7 СӔР
Йӕ тыхы фӕрцы йӕ адӕмы хъахъхъӕны. «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн»
1, 2. Н. э. размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд сын тӕссаг цӕмӕй уыд ӕмӕ сӕ Йегъовӕ куыд бафидар кодта?
НӔ ЭРӔЙЫ размӕ 1513 азы израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы цыдысты, уӕд сӕ цӕуын хъуыди «маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ скорпионтӕ кӕм ис, уыцы ӕнӕдон ӕмӕ хус зӕххыл» (Дыккаг закъон 8:15). Стӕй ма сын тӕссаг уыди се знаг адӕмтӕй дӕр. Сӕ Хуыцау Йегъовӕ сӕ йӕхӕдӕг ӕрбакодта уырдӕм. Цымӕ сӕ йӕ бон хъахъхъӕнын уыдзӕн?
2 Йегъовӕйы ныхӕстӕ сӕ стыр ныфс бауагътой: «Сымах уӕхи цӕстӕй федтат, ӕз египетӕгтӕн цы бакуыстон, цӕмӕй уӕ цӕргӕсау мӕ базыртыл рахастаин ӕмӕ уӕ мӕхимӕ ӕрхастаин» (Рацыд 19:4). Йегъовӕ йӕ адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, египетӕгтӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, уый – цыма сӕ цӕргӕстӕ сӕ базыртыл систой ӕмӕ сӕ ӕдас бынатмӕ ахастой, уый хуызӕн. Уый хорз абарст у, Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый равдисынӕн.
3. Хуыцау йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый цӕмӕн ис абарӕн, цӕргӕс йӕ лӕппынты куыд фӕхъахъхъӕны, уыимӕ?
3 Цӕргӕс йе стыр фидар базырты фӕрцы ӕрмӕст тӕхгӕ нӕ кӕны. Куы сӕ айтынг кӕны, уӕд ын вӕййынц дыууӕ метрӕй даргъдӕр. Тӕвд куы вӕййы, уӕд мадӕл цӕргӕс йӕ базыртӕ йӕ лӕппынты сӕрмӕ айтындзы, цӕмӕй сӕ хуры судзгӕ тынтӕй бамбӕхса. Уазал куы вӕййы, уӕд та сӕ йӕ базырты бын бакӕны, цӕмӕй ма суазал уой. Йегъовӕ дӕр Израилы адӕмы мадӕл цӕргӕсау ӕмбӕхста ӕмӕ сӕ хъахъхъӕдта, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕм дӕр ӕрӕджы фӕзындысты ӕмӕ нырма ӕвӕлтӕрд уыдысты. Израилӕгтӕн ӕдзӕрӕг быдыры йӕ фидар базырты аууон тӕссаг ницӕмӕй уыдаид, цалынмӕ йыл иузӕрдион уыдаиккой, уӕдмӕ (Дыккаг закъон 32:9–11; Псалом 36:7). Фӕлӕ цымӕ Хуыцау абон дӕр йӕ адӕмы хъахъхъӕны?
Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕндзӕн
4, 5. Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй хъахъхъӕны, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
4 Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕйӕн йӕ бон у йӕ лӕггадгӕнджыты хъахъхъӕнын. Уый у «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм тыхджын у, ӕмӕ йӕ бон у цыфӕнды дӕр саразын – никӕй бон ӕй у бауромын (Райдиан 17:1). Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕд, чи зоны, ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ йӕ фӕнды йӕ адӕмы хъахъхъӕнын?»
5 Бӕгуыдӕр! Йегъовӕ зӕгъы, йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕндзӕн. Псалом 46:1 стихы фыст ис: «Хуыцау у не ’мбӕхсӕн ӕмӕ нӕ хъару, зын сахат нӕм уайтагъд ӕххуысмӕ фӕзыны». Йегъовӕ у, «йӕ бон сайын кӕмӕн нӕу, уыцы Хуыцау», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй уырны, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн (Титмӕ 1:2). Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ цавӕр абарстӕй спайда кодта, йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны, уый равдисынӕн.
6, 7. а) Рагзаманты-иу фыййау йӕ фысты куыд хъахъхъӕдта? б) Йегъовӕ йӕ фысты куыд хъахъхъӕны, уый цавӕр цӕвиттонӕй у бӕрӕг?
6 Йегъовӕ у нӕ Фыййау, мах та стӕм «йӕ адӕм, кӕй хизы, уыцы фыстӕ» (Псалом 23:1; 100:3). Фысты хъӕуы хъахъхъӕнын. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй фыййауы хъуыди стыр хъӕбатырдзинад, цӕмӕй сӕ домбӕйттӕй, бирӕгътӕй, ӕрсытӕй ӕмӕ давджытӕй хъахъхъӕдтаид (1 Самуилы 17:34, 35; Иоанны 10:12, 13). Фӕлӕ-иу хатт цӕмӕй фыййау фысты бахъахъхъӕдтаид, уый тыххӕй-иу хъуамӕ уыдаид фӕлмӕн. Фыс-иу уӕтӕрӕй дард кӕмдӕр куы ныззад, уӕд-иу цалынмӕ йӕ бон сыстын нӕ баци, уӕдмӕ-иу фыййау йӕ цуры лӕууыд. Стӕй-иу ногзад уӕрыччы систа ӕмӕ-иу ӕй суанг уӕтӕрмӕ йӕ хъӕбысы фӕхаста.
«Йӕ хъӕбысы [сӕ] хӕсдзӕн»
7 Йегъовӕ йӕхи фыййауимӕ кӕй абарста, уымӕй бӕрӕг у, йӕ адӕмы хъахъхъӕнын ӕй кӕй фӕнды (Йезекил 34:11–16). Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Исайы 40:11 стихы (дзырд ыл цыди ацы чиныджы 2-аг сӕры) Йегъовӕйы тыххӕй цы фыст ис, уый: «Фыййау дзуг куыд фӕхизы, афтӕ хиздзӕн йӕ дзуг. Уӕрыччыты-иу ӕрбамбырд кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ хъӕбысы хӕсдзӕн». Фӕлӕ-иу гыццыл уӕрыкк фыййауӕн йӕ хъӕбысы куыд февзӕрд? Ӕвӕццӕгӕн-иу фыййауы цурмӕ бацыд ӕмӕ ма-иу ын йӕ къах дӕр бакъуырдта, цӕмӕй йӕ федтаид. Куыдфӕнды ма уыдаид, фыййау хъуамӕ уӕрыкмӕ ӕргуыбыр кодтаид, систаид ӕй ӕмӕ йӕ йӕ хъӕбысы ӕрбатыхтаид. Ацы цӕвиттонӕй бӕрӕг у, нӕ Фыййау Йегъовӕйы куыд тынг фӕнды, цӕмӕй нӕ хъахъхъӕна.
8. а) Хуыцау кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ уый Ӕмбисӕндты 18:10 стихӕй куыд у бӕрӕг? б) Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй Хуыцауы ном не ’мбӕхсӕн бынат уа?
8 Фӕлӕ Йегъовӕ зӕгъы, йӕ хӕлар уа, уый кӕй фӕнды, ӕрмӕстдӕр уыдоны кӕй хъахъхъӕндзӕн. Ӕмбисӕндты 18:10 стихы ахӕм ныхӕстӕ ис: «Йегъовӕйы ном у фидар мӕсыг. Рӕстгӕнӕг уырдӕм балидзы ӕмӕ йын тӕссаг ницӕмӕйуал вӕййы». Рагзаманты-иу мӕсгуытӕ амадтой ӕдзӕрӕг ран, цӕмӕй-иу дзы бамбӕхсӕн уыдаид. Фӕлӕ тӕссаг кӕмӕн уыд, уый-иу мӕсыгмӕ куы нӕ балыгъдаид, уӕд ӕй мӕсыг йӕхӕдӕг нӕ бахъахъхъӕдтаид. Афтӕ хъуамӕ кӕной, Хуыцауы ном йе ’мбӕхсӕн бынат уа, уый кӕй фӕнды, уыдон дӕр. Йӕ номӕн цавӕрдӕр диссаджы тых нӕй. Ома афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕу, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн йӕ ном дзур, ӕмӕ дӕ хъахъхъӕндзӕн. Уыцы ном чи хӕссы, уыцы Хуыцауы хъуамӕ хорз зонӕм, нӕ ныфс ыл дарӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы йыл ӕууӕндӕм, уӕд нӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн ӕмӕ нӕ фидар мӕсыг кӕй уыдзӕн.
«Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна»
9. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ ӕрмӕст дзургӕ кӕй нӕ кӕны, хъахъхъӕндзынӕн уӕ, зӕгъгӕ?
9 Йегъовӕ ӕрмӕст дзургӕ нӕ кӕны, хъахъхъӕндзынӕн уӕ, зӕгъгӕ. Йӕ бон йӕ адӕмы хъахъхъӕнын кӕй у, уый раджы заманты бирӕ диссӕгты фӕрцы равдыста. Зӕгъӕм, арӕх-иу Израилы адӕмы сӕ хъомысджын знӕгтӕй йӕ тыхджын «къухӕй» бахъахъхъӕдта (Рацыд 7:4). Уымӕй уӕлдай ма-иу Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы бахъахъхъӕдта хицӕн адӕймӕгты дӕр.
10, 11. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы хицӕн адӕймӕгты куыд хъахъхъӕдта, уымӕн Библийы цавӕр цӕвиттонтӕ ис?
10 Ӕртӕ дзуттаг лӕппуйы Седрах, Мисах ӕмӕ Авденаго паддзах Навуходоносоры сызгъӕрин гуымирыйӕн куы нӕ бакуывтой, уӕд сӕм паддзах мӕстӕй рафыхт. Ӕмӕ сӕм бартхъирӕн кодта, судзгӕ пецы уӕ баппардзынӕн, зӕгъгӕ. Загъта сын: «Мӕ къухӕй [уӕ] кӕцы хуыцау фервӕзын кӕндзӕн?» (Данел 3:15). Уӕды рӕстӕджы Навуходоносорӕй хъомысджындӕр паддзах нӕ уыд. Уыцы ӕртӕ лӕппуйы ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой, Хуыцауӕн сӕ йӕ бон бахъахъхъӕнын кӕй у. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг бахъахъхъӕна. Уымӕ гӕсгӕ загътой: «Афтӕ куы уа, уӕд, мах кӕмӕн лӕггад кӕнӕм, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕна» (Данел 3:17). Ӕмӕ кӕд пец авд хатты тынгдӕр стӕвд кодтой, уӕддӕр Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн зын нӕ уыд уыцы ӕртӕ лӕппуйы фервӕзын кӕнын. Ӕмӕ сӕ куы фервӕзын кодта, уӕд паддзах загъта: «Нӕй ӕндӕр ахӕм хуыцау, афтӕ ирвӕзын кӕнын йӕ бон кӕмӕн у!» (Данел 3:29).
11 Йегъовӕ ма йӕ тых равдыста, йӕ иунӕггуырд Фырты цард дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ куы рахаста, уӕд дӕр. Зӕд Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу». Ӕмӕ йын бамбарын кодта: «Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн» (Лукайы 1:31, 35). Уыцы рӕстӕг Хуыцауы Фырты цардӕн тынг тӕссаг уыди. Цымӕ Марийӕ йӕ туджы цы тӕригъӕд ӕмӕ ӕнӕххӕстдзинад рахаста, уый, йӕ гуыбыны цы сывӕллон уыд, ууыл нӕ фӕзындзӕн? Цалынмӕ сывӕллон нӕ райгуыра, уӕдмӕ йын Хӕйрӕг ницы зиан ракӕндзӕн кӕнӕ йӕ нӕ амардзӕн? Нӕ! Йегъовӕ Марийӕйы хъахъхъӕдта, цӕмӕй сывӕллонӕн тӕссаг мацӕмӕй ӕмӕ макӕмӕй уыдаид. Йегъовӕ Йесойы хъахъхъӕдта йӕ сабибонты дӕр (Матфейы 2:1–15). Йегъовӕ Йесойы хъахъхъӕдта, цалынмӕ йӕ цард раттыны рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ.
12. Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕныны тыххӕй хатт диссаг цӕмӕн сарӕзта?
12 Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕныны тыххӕй хатт диссаг цӕмӕн сарӕзта? Арӕх-иу кӕйдӕрты бахъахъхъӕдта йӕ фӕндон сӕххӕст кӕныны тыххӕй. Уый та кӕйфӕнды цардӕй дӕр бирӕ ахсджиагдӕр у. Зӕгъӕм, Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй адӕм ӕнустӕм цӕрой. Ӕмӕ сын цӕмӕй ӕнусон цардӕй ныфс фӕзындаид, уый тыххӕй тынг ахсджиаг уыди Йесойы бахъахъхъӕнын, цалынмӕ гыццыл уыди, уӕдмӕ. Библийы фыст ис, Йегъовӕ-иу йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бахъахъхъӕдта, бирӕ ахӕм хабӕрттӕ. Уыдон фыст ӕрцыдысты Йегъовӕйы фӕндӕй «махӕн зонд бацамонынӕн, цӕмӕй нӕ нӕ фидардзинады фӕрцы ӕмӕ, Фыстад цы удӕнцой дӕтты, уый фӕрцы уа ныфс» (Ромӕгтӕм 15:4). Уыцы цӕвиттонты фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауыл. Фӕлӕ нӕ абон та Хуыцау куыд хъахъхъӕны?
Цымӕ нӕ Хуыцау алы зындзинадӕй дӕр хъахъхъӕндзӕн?
13. Йегъовӕ мах тыххӕй хъуамӕ диссӕгтӕ араза? Бамбарын ӕй кӕн.
13 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ бахъахъхъӕныны тыххӕй диссӕгтӕ араздзӕн. Хуыцау афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ абон ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр хызт уыдзыстӕм. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕмбӕлынц алыхуызон зындзинӕдтыл, зӕгъӕм, мӕгуыр цӕрынц, бирӕ рӕтты цӕуы хӕстытӕ, стӕй низтӕй дӕр ӕмӕ мӕлӕтӕй дӕр хызт не сты. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй йын кӕйдӕрты сӕ уырнындзинады тыххӕй маргӕ дӕр кӕй акӕндзысты. Ӕмӕ сын уый тыххӕй загъта, кӕронмӕ фидар фӕлӕууын кӕй хъӕуы (Матфейы 24:9, 13). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алы хатт дӕр диссаджы хуызы куы ирвӕзын кӕнид, уӕд Хӕйрӕг зӕгъид, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй йын кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй (Иов 1:9, 10).
14. Цавӕр цӕвиттонтӕй у бӕрӕг, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуты куыд бахъахъхъӕны, иннӕты афтӕ кӕй нӕ бахъахъхъӕны?
14 Раджы заманты дӕр-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй мӕлӕтӕй нӕ фервӕзын кодта. Зӕгъӕм, н. э. 44 азмӕ ’ввахс Ирод апостол Иаковы амарын кодта. Фӕлӕ уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр та зӕд апостол Петры «Ироды къухӕй» фервӕзын кодта (Хъуыддӕгтӕ 12:1–11). Иоанн та йе ’фсымӕр Иаковӕй дӕр ӕмӕ Петрӕй дӕр фылдӕр фӕцард. Уӕдӕ хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр иухуызон хъахъхъӕндзӕн. Уымӕй уӕлдай ма, «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ абон куыд хъахъхъӕны?
Йегъовӕ нын нӕ цард куыд хъахъхъӕны?
15, 16. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр фесафой? б) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныр дӕр ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр кӕй бахъахъхъӕндзӕн, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?
15 Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Хуыцау нын нӕ цард куыд хъахъхъӕны, уымӕ. Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесафой. Ахъуыды-ма кӕн: Хӕйрӕджы, «ацы дунейы хицауы», тынг фӕнды, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафын (Иоанны 12:31). Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ куы нӕ хъахъхъӕнид, уӕд уый йӕ къухы ӕнцонтӕй бафтид (Раргомад 12:17). Иуӕй-иу хъомысджын хицауӕдтӕ-иу архайдтой, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг сӕхгӕдтаиккой ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты се ’ппӕты дӕр зӕххы цъарӕй фесӕфтаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм никуы фӕтарстысты ӕмӕ-иу дарддӕр дӕр хорз хабар хъусын кодтой. Кӕмӕдӕрты-иу, чи зоны, афтӕ каст, ӕмӕ уыцы чырыстӕтты гыццыл къордӕн нӕй, сӕ сӕрыл чи рахӕца, уый. Фӕлӕ сын уӕд сӕ хъуыддаг бауромын цӕуылнӕ искӕй бон баци? Уымӕн, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фидар базырты аууоны дары (Псалом 17:7, 8).
16 Цымӕ нӕ Йегъовӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг дӕр бахъахъхъӕндзӕн? Мах Хуыцауы тӕрхоны бонӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Библийы фыст ис: «Йегъовӕ зоны, иузӕрдион ыл чи у, уыдоны куыд хъӕуы фӕлварӕнтӕй ирвӕзын кӕнын, фыдгӕнджыты та сӕ фесафыны тыххӕй тӕрхоны бонмӕ дарын» (Раргомад 7:14; 2 Петры 2:9). Ныр та уал фидарӕй зонӕм дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг, Йегъовӕ никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты зӕххы цъарӕй фӕсафой. Дыккаг, кӕронмӕ йыл иузӕрдионӕй чи баззайа, уыдон ӕнустӕм йӕ ног дунейы цӕрдзысты, чи нал ис, уыдоны та ӕгас ракӕндзӕн. Уӕдӕ, чи амард, уыдон сты ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Хуыцауы хъуыдыйы (Иоанны 5:28, 29).
17. Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы фӕрцы куыд хъахъхъӕны?
17 Йегъовӕ ма нӕ абон хъахъхъӕны йӕ «ныхасы» фӕрцы дӕр. Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ цард аивӕм ӕмӕ амондджын уӕм (Дзуттӕгтӕм 4:12). Йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзыстӕм. «Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны» (Исай 48:17). Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕнӕниздӕр уӕм ӕмӕ фылдӕр фӕцӕрӕм. Зӕгъӕм, Библийы уынаффӕтӕм кӕй хъусӕм, уый тыххӕй нӕхи хизӕм хӕтындзинадӕй, наркотиктӕй ӕмӕ тамакойӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕ стыр зиан ӕрхӕссынц, Хуыцауы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй бирӕтӕн (Хъуыддӕгтӕ 15:29; 2 Коринфӕгтӕм 7:1). Мах бузныг стӕм Хуыцауӕй, йӕ Ныхасы фӕрцы нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй!
Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕны?
18. Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад куыд хъахъхъӕны?
18 Ӕппӕты сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ нын Йегъовӕ нӕ уырнындзинад хъахъхъӕны. Уый тыххӕй нын дӕтты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ дзы ма адард уӕм. Уӕдӕ нын Йегъовӕ ӕрмӕст нӕ абоны цардыл нӕ хъуыды кӕны, фӕлӕ не ’нусон фидӕныл дӕр. Аныхас кӕнӕм, Хуыцау нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ уырнындзинад фидар уа.
19. Йегъовӕйы сыгъдӕг тых нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕразӕм?
19 Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» (Псалом 65:2). Хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм нӕ зындзинӕдтӕ фӕразынӕн тыхтӕ нал ис. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн куы радзурӕм, уӕд нын фенцондӕр вӕййы (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Чи зоны, диссаг нӕ сараздзӕн ӕмӕ нӕ нӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ нын зонд ратдзӕн, цӕмӕй сӕ нӕ бон сфӕразын уа (Иаковы 1:5, 6). Уымӕй уӕлдай ма Йегъовӕ дӕтты сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн (Лукайы 11:13). Уыцы хъомысджын тыхы фӕрцы цыфӕнды фӕлварӕны ӕмӕ цыфӕнды зындзинады сӕрты дӕр ахиздзыстӕм. Уый нӕ схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууӕм (2 Коринфӕгтӕм 4:7). Тагъд ног дуне ралӕудзӕн ӕмӕ Йегъовӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн.
20. Йегъовӕ нӕ не ’мчырыстӕтты уылты куыд бахъахъхъӕны?
20 Иуӕй-иу хатт нӕ Йегъовӕ бахъахъхъӕны не ’мчырыстӕтты уылты дӕр. Йегъовӕ нӕ ’рбакодта, ӕгас дунейы дӕр иу бинонтау ӕнгом чи сты, уыцы адӕмы ’хсӕнмӕ (1 Петры 2:17; Иоанны 6:44). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн цы уарзондзинад ис, уымӕй бӕрӕг у, сыгъдӕг тых нӕ хорз хъуыддӕгтӕм кӕй разӕнгард кӕны. Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕм фӕзыны хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нын нӕ хотӕй кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи хорз уынаффӕ ратты кӕнӕ нӕ ныхасӕй бафидар кӕны. Ахӕм рӕстӕг Йегъовӕйӕ бузныг вӕййӕм, не ’мчырыстӕтты уылты нӕ кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй.
21. а) Йегъовӕ нын «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты цы дӕтты? б) Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнынӕн цы дӕтты, уыдӕттӕй дӕуӕн цы баххуыс кодта?
21 Йегъовӕ ма нӕ хъахъхъӕны, афоныл нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй дӕтты, уый фӕрцы. Цӕмӕй нын Хуыцауы Ныхас хъарутӕ дӕтта, уый тыххӕй Йегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» бахӕс кодта, цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕтта. Мах исӕм журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!», ис нын сайт jw.org, стӕй нын вӕййы ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгресстӕ. Уыдоны фӕрцы нын ӕууӕнкджын цагъар дӕтты «хӕринаг афоныл», ома нӕ цы хъӕуы, уый, ӕмӕ нӕ кӕд хъӕуы, уӕд (Матфейы 24:45). Никуы дын уыди афтӕ, ӕмӕ ӕмбырды, зӕгъӕм, раныхасы, искӕй дзуаппы кӕнӕ куывды, фехъуыстай, стыр ӕххуыс дын чи фӕци, ахӕм хъуыды? Йе та нӕ журналты ахӕм статья никуы бакастӕ, ӕмӕ дын дӕ цард фӕивта? Уӕдӕ йӕ зон: уыдӕттӕ нын иууылдӕр Йегъовӕ дӕтты нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕныны тыххӕй.
22. Йегъовӕ алы хатт дӕр йӕ тыхӕй куыд фӕархайы ӕмӕ уый махӕн цы пайда у?
22 Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у уарт, «йӕхи йе уазӕг чи бакӕны, уыдонӕн» (Псалом 18:30). Мах ӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕ нӕ ныртӕккӕ не ’ппӕт зындзинӕдтӕй дӕр кӕй нӕ ирвӕзын кӕны. Фӕлӕ алкӕддӕр йӕ тыхы фӕрцы фӕархайы, цӕмӕй йӕ фӕндон сӕххӕст уа. Ӕмӕ уый аразы йӕ адӕмы амондджын фидӕны тыххӕй. Йегъовӕмӕ куы ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай куы нӕ фӕкӕнӕм, уӕд нын балӕвар кӕндзӕн ӕнусон цард! Уыцы цардимӕ абаргӕйӕ нӕ абоны зындзинӕдтӕ «рӕстӕгмӕ сты ӕмӕ афтӕ уӕззау не сты» (2 Коринфӕгтӕм 4:17).