Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 21 ур., 150 ф.–152 ф., 5 абз.
  • Библийы стихтӕ аив кӕс

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы стихтӕ аив кӕс
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хъӕугӕ дзырдтыл цавд ӕвӕр
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Библийы стихтӕ раст ӕмбарын кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ тыхджындӕр хъӕлӕсӕй кӕс
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Дӕ ныхасмӕхъусджыты разӕнгард кӕн Библи гом кӕнынмӕ
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 21 ур., 150 ф.–152 ф., 5 абз.

21 УРОК

Библийы стихтӕ аив кӕс

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Сӕйраг хъуыды ӕвдисӕг дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ афтӕ бакӕс, ӕргом тынгдӕр уыдонмӕ здӕхт куыд уа. Кӕсгӕ-кӕсын ӕнкъарӕнтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕргом кӕн.

Цӕмӕн хъӕуы?

Библийы стихтӕ аив куы кӕсай, уӕд ӕххӕстӕй ӕвдисдзынӕ, цы тых сӕ ис, уый.

ХУЫЦАУЫ фӕндты тыххӕй сценӕйӕ дзурай ӕви ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнай, дӕ ныхас хъуамӕ ӕнцайа, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ дӕ арӕх бахъӕуы Библийы стихтӕ кӕсын, ӕмӕ сӕ кӕсын та хъӕуы, куыд ӕмбӕлы, афтӕ.

Аив кӕсын — зӕрдӕбынӕй кӕсын. Библийы стихтӕ кӕсын хъӕуы зӕрдӕбынӕй. Ӕрхӕссӕм цалдӕр цӕвиттоны. Зӕгъгӕ, Псалом 36:11 кӕсыс, уӕд дӕ хъӕлӕсӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, зӕххыл ахӕм фӕрныг цард кӕй уыдзӕн, уый ныридӕгӕн дӕр зӕрдӕ кӕй тавы. Раргомады 21:4, хъизӕмар ӕмӕ мӕлӕт кӕй нал уыдзӕн, уый тыххӕй куы кӕсай, уӕд та дӕ хъӕлӕсы уагӕй иннӕтӕ хъуамӕ фӕхатой, уыцы стыр ирвӕзындзинады тыххӕй Хуыцауӕй куыд тынг бузныг дӕ, уый. Раргомады 18:2, 4, 5 стихтӕ, Хуыцау адӕммӕ, тӕригъӕдты чи аныгъуылд, уыцы «Стыр Вавилонӕй» рацӕуынмӕ кӕм сиды, уыдон та афтӕ хъӕуы бакӕсын, ӕмӕ сӕм бахъара, ӕвӕстиатӕй кӕй хъӕуы архайын. Раст у, кӕсын хъӕуы зӕрдӕйӕ, фӕлӕ афтӕ хъуамӕ ма зына, ӕмӕ аразгӕ ныхас кӕныс. Цавӕр стих куыд тыхджын хъӕлӕсӕй бакӕсын хъӕуы, уый стихы хъуыдыйӕ ӕмӕ йӕ цӕмӕн кӕсыс, уымӕй кӕнгӕ у.

Хъӕугӕ дзырдтӕ кӕс тыхджындӕр хъӕлӕсӕй. Кӕд ӕмӕ дӕ дӕ ныхасы ӕрмӕстдӕр стихы иу хайыл хъӕуы ӕрдзурын, уӕд тыхджындӕр хъӕлӕсӕй бакӕсын хъӕудзӕн растдӕр уыцы хай. Зӕгъӕм, Матфейы 6:33 (НФ) кӕсыс, ӕмӕ дӕ равзарын фӕнды, «фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад» куыд ӕмбарын хъӕуы, уый, уӕд кӕсгӕ-кӕсын цавд «Йӕ рӕстдзинадыл» кӕнӕ дзырдбаст «уыдон иуылдӕрыл» ма сӕвӕр.

Кӕнӕ дын, зӕгъӕм, Хъусын кӕныны фембӕлды раныхас ис ӕмӕ дӕ фӕнды Матфейы 28:19 бакӕсын. Цавӕр дзырдтӕм дзы хъӕуы ӕргом аздахын? Кӕд дӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты уымӕ фӕнды сразӕнгард кӕнын, сӕ хъарутӕ Библи искӕимӕ ахуыр кӕнынмӕ куыд раттой, уӕд цавд сӕвӕрын хъӕуы дзырдбастыл «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (НД). Кӕд ӕмӕ дӕ, хорз хабар ӕндӕрбӕстаг адӕмӕн дӕр кӕй хъӕуы дзурын, уымӕ фӕнды хъус ӕрдарын кӕнӕ, йӕ уавӕртӕ кӕй амонынц, уыдоны, фылдӕр ӕххуыс кӕм хъӕуы, уырдӕм ацӕуынмӕ сразӕнгард кӕнын, уӕд та стырдӕр тых бавӕрын хъӕуы мӕнӕ ацы дзырдты, «ӕппӕт адӕмтӕ», зӕгъгӕ.

Арӕх Библийӕ стихтӕ ӕрхӕссӕм цавӕрдӕр фарстӕн дзуапп раттынӕн кӕнӕ чидӕртӕ разы кӕимӕ не сты, ахӕм хъуыды сбӕлвырд кӕнынӕн. Ӕмӕ стихы цы хъуыдытӕ ис, уыдон иууылдӕр иухуызон тыхджын хъӕлӕсӕй куы бакӕсай, уӕд ӕй цӕмӕн бакастӕ, уый дӕхӕдӕг цы зонай, ӕндӕр ӕй, кӕмӕн бакастӕ, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕна.

Дзырдӕн зӕгъӕм, кӕсыс Псалом 82:19, Хуыцауы ном кӕм ис, ахӕм тӕлмацӕй (ирон ӕвзагыл ис Г. Мчедловы тӕлмацы). Кӕсгӕ-кӕсын цавд дзырдбаст «иунӕг бӕрзондыл» куы сӕвӕрай, уӕд адӕймаг, гӕнӕн ис, хатгӕ дӕр ма фӕкӕна, Хуыцауӕн ном кӕй ис, уый. Уӕдӕ стырдӕр тых бавӕрын хъӕуы ном «Иегъовӕ»-йы. Фӕлӕ дӕ ацы стихӕй, Иегъовӕ Дунедарӕг кӕй у, уый куы фӕнда равдисын, уӕд та йӕ афтӕ хъӕуы бакӕсын, адӕймаг йӕ хъус дзырдбаст «иунӕг бӕрзондмӕ» куыд ӕрдара. Науӕд райсӕм Иаковы 2:24. Уырнындзинад хъуыддӕгтӕй кӕй хъӕуы ӕвдисын, уый дӕ куы фӕнда бамбарын кӕнын, уӕд цавд «хъуыддӕгты» бӕсты «сраст вӕййы»-йыл ма сӕвӕр, кӕннод дзы адӕймаг уыцы хъуыды нӕ фендзӕн.

Иу хорз цӕвиттон ма ис Ромӕгтӕм 15:7—13. Ацы ныхӕстӕ сты апостол Павелы фыстӕгӕй, ныффыста йӕ, иудейтӕй дӕр ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй дӕр кӕм уыди чырыстӕттӕ, уыцы ӕмбырдмӕ. Ам апостол бамбарын кодта, Чырысти цы сарӕзта, уый канд сунӕтгонд иудейтӕн кӕй нӕ уыд ахъаз, фӕлӕ иннӕ адӕмтӕн дӕр, цӕмӕй «муртаттӕ... кадджын кӕной Хуыцауы». Ӕмӕ уый фӕстӕ, иннӕ адӕмтӕн ахӕм фадат ӕцӕгдӕр кӕй ис, уый равдисынӕн Фыстытӕй цыппар стихы ӕрхаста. Уӕдӕ куыд бакӕсын хъӕуы ацы стихтӕ, Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый дзы бӕрӕг куыд уа? Кӕд, тыхджындӕр хъӕлӕсӕй цы дзырдтӕ зӕгъын хъӕуы, уыдон фӕнысан кӕныс, уӕд 9-ӕм стихы фӕнысан кӕн дзырд «муртаттӕн», 10-ӕм стихы дӕр дзырд «муртаттӕ», 11-ӕм стихы — «ӕппӕт муртаттӕ» ӕмӕ «ӕппӕт адӕмтӕ», 12-ӕм стихы та — «адӕмтӕ». Ныр Ромӕгтӕм 15:7—13 афтӕ бакӕс, цавд уыцы дзырдтыл куыд хауа. Афтӕмӕй, Павел цы зӕгъинаг уыди, уый уыдзӕн бӕлвырддӕр ӕмӕ ӕнцондӕр ӕмбарӕн.

Дзырдты стырдӕр тых бавӕрыны мадзӕлттӕ. Сӕйраг хъуыды хӕссӕг дзырдтыл цавд сӕвӕрынӕн цалдӕр мадзалы ис. Кӕцы дзы хуыздӕр уыдзӕн, уый та стихы хъуыдыйӕ ӕмӕ дӕ ныхас цӕуыл у, уымӕй аразгӕ уыдзӕн. Мӕнӕ цалдӕр уынаффӕйы.

Хъӕлӕсӕй. Хъӕугӕ дзырдты хъуыдыйады иннӕ дзырдтӕй хъауджыдӕр стырдӕр тых бавӕрӕн ис хъӕлӕс гыццыл фӕивгӕйӕ. Уыцы дзырдтӕ кӕнӕ хъӕрдӕрӕй ис бакӕсӕн, кӕнӕ сабырдӕрӕй. Бирӕ ӕвзӕгты дзырдты стырдӕр тых бавӕрӕн ис, хъӕлӕс фӕбӕрзонддӕр кӕнӕ фӕныллӕгдӕр кӕнгӕйӕ. Фӕлӕ кӕцыдӕр ӕвзӕгты афтӕмӕй дзырдӕн йӕ нысаниуӕг дӕр ивы. Хуыздӕр уыдзӕн сӕйраг хъуыдытӕ сындӕгдӕрӕй бакӕсын, уӕд сӕ стырдӕр уӕз уыдзӕн. Фӕлӕ ӕвзаджы домӕнтӕм гӕсгӕ дзырдтӕн хъӕлӕсы уагӕй куы нӕ уа стырдӕр тых раттӕн, уӕд та бафӕлварӕн ис, ӕвзаджы чи ис, ӕндӕр ахӕм мадзӕлттӕ.

Ӕрлӕууын. Ӕрлӕууын хорз у, стихӕй дӕ цы дзырдтӕм фӕнда хъус ӕрдарын, уыдонӕн кӕнӕ сӕ размӕ, кӕнӕ та сӕ фӕстӕ (йе та сӕ размӕ дӕр ӕмӕ сӕ фӕстӕ дӕр). Сӕйраг хъуыды бакӕсыны размӕ ӕрлӕууын хорз уымӕн у, ӕмӕ ныхасмӕхъусджытӕ тынгдӕр райдайынц ӕнхъӕлмӕ кӕсын; йӕ хӕдфӕстӕ куы ӕрлӕууай, уӕд та, цы фехъуыстой, уый арфдӕр бынат скӕны сӕ зӕрдӕты. Фӕлӕ ӕгӕр арӕх куы ӕрлӕуу-ӕрлӕуу кӕнай, уӕд дзы сӕйраг цы у, уый бӕрӕг нӕ уыдзӕн.

Фӕлхат кӕнын. Кӕцыдӕр хъуыдымӕ дӕ куы фӕнда ӕргом раздахын, уӕд ма хорз у ныхас фескъуынын ӕмӕ хъӕугӕ дзырдтӕ кӕнӕ дзырдбӕстытӕ ногӕй бакӕсын дӕр. Ӕцӕг фылдӕр хатт хуыздӕр вӕййы стих кӕронмӕ бакӕсын, ӕмӕ хъӕугӕ дзырдтӕ уый фӕстӕ сфӕлхат кӕнын.

Уӕнгты змӕлд. Арӕх дзырд кӕнӕ цыдӕр хъуыды зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъары уӕнгтӕ, къухтӕ ӕмӕ цӕсгомы змӕлды руаджы.

Хъӕлӕсы уаг. Кӕцыдӕр ӕвзӕгты дзырдтӕ цавӕр хъӕлӕсы уагӕй бакӕсдзынӕ, уымӕй ӕрмӕст ахадгӕдӕр нӕ фӕвӕййынц, фӕлӕ ма бӕрӕг вӕййы, адӕймаджы цы зӕгъын фӕнды, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ алы уавӕры дӕр хъӕуы лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Уӕлдайдӕр та ӕлхыскъ ныхӕстӕ куы кӕсай, уӕд.

Стих ӕндӕр исчи куы кӕса. Кӕмӕн хъусын кӕныс, уый куы кӕса Библийӕ стих, уӕд, гӕнӕн ис, чи нӕ хъӕуы, уыцы дзырд зӕгъа тыхджындӕр хъӕлӕсӕй, кӕнӕ та сӕ иууылдӕр иугъӕдон хъӕлӕсӕй бакӕса. Цы кӕнгӕ дын у уӕд? Иууыл хуыздӕр вӕййы, стих цӕмӕн ӕрхастай, уый дзӕбӕх бамбарын кӕнын ӕмӕ уый фӕстӕ, стихы сӕйраг цы дзырдтӕ сты, уыдонмӕ йын йе ’ргом раздахын.

АХУЫР КӔН АИВ КӔСЫН

  • Библийӕ дӕ искӕмӕн стих бакӕсын куы фӕнда, уӕд-иу алы хатт дӕр ахъуыды кӕн: цавӕр ӕнкъарӕнтӕ ис ацы ныхӕсты? Куыд сӕ ис радӕттӕн?

  • Цы стихтӕ ӕрхӕссинаг дӕ, уыдонӕй-иу алкӕцыйыл дӕр лӕмбынӕг ахъуыды кӕн: цӕй тыххӕй мӕ фӕнды ацы стих бакӕсын? Цӕмӕй уыцы нысан мӕ къухы бафта, уый тыххӕй мӕ кӕцы дзырдты хъӕуы стырдӕр тых бавӕрын?

ФӔЛТӔРӔНТӔ 1. Уацамынды адӕймагӕн дӕ зӕрды цы стих ис бакӕсын, уымӕ биноныг ӕркӕс. Цалдӕр хатты йӕ аив ӕмӕ зӕрдӕбынӕй бакӕс. Стих цӕй тыххӕй кӕсыс, уый дӕ зӕрдыл дар ӕмӕ йӕ афтӕ бакӕс, сӕйраг дзырд кӕнӕ дзырдтӕ бӕрӕг куыд уой. 2. Ӕмбырды цы чиныг кӕнӕ журнал ахуыр кӕнӕм, уырдыгӕй равзар, Библийӕ ист ныхӕстӕ кӕм ис, иу ахӕм абзац. Ахъуыды кӕн, уыцы абзацы сӕ цӕмӕн ӕрхастой. Фӕнысан дзы кӕн сӕйраг дзырдтӕ. Уый фӕстӕ абзац хъӕрӕй бакӕс, стихты мидӕг цавд хъӕугӕ дзырдтыл куыд хауа, афтӕ.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын