6 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты фесафы. «Йегъовӕ у хъӕбатыр хӕстон»
1–3. а) Израилӕгтӕ цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты? б) Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕрыл куыд тох кодта?
ИЗРАИЛӔГТӔ къӕппӕджы бахаудысты: сӕ рахиз ӕмӕ сӕ галиу фарс – айнӕг къӕдзӕхтӕ, разӕй – арф денджыз. Фӕстейӕ та сӕ ӕрбасуры Египеты ӕгъатыр ӕфсадa. Куы сӕм бахӕццӕ уа, уӕд сӕ ныццӕгъддзӕн! Фӕлӕ Моисей Хуыцауы адӕмӕн загъта, цӕмӕй ма тарстаиккой ӕмӕ сын сӕ ныфс бафидар кодта: «Йегъовӕ йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй» (Рацыд 14:14).
2 Фӕлӕ уӕддӕр Моисей, ӕвӕццӕгӕн, Йегъовӕмӕ сдзынӕзта, ӕмӕ йын уый дзуапп радта: «Цы мӕм дзыназыс? [...] Дӕ лӕдзӕгыл схӕц, денджызмӕ йӕ адар ӕмӕ денджыз фӕдих кӕн» (Рацыд 14:15, 16). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, дарддӕр цы ’рцыди, уый. Йегъовӕ йӕ зӕдӕн загъта, ӕмӕ израилӕгты ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн мигъы цӕджындз слӕууыд. Ӕмӕ египетӕгтӕн сӕ бон израилӕгтӕм хӕстӕг бацӕуын нал уыди (Рацыд 14:19, 20; Псалом 105:39). Моисей денджызмӕ йӕ къух адардта. Гъемӕ тыхджын дымгӕ дымын райдыдта, ӕмӕ дон дыууӕ дихы фӕци ӕмӕ дыууӕрдыгӕй къултау слӕууыд. Израилы адӕмӕн денджызы уӕрӕх фӕндаг фегом! (Рацыд 14:21; 15:8).
3 Хуыцаумӕ цы стыр тых ис, уый фенгӕйӕ фараон хъуамӕ йе ’фсадӕн загътаид, цӕмӕй фӕстӕмӕ аздӕхтаиккой. Фӕлӕ сӕрбӕрзонд фараон бардзырд радта, цӕмӕй сӕ фӕстейӕ асырдтаиккой (Рацыд 14:23). Египетӕгтӕ сӕ фӕстӕ ныййарц сты, фӕлӕ дард нӕ ацыдысты: сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой, ӕмӕ схъомпал сты. Куыддӕр израилӕгтӕ денджызы иннӕ фарсмӕ сӕрӕгасӕй бахызтысты, афтӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар, цӕмӕй дон йӕ бынатмӕ раздӕха ӕмӕ египетӕгтӕ, сӕ хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ сӕ барджытӕ дӕр, доны бын фӕуой». Моисей йӕ къух денджызмӕ куы адардта, уӕд доны къултӕ ӕркалдысты, ӕмӕ фараон ӕмӕ йе ’фсад фӕдӕлдон сты! (Рацыд 14:24–28; Псалом 136:15).
4. а) Сырх денджызы цур Йегъовӕ йӕхи куыд равдыста? б) Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕйдӕрты ныхмӕ тохы кӕй рацӕуы, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы хъуыды кӕнынц?
4 Йегъовӕйы тыххӕй нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын, израилӕгты Сырх денджызы цур куыд фервӕзын кодта, уымӕй. Йегъовӕ йӕхи равдыста «хъӕбатыр хӕстонӕй» (Рацыд 15:3). Йегъовӕ иуӕй-иу хатт кӕйдӕрты ныхмӕ тохы кӕй рацӕуы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕстытӕ адӕмӕн бирӕ рыст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кӕнынц. Чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы адӕмы фесафы, уӕд дзы цас дарддӕр уон, уыйас хуыздӕр.
Сырх денджызы цур Йегъовӕ йӕхи равдыста «хъӕбатыр хӕстонӕй»
Хуыцауы хӕстытӕ ӕмӕ адӕмы хӕстытӕ
5, 6. а) Библи Хуыцауы «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» кӕй хоны, уый раст цӕмӕн у? б) Хуыцауы хӕстытӕ адӕмы хӕстытӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
5 Дзуттаг Фыстыты титул «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ» ӕмбӕлы 260 хатты бӕрц, Грекъаг Чырыстон Фыстыты та – дыууӕ хатты (1 Самуилы 1:11). Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ дӕлбар ис ӕнӕнымӕц зӕдты ӕфсад (Йесо Навин 5:13–15; 1 Паддзӕхты 22:19). Уыцы зӕдтӕ сты тынг тыхджын, ӕмӕ сын Хуыцауы знӕгты фесафын зын нӕу (Исай 37:36). Адӕм хӕстыты кӕй фӕцагъды вӕййынц, ууыл хъуыды кӕнын ӕхсызгон нӕу. Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцауы хӕстытӕ адӕмы хӕстытӕй тынг кӕй хицӕн кӕнынц. Ӕфсады разамонджытӕ ӕмӕ политиктӕ сӕхи фӕрӕстытӕ кӕнынц, зӕгъгӕ, хорз хъуыддаджы сӕрыл тох кӕнӕм. Фӕлӕ хӕстытӕ алы хатт дӕр райдайынц, адӕм зыд ӕмӕ хиуарзон кӕй сты, уый тыххӕй.
6 Адӕмӕй уӕлдай Йегъовӕ йӕ масты фӕдыл никуы ацӕуы. Дыккаг закъоны 32:4 стихы фыст ис: «Уый у Къӕдзӕх, йӕ хъуыддӕгтӕ сты ӕнӕфау, йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уый у ӕнувыд Хуыцау, хӕрамӕй йӕм ницы ис. Уый у рӕстаг ӕмӕ рӕстзӕрдӕ Хуыцау». Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау йе сӕфт кӕй уыны мӕстыгӕр, ӕгъатыр ӕмӕ фыдгӕнӕг адӕмӕй (Райдиан 49:7; Псалом 11:5). Йегъовӕ дзӕгъӕлы никуы ницы фӕаразы. Йӕ тыхы фӕрцы искӕй фесафы, ӕндӕр гӕнӕн куы нал вӕййы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Пехуымпар Йезекилы уылты афтӕ дӕр уымӕн загъта: «„Ау, мӕнӕн фыдгӕнӕджы мӕлӕт ӕхсызгон у? Ӕви мын уый у ӕхсызгон, ӕмӕ йӕ фӕндӕгтӕ ныууадза ӕмӕ цӕра?“ – зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ» (Йезекил 18:23).
7, 8. а) Иов цы хъуыды кодта, уыйбӕрц бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыд, уый тыххӕй? б) Елиуй Иовӕн куыд бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодта? в) Иовы хабарӕй цы ис зондӕн райсӕн?
7 Уӕдӕ Йегъовӕ кӕйдӕрты цӕмӕн фесафы? Дзуапп раттыны размӕ ӕрхъуыды кӕнӕм рӕстгӕнӕг Иовы. Хӕйрӕг Иовӕй цы загъта, уымӕй афтӕ уади, ӕмӕ иу адӕймаг дӕр фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн. Уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый сбӕлвырд кӕныны тыххӕй Йегъовӕ Хӕйрӕджы бауагъта, цӕмӕй Иовы бафӕлвӕрдтаид. Иов уӕззау низӕй фӕрынчын, ӕнӕ мулкӕй баззад ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ иууылдӕр фӕмард сты (Иов 1:1–2:8). Иов нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты, уый ӕмӕ хъуыды кодта, Хуыцау ӕй ӕнаххосӕй кӕй бафхӕрдта. Иов Хуыцауы фарста, «мӕнмӕ цӕмӕн ныхъхъавыдтӕ», «знаджы цӕстӕй» мӕм цӕмӕн кӕсыс, зӕгъгӕ (Иов 7:20; 13:24).
8 Иу ӕрыгон нӕлгоймаг, Елиуй, Иовӕн бамбарын кодта, раст кӕй нӕ хъуыды кодта. Загъта йын: «Ды уый рӕстдзинадыл нымайыс? Ды зӕгъыс: „Ӕз Хуыцауӕй растдӕр дӕн“» (Иов 35:2). Ӕцӕгдӕр, раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ мах хабӕрттӕ Хуыцауӕй хуыздӕр зонӕм кӕнӕ Хуыцау хӕрам хъуыддаг сарӕзта. Елиуй загъта: «Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцау фыдхъуыддаг сараза, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау хӕрам хъуыддаг бакӕна!» Фӕстӕдӕр та загъта: «Мах Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауы кӕронмӕ нӕ базыдтам. Уымӕн йӕ тыхӕн ӕмбал нӕй, уый раст тӕрхонмӕ ӕмӕ ӕнӕкӕрон рӕстдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсдзӕн» (Иов 34:10; 36:22, 23; 37:23). Уӕдӕ хъуамӕ фидарӕй зонӕм: Хуыцау искӕй ныхмӕ тохы дзӕгъӕлы никуы рацӕуы. Уый нӕ зӕрдыл дарӕм, афтӕмӕй аныхас кӕнӕм ахӕм фарстайыл: «Кӕд Йегъовӕ фарны Хуыцау у, уӕд иуӕй-иу хатт искӕй ныхмӕ тохы цӕмӕн рацӕуы?» (1 Коринфӕгтӕм 14:33).
Фарны Хуыцауы тох кӕнын цӕмӕн бахъӕуы?
9. Сыгъдӕг Хуыцау Йегъовӕйы тох кӕнын цӕмӕн бахъӕуы?
9 Моисей Хуыцауы «хъӕбатыр хӕстон» куы схуыдта, уӕд ма загъта: «О Йегъовӕ, хуыцӕутты ’хсӕн дӕу хуызӕн чи у? Чи у дӕу хуызӕн сыгъдӕг?» (Рацыд 15:11). Пехуымпар Аввакум дӕр ныффыста: «Дӕ цӕстытӕ фыддзинадмӕ кӕсынӕн ӕгӕр сыгъдӕг сты, фыдхъуыддӕгтӕм кӕсын дӕ бон нӕу» (Аввакум 1:13). Йегъовӕ у уарзондзинады Хуыцау, фӕлӕ ма уыимӕ у сыгъдӕгдзинады ӕмӕ рӕстдзинады Хуыцау дӕр. Уымӕ гӕсгӕ йӕ хатт бахъӕуы кӕйдӕрты фесафын (Исай 59:15–19; Лукайы 18:7). Уӕдӕ Хуыцау тохы кӕй бацӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сыгъдӕг нал вӕййы. Сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, тох дӕр уый тыххӕй фӕкӕны (Рацыд 39:30).
10. Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой ис, уый кӕд фӕуыдзӕн ӕмӕ уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн?
10 Ӕркӕсӕм-ма, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы ’рцыди, уымӕ (Райдиан 3:1–6). Йегъовӕ у Дунедарӕг Хуыцау, ӕмӕ сын сӕ фыдракӕнд куы ницӕмӕ ӕрдардтаид, уӕд йӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхаудаид. Рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын мӕлӕты тӕрхон рахаста (Ромӕгтӕм 6:23). Йегъовӕ Библийы фыццаг пехуымпарады загъта, йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ «калмы», ома Хӕйрӕджы, фӕдылдзӕуджытӕ знӕгтӕ кӕй уыдзысты (Раргомад 12:9; Райдиан 3:15). Йегъовӕ зыдта, се ’хсӕн цы тох цӕудзӕн, уый кӕй фӕуыдзӕн, Хӕйрӕг сӕфт куы ’рцӕуа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Ромӕгтӕм 16:20). Уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн. Хӕйрӕг адӕмы нал сайдзӕн ӕмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт (Матфейы 19:28). Цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ та Хӕйрӕджы фӕдылдзӕуджытӕ Хуыцауы адӕмы ныхмӕ цӕудзысты, сӕ фӕдыл зилдзысты ӕмӕ архайдзысты, цӕмӕй сӕ фесафой. Уымӕ гӕсгӕ кӕцыдӕр уавӕрты Йегъовӕйы бахъӕуы йӕ адӕмы сӕрыл тох кӕнын.
Хуыцау-иу фыдгӕнджыты фесӕфта
11. Хуыцауы Доны хъаймӕт рауадзын цӕмӕн бахъуыд?
11 Йегъовӕйы-иу тох кӕнын цӕмӕн бахъуыд, уымӕн иу цӕвиттон у, Нойы заман чи ӕрцыд, уыцы Доны хъаймӕт. Райдианы 6:11 ӕмӕ 12 стихты фыст ис: «Зӕхх та ӕцӕг Хуыцауы цӕсты бынысӕфт фӕци, фыдмитӕй байдзаг. О, Хуыцау федта, зӕхх бынысӕфт кӕй фӕци, уымӕн ӕмӕ адӕм иууылдӕр ныллӕууыдысты сӕфты фӕндагыл». Цымӕ Хуыцау бауагътаид, цӕмӕй уыцы фыдгӕнджытӕ, зӕххыл ма цы хорз адӕймӕгтӕ цард, уыдоны ныццагътаиккой? Нӕ. Йегъовӕйы бахъуыди Доны хъаймӕт рауадзын, цӕмӕй, фыдхъуыддӕгтӕ чи арӕзта ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ чи кодта, уыцы адӕмы фесӕфтаид.
12. а) Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Йегъовӕ аморейты фесафынвӕнд цӕмӕн скодта?
12 Хуыцау ханаайнӕгты дӕр фесафынвӕнд уый тыххӕй скодта. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Ӕмӕ цӕмӕй йӕ зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кодтаид, уый тыххӕй сфӕнд кодта Авраамы байзӕддӕгтӕн Ханааны бӕстӕ раттын. Уӕды рӕстӕг Ханааны чи цард, уыцы адӕмы хуыдтой аморейтӕ. Фӕлӕ сӕ Хуыцау фесафынмӕ кӕй хъавыд, уый цымӕ раст уыди? Йегъовӕ загъта, уыцы хабар 400 азӕй раздӕр кӕй не ’рцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ «уыцы рӕстӕг нӕма ӕрцыд, цӕмӕй аморейтӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфтаиккой»b (Райдиан 12:1–3; 13:14, 15; 15:13, 16; 22:18). Уыцы 400 азы дӕргъы аморейтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой. Ханааны цӕрджытӕ мӕнгхуыцӕуттӕн куывтой, адӕмы мардтой ӕмӕ ӕлгъаг, хӕлд митӕ кодтой (Рацыд 23:24; 34:12, 13; Нымӕцтӕ 33:52). Суанг ма сӕ сывӕллӕтты дӕр сӕ хуыцӕуттӕн нывондӕн хастой – арты-иу сӕ басыгътой. Сыгъдӕг Хуыцау куыд хъуамӕ бауагътаид, цӕмӕй йӕ адӕм ахӕм фыдгӕнджыты ’хсӕн цардаиккой?! Йегъовӕ загъта: «Зӕхх... счъизи, ӕмӕ йӕ ӕз бафхӕрдзынӕн, цы тӕригъӕдтӕ йыл фӕкодтой, уыдоны тыххӕй, ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты йӕхицӕй раппардзӕн» (Левит 18:21–25). Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы адӕмы се ’ппӕты нӕ ныццагъта. Ханааны цӕрджытӕй хорз зӕрдӕ кӕмӕн уыд, уыдон фервӕзтысты, зӕгъӕм, Раав ӕмӕ гаваойнӕгтӕ (Йесо Навин 6:25; 9:3–27).
Тох кӕны йӕ номы тыххӕй
13, 14. а) Йегъовӕ йӕ ном цӕмӕн хъуамӕ ссыгъдӕг кодтаид? б) Йегъовӕ йӕ ном куыд ссыгъдӕг кодта?
13 Йегъовӕ сыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ном дӕр у сыгъдӕг (Левит 22:32). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты афтӕ ахуыр кодта кувын: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны Хуыцауӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фӕкодта, уӕд ын йӕ номыл цъыф бакалдта ӕмӕ, хорз Хицау кӕй у, уый сдзырддаг кодта. Йегъовӕ уыцы мӕнг ныхӕстӕн ӕмӕ, йӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕн нӕ быхстаид. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ ном ссыгъдӕг кодтаид (Исай 48:11).
14 Ногӕй-ма израилӕгты хабармӕ ӕркӕсӕм. Йегъовӕ Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр. Ӕмӕ, израилӕгтӕ Египеты цагъартӕ куы уыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой, Хуыцау кӕй никуы сӕххӕст кӕндзӕн, Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ куы ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ йӕхицӕн адӕм куы скодта, уӕд йӕ ном ссыгъдӕг кодта. Ӕмӕ пехуымпар Данел Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уый тыххӕй загъта афтӕ: «О Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, ды дӕ фидар къухӕй дӕ адӕмы Египеты зӕххӕй ракодтай ӕмӕ дӕ ном скадджын кодтай» (Данел 9:15).
15. Йегъовӕ дзуттӕгты Вавилоны уацарӕй цӕмӕн ссӕрибар кодта?
15 Диссаг уый у, ӕмӕ Данел куывта, Йегъовӕйы та ногӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй дзуттӕгты ссӕрибар кӕнын куы хъуыди, уӕд. Ацы хатт дзуттӕгтӕ се ’гоммӕгӕсдзинады тыххӕй уыдысты Вавилоны уацары. Сӕ сӕйраг горӕт Иерусалим пырхытӕй лӕууыд. Данел зыдта, Йегъовӕ сӕ фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’ркӕна, уӕд йӕ ном кӕй скадджын уыдзӕн. Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ куывта: «О Йегъовӕ, ныххатыр нын кӕн. О Йегъовӕ, дӕ хъус ӕрдар ӕмӕ архайын райдай. Фӕстиат ма кӕн, мӕ Хуыцау, дӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ горӕт ӕмӕ дӕ адӕм дӕ ном хӕссынц» (Данел 9:18, 19).
Тох кӕны йӕ адӕмы сӕрыл
16. Бамбарын кӕн, Йегъовӕ йӕ номы тыххӕй кӕй тох кӕны, уый ууыл дзурӕг цӕуылнӕ у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл тыхсы.
16 Йегъовӕ йӕ номы тыххӕй кӕй тох кӕны, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл тыхсы? Нӕ. Йегъовӕ у сыгъдӕг ӕмӕ уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕмы хъахъхъӕны. Ӕркӕсӕм Райдианы чиныджы 14-ӕм сӕрмӕ. Уым дзырд цӕуы, цыппар паддзахы Авраамӕн йе ’фсымӕры лӕппу Лоты ӕд бинонтӕ уацары кӕй акодтой, ууыл. Хуыцауы ӕххуысӕй Авраам знӕгты ныддӕрӕн кодта, кӕд йӕхицӕй бирӕ тыхджындӕр уыдысты, уӕддӕр. Ӕвӕццӕгӕн, фыццаг уыцы уӕлахизы тыххӕй ныффыстой «Йегъовӕйы хӕстыты чиныджы» (Нымӕцтӕ 21:14). Уыцы чиныджы фыстой, Библийы кӕй кой нӕй, уыцы хӕстыты тыххӕй. Авраам йе знӕгтыл куы фӕуӕлахиз, уӕдӕй фӕстӕмӕ ма бирӕ уӕлахизтӕ уыди.
17. Израилӕгтӕ Ханааны зӕхмӕ куы бацыдысты, уый фӕстӕ дӕр Йегъовӕ сӕ сӕрыл кӕй тох кодта, уый кӕцӕй зонӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.
17 Ханааны зӕхмӕ бацӕуыны хӕдразмӕ Моисей израилӕгтӕн ныфс бавӕрдта: «Уӕ Хуыцау Йегъовӕ цӕуы уӕ разӕй. Уый йӕхӕдӕг тохы бацӕудзӕн сымах тыххӕй, уӕ цӕстыты раз Египеты зӕххыл куыд кодта, [афтӕ]» (Дыккаг закъон 1:30; 20:1). Йегъовӕ-иу йӕ адӕмы сӕрыл тох кодта ӕмӕ йӕ фӕрцы бирӕ хӕттыты фӕуӕлахиз сты се знӕгтыл, кӕд-иу сӕхицӕй тыхджындӕр ӕмӕ фылдӕр уыдысты, уӕддӕр. Афтӕ уыди, Моисейы фӕстӕ Израилы адӕмы разамонӕг Йесо Навин куы сси, уӕд дӕр ӕмӕ тӕрхонгӕнджыты ӕмӕ Иудӕйы иузӕрдион паддзӕхты рӕстӕг дӕр (Йесо Навин 10:1–14; Тӕрхонгӕнджыты 4:12–17; 2 Самуилы 5:17–21).
18. а) Йегъовӕ кӕй нӕ фӕивта, уый нын цины хос цӕмӕн у? б) Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой цӕуы, уый йӕ тӕмӕны куы бацӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн?
18 Йегъовӕ нӕ фӕивта. Нӕ фӕивта йӕ фӕнд дӕр, ома Зӕххӕй дзӕнӕт саразын (Райдиан 1:27, 28). Хуыцау ныронг дӕр фыддзинадӕй йе сӕфт уыны. Йегъовӕ тынг уарзы йӕ адӕмы ӕмӕ тагъд архайын райдайдзӕн, цӕмӕй сӕ фервӕзын кӕна (Псалом 11:7). Райдианы 3:15 стихы цы тохы кой цӕуы, уый тагъд йӕ тӕмӕны бацӕудзӕн – Хуыцауы адӕмыл се знӕгтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы сӕхи ныццӕвдзысты. Йегъовӕ та ногӕй суыдзӕн «хъӕбатыр хӕстон», цӕмӕй йӕ ном срухс кӕна ӕмӕ йӕ адӕмы бахъахъхъӕна (Захари 14:3; Раргомад 16:14, 16).
19. а) Хуыцау йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты кӕй фесафы, уый тыххӕй йӕм ӕввахсдӕр кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый цавӕр цӕвиттоны фӕрцы ис бамбарын кӕнӕн? б) Хуыцау нӕ сӕрыл тох кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый ныл куыд хъуамӕ фӕзына?
19 Зӕгъӕм, бинонтыл тугдзых сырд йӕхи ныццавта. Ӕмӕ бинонты хистӕр сырды амардта, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕдтаид. Куыд хъуыды кӕныс, уый тыххӕй дзы йӕ ус ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕ сӕхи хиздзысты? Нӕ, бузныг дзы уыдзысты, тынг сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕ кӕй бахъахъхъӕдта, уый тыххӕй. Уӕдӕ Хуыцау дӕр йӕ тыхы фӕрцы фыдгӕнджыты кӕй фесафы, уый тыххӕй дзы хъуамӕ нӕхи ма хизӕм. Хъуамӕ йӕ тынгдӕр уарзӕм, мах бахъахъхъӕныны тыххӕй тохы бацӕуынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый тыххӕй. Стӕй йын хъуамӕ ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, ӕгӕрон тыхы хицау кӕй у, уый тыххӕй. Уый нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауӕн, «йӕ фӕндон куыд у, афтӕ лӕггад кӕнӕм... тӕрсгӕйӕ ӕмӕ йӕ нымайгӕйӕ» (Дзуттӕгтӕм 12:28).
Баввахс у «хъӕбатыр хӕстонмӕ»
20. Библийӕ нын искӕцы хабар зын бамбарӕн куы уа, уӕд куыд хъуамӕ бакӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн?
20 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Библи алы хатт бӕстон нӕ фембарын кӕны, Йегъовӕ-иу тохы цӕмӕн бацыд, уый. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырдӕй зонӕм: Йегъовӕ йӕ тыхӕй афтӕ никуы фӕархайы, цӕмӕй хӕрам, ӕнӕрхъуыды кӕнӕ ӕгъатыр ми бакӕна. Арӕх Библийӕ кӕцыдӕр хабар хуыздӕр бамбарӕм, контекст куы бакӕсӕм кӕнӕ уыцы хабары фӕдыл фылдӕр ӕрмӕг куы бацагурӕм, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Фӕлӕ, Йегъовӕ кӕцыдӕр уавӕры куыд бакодта, уый нын уӕддӕр зын бамбарӕн куы уа, уӕд та? Уӕд хъуамӕ бацархайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонӕм ӕмӕ йын йӕ диссаджы миниуджытыл арф хъуыды кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, нӕ Хуыцау Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй кӕй фӕархайы (Иов 34:12).
21. Кӕд хатт Йегъовӕ «хъӕбатыр хӕстон» свӕййы, уӕддӕр цавӕр Хуыцау у?
21 Кӕд Йегъовӕ бахъуаджы сахат «хъӕбатыр хӕстон» свӕййы, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕстмондаг Хуыцау у. Йезекил уӕларвон уӕрдоны тыххӕй цы цӕстылуайӕн федта, уым Йегъовӕ афтӕ ӕвдыст у, цыма цӕттӕ у йе знӕгтимӕ схӕцынмӕ. Фӕлӕ Йезекил федта, Хуыцауы алыварс кӕй уыд арвӕрдын – фарн ӕмӕ сабырдзинады нысан (Райдиан 9:13; Йезекил 1:28; Раргомад 4:3). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у фарнуарзаг Хуыцау. Апостол Иоанн ныффыста: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Йегъовӕйӕн йӕ миниуджытӕ иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ хорз фидауынц. Ахӕм хъомысджын ӕмӕ уарзӕгой Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын ӕцӕгдӕр стыр кад у!
a Иудейаг историк Иосиф Флавий куыд ныффыста, афтӕмӕй израилӕгты «фӕстейӕ сырдтой 600 бӕхуӕрдоны, 50 000 барӕджы ӕмӕ 200 000 гӕрзифтонг фистӕг ӕфсӕддоны» («Иудейские древности», 2 чиныг, 15 сӕр, 3 абзац).
b Ӕвӕццӕгӕн, ам дзырд «аморейтӕ» амоны Ханааны цӕрӕг адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр (Дыккаг закъон 1:6–8, 19–21, 27; Йесо Навин 24:15, 18).