Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 28 ур., 179 ф.–180 ф., 8 абз.
  • Хуымӕтӕг ныхасы уаг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуымӕтӕг ныхасы уаг
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Аразгӕ ныхас ма кӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Хуымӕтӕг ныхасы уаг
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Ӕнӕрхӕцгӕ ныхас
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ
    Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 28 ур., 179 ф.–180 ф., 8 абз.

28 УРОК

Хуымӕтӕг ныхасы уаг

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Дзур, ӕнӕуи куыд фӕдзурыс, афтӕ, фӕлӕ дӕ уыимӕ рох ма уӕд, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый.

Цӕмӕн хъӕуы?

Хуымӕтӕг ныхас куы кӕнай, уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕн ӕнцон уыдзӕн хъусын ӕмӕ сын цы дзурай, уый сӕ зӕрдӕмӕ исдзысты.

НӔ ХӔЛӔРТТИМӔ куы фӕныхас кӕнӕм, уӕд ницӕуыл фӕтыхсӕм. Рагацау нӕ алы ныхас дӕр тӕрӕзтыл барӕгау нӕ фӕкӕнӕм, нӕ ныхас йӕхигъӕдӕй фӕуайы. Чидӕр ныхасгӕнгӕйӕ йӕ удӕй арт фӕуадзы, чидӕр та уӕзбын ныхас фӕкӕны. Куыдфӕнды ма уа, удӕгас, хуымӕтӕг ныхасмӕ хъусын ӕхсызгон вӕййы.

Ӕцӕг, ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ӕгӕр зӕрдӕргом ныхас аив нӕ уыдзӕн. Бирӕ адӕмтӕм, ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ ныхас куыд райдайын хъӕуы, уымӕн ис бӕлвырд домӕнтӕ. Фӕлӕ ӕнӕзонгӕ адӕймагӕн дӕр дӕхи уӕзданӕй куы бацамонай, уӕд уый фӕстӕ, дӕ зонгӕимӕ куыд ныхас кӕнай, афтӕ райдай йемӕ дзурын.

Ныхасӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау зонын хъӕуы сценӕйӕ дзургӕйӕ дӕр. Ӕгӕр уӕгъдибар ныхас нӕ фидауы чырыстон фембӕлдты дӕр, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй адӕмы цӕсты кад нӕ уыдзӕн ӕмӕ дзы цы ахсджиаг хъуыддӕгтыл фӕцӕуы дзырд, уыдон дӕр сӕм афтӕ ахсджиаг нал кӕсдзысты. Бирӕ ӕвзӕгты хицӕн ныхӕстӕ ис хистӕрмӕ, ныййарӕгмӕ, ахуыргӕнӕгмӕ кӕнӕ хицаумӕ бадзурынӕн. (Дӕ хъус ӕрдар, цавӕр ныхӕстӕ ӕмбӕлы Куыстыты 7:2 ӕмӕ 13:16, НФ). Адӕймаг йӕ цардӕмбалмӕ куыд бадзура, йе ’мбалмӕ афтӕ нӕ бадзурдзӕн. Сценӕйӕ куы дзурӕм, уӕд нӕ ныхас ӕнӕхъӕугӕ хъуыддагхуыз хъуамӕ ма уа, фӕлӕ нӕ уӕддӕр дзурын хъӕуы уӕзданӕй ӕмӕ хиуылхӕцгӕйӕ.

Адӕймаджы ныхас ӕгӕр зондамонӕн кӕнӕ уазал цӕмӕн рауайы, уымӕн ис йӕхи аххосӕгтӕ. Фыццаджыдӕр, хъуыдыйӕдты кӕнӕ дзырдбӕстыты арӕзт. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ ныхасгӕнӕг цы ныхӕстӕ бакӕсы, уыдон, куыддӕриддӕр фыст сты, афтӕ сфӕлхат кӕны. Фыст ныхас ӕмӕ дзургӕ ныхас та кӕрӕдзийӕ дард лӕууынц. Раст у, цавӕрфӕнды раныхас бацӕттӕ кӕнынӕн дӕр ӕрмӕг чингуытӕ ӕмӕ журналты фӕагурӕм. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ раныхас цӕттӕ кӕнын фӕхъӕуы мыхуыргонд пъланмӕ гӕсгӕ. Фӕлӕ ныхасы рацӕугӕйӕ, хъуыдытӕ, чиныджы кӕнӕ сӕ журналы куыд бакастӕ, афтӕ куы дзурай кӕнӕ сӕ комкоммӕ гӕххӕттӕй куы кӕсай, уӕд дӕ ныхас хуымӕтӕг, ӕнӕуи ныхасы хуызӕн нӕ уыдзӕн. Уый бӕсты дӕ хъуыдытӕ дзур дӕхи ныхӕстӕй ӕмӕ дӕхи хиз, райдиан дӕр кӕмӕн нӕй, ӕмӕ кӕрон дӕр, ахӕм зынӕмбарӕн хъуыдыйӕдтӕй.

Ныхас хус ӕмӕ уӕззау рауайы ноджыдӕр иу аххосагмӕ гӕсгӕ — адӕймаг уыцы иугъӕдон ныхас фӕкӕны. Ӕнӕуи ныхасы та куы тагъддӕр фӕдзурӕм, куы сындӕгдӕр, стӕй арӕх фӕлӕууӕм: кӕм — фылдӕр, кӕм та — къаддӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ адӕмимӕ, ӕнӕуи куыд фӕныхас кӕныс, афтӕ нӕ дзурдзынӕ — дзурын хъӕуы хъӕрдӕр, стӕй ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд вӕййы, уымӕй рӕвдздӕр ӕмӕ зӕрдиагдӕр.

Цӕмӕй уацамынды аразгӕ ныхас ма кӕнай, уый тыххӕй дӕхи ахуыр кӕн алы бон дӕр рӕсугъд ӕмӕ уӕздан ныхас кӕнын. Уымӕн стыр ахуырдзинад нӕ хъӕуы. Афтӕ дзур, ӕмӕ дӕ ныхасӕмбал, цы дзурыс, уымӕн куыд аргъ кӕна. Уӕдӕ, ацы хъуыдытӕ дӕ зӕрдыл даргӕйӕ, ӕркӕс, дӕлдӕр цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ ӕмӕ ахъуыды кӕн, ӕрвылбоны ныхасы дӕ исты хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын ӕви нӕ.

  1.  Ныхасгӕнгӕйӕ дӕ хъус дар ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕм ӕмӕ дӕхи хиз, ӕнӕхуыцау адӕм кӕмӕй пайда кӕнынц, ахӕм ныхӕстӕй. Дӕ зӕрдыл дар Колоссӕгтӕм 3:8 цы уынаффӕ ис, уый — ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи ныхас ма кӕн. Ӕнӕуи та, адӕм куыд дзурынц, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Ӕрвылбон царды цы ӕвзагӕй дзурынц, уый у цардӕгас, хуымӕтӕг ӕвзаг, ӕмӕ литературон ӕвзаджы ӕгъдӕуттӕ нӕ халы.

  2.  Ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр хъуыдытӕ уыцы иу ныхӕстӕй ма дзур. Дӕ хъуыды дын бӕлвырддӕр ӕмӕ арфдӕр чи равдиса, ахӕм дзырдтӕ агур.

  3.  Цы фӕзӕгъыс, уый хъӕуа-нӕхъӕуа ма фӕлхат кӕн. Цы зӕгъын дӕ фӕнды, ууыл-иу рагацау ахъуыды кӕн ӕмӕ-иу ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ дзур.

  4.  Дӕхи хиз ӕгӕр бирӕ дзырдтӕй — уымӕй цыфӕнды хорз хъуыдыйӕн дӕр йӕ тых сӕфы. Дӕ ныхасмӕхъусджыты ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы бахъуыды кӕнын, уыцы хъуыдытӕ дзур бӕлвырд, хуымӕтӕг хъуыдыйӕдтӕй.

  5.  Куыд дзурыс, уымӕй бӕрӕг уӕд, иннӕтӕн кӕй кад кӕныс.

КУЫД ИС НЫХАСЫ УАГ ФӔХУЫМӔТӔГДӔР КӔНӔН

  • Фыццаджыдӕр дын раст цӕстӕнгас уӕд дӕ ныхасмӕхъусджытӕм. Цыма дӕ хӕлӕрттӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕс, фӕлӕ ӕгӕр уӕгъдибар ныхас ма кӕн. Дӕ ныхасӕй сын кад кӕн.

  • Дӕ хъуыдытӕ дзур сӕрибарӕй. Фыст ӕрмӕджы цы дзырдбӕстытӕ бакастӕ, уыдон ма фӕлхат кӕн. Дзур дӕхи ныхӕстӕй ӕмӕ цыбыр хъуыдыйӕдтӕй. Иугъӕдон ныхас ма кӕн: кӕм хъӕуа, уым дзур тагъддӕр, кӕм хъӕуа, уым та — сындӕгдӕр.

  • Хъуыды кӕн, адӕмы зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд ссарай, ууыл. Дзур зӕрдӕйӕ. Сӕйраг у, цы сын зӕгъдзынӕ, уый, сӕ зӕрдӕмӕ куыд фӕцӕудзынӕ, уый нӕ, фӕлӕ.

  • Алы бон дӕр архай дӕ ныхасы уаг фӕхуыздӕр кӕныныл. Ацы фарсыл цы уынаффӕтӕ ис, уыдонӕй алкӕцыйыл дӕр радгай кус.

ФӔЛТӔРӔН Дӕ хъус ӕрдар, ӕнӕуи искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд фӕдзурыс, уымӕ. Уӕлдӕр цы фондз уынаффӕйы ис, уыдонӕй алы бон дӕр иуыл кус. Куы фӕрӕдийай, уӕд-иу дӕ хъуыды ногӕй зӕгъ,— дӕхимидӕг дӕр уӕд,— ӕрмӕст ныр раст.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын