ кӕнын. Цадӕггай сахуыр уыдзынӕ, кӕсгӕ-кӕсын ӕрмӕст иу дзырд уынын нӕ, фӕлӕ ма, йӕ фӕстӕ цы дзырдтӕ фыст ис, уыдон дӕр, ӕмӕ-иу хъуыды уайтагъд ацахсдзынӕ. Уый дӕ къухы куы бафта, уӕд бирӕ хуыздӕр ӕмӕ растдӕр кӕсдзынӕ.

Фыст ныхасы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бирӕ аразгӕ у. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй бӕрӕг вӕййы, фӕлӕууын кӕм ӕмӕ цас хъӕуы кӕнӕ хъӕлӕсы уаг кӕм ӕмӕ куыд фӕивын хъӕуы, уыдӕттӕ. Ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм гӕсгӕ хъӕлӕсы уаг фӕивын кӕм хъӕуа, уым ӕй, зӕгъгӕ, нӕ фӕивтай, уӕд фарстон хъуыдыйадӕй, гӕнӕн ис, рауайа ӕнӕуи хъуыдыйад, йе та йӕ хъуыды бынтондӕр фӕива. Ӕцӕг, хаттӕй-хатт ӕрхӕцӕн нысӕнттӕ фӕхъӕуынц ӕрмӕстдӕр хъуыдыйӕдтӕ раст аразынӕн. Де ’взаджы ӕрхӕцӕн нысӕнттӕй куыд пайда кӕнынц, уый ӕнӕмӕнг сахуыр кӕн. Уӕд бирӕ хуыздӕр ӕмӕ аивдӕр кӕсдзынӕ. Куыдфӕнды ма уа, дӕ зӕрдыл дар, дзырдтӕ ӕнӕуи бакӕсын кӕй нӕ хъӕуы, фӕлӕ уыцы дзырдтӕй иумӕ цы хъуыдытӕ рауайы, уыдон раст радӕттын.

Цӕмӕй раст кӕсын сахуыр уай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы дӕхиуыл бирӕ кусын. Бакӕс иу абзац, уый фӕстӕ ӕрлӕуу ӕмӕ та йӕ ногӕй бакӕс, ӕмӕ афтӕ — цалынмӕ йӕ ӕнӕрӕдыдӕй нӕ кӕсай. Уый фӕстӕ ахиз иннӕ абзацмӕ. Ӕппынфӕстаг ногӕй, ӕнӕрхӕцгӕйӕ бакӕс цалдӕр фарсы: иу дзырды дӕр дзы куыд нӕ фӕрӕдийай, иу дзырд дӕр дзы куыд нӕ ауадзай, афтӕ. Уый фӕстӕ искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ ды куыд кӕсай, афтӕ уый дӕр ӕрмӕгыл йӕ цӕст хӕсса ӕмӕ-иу кӕм фӕрӕдийай, уым-иу дӕ бараст кӕна.

Хатт адӕймагӕн кӕсын зын вӕййы, цӕстӕй дзӕбӕх кӕй нӕ фӕуыны кӕнӕ уаты мынӕг рухс кӕй вӕййы, уый тыххӕй дӕр. Къуылымпыйы хос дын цы у, уымӕн, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, исты куы бакӕнай, уӕд хуыздӕр кӕсдзынӕ.

Фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕй кӕсынмӕ хорз чи арӕхсы, уыдонӕн бахӕс кӕнынц ӕмбырды чиныгахуыр ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы ахуыры фембӕлдты цы ӕрмӕг фӕахуыр кӕнӕм, уый иннӕтӕн хъӕрӕй кӕсын. Уыцы хӕс, куыд ӕмбӕлы, афтӕ сӕххӕст кӕнынӕн дзырдтӕ раст бакӕсын фаг нӕу. Ӕмбырды иннӕтӕн хорз уӕд кӕсдзынӕ, ӕмӕ дӕхицӕн дӕр хорз куы кӕсай. Зӕрдыл дарын хъӕуы уый, ӕмӕ хъуыдыйады иу дзырд дӕр дзӕгъӕлы нӕй, алкӕцыдӕр дзы цӕйдӕр тыххӕй хъӕуы. Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дзырдтӕй кӕцыдӕртӕ ауадзай ӕмӕ уыимӕ хъуыды ма фесӕфа. Дзырдтӕ куы схӕццӕ кӕнай (суанг дӕхицӕн кӕсгӕйӕ дӕр), уӕд ӕнӕмӕнг схӕццӕ уыдзӕн хъуыды дӕр. Адӕймаг та дзырдтӕ раст уӕд нӕ бакӕсы, иумӕйагӕй дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ йӕ хъус куы нӕ фӕдары. Уӕдӕ архай, алы дзырд дӕр, кӕм ӕй кӕсыс, уым цы амоны, уый бамбарыныл. Дӕ хъус дар, хъуыдыйады мидис ӕрхӕцӕн нысӕнттыл куыд баст у, уымӕ дӕр. Хъуыды фылдӕр хатт иу дзырдӕй нӕ, фӕлӕ цалдӕр дзырдӕй арӕзт вӕййы. Дӕ хъус дар ахӕм дзырдты къордтӕм ӕмӕ хъӕрӕй куы кӕсай, уӕд-иу хицӕн дзырдтӕ ма кӕс, фӕлӕ ӕнӕхъӕн дзырдбӕстытӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕ. Цы кӕсыс, уый дӕхӕдӕг хорз куы ӕмбарай, уӕд ӕй дӕ бон уыдзӕн иннӕтӕн дӕр афтӕ бакӕсын, Хуыцау сын цы зӕгъинаг у, уый раст куыд бамбарой.

Апостол Павел фӕдзӕхста иу фӕлтӕрд чырыстон хистӕр нӕлгоймагӕн: «Дарддӕр дӕр кӕс иннӕтӕн» (1 Тим. 4:13, НД). Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йӕ кӕсыны хъуыддаджы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын ма хъӕуа.

ӔРХӔЦӔН НЫСӔНТТӔ

Стъӕлф (.) амоны, хъуыдыйад кӕй фӕци ӕмӕ фӕлӕууын кӕй хъӕуы.

Къӕдзыг (,) амоны, хъуыдыйад кӕй нӕма фӕци, фӕлӕ иу гыццыл фӕлӕууын кӕй хъӕуы.

Стъӕлф къӕдзыгимӕ (;) кӕм уа, уым фӕлӕууын хъӕуы, къӕдзыгӕй гыццыл фылдӕр, стъӕлфӕй та — къаддӕр.

Дыстъӕлф (:) йӕ фӕстӕ вӕййы ранымад кӕнӕ комкоммӕ ныхас; дыстъӕлф кӕм уа, уым дӕр хъӕуы фӕлӕууын, ӕрмӕст хъуыды куыд нӕ фескъуыйа, афтӕ.

Хъӕры нысан (!) амоны зӕрдӕйы тыхджын ӕнкъарӕнтӕм ӕмӕ хъуамӕ бӕрӕг уа хъӕлӕсы уагӕй.

Фарсты нысан (?) амоны, хъуыдыйад хъӕрдӕрӕй кӕнӕ бӕрзонддӕр хъӕлӕсӕй кӕй хъӕуы бакӕсын.

Дыкъӕдзыгтӕ (« » кӕнӕ „ “) хатт фӕамонынц, цы дзырдтӕ хицӕн кӕнынц, уыдоны размӕ дӕр ӕмӕ сӕ фӕстӕ дӕр гыццыл фӕлӕууын кӕй хъӕуы; дыкъӕдзыгты комкоммӕ ныхас куы уа, уӕд та сӕ размӕ фылдӕр хъӕудзӕн фӕлӕууын.

Тире (—) кӕм уа, уым арӕхдӕр фӕхъӕуы фӕлӕууын, хатгай та — хъӕлӕсы уаг фӕивын кӕнӕ кӕм тагъддӕр, кӕм та сындӕгдӕр кӕсын.

Тымбыл ( ) ӕмӕ цыппӕрдигъон [ ] къӕлӕттӕ кӕм уа, уым фӕхъӕуы хъӕлӕсы уаг фӕныллӕгдӕр кӕнын. Тымбыл къӕлӕтты, ныхӕстӕ кӕцӕй ист сты, уый куы амындӕуа, уӕд ӕй кӕсын нӕ хъӕуы. Цыппӕрдигъон къӕлӕтты цы ныхӕстӕ уа, уыдон хъуыдыйады мидис куы ӕххӕст кӕной, уӕд кӕсгӕ-кӕсын хъӕлӕсы уаг ивын нӕ хъӕуы.

РАСТ КӔСЫНӔН ЦЫ ХЪӔУЫ

  • Кӕс! Кӕс! Ӕмӕ ноджыдӕр, кӕс! Кӕс хъӕрӕй.

  • Искӕмӕн зӕгъ, ӕмӕ куыд кӕсыс, уымӕ байхъуса ӕмӕ-иу кӕм фӕрӕдийай, уым-иу дӕ бараст кӕна.

  • Дӕхӕдӕг исты куы ахуыр кӕнай, уӕд архай лӕмбынӕг кӕсын.

  • Кӕс хицӕн дзырдтӕ нӕ, фӕлӕ хъуыды ӕвдисӕг дзырдты къордтӕ.

ФӔЛТӔРӔН Цалдӕр хатты бакӕс Матфейы чиныджы 5—7-ӕм сӕртӕ. Уый фӕстӕ де ’рдхӕрдтӕй кӕнӕ дӕ бинонтӕй искӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй уый дӕр Библимӕ кӕса, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хъус дара, цавӕрдӕр скъуыддзаг куыд кӕсыс, уымӕ. Зӕгъ ын, ӕмӕ-иу дӕ ӕрлӕууын кӕна: 1) дзырд куы фӕуадзай, 2) дзырд раст куы нӕ бакӕсай кӕнӕ дзырдтӕ сӕ бынӕттӕй куы фӕивай ӕмӕ 3) ӕрхӕцӕн нысӕнттӕм гӕсгӕ кӕм хъӕуа, уым куы нӕ фӕлӕууай кӕнӕ хъӕлӕсы уаг куы нӕ фӕивай, уӕд. Хорз уаид, ацы фӕлтӕрӕн дыууӕ-ӕртӕ хатты куы скӕнис, алы хатт дӕр ӕппынкъаддӕр дӕс минуты бӕрц.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын