9 СӔР
«Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых»
1–3. а) Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ Галилейӕйы денджызы цӕмӕй фӕтарстысты ӕмӕ Йесо цы сарӕзта? б) Апостол Павел афтӕ цӕмӕн загъта, Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых, зӕгъгӕ?
АХУЫРГӔНИНӔГТЫ стыр тас бацыд. Галилейӕйы денджызӕн йӕ иннӕ фарсмӕ бӕлӕгъыл куы ленк кодтой, уӕд ӕвиппайды тыхджын дымгӕ сыстад. Уыцы денджызы тыхдымгӕ фыццаг хатт нӕ федтой, уымӕн ӕмӕ сӕ чидӕртӕ кӕсагахсджытӕ уыдыстыa (Матфейы 4:18, 19). Фӕлӕ ацы хатт тыхдымгӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ денджыз абухгӕ знӕт уылӕнтӕ фестын кодта. Лӕгтӕ сӕ тых, сӕ бонӕй архайдтой бӕлӕгъ былмӕ тӕрыныл, фӕлӕ сыл дымгӕ тых кодта. Бӕрзонд «уылӕнтӕ сӕхи бӕлӕгъыл цавтой», ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта. Йесо та уыцы рӕстӕг бӕлӕгъы фӕстӕрдыгӕй тарф фынӕй кодта, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн бон адӕмы ахуыр кодта ӕмӕ тынг бафӕллад. Ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ цардӕн фӕтарстысты, ӕмӕ Йесойы райхъал кодтой ӕмӕ йын ныллӕгъстӕ кодтой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!» (Марчы 4:35–38; Матфейы 8:23–25).
2 Йесо нӕ фӕтарст, уымӕн ӕмӕ зыдта, йӕ бон кӕй у тыхдымгӕ ныссабыр кӕнын. Библийы фыст ис: «Дымгӕйӕн бауайдзӕф кодта, стӕй денджызӕн дӕр загъта: „Банцай! Ныссабыр у!“» Ӕмӕ дымгӕ уайтагъд банцад, ӕмӕ «бӕстӕ ныссабыр». Ахуыргӕнинӕгты стыр тас бацыд ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ай чи у?» Уыдон дис кодтой, фыдуаг сывӕллонӕн куы бауайдзӕф кӕнай ӕмӕ куыд ныссабыр уа, афтӕ Йесо денджызӕн ӕмӕ дымгӕйӕн кӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ кӕй ныссабыр сты, ууыл (Марчы 4:39–41; Матфейы 8:26, 27).
3 Фӕлӕ Йесо хуымӕтӕг адӕймаг нӕ уыд. Йегъовӕ йӕ тыхы фӕрцы диссаджы хуызы ӕххуыс кодта Йесойӕн ӕмӕ Йесойы уылты та иннӕтӕн. Апостол Павел дӕр афтӕ уый тыххӕй загъта: «Чырыстийы уылты раргом Хуыцауы тых» (1 Коринфӕгтӕм 1:24). Хуыцау йӕ тых Йесойы уылты куыд ӕвдыста? Йесо уыцы тыхӕй куыд архайы, уый нӕ цардыл хуыздӕрырдӕм куыд фӕзыны?
Хуыцауы иунӕггуырд Фырты тых
4, 5. а) Йегъовӕ йӕ иунӕггуырд Фыртӕн цавӕр тых ӕмӕ бартӕ радта? б) Йегъовӕ Йесойы цӕмӕй схайджын кодта, цӕмӕй «дӕсны кусӕг» уыдаид?
4 Ахъуыды-ма кӕн, Йесомӕ цавӕр тых уыд, зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыди, уӕд. Йегъовӕ «йе ’нусон тыхы» фӕрцы сфӕлдыста йӕ иунӕггуырд Фырты, фӕстӕдӕр ӕй хуыдтой Йесо Чырысти (Ромӕгтӕм 1:20; Колоссӕгтӕм 1:15). Уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕ Фыртӕн стыр тых ӕмӕ бартӕ радта, ӕппӕт дӕр уый фӕрцы куы арӕзта, уӕд. Библийы Хуыцауы Фырты тыххӕй фыст ис: «Ӕппӕт дӕр уый фӕрцы фӕзынд, ӕмӕ ӕнӕ уымӕй ницы фӕзынд» (Иоанны 1:3).
5 Хъомысджын зӕдтӕ, ӕнӕнымӕц бирӕ стъалытӕ ӕмӕ, зӕххыл удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сфӕлдисынӕн цы стыр тых хъуыди, уый адӕймагӕн тынг зын бамбарӕн у. Уыдӕттӕ сфӕлдисыны тыххӕй Йегъовӕ йӕ Фырты схайджын кодта Дун-дунейы ӕппӕты хъомысджындӕр тыхӕй – йӕ сыгъдӕг тыхӕй. Уыцы Фырт тынг цин кодта, «дӕсны кусӕг» кӕй уыди ӕмӕ йӕ Фыдӕн кӕй ӕххуыс кодта, ууыл (Ӕмбисӕндтӕ 8:22–31).
6. Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд ын Хуыцау цавӕр тых ӕмӕ бартӕ радта?
6 Цымӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ уыд йӕ Фыртӕн ноджы стырдӕр тых ӕмӕ бартӕ раттын? Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд загъта: «Лӕвӕрд мын сты ӕппӕт бартӕ уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр» (Матфейы 28:18). Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ахӕм курдиатӕй ӕмӕ бартӕй схайджын кодта, цӕмӕй йӕ бон уыдаид иннӕтӕн разамынд дӕттын. Йегъовӕ йӕ сӕвӕрдта «Паддзӕхты Паддзахӕй ӕмӕ хицӕутты Хицауӕй» ӕмӕ йын бар радта, цӕмӕй фесафа, уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр йӕ ныхмӕ чи цӕуы, ӕппӕт уыцы «хицаудзинӕдтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ барджынты» (Раргомад 19:16; 1 Коринфӕгтӕм 15:24–26). Йегъовӕ йын «йӕ бар цы нӕ бакодта, ахӕмӕй ницыуал ныууагъта». Йесойӕн йӕ бар Йегъовӕйы йеддӕмӕ алкӕуыл дӕр ӕмӕ алцӕуыл дӕр цӕуы (Дзуттӕгтӕм 2:8; 1 Коринфӕгтӕм 15:27).
7. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо алкӕддӕр раст кӕй архайдзӕн, Йегъовӕ йын цы тых радта, уымӕй?
7 Фӕлӕ Йесо йӕ тыхӕй раст кӕй нӕ архайдзӕн, уый нӕ хъуамӕ мӕты ма ’фтауа. Йесо йӕ Фыды тынг уарзы ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ никуы ницӕмӕй фӕриссын кӕндзӕн (Иоанны 8:29; 14:31). Йесо тынг хорз зоны, Йегъовӕ йӕ ӕгӕрон тыхӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы. Уый уыдта, Йегъовӕ-иу фадат кӕй агуырдта, «цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн у, уыдоны тыххӕй йӕ хъару равдиса» (2 Азфыстыты 16:9). Ӕмӕ уый дӕр йӕ Фыдау адӕмы уарзы. Уымӕ гӕсгӕ йӕ фидарӕй зонӕм, Йесо йӕ тыхы фӕрцы алкӕддӕр хорз хъуыддӕгтӕ кӕй араздзӕн (Иоанны 13:1). Ӕмӕ уымӕн бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд йӕ тыхӕй куыд архайдта ӕмӕ цӕмӕн.
«Ныхасӕй... тыхджын»
8. Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд цавӕр тыхӕй схайджын ӕмӕ уыцы тыхӕй куыд архайдта?
8 Йесо цалынмӕ гыццыл уыд ӕмӕ Назареты цард, уӕдмӕ иу диссаг дӕр нӕ сарӕзта. Фӕлӕ алцыдӕр фӕивта н. э. 29 азы, 30-аздзыдӕй донаргъуыд куы райста, уӕд (Лукайы 3:21–23). Библийы фыст ис: «Хуыцау ӕй байсӕрста йӕ сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ хъаруйӕ, ӕмӕ уый зылди ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзта, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодта» (Хъуыддӕгтӕ 10:38). Ацы ныхӕстӕй, «хорздзинӕдтӕ арӕзта», зӕгъгӕ, бӕрӕг у, Йесо йӕ тыхы фӕрцы иннӕтӕн кӕй ӕххуыс кодта. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст куы ’рцыди, уӕд «хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ ныхасӕй дӕр сси тыхджын пехуымпар» (Лукайы 24:19).
9–11. а) Йесо адӕмы сӕйраджыдӕр кӕм ахуыр кодта ӕмӕ уӕды заман адӕмы ахуыр кӕнын зын цӕмӕн уыди? б) Йесо куыд ахуыр кодта, уый адӕмы дисы цӕмӕн ӕфтыдта?
9 Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Йесо уыди ныхасӕй тыхджын? Йесо-иу адӕмы ахуыр кодта, зӕгъӕм, цады был, хохы фахсыл, стӕй уынгты ӕмӕ базарты (Марчы 6:53–56; Лукайы 5:1–3; 13:26). Цы дзырдта, уый адӕмы зӕрдӕмӕ куы нӕ цыдаид, уӕд-иу ӕм нӕ хъуыстаиккой. Йӕ ныхӕстӕ кӕй зӕрдӕмӕ цыдысты, уыдон-иу сӕ хъуамӕ бахъуыды кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ, цы дзырдта, уыдӕттӕ бирӕ фӕстӕдӕр ныффыстой. Уӕдӕ Йесо адӕмы хъуамӕ афтӕ ахуыр кодтаид, цӕмӕй йӕм хъуыстаиккой, ӕнцонтӕй йӕ ӕмбӕрстаиккой ӕмӕ сын цы дзырдта, уый-иу бахъуыды кодтаиккой. Йесойӕн уый ӕппындӕр зын нӕ уыд, ӕмӕ уый бӕрӕг у, адӕмы хохыл куыд ахуыр кодта, уымӕй.
10 Н. э. 31 азы иу бон райсомӕй раджы Галилейӕйы денджызмӕ ’ввахс хохы фахсыл ӕрӕмбырд дуне адӕм. Бирӕтӕ сӕ фӕцыдысты 100–110 километры бӕрц Иудейӕйӕ ӕмӕ Иерусалимӕй. Иннӕтӕ та ӕрцыдысты Тирӕй ӕмӕ Сидонӕй – Галилейӕйы денджызӕн йӕ цӕгат фарс цы горӕттӕ уыд, уырдыгӕй. Рынчынтӕй бирӕты фӕндыд Йесойыл андзӕвын, цӕмӕй сдзӕбӕх уыдаиккой. Йесо се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ уый фӕстӕ ахуыр кӕнын райдыдта (Лукайы 6:17–19). Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕм дисӕй мардысты, цы фехъуыстой, ууыл. Цӕмӕн?
11 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй сӕ иу цалдӕр азы фӕстӕ ныффыста: «Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл, уымӕн ӕмӕ сӕ уый чиныджыдӕснытау нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас» (Матфейы 7:28, 29). Йесойӕн йӕ ныхасы уыд стыр тых. Ӕмӕ уый адӕм дӕр ӕмбӕрстой. Йесо сын амыдта, Хуыцауы цы фӕндыд, уый ӕмӕ сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕн йӕ бындур уыди Хуыцауы Ныхас (Иоанны 7:16). Йӕ ныхас уыд ӕнцонӕмбарӕн, адӕмы-иу бафӕндыд, цы сын дзырдта, уымӕ гӕсгӕ архайын. Иуӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд зӕгъын, цы дзуры, уый раст нӕу, зӕгъгӕ. Йесо сын ӕмбарын кодта, зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц, уый ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу сӕ зӕрдӕтӕм ныккастаиккой. Амыдта сын, амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты, кувын куыд хъӕуы, куыд ис Хуыцауы Паддзахад агурӕн ӕмӕ сӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй сын фидӕнӕй ныфс уа (Матфейы 5:3–7:27). Рӕстдзинад чи агуырдта, уыдон-иу ӕм куы байхъуыстой, уӕд-иу йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕрын райдыдтой. Сӕхи тыххӕй-иу нал цардысты ӕмӕ-иу цӕттӕ уыдысты ӕппӕт дӕр ныууадзынмӕ, цӕмӕй йӕ фӕдыл цыдаиккой (Матфейы 16:24; Лукайы 5:10, 11). Уымӕй бӕрӕг у, Йесойы ныхасы стыр тых кӕй уыди, уый.
«Хъуыддагӕй... тыхджын»
12, 13. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо «хъуыддагӕй... тыхджын» кӕй уыди, уый ӕмӕ цавӕр диссӕгтӕ арӕзта?
12 Йесо ма тыхджын уыди хъуыддагӕй дӕр (Лукайы 24:19). Йесо цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй Евангелиты фыст ис 30 диссагӕй фылдӕры тыххӕйb. Уыдон иууылдӕр сарӕзта Йегъовӕйы тыхы фӕрцы (Лукайы 5:17). Уыцы диссӕгтӕ пайда ӕрхастой мингай адӕмӕн. Зӕгъӕм, Йесо иу хатт бафсӕста 5 000 адӕймаджы, иннӕ хатт та – 4 000 адӕймаджы, сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты бирӕ фылдӕр! (Матфейы 14:13–21; 15:32–38).
13 Йесо бирӕ алыхуызон диссӕгтӕ арӕзта. Йӕ бар цыди хӕйрӕджытыл ӕмӕ-иу сӕ адӕмӕй ӕнцонтӕй расырдта (Лукайы 9:37–43). Йӕ бон уыди дон сӕн фестын кӕнын (Иоанны 2:1–11). Ахъуыды-ма кӕн, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд дис кодтаиккой, денджызыл ӕй ӕрбацӕйцӕугӕ куы федтой, уӕд (Иоанны 6:18, 19). Йӕ бон уыди цыфӕнды уӕззау низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын (Марчы 3:1–5; Иоанны 4:46–54). Рынчынты-иу дзӕбӕх кодта алыхуызӕтты: иуты-иу сдзӕбӕх кодта, сӕ разы-иу нӕ уыд, афтӕмӕй, иннӕтыл та-иу андзӕвыд, афтӕмӕй (Матфейы 8:2, 3, 5–13). Кӕйдӕр-иу цӕстыфӕныкъуылдмӕ адзӕбӕх кодта, кӕйдӕр та – сабыргай (Марчы 8:22–25; Лукайы 8:43, 44).
«Федтой Йесойы – уый денджызыл ӕрбацӕйцыд»
14. Цавӕр хабӕрттӕй у бӕрӕг, Йесомӕ ахӕм тых кӕй ис, цӕмӕй мӕрдты ӕгас кӕна?
14 Ӕппӕты диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Йесомӕ ахӕм тых уыди, ӕмӕ мӕрдты ӕгас кодта. Евангелиты фыст ис ӕртӕ ахӕм хабары тыххӕй: ныййарджытӕн райгас кодта сӕ 12-аздзыд чызджы, идӕдз усӕн райгас кодта йӕ иунӕг фырты, хотӕн та – сӕ уарзон ӕфсымӕры (Лукайы 7:11–15; 8:49–56; Иоанны 11:38–44). Йесойӕн уыцы адӕмӕй иуы дӕр зын нӕ уыд райгас кӕнын. 12-аздзыд чызджы райгас кодта, куыддӕр амард, афтӕ. Идӕдз усы лӕппуйы райгас кодта, ныгӕнынмӕ йӕ куы фӕцӕйхастой, уӕд, ома, цы бон амарди, уыцы бон. Лазӕры та райгас кодта, куы амард, уымӕй цыппар боны фӕстӕ.
Йесо йӕ тыхӕй алкӕддӕр архайдта раст ӕмӕ адӕмы пайдайӕн
15, 16. Йесо йӕ тыхӕй йӕхи пайдайӕн кӕй никуы ницы сарӕзта, уый кӕцӕй зонӕм?
15 Ӕнӕххӕст хицӕуттӕй искӕмӕ, Йесомӕ цы тых уыд, ахӕм тых куы уаид, уӕд тӕссаг уаид, раст дзы кӕй нӕ архайдзӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ цард кӕй фӕфыддӕр уыдзӕн, уымӕй. Ӕнӕххӕст хицӕуттӕй бирӕтӕ вӕййынц хиуарзон, сӕрбӕрзонд, зыдгӕнаг ӕмӕ иннӕты бартӕ фессӕндынц. Фӕлӕ Йесо ахӕм нӕ уыд. Уый иу тӕригъӕд дӕр нӕ ракодта (1 Петры 2:22).
16 Йесо йӕ тыхӕй архайдта иннӕты пайдайӕн, йӕхи пайдайӕн никуы ницы сарӕзта. Ӕххормаг куы уыд, уӕд дуртӕ дзул нӕ фестын кодта (Матфейы 4:1–4). Хъӕздыг кӕй нӕ уыд, уымӕй та бӕрӕг у, йӕ тыхы фӕрцы мулк ӕмбырд кӕныныл кӕй нӕ архайдта (Матфейы 8:20). Йесо-иу диссӕгтӕ куы арӕзта, уӕд-иу дзы тых рацыд. Иу адӕймаджы дӕр-иу куы сдзӕбӕх кодта, уӕд дӕр-иу бамбӕрста, тых дзы кӕй рацыд (Марчы 5:25–34). Фӕлӕ уӕддӕр адӕмы йӕхиуыл андзӕвын уагъта, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты (Лукайы 6:19). Уымӕй дӕр бӕрӕг у, Йесо иннӕтыл тынг кӕй тыхсти ӕмӕ сын йӕ тыхы фӕрцы кӕй ӕххуыс кодта.
17. Цӕмӕй бӕрӕг уыд, Йесо йӕ тыхӕй афтӕ кӕй никуы архайдта, цӕмӕй иннӕты дисы бафтыдтаид?
17 Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕ тыхӕй афтӕ никуы архайдта, цӕмӕй иннӕты дисы бафтыдтаид кӕнӕ сын се ’ргом йӕхимӕ раздӕхтаид (Матфейы 4:5–7). Зӕгъӕм, Ироды фӕндыд, цӕмӕй йӕ разы исты диссаг сарӕзтаид. Фӕлӕ Йесо не сразы (Лукайы 23:8, 9). Йесо йӕ тыхӕй никуы ӕппӕлыди, стӕй-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдонӕй дӕр-иу бирӕты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу ӕй макӕмӕн загътаиккой (Марчы 5:43; 7:36). Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл адӕм баууӕндыдаиккой, диссӕгтӕ кӕй арӕзта, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй (Матфейы 12:15–19).
18–20. а) Йесо йӕ тыхы фӕрцы хорз хъуыддӕгтӕ цӕмӕн арӕзта? б) Йесо къуырма лӕджы куыд сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
18 Кӕд Йесо тынг хъомысджын уыди, уӕддӕр, адӕмы рыст кӕмӕ нӕ хъары ӕмӕ сӕ хъизӕмӕрттӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, уыцы хицӕутты хуызӕн нӕ уыд. Йесо адӕмыл мӕт кодта. Куыд хъизӕмар кӕнынц, уымӕ кӕсгӕйӕ-иу йӕ зӕрдӕ фӕрыст, ӕмӕ-иу ӕй фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ зын фӕрог кодтаид (Матфейы 14:14). Адӕм цӕмӕй тыхстысты ӕмӕ цы хъуаг уыдысты, уымӕ йӕ хъус лӕмбынӕг дардта ӕмӕ йӕ тыхӕй афтӕ пайда кодта, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид. Иу ахӕм хабары тыххӕй фыст ис Марчы 7:31–37 стихты.
19 Йесомӕ ӕрбацыд дуне адӕм. Семӕ ӕрбакодтой алыхуызон рынчынты, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:29, 30). Фӕлӕ дзы иу нӕлгоймагмӕ уӕлдай тынгдӕр ӕрдардта йӕ хъус. Нӕлгоймаг уыди къуырма ӕмӕ дзургӕ дӕр ӕвзӕр кодта. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо бамбӕрста, уыцы нӕлгоймаг ӕфсӕрмы кӕй кӕны, йӕхимидӕг кӕй тыхсы. Ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ иуварс акодта. Уый фӕстӕ йын «йе ’нгуылдзтӕ... йӕ хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын йе ’взагыл андзӕвыд»c, цӕмӕй йын бамбарын кодтаид, цы саразинаг у, уый (Марчы 7:33). Стӕй уӕларвмӕ скаст ӕмӕ арф ныуулӕфыд. Уымӕй йӕ цыма афтӕ зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, цы саразинаг дӕн, уый Хуыцауы тыхы фӕрцы сараздзынӕн. Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта: «Байгом у» (Марчы 7:34). Уыцы тӕккӕ лӕг хъусӕй хъусын дӕр райдыдта ӕмӕ дзӕбӕх дзурын дӕр.
20 Йесо Хуыцауы тыхы фӕрцы кӕй дзӕбӕх кодта, уыдоныл куыд тынг тыхсти, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ куыннӕ барухс вӕййы! Йегъовӕ йӕ Паддзахады сӕргъы ахӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хицауы кӕй сӕвӕрдта, уый нын стыр ныфсы хос у!
Йесо цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон амонынц, фидӕны цы сараздзӕн, уымӕ
21, 22. а) Йесо фидӕны цавӕр диссӕгтӕ сараздзӕн? б) Йесойӕн йӕ бар ӕрдзы тыхтыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ йӕ Паддзахады рӕстӕг цавӕр цард уыдзӕн?
21 Йесо зӕххыл цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы ӕмбарӕм, зӕххӕн Паддзах куы уа, уӕд адӕмы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кӕндзӕн. Ног дунейы та Йесо ногӕй диссӕгтӕ араздзӕн, ӕрмӕст ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр. Уыцы диссӕгтӕй цалдӕрыл аныхас кӕнӕм.
22 Йесо фӕд дӕр нал ныууадздзӕн, адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй. Хъуыды-ма кӕныс, тыхдымгӕ куыд ныссабыр кодта, уый? Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ бар цӕуы ӕрдзы тыхтыл. Уӕдӕ Чырыстийы Паддзахады рӕстӕг адӕмӕн тыхдымгӕтӕй, зӕххӕнкъуыстытӕй, вулкантӕй ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бӕллӕхтӕй тӕссаг нал уыдзӕн. Йегъовӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый куы арӕзта, уӕд Йесо йӕ фарсмӕ уыди куыд дӕсны кусӕг. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ тынг хорз зоны, зӕхх куыд конд у, уый. Стӕй зоны, цы йыл ис, уыдӕттӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм, цӕмӕй йын мацы зиан хӕссӕм. Зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр дзӕнӕт суыдзӕн, Йесо йын разамынд куы дӕтта, уӕд (Лукайы 23:43).
23. Нӕ Паддзах Йесо цы сараздзӕн, цӕмӕй адӕм ӕппындӕр мацӕмӕйуал тыхсой?
23 Цымӕ Йесойӕн йӕ бон уыдзӕн афтӕ бакӕнын, цӕмӕй адӕм мацы хъуаг ӕййафой? Ӕрхъуыды-ма кӕн, гыццыл хӕринагӕй цалдӕр мин адӕймаджы куыд бафсӕста, уый. Уымӕ гӕсгӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, зӕххӕн Хицау куы уа, уӕд, ӕххормаг цы у, уый зонгӕ дӕр кӕй ничиуал кӕндзӕн. Зӕххыл хӕринаг алкӕддӕр уыдзӕн фагӕй фылдӕр (Псалом 72:16). Йесойӕн йӕ бон алы низ дӕр сдзӕбӕх кӕнын кӕй уыд, уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иу низӕй дӕр никуыуал ничи схъӕрздзӕн (Исай 33:24; 35:5, 6). Йесо ма ӕгас кодта мӕрдты дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъомысджын уӕларвон Паддзах райгас кӕндзӕн, йӕ Фыд йӕ зӕрдыл кӕй дары, уыцы адӕмы. Ӕмӕ уыдон та сты милуантӕ! (Иоанны 5:28, 29).
24. Йесомӕ цы тых ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм ӕмӕ цӕмӕн?
24 Йесомӕ цы тых ис, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ-иу нӕ зӕрдыл дарӕм, алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй у (Иоанны 14:9). Йесо йӕ тыхӕй куыд архайы, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ тыхӕй куыд архайы, уый. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо иу хъотырджыны куыд сдзӕбӕх кодта, ууыл. Йесо йын тынг фӕтӕригъӕд кодта, андзӕвыд ыл ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у» (Марчы 1:40–42). Библийы ахӕм хабӕртты тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нын цыма Йегъовӕ афтӕ фӕдзуры: «Гъе афтӕ архайын мӕ тыхӕй!» Нӕ дӕ фӕнды не ’ппӕтхъомысджын Хуыцауы кадджын кӕнын ӕмӕ йын бузныг дзурын, йӕ тыхӕй куыд архайы, уый тыххӕй?
a Галилейӕйы денджызы ахӕм тыхджын дымгӕтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы арӕх сысты, уымӕн ӕмӕ денджызы ӕмвӕзадӕй дзӕвгар дӕлдӕр у (200 метры бӕрц дӕлдӕр), ӕмӕ иннӕ рӕттимӕ абаргӕйӕ йӕ сӕрмӕ уӕлдӕф бирӕ хъармдӕр у. Ӕмӕ боныхъӕд уый тыххӕй фехӕлы. Тыхджын дымгӕтӕ Иорданы цӕугӕдоны дӕлвӕзмӕ рацӕуынц Ермоны хохӕй (ис Галилейӕйы денджызӕн йӕ цӕгат фарс). Гӕнӕн ис, бӕстӕ сабыр уа, фӕлӕ ӕвиппайды тыхдымгӕ сыста.
b Уымӕй уӕлдай ма, Евангелиты иуӕй-иу рӕтты цыбыртӕй фыст ис ӕрмӕстдӕр иу цавӕрдӕр диссаджы тыххӕй. Афтӕмӕй та-иу Йесо уыцы рӕстӕг ӕрмӕст иу диссаг нӕ, фӕлӕ бирӕ диссӕгтӕ сарӕзта. Зӕгъӕм, иу хатт ӕм «ӕнӕхъӕн горӕт» ӕрбацыд ӕмӕ «бирӕ адӕмы» сдзӕбӕх кодта (Марчы 1:32–34).
c Уӕды заман бирӕты уырныдта, низтӕ сӕтӕй дзӕбӕх кӕнӕн кӕй ис. Йесо кӕй ӕрту кодта, уымӕй йӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы лӕгӕн фӕндыд бамбарын кӕнын, кӕй йӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕ йӕ сӕтӕй не сдзӕбӕх кодта.