5 СӔР
Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы алцыдӕр аразы. «Уый скодта арв ӕмӕ зӕхх»
1, 2. Хур Йегъовӕйы стыр тыхӕн ӕвдисӕн куыд у?
ИСКУЫ уазал ӕхсӕв арты фарсмӕ лӕууыдтӕ? Цӕмӕй схъарм уыдаис, уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, дӕ къухтӕ дӕр дардтай. Фӕлӕ йӕм ӕгӕр хӕстӕг куы бацыдаис, уӕд дын тынг тӕвд уыдаид. Ӕгӕр дард дзы куы алӕууыдаис, уӕд та дын уазал уыдаид.
2 Хур абарӕн ис, Зӕхх чи тавы, ахӕм артимӕ. Уыцы «арт» судзы Зӕххӕй 150 милуан километры дарддӕр!a Ахъуыды-ма кӕн, цас тых ис Хуры, кӕд нӕ афтӕ дардӕй тавы, уӕд! Фӕлӕ Зӕхх Хурмӕ нӕдӕр ӕгӕр хӕстӕг у, нӕдӕр дзы ӕгӕр дард у. Иу гыццыл ӕм хӕстӕгдӕр куы уыдаид, уӕд Зӕххыл дӕттӕ басур уыдаиккой. Иу гыццыл дзы дарддӕр куы уыдаид, уӕд та их фестадаиккой. Афтӕ куы уыдаид, уӕд Зӕххыл цард нӕ уаид. Хуры фӕрцы Зӕххыл ис цард. Цы энерги дзы цӕуы, уый ӕрдзӕн зиан нӕ хӕссы. Ӕмӕ Хур куы ракӕсы, уӕд нын куыд ӕхсызгон вӕййы, уымӕн та зӕгъӕн дӕр нӕй (Екклесиаст 11:7).
3. Хур нын цӕуыл дзурӕг у?
3 Адӕмӕн сӕ фылдӕр Хурыл хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, кӕд ӕнӕ Хурӕй цӕрӕн нӕй, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ не ’мбарынц, Хур нын цӕуыл дзурӕг у, уый. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды скодтай рухсгӕнӕн – хур» (Псалом 74:16). О, Хур кад хӕссы, арв ӕмӕ зӕхх чи скодта, уыцы Хуыцау Йегъовӕйӕн (Псалом 19:1; 146:6). Хурӕй уӕлдай ма Йегъовӕ сфӕлдыста бирӕ ӕндӕр стъалытӕ. Ӕмӕ нын уыдон дӕр йе стыр тыхыл дзурӕг сты. Уӕдӕ ’ркӕсӕм, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сфӕлдыста, уыдонӕй цалдӕрмӕ, цӕмӕй фылдӕр базонӕм, цы стыр тыхы хицау у, уый тыххӕй.
Йегъовӕ скодта «рухсгӕнӕн – хур»
«Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут»
4, 5. Хуры цас тых ис ӕмӕ цӕйас у, фӕлӕ иннӕ стъалытимӕ абаргӕйӕ Хурӕй цы зӕгъӕн ис?
4 Куыд зонӕм, афтӕмӕй Хур у стъалы. Ӕхсӕвыгон цы стъалытӕ фӕуынӕм, уыдонимӕ абаргӕйӕ Хур бирӕ стырдӕр зыны, уымӕн ӕмӕ нӕм иннӕ стъалытӕй бирӕ хӕстӕгдӕр у. Йӕ аппы (ядро) тӕвд хӕццӕ кӕны 15 милуан градусы онг. Ӕмӕ йын, зӕгъгӕ, йӕ аппӕй булавкӕйы сӕры йас къӕртт Зӕххыл ӕрӕвӕрдтай, уӕд ӕм 140 километрӕй хӕстӕгдӕр бацӕуӕн нӕ уаид! Хурӕй алы секунд дӕр рацӕуы, сӕдӕгай милуан атомон бомбӕйы иумӕ куы срӕмудзиккой, уӕд сӕ цас энерги рацӕуид, уыйбӕрц энерги.
5 Хур ахӕм стыр у, ӕмӕ дзы Зӕххы йас планетӕтӕ бацӕуид 1 300 000 фылдӕр. Цымӕ Хур ӕппӕты стырдӕр стъалы у? Нӕу. Астрономтӕ йӕ хонынц бур карлик. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, «стъалытӕн... сӕ кад иу нӕу» (1 Коринфӕгтӕм 15:41). Павел уыцы ныхӕстӕ ныффыста Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Иу стъалы ахӕм стыр у, ӕмӕ Хуры бынаты куы фестид, уӕд нӕ Зӕхх йӕ мидӕг фӕуид. Иннӕ стыр стъалы та Хуры бынаты куы уаид, уӕд, Сатурны онг цыдӕриддӕр бынат ис, уый бацахсид. Афтӕмӕй та Сатурн Зӕххӕй тынг дард у. Зӕгъӕм, космосон нау дамбацайы нӕмыгӕй 40 хатты тагъддӕг куы тӕхид, уӕд ӕй бахъӕуид цыппар азы, цӕмӕй уыцы планетӕмӕ бахӕццӕ уа.
6. Стъалытӕн банымайӕн дӕр кӕй нӕй, уый Библийӕ куыд зыны?
6 Стъалытӕ цӕйас сты, уый диссаг куыннӕ у. Фӕлӕ уымӕй диссагдӕр та у, цас сты, уый. Библийы фыст ис, стъалытӕ уыйбӕрц кӕй сты, ӕмӕ сын «денджызы змисау» банымайӕн дӕр нӕй (Йереми 33:22). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ стъалытӕ бирӕ фылдӕр сты, ӕнӕ телескопӕй дзы цас ис фенӕн, уымӕй. Библи фысджытӕй исчи, зӕгъӕм, Йереми, ӕхсӕвы арвыл цы стъалытӕ уыдта, уыдон банымайын куы сфӕнд кодтаид, уӕд дзы банымадтаид ӕрмӕстдӕр иу-3 мины, уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн ӕнӕ телескопӕй йӕ бон фылдӕр фенын нӕу. Уыцы нымӕц абарӕн ис, иу армыдзаджы цал змисы муры цӕуы, уыимӕ. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та стъалытӕн денджызы змисау банымайӕн дӕр нӕйb. Чи сӕ банымайдзӕн?!
«Алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй»
7. Нӕ галактикӕйы цал стъалыйы ис ӕмӕ Дун-дунейы цал галактикӕйы ис?
7 Исайы 40:26 стихы фыст ис: «Уӕ цӕстытыл-ма хӕрдмӕ схӕцут ӕмӕ акӕсут. Ӕппӕт уыдӕттӕ чи сфӕлдыста? Сфӕлдыста сӕ, стъалыты ӕфсад чи ракӕны, уый – алкӕцы дӕр йӕхи нымӕцмӕ гӕсгӕ, алкӕцы дӕр дзы хоны йӕ номӕй». Псалом 147:4 стихы та ахӕм ныхӕстӕ ис: «Стъалытӕ йын иууылдӕр нымад сты». Ӕмӕ стъалытӕ цал сты? Уый зын зӕгъӕн у. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕрмӕст нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕды ис 100 миллиард стъалыйӕ фылдӕрc. Фӕлӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, бирӕ фылдӕр кӕй сты. Фӕлӕ ма ис ӕндӕр галактикӕтӕ дӕр. Ӕмӕ уыдонӕй бирӕты, Ӕрфӕныфӕды цал стъалыйы ис, уымӕй фылдӕр стъалытӕ ис. Цал сты галактикӕтӕ та? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ сты цалдӕр сӕдӕ миллиарды кӕнӕ суанг триллионтӕ дӕр. Бӕрӕг у, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу галактикӕтӕ банымайын. Ӕмӕ уӕд куыд хъуамӕ банымайа, уыцы галатикӕты цал стъалыйы ис, уый? Фӕлӕ Йегъовӕ зоны, цал сты, уый. Уый нӕ, фӕлӕ ма дзы алы стъалыйӕн дӕр радта ном!
8. а) Галактикӕ Ӕрфӕныфӕд цӕйас у? б) Стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ куыд зилдух кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн?
8 Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, уый ноджы хуыздӕр бамбарӕм, галактикӕтӕ цӕйас сты, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд. Рухс куыд тагъд тӕхы, афтӕ куы тӕхиккам, уӕд нӕ бахӕуид 100 000 азы бӕрц, цӕмӕй галактикӕ Ӕрфӕныфӕдӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ бахӕццӕ уӕм. Ӕмӕ иуӕй-иу галактикӕтӕ та нӕ галактикӕйӕ бирӕ стырдӕр сты. Библийы фыст ис, Йегъовӕ «арв» ӕмбӕрзӕнау кӕй айтындзы (Псалом 104:2). Стӕй ма йӕ хъус дары, галактикӕтӕ ӕмӕ стъалытӕ куыд зилдух кӕнынц, уымӕ. Дун-дунейы алцыдӕр зилдух кӕны, Йегъовӕ сын цы фӕтк скодта, уымӕ гӕсгӕ – стъалыты рыджы мурӕй райдай ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр галактикӕйӕ фӕу (Иов 38:31–33). Стъалытӕ ӕмӕ галактикӕтӕ куыд зилдух кӕнынц, уый ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ абарстой рӕсугъд кафтимӕ. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, ууыл. Йӕ ӕгӕрон тых дӕ дисы не ’фтауы?
«Зӕхх скодта йӕ тыхӕй»
9, 10. Йегъовӕйы тых куыд зыны, Зӕхх кӕм ӕмӕ куыд сӕвӕрдта, уымӕй?
9 Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы алы диссӕгтӕ кӕй аразы, уымӕн ӕвдисӕн у Зӕхх дӕр. Хуыцау ӕгӕрон Дун-дунейы Зӕхх сӕвӕрдта ӕппӕты хуыздӕр ран. Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй иннӕ галактикӕты цард уа. Нӕ галактикӕ Ӕрфӕныфӕды дӕр бирӕ рӕтты уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй дзы цард уа. Йӕ астӕу радиаци тынг тыхджын у ӕмӕ дзы тынг бирӕ стъалытӕ ис. Уыцы стъалытӕ арӕх кӕрӕдзимӕ тынг хӕстӕг бацӕуынц, ӕмӕ уый та тӕссаг у. Галактикӕйӕн йӕ кӕрӕтты та, цардӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы элементтӕ нӕй. Нӕ Хуры системӕ та ис ӕппӕты хуыздӕр ран.
10 Нӕ планетӕ нын хъахъхъӕны планетӕ Юпитер, кӕд дзы дард у, уӕддӕр. Юпитер Зӕххӕй у мин хатты стырдӕр. Афтӕ стыр кӕй у, уый фӕрцы йӕхимӕ ӕрбалвасы, космосы цы стыр дурты къӕрттытӕ фӕтӕхы, уыдонӕн сӕ фылдӕр. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Юпитер куы нӕ уаид, уӕд Зӕхмӕ космосӕй стыр дуры къӕрттытӕ хауид 10 000 хаттӕй фылдӕр. Мӕй Зӕхмӕ Юпитерӕй бирӕ ӕввахсдӕр у, ӕмӕ йын уый дӕр стыр пайда у. Мӕй тынг рӕсугъд у ӕмӕ ӕхсӕвыгон рухс кӕны. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай йӕ фӕрцы Зӕхх ӕдзух у иуырдӕм гыццыл къул. Уый фӕрцы азы афонтӕ кӕрӕдзи ивынц ӕмӕ цард рӕсугъддӕр кӕнынц.
11. Зӕххы атмосферӕ нӕ куыд хъахъхъӕны?
11 Зӕхх куыд конд у, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд алцӕмӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ цы стыр тыхы хицау у, уый. Зӕгъӕм, скодта атмосферӕ, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна. Хурӕй, пайда чи у, ӕрмӕст ахӕм тынтӕ нӕ цӕуы, фӕлӕ, зиан чи хӕссы, ахӕм тынтӕ дӕр. Зианхӕссӕг тынтӕ атмосферӕйы уӕллаг цъары куы ахизынц, уӕд хуымӕтӕг туаггуырӕй (кислородӕй) рауайы газ – озон. Уый фӕрцы Зӕххы алыварс ис озоны цъар, ӕмӕ нӕм уый зианхӕссӕг тынтӕн сӕ фылдӕр нӕ уадзы. Озоны цъар абарӕн ис, Зӕхх чи хъахъхъӕны, ахӕм зонтикимӕ.
12. Ӕрдзы мидӕг дон куыд зилдух кӕны, уый Йегъовӕйы тыхӕн ӕвдисӕн куыд у?
12 Зӕххы алыварс цы атмосферӕ ис, уый фӕрцы ис уӕлдӕф, стӕй ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ, цӕмӕй зӕххыл цӕрӕн уа. Атмосферӕйы фӕрцы зӕххыл цы диссӕгтӕ цӕуы, уыдонӕй иу у доны зилдух. Алы аз дӕр Хуры тӕвдӕй океантӕй ӕмӕ денджызтӕй байсысы 400 000 кубон километры кӕнӕ уымӕй фылдӕр дон. Уыцы дон хӕрдмӕ ссӕуы сыгъдӕгӕй ӕмӕ дзы сӕвзӕры мигътӕ, ӕмӕ сӕ дымгӕтӕ алырдӕмты ахӕссынц. Уый фӕстӕ уыцы дон рауары къӕвдайы, миты кӕнӕ ихы хуызы. Ӕмӕ та океантӕ ӕмӕ денджызтӕ ногӕй донӕй байдзаг вӕййынц. Екклесиасты 1:7 стихы дӕр фыст ис: «Цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр кӕлынц денджызмӕ, фӕлӕ денджыз йӕ былтӕй нӕ акӕлы. Кӕцӕй рацӕуынц, уырдӕм фӕстӕмӕ раздӕхынц, цӕмӕй та ногӕй згъорой сӕ фӕндагыл». Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн уыди йӕ бон ахӕм диссаг саразын.
13. Зайӕгойтӕ ӕмӕ мӕр Йегъовӕйы тыхӕн ӕвдисӕн куыд сты?
13 Цард кӕмдӕриддӕр ис, уым алкӕм дӕр зыны Сфӕлдисӕджы тых. Йӕ тых ын уынӕм 100 метры бӕрзӕндӕн бӕлӕсты дӕр, океанты цы гыццылмур донгӕрдӕджытӕ зайы, уыдоны дӕр. Цы туаггуыр улӕфӕм, уымӕн йӕ фылдӕр хай уыцы донгӕрдӕджытӕ ӕвзӕрын кӕнынц. Мӕр дӕр йедзаг у алыхуызон гыццылмур организмтӕй, ӕмӕ зайӕгойтӕ уыдоны фӕрцы рӕзынц.
14. Цавӕр тых ис суанг гыццылмур атомы дӕр?
14 Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ «зӕхх скодта йӕ тыхӕй» (Йереми 10:12). Хуыцауы тых зыны, цы гыццылмур цыдӕртӕ сфӕлдыста, суанг уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, милуан атомы рӕгъ-рӕгъ куы равӕриккам, уӕд уыцы рӕгъ адӕймаджы сӕрыхъуынӕй лыстӕгдӕр уаид. Ӕмӕ атом 14-уӕладзыгон хӕдзары йас куы уаид, уӕд йӕ апп та уаид ӕвдӕм уӕладзыджы ӕмӕ уаид цӕххы муры йас. Фӕлӕ уыцы гыццылмур аппӕй рацӕуы ӕгӕрон тых атомон срӕмыгъды рӕстӕг.
«Алы цӕрӕг уд»
15. Йегъовӕ Иовӕн алыхуызон хъӕддаг сырдты тыххӕй цӕмӕн радзырдта?
15 Йегъовӕйы тыхӕн ма ӕвдисӕн сты, зӕххыл цы бирӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ ис, уыдон дӕр. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ йӕ кадджын кӕнынц. Ӕмӕ дзы бирӕты кой ис 148-ӕм псаломы. 10-ӕм стихы фыст ис, кӕй йӕ кадджын кӕнынц «хъӕддаг сырдтӕ ӕмӕ хӕдзарон фос». Йегъовӕ Иовӕн радзырдта цалдӕр цӕрӕгойы тыххӕй. Уыдон уыдысты домбай, зебрӕ, хъӕддаг гал, бегемот ӕмӕ левиафан (ӕвӕццӕгӕн, крокодил). Уымӕй йӕ Иовӕн цы фӕндыд бамбарын кӕнын? Кӕд уыцы тыхджын цӕрӕгойтӕ адӕймаджы дисы ӕфтауынц, уӕд сӕ чи сфӕлдыста, уый та сӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр ӕфтауа дисы! (Иов, 38–41 сӕртӕ).
16. Йегъовӕ цы мӕргътӕ сфӕлдыста, уыдонӕй дӕ иуӕй-иутӕ дисы цӕмӕн ӕфтауынц?
16 Псалом 148:10 стихы ма ис «базырджын мӕргъты» кой дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, цас алыхуызон мӕргътӕ ис! Йегъовӕ Иовӕн йӕ хъус ӕрдардта страусмӕ, зӕгъгӕ, страус «бӕхыл ӕмӕ барӕгыл фӕхуды». Страусӕн йӕ бӕрзӕнд у дыууӕ метры ӕмӕ ’рдӕг. Ӕмӕ кӕд йӕ бон тӕхын нӕу, уӕддӕр иу сахатмӕ згъоры 65 километры, йӕ гӕпп та у цыппар метры ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц! (Иов 39:13, 18). Ӕндӕр маргъ та, альбатрос, зӕгъӕн ис, цӕрӕнбонты вӕййы уӕлдӕфы, денджызы сӕрмӕ. Йӕ базыртӕ фӕйнӕрдӕм куы айтынг кӕны, уӕд йӕ иу базыры кӕронӕй иннӕ базыры кӕронмӕ вӕййы ӕртӕ метрмӕ ’ввахс. Альбатрос сахатгай фӕтӕхы, йӕ базыртӕ иу хатт дӕр нӕ батилы, афтӕмӕй. Колибри та у бынтон ӕндӕрхуызон. Зӕххыл уымӕй къаддӕр маргъ нӕй. Йӕ дӕргъ у ӕрмӕстдӕр 5 сантиметры, ӕмӕ йӕ гыццыл базыртӕ иу секундмӕ батилы иу-80 хатты! Колибрийӕн йӕ бон у вертолётау уӕлдӕфы уыцы иу ран лӕууын ӕмӕ ма фӕстӕрдӕм тӕхын дӕр. Стӕй тынг рӕсугъд у, зынаргъ дурау ӕрттывдтытӕ калы.
17. Ӕрвхуыз кит цӕйас у? Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыцы цӕрӕгойтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны?
17 Псалом 148:7 стихы фыст ис, Йегъовӕйы кӕй кадджын кӕнынц суанг «денджызы цӕрӕг стыр цӕрӕгойтӕ» дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, зӕгъӕм, зӕххыл ӕппӕты стырдӕр цӕрӕгойыл – ӕрвхуыз китыл. Уый ленк кӕны «арф дӕтты». Ӕрвхуыз китӕн йӕ дӕргъ вӕййы 30 метры йе та уымӕй фылдӕр. Йӕ уӕз та у 30 стыр пылы уӕзы бӕрц. Ӕрмӕст йе ’взаджы уӕз у иу пылы уӕзы бӕрц. Йӕ зӕрдӕ та у гыццыл машинӕйы йас. Уыцы стыр зӕрдӕ иу минутмӕ 9 гуыппы йеддӕмӕ нӕ кӕны. Колибрийы зӕрдӕ та иу минутмӕ кӕны 1 200 гуыппы бӕрц! Ӕрвхуыз китӕн йӕ иу тугдадзин ахӕм фӕтӕн у, ӕмӕ дзы гыццыл сывӕллон сӕрибарӕй абырид. Уӕдӕ куыннӕ стӕм разы Псаломты чиныджы фӕстаг ныхӕстимӕ: «Алы цӕрӕг уд дӕр кадджын кӕнӕд Йагъы»! (Псалом 150:6).
Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы цы аразы, уымӕй цы ис базонӕн?
18, 19. Йегъовӕ зӕххыл цас алыхуызон цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста ӕмӕ уымӕй нӕ бон куыд у базонын, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа?
18 Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уый нын цӕуыл дзурӕг у? Стыр дисы нӕ ’фтауы, Йегъовӕ цас цӕрӕг удтӕ сфӕлдыста, уый. Псаломзарӕггӕнджытӕй иу загъта: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! [...] Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй» (Псалом 104:24). Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у! Ахуыргӕндтӕ зӕххыл цӕрӕг удтӕ ссардтой милуан хуызӕй фылдӕр. Фӕлӕ иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, бирӕ фылдӕр кӕй сты. Хатт нывгӕнджытӕ нал фӕзонынц, ногӕй ма цы сныв кӕной, уый. Фӕлӕ афтӕ никуы уыдзӕн, ӕмӕ Йегъовӕ мауал зона, ногӕй ма цы сфӕлдиса, уый. Йегъовӕйы тыхӕн, алцыдӕр кӕй фӕрцы аразы, уымӕн, кӕрон нӕй!
19 Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй бӕрӕг у, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй Хицау уа. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы ис схонӕн «Сфӕлдисӕг», уымӕн ӕмӕ алцыдӕр уый сфӕлдыста. Ӕмӕ йын кӕд йӕ иунӕггуырд Фырт ӕххуыс кодта, уӕддӕр Библи Фырты Сфӕлдисӕг нӕ хоны, фӕлӕ «дӕсны кусӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 8:30; Матфейы 19:4). Хоны йӕ «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг» (Колоссӕгтӕм 1:15). Уӕдӕ алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн ис бар, цӕмӕй Дун-дунейы Хицау уа (Ромӕгтӕм 1:20; Раргомад 4:11).
20. Куыд ӕмбаргӕ сты ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йегъовӕ улӕфын райдыдта, зӕххыл цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр?
20 Цымӕ Йегъовӕ ницыуал аразы? Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ ӕхсӕзӕм бон йӕ хъуыддӕгтӕ куы фӕци, уӕд «ӕвдӕм бон улӕфын райдыдта, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр» (Райдиан 2:2). Апостол Павел цард, Йегъовӕ улӕфын куы райдыдта, уымӕй мингай азтӕ фӕстӕдӕр. Ӕмӕ йӕ фыстӕгӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы «ӕвдӕм бон» уӕд нӕма фӕци (Дзуттӕгтӕм 4:3–6). Фӕлӕ, Йегъовӕ улӕфын кӕй райдыдта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕппындӕр ницыуал аразы? Нӕ, Йегъовӕ ӕдзух фыдӕбон кӕны (Псалом 92:4; Иоанны 5:17). Улӕфгӕ уыцы хуызы кӕны, ӕмӕ зӕххыл ногӕй ницыуал фӕлдисы. Фӕлӕ уӕддӕр абоны онг дӕр фыдӕбон кӕны, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст кӕна. Зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныффыссын кодта Библи. Стӕй ма Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй сфӕлдыста «ног адӕймаг» дӕр. Уый тыххӕй фылдӕр базондзыстӕм 19-ӕм сӕрӕй (2 Коринфӕгтӕм 5:17).
21. Ӕнустӕм куы цӕрӕм, уӕд ныл куыд ӕндавдзӕн, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайдзӕн, уый?
21 Йегъовӕйы улӕфты бон куы фӕуа, уӕд зӕххыл йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕй дӕр йӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Тынг хорз». Афтӕ-иу загъта алы сфӕлдыстадон боны фӕстӕ дӕр (Райдиан 1:31). Йӕ тыхӕй фидӕны куыд архайдзӕн, уый нӕ зонӕм. Уый рӕстӕг равдисдзӕн. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм, йӕ тыхӕй куыд архайдзӕн, уый нӕ алкӕддӕр дисы кӕй ӕфтаудзӕн. Мах цӕрдзыстӕм ӕнустӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕйы тыххӕй ног цыдӕртӕ базондзыстӕм, цы сфӕлдыста, уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ (Екклесиаст 3:11). Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауы цас хуыздӕр базонӕм, уыйас нӕ ноджы тынгдӕр дисы ӕфтаудзӕн ӕмӕ йын тынгдӕр кад кӕндзыстӕм, стӕй йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм.
a Хур Зӕххӕй куыд тынг дард у, уый цӕмӕй хуыздӕр бамбарай, уый тыххӕй ахъуыды кӕн: 150 милуан километры машинӕйыл ацӕуын куы сфӕнд кӕнис ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрлӕугӕйӕ сахатмӕ 160 километры куы цӕуис, уӕд дӕ бахъӕуид сӕдӕ азӕй фылдӕр.
b Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библи куы фыстой, уӕды заман дӕр хуымӕтӕг телескоптӕ уыди. Ӕндӕр, дам, адӕм кӕцӕй зыдтой, стъалытӕ афтӕ бирӕ кӕй сты, уый. Фӕлӕ Библийы фысджытӕн уый Библийы Автор Йегъовӕ кӕй раргом кодта, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:16).
c 100 миллиард стъалыйы банымайынӕн дӕ цас рӕстӕг бахъӕуид? Ӕхсӕвӕй-бонӕй алы секунд дӕр иу стъалы куы нымаис, уӕд дӕ бахъӕуид 3 171 азы!