Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 39 ур., 220 ф.–222 ф., 6 абз.
  • Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ-иу рахицӕн кӕн
    Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн
  • Пълан аразын куыд хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Зӕрдӕйыл чи ӕмбӕлы, ахӕм разныхас
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 39 ур., 220 ф.–222 ф., 6 абз.

39 УРОК

Нысаныл чи ӕмбӕлы, ахӕм кӕронбӕттӕн

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Фӕстаг цалдӕр хъуыдыйады афтӕ зӕгъ, ӕмӕ дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн сӕ зӕрдӕты зынг куыд ссудзой, куыд сӕ бафӕнда, цы фехъуыстой, уымӕ гӕсгӕ архайын.

Цӕмӕн хъӕуы?

Адӕм хуыздӕр бахъуыды кӕнынц, фӕстагмӕ цы фехъусынц, уый. Дӕ раныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр куыд фӕрӕстмӕ уыдзӕн, уый дӕ фӕстаг ныхӕстӕй аразгӕ дӕр у.

ДӔ РАНЫХАСӔН бирӕ хорз хъуыдытӕ ссардтай, алкӕй дӕр дзы йӕ бынаты сӕвӕрдтай. Бацӕттӕ кодтай цымыдисаг разныхас дӕр. Фӕлӕ ма уӕддӕр цыдӕр цух у. Цы? Йӕ нысаныл чи сӕмбӕла, ахӕм кӕронбӕттӕны. Афтӕ макуы хъуыды кӕн, зӕгъгӕ, фӕстаг ныхӕстӕ тынг ахсджиаг не сты. Адӕм тынгдӕр, фӕстагмӕ цы зӕгъай, уый бахъуыды кӕндзысты. Кӕронбӕттӕны уӕз куы нӕ уа, уӕд, уый размӕ цӕуыл дзырдтай, уымӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ дзӕгъӕлы фӕуыдзысты.

Ӕркӕс ма мӕнӕ ацы цӕвиттонмӕ: Йесо Навин йӕ мӕлӕты размӕ Израилы хистӕр лӕгты ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын йӕ ахсджиаг зӕгъинӕгтӕ загъта. Бӕстон ӕрдзырдта, Авраамы дугӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕ израилӕгтӕн сӕ сӕрхъуызой ӕмӕ сӕ хъахъхъӕнӕг куыд уыди, уый тыххӕй. Цымӕ фӕстагмӕ Йесо йӕ ныхасы ахсджиаг хъуыдытӕ ӕнӕуи цыбыртӕй сфӕлхат кодта? Нӕ. Уый адӕмӕн ныффӕдзӕхста: «Тӕрсут Иегъовӕйӕ ӕмӕ йын ӕнувыдӕй ӕмӕ рӕстӕй лӕггад кӕнут». Уӕвгӕ, йӕ фӕстаг ныхӕстӕ йын дӕхӕдӕг бакӕс Йесо Навины 24:14, 15.

Ноджы ма иу раныхас ис Куыстыты 2:14—36, ӕмӕ уымӕй дӕр бирӕ цыдӕртӕ ис зондӕн райсӕн. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон апостол Петр ныхасы рацыд, Иерусалимы цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоны раз. Фыццаг уал сын бамбарын кодта, сӕ цӕстыты раз кӕй ӕххӕст кӕны Иоилы пехуымпарад, зӕгъгӕ, адӕмыл ӕрцӕудзӕн Хуыцауы сыгъдӕг уд. Дарддӕр сын равдыста, уый уымӕн афтӕ кӕй у, ӕмӕ сӕххӕст, Псаломты Мессиайы тыххӕй цы фыст уыд, уый: Йесо Чырысти райгас ӕмӕ йӕ Хуыцау сбӕрзонд кодта — ӕрбадын ӕй кодта йӕ рахизфарс. Кӕронбӕттӕны Петр цӕхгӕр ӕрӕвӕрдта, алкӕйдӕр сӕ кӕй хъуыди алыг кӕнын, уыцы фарста. Уый загъта: «Ӕмӕ афтӕ, фидарӕй зон, Израилы ӕппӕт хӕдзар, Хуыцау кӕй скодта Хицауӕй ӕмӕ Чырыстийӕ Ацы Йесойы, Кӕцыйы сымах байтыгътат». Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ адӕм катайы бахаудтой: «Цы бакӕнӕм мах, лӕгтӕ, ӕфсымӕртӕ?» Уӕд сын Петр загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут уӕ тӕригъӕдтыл, ӕмӕ сымахӕй алчидӕр донаргъуыд Йесо Чырыстийы номыл райсӕд» (НФ) (Ап. к. 2:37, 38). Уыцы бон 3 000 адӕймагӕн, цы фехъуыстой, уый сӕ зӕрдӕты зынг ссыгъта, ӕмӕ Йесо Чырыстийыл баууӕндыдысты.

Цы хъӕуы зӕрдыл дарын. Кӕронбӕттӕн хъуамӕ комкоммӕ баст уа дӕ ныхасы сӕримӕ. Дӕ фӕстаг ныхӕсты хъуамӕ уа, цы сӕйраг хъуыдытӕ райхӕлдтай, уыдонӕн хатдзӕг. Дӕ бон у, ӕмӕ дзы дӕ ныхасы сӕрӕй цалдӕр сӕйраг дзырды дӕр зӕгъай, фӕлӕ та йӕ ӕнӕхъӕнӕй сфӕлхат кӕнай, уый ӕнӕмӕнг нӕу.

Фылдӕр хатт раныхӕстӕн сӕ нысан вӕййы адӕмы цӕмӕдӕр сразӕнгард кӕнын. Уӕдӕ кӕронбӕттӕны сӕйрагдӕр хӕстӕй иу у, бӕлвырдӕй сӕ цы бакӕнын хъӕуы, уый равдисын. Дӕ раныхасы сӕр ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ куы сбӕрӕг кодтай, уӕд ӕрмӕг дӕ ныхасмӕхъусджыты цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ дӕ разы цавӕр нысан ӕвӕрыс, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кодтай? Кӕд о, уӕд зоныс, адӕмы дӕ цӕмӕ фӕнды баразӕнгард кӕнын. Ныр та сын бамбарын кӕн, цы бакӕнын сӕ хъӕуы ӕмӕ ма, чи зоны, куыд бакӕнын ӕй хъӕуы, уый дӕр.

Фӕлӕ ма сын уымӕй дарддӕр дӕ фӕстаг ныхӕстӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕты зынг дӕр ссудзой, афтӕ бакӕнын сӕ куыд бафӕнда. Уыцы хъуыддаг бакӕнын сӕ цӕмӕн хъӕуы, цы пайда сын фӕуыдзӕн, уымӕн ӕрхӕсс ахадгӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Дӕ фӕстаг хъуыдыйадыл дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнай, алы дзырды дӕр дзы тых куы бавӕрай, уӕд дӕ раныхас ӕгасӕй дӕр ахадгӕдӕр уыдзӕн.

Ма дӕ рох кӕнӕд, дӕ ныхас йӕ кӕронмӕ кӕй фӕхӕццӕ кӕны. Уый хъуамӕ бӕрӕг уа, цы дзурыс, стӕй йӕ куыд тагъд дзурыс, уымӕй дӕр. Афтӕ дын ма рауайӕд, ӕмӕ суанг кӕронмӕ тагъд дзырдтай ӕмӕ стӕй ӕвиппайды дзыхъхълӕуд ӕркодтай. Дӕ хъӕлӕс бынтон ныммынӕг уа, уый дӕр хорз нӕу. Дзур, цас хъӕуы, уыйас хъӕрӕй, ӕрмӕст ӕгӕр хъӕрӕй нӕ. Фӕстаг цалдӕр хъуыдыйады хъуамӕ афтӕ райхъуысой, цыма фӕстаг зӕлтӕ сты. Дӕ хъӕлӕсы уагӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, дӕ раныхас тынг ахсджиаг кӕй у, ӕмӕ, цы дзырдтай, уый дӕ фидарӕй кӕй уырны. Дӕ раныхас цӕттӕ кӕнгӕйӕ дӕ ма ферох уӕд, кӕронбӕттӕн куыд дзурдзынӕ, уый бафӕлварын.

Кӕронбӕттӕн рӕстӕгмӕ гӕсгӕ цас хъуамӕ уа? Бӕрӕг-бӕлвырдӕй цал минуты, уый зын зӕгъӕн у. Фӕлӕ хъуамӕ ма ныйивӕза. Кӕронбӕттӕн ӕгӕр даргъ дӕр кӕй нӕ уыд ӕмӕ ӕгӕр цыбыр дӕр, уый базонӕн ис, ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕ куыд бацагайдта, уымӕй. Ӕппӕты хуыздӕр та — кӕронбӕттӕн хуымӕтӕг, бӕлвырд ӕмӕ зӕрдӕрухсы хос куы уа. Хатт хорз вӕййы даргъгомау кӕронбӕттӕн дӕр, цыбыр цӕстуынгӕ цӕвиттонимӕ, дзӕбӕх ыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд. Абар дыууӕ кӕронбӕттӕны. Иу — цыбыр кӕронбӕттӕн Екклесиасты чиныгӕн, фыст ис Екклесиасты 12:13, 14. Иннӕ та — Екклесиасты чиныгӕй бирӕ къаддӕр чи у, уыцы Уӕлхох уацамынды кӕронбӕттӕн. Бакӕсӕн ӕй ис Матфейы 7:24—27.

Уацамынды. Нӕ ныхас, куыд ӕмбӕлы, афтӕ балхынцъ кӕнын нӕ уацамынды хуызӕн арӕх никуы бахъӕуы. Хорз куы цӕттӕ кӕнай ӕмӕ адӕмы куы уарзай, куы сыл хъуыды кӕнай, уӕд уымӕй бирӕ аразгӕ у. Ацы урочы уынаффӕтӕ хорз сты адӕмимӕ уацамынды ныхас кӕнгӕйӕ дӕр.

Хатт нын аныхас кӕнынӕн хӕрз гыццыл рӕстӕг вӕййы. Зӕгъӕм, адӕймаджы не ’вдӕлы, иу минут йедтӕмӕ нӕу нӕ бон йемӕ аныхас кӕнын. Ахӕм уавӕры зӕгъӕн ис: «Уынын ӕй, нӕ дӕ ’вдӕлы. Фӕлӕ, кӕд гӕнӕн ис, уӕд дын иу дзӕбӕх хъуыды зӕгъон. Библи куыд дзуры, афтӕмӕй не Сфӕлдисӕгмӕ ис диссаджы фӕнд — зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты. Махӕн дӕр нӕ бон у уыцы Дзӕнӕты цӕрын, ӕрмӕст нӕ уый тыххӕй хъӕуы, Хуыцау нын цы дзуры, уый базонын». Йе та йын зӕгъ, зӕгъгӕ дӕм фӕстӕдӕр ӕрбауайдзынӕн, куы фӕсӕрибардӕр уай, уӕд.

Адӕймаг дӕ дзурын куы нӕ бауадза, йе та дӕм фыддзыхӕй дӕр куы сдзура, уӕд дӕр де ’рбацыд дзӕгъӕлы нӕ уыдзӕн. Дӕ зӕрдыл дар, Матфейы 10:12, 13 ӕмӕ Ромӕгтӕм 12:17, 18 цы уынаффӕ ис, уый. Сабырӕй йын куы раттай дзуапп, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй йӕ хъуыды фӕива. Ӕмӕ уый та гыццыл хъуыддаг нӕу.

Фӕлӕ, зӕгъӕм, адӕймагимӕ дзӕбӕх аныхас кодтай, ӕмӕ дӕ фӕнды, сӕйраг хъуыды дзы куы нӕ ферох уаид. Хорз нӕ уаид, кӕронбӕттӕны йын ӕй ногӕй куы сфӕлхат кӕнис? Зӕгъ, хъуыддагмӕ йӕ чи сразӕнгард кӕна, ахӕм исты.

Кӕд уыныс, адӕймагмӕ ма ноджыдӕр ис ӕрбацӕуӕн ӕмӕ ныхас адарддӕр кӕнӕн, уӕд ӕм ахӕм фарст ратт, де ’рбацыдмӕ куыд ӕнхъӕлмӕ кӕса. Зӕгъӕм, брошюрӕйӕ «Цӕуыл ис адӕмимӕ Библийӕ ныхас кӕнӕн» кӕнӕ, адӕмимӕ Библи цы чингуытӕй ахуыр кӕнӕм, уырдыгӕй йӕм исты фарст ратт. Дӕ зӕрдыл дар, Матфейы 28:19, 20 Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ нӕ хӕс цы у, уый.

Искӕимӕ Библи ахуыр кӕнгӕйӕ та? Уӕ ныхасы сӕр цы уыд, уый кӕронбӕттӕны куы сфӕлхат кӕнай, уӕд ӕй хуыздӕр бахъуыды кӕндзӕн. Фӕлхат кӕнынӕн дзы цы фарстытӕ ис, уыдоны фӕрцы йӕ зӕрдыл бадардзӕн сӕйраг хъуыдытӕ (уӕлдайдӕр сӕ, тагъд куы нӕ кӕнат, афтӕмӕй куы сфӕлхат кӕнат, уӕд). Куы йӕ бафӕрсай, цы базыдта, уый йӕ царды кӕм бахъӕудзӕн кӕнӕ йӕ иннӕтӕн куыд радзурид, уӕд ахъуыды кӕндзӕн, гъа-ма, ӕцӕг мӕ кӕм бахъӕудзӕн, зӕгъгӕ (Ӕмб. 4:7).

Дӕ зӕрдыл дар: дӕ кӕронбӕттӕн куыд фӕрӕстмӕ уа, афтӕ хорз рауайдзӕн дӕ раныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр.

КУЫД АРАЗЫН ХЪӔУЫ КӔРОНБӔТТӔН

  • Кӕронбӕттӕн хъуамӕ комкоммӕ баст уа, цы хъуыдытӕ райхӕлдтай, уыдонимӕ.

  • Дӕ ныхасмӕхъусджытӕн бамбарын кӕн, цы базыдтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ цы кӕнын хъӕуы.

  • Кӕронбӕттӕны цы зӕгъай ӕмӕ йӕ куыд зӕгъай, уымӕй сын сӕ зӕрдӕты зынг ссудз.

ФӔЛТӔРӔН Уацамынды дӕ ныхас куыд балхынцъ кӕнис, уымӕн бацӕттӕ кӕн дыууӕ кӕронбӕттӕны: 1) цы зӕгъдзынӕ, адӕймаг дӕ дзурын куы нӕ бауадза ӕмӕ дын рӕстӕг гыццыл йедтӕмӕ куы нӕ уа, уӕд, ӕмӕ 2) адӕймагимӕ иннӕ хатт цӕуыл аныхас кӕндзынӕ, ахӕм бӕлвырд фарст.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын