Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • be 43 ур., 234 ф.–235 ф., 3 абз.
  • Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ
  • Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы Скъолайы хӕслӕвӕрдтӕ
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Куыд цӕттӕ кӕнын хъӕуы раныхӕстӕ ӕмбырдӕн
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Пълан аразын куыд хъӕуы
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
  • Сӕйраг хъуыдытӕ бӕрӕг куыд уой, ууыл архай
    Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
Фылдӕр фенын
Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола — стыр ӕххуыс дӕуӕн
be 43 ур., 234 ф.–235 ф., 3 абз.

43 УРОК

Дӕ ныхас араз лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ

Цы бакӕнын дӕ хъӕуы?

Дӕ ныхас снывӕнд, цы фарста райхалын дын бахӕс кодтой, уый алыварс. Кӕд дын, ӕрмӕг кӕцӕй райсын хъӕуы, уый дӕр амынд у, уӕд уырдыгӕй райс стихтӕ ӕмӕ сӕйраг хъуыдытӕ.

Цӕмӕн хъӕуы?

Нӕ ныхас, цы ӕрмӕгмӕ нын бацамыдтой, уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм, уӕд уымӕй ӕвдисӕм, ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъар цы монон хӕринаг дӕтты, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм.

БИБЛИ чырыстон ӕмбырд абарста адӕймаджы буаримӕ. Буары уӕнгтӕй, чи нӕ хъӕуы, ахӕм иу дӕр нӕй, кӕд сӕ «алчидӕр уыцы иу куыст нӕ кӕны», уӕддӕр. Афтӕ мах дӕр: цыфӕнды нын ма бахӕс кӕной, хъуамӕ йӕ зӕрдиагӕй кӕнӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕмбырды нын цавӕрфӕнды хӕслӕвӕрд ма раттой,— дзӕбӕх ӕм кӕй хъӕуы бацӕттӕ кӕнын. Хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ацы хъуыддаг йӕ дзурыны аккаг дӕр нӕу, мӕнӕ мын ахӕм ӕмӕ ахӕм фарстайыл дзурын куы бахӕс кодтаиккой, уый ӕндӕр хъуыддаг у, зӕгъгӕ (Ром. 12:4—8, НФ). Хуыцау йӕ адӕмӕн монон хӕринаг «афоныл... дӕттын» бахӕс кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» (Матф. 24:45). Куыд нын бацамонынц, нӕ ныхас растдӕр афтӕ саразыныл нӕхи куы хъарӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыцы цагъары кӕй нымайӕм ӕмӕ йын йӕ фыдӕбонӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Ӕмӕ уӕд ӕгас ӕмбырд дӕр архайдзӕн ӕмвӕнд-ӕмзондӕй.

Цы ис раныхасмӕ бахӕссӕн. Скъолайы дын хӕслӕвӕрд ратгӕйӕ цы фарста райхалын бахӕс кӕной, уый-иу райхал, ӕндӕр цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Фылдӕр хатт хӕслӕвӕрды амынд вӕййы, ӕрмӕг кӕцӕй райсын хъӕуы, уый дӕр. Кӕд ӕрмӕг амынд нӕ уа, уӕд та йӕ райс, дӕхи кӕцӕй фӕнды, уырдыгӕй. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар, цы фарста дын бахӕс кодтой райхалын, дӕ ныхас ӕнӕхъӕнӕй дӕр уый алыварс амад кӕй хъуамӕ уа. Дӕ ныхасмӕ цы бахӕссай, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ ма рох кӕн, дӕ ныхасмӕхъусджытӕ чи сты, уый дӕр.

Ӕрмӕгмӕ лӕмбынӕг ӕркӕс, дзӕбӕх ахъуыды кӕн, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдоныл. Уый фӕстӕ дӕ хъус ӕрдар, ӕрмӕг дӕ ныхасмӕ хъусӕг адӕмӕн стырдӕр пайда цӕмӕй ӕрхӕсса, уый тыххӕй йӕ куыд бамбарын кӕндзынӕ. Мыхуыргонд ӕрмӕгӕй равзар дыууӕ-ӕртӕ хъуыдыйы, ӕмӕ уыдон уӕнт дӕ раныхасы сӕйраг рахӕцӕнтӕ. Равзар дзы, бакӕсын ӕмӕ дӕ райхалын кӕй фӕнды, ахӕм стихтӕ дӕр.

Цас ӕрмӕг хъуамӕ бахӕссай дӕ ныхасмӕ? Дӕ бон бӕстон райхалын цас бауыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц. Бирӕ цыдӕртӕ зӕгъай, фӕлӕ дзы рӕстмӕ мацы бамбарын кӕнай, уый раст нӕ уыдзӕн. Дӕ ныхас йӕ нысаныл сӕмбӕлын кӕнынӕн ахъаз цы хъуыды нӕ уа, уый дӕ нӕ хъӕуы. Нысангонд ӕрмӕгӕй равзар, дӕ ныхасмӕхъусджытӕн дзы стырдӕр пайда цы ӕрхӕсдзӕн, уый. Ацы урокӕн йӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ, цас ӕрмӕг бауыдзӕн дӕ бон райхалын, уый базонай — дӕу бакусын хъӕуы дӕ ныхас лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ аразыныл.

Ныхасимӕ рацӕугӕйӕ дӕ хӕс уый нӕу, ӕмӕ лӕвӕрд ӕрмӕг ӕнӕуи цыбыртӕй радзурай. Кӕцыдӕр хъуыдытӕ дзы хъӕуы бамбарын кӕнын, бӕстондӕр сӕ райхалын, сӕ хъуыды фӕбӕлвырддӕр кӕнынӕн цӕвиттонтӕ ӕрхӕссын, ӕмӕ сӕ царды куыд ис спайда кӕнӕн, уый равдисын. Уӕлӕмхасӕн хъуыдытӕ, лӕвӕрд ӕрмӕджы цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдоны бӕсты хъуамӕ ма уой, фӕлӕ хъуамӕ сӕ райхалынӕн ӕххуыс кӕной.

Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ цӕттӕ чи вӕййы, уыцы ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнынц Хъусын кӕныны фембӕлды, бӕлвырд хъуыддаг куыд бакӕнын хъӕуы, уый иннӕтӕн бацамонын. Уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбарынц, ӕндӕр хъуыдытӕ нӕ, фӕлӕ лӕвӕрд ӕрмӕг кӕй хъӕуы дзӕбӕх райхалын. Ӕргом раныхас кӕмӕн вӕййы, уыцы ӕфсымӕрты дӕр сӕ ныхас аразын фӕхъӕуы лӕвӕрд пъланмӕ гӕсгӕ. Уыцы пълан афтӕ арӕзт у, ӕмӕ дзы ӕфсымӕрӕн йӕ бон у цыдӕртӕ айсын, цавӕрдӕр хъуыдытӕ та дзы бӕстондӕр райхалын. Фӕлӕ дзы бӕрӕг-бӕлвырдӕй амынд сты, раныхас кӕуыл хъуамӕ лӕууа, уыцы сӕйраг хъуыдытӕ, бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ стихтӕ Библийӕ. Лӕвӕрд ӕрмӕгмӕ гӕсгӕ амонын куы сахуыр уай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, сценӕйӕ дӕ ӕндӕр ахсджиаг цыдӕртӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд дӕр.

Ацы хъуыддаджы хорз куы сфӕлтӕрай, уӕд Библи искӕимӕ ахуыр кӕнынмӕ дӕр бирӕ хуыздӕр арӕхсдзынӕ. Сахуыр уыдзынӕ лӕвӕрд ӕрмӕг лӕмбынӕг иртасын ӕмӕ ӕнӕуи цымыдисаг, фӕлӕ хъуыддагмӕ чи ницы бар дары, ахӕм хъуыдытыл нӕ дзӕгъӕлтӕ кӕндзынӕ. Кӕд ацы урочы хъуыды раст бамбӕрстай, уӕд афтӕ дӕр нӕ зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ, фыст цы ис, уымӕй дарддӕр ныхасмӕ ӕппындӕр ницавӕр хъуыды ис бафтауӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый куы хъӕуа, уӕддӕр.

ЦЫ ХЪӔУЫ УЫЙ ТЫХХӔЙ

  • Пайда кӕн, цы фарста райхалын дын бахӕс кодтой, уыимӕ комкоммӕ баст чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы ӕрмӕгӕй.

  • Кӕд дӕ ӕрмӕг кӕцӕй райсын хъӕуы, уый дӕ хӕслӕвӕрды амынд у, уӕд сӕйраг хъуыдытӕ ӕмӕ Библийы стихтӕ райс уырдыгӕй, ӕндӕр кӕцӕйдӕр нӕ, фӕлӕ.

ФӔЛТӔРӔН Равзар ӕртӕ боны, ӕмӕ-иу алы бонӕн дӕр Библийӕ стих куы кӕсай, уӕд-иу дзы, ныхас цӕуыл у, уый ӕвдисӕг дзырд кӕнӕ дзырдбасты алыварс ӕрхахх кӕн. Бахахх дзы кӕн, уыцы фарстамӕ комкоммӕ чи хауы, иу-дыууӕ ахӕм цыбыр хъуыдыйы. Уый фӕстӕ стихмӕ гӕсгӕ ӕмӕ цы хъуыдытӕ фӕнысан кодтай, уыдонмӕ гӕсгӕ дӕхи ныхӕстӕй зӕгъ, дзырд дзы цӕуыл цӕуы, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын