13 СӔР
«Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп»
1, 2. Бирӕтӕ закъӕттӕн цӕуылнӕ аргъ кӕнынц, фӕлӕ мах Хуыцауы закъӕттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм?
ХИЦӔУТТӔ кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕн бирӕ бӕстӕты ӕппындӕр нал аргъ кӕнынц. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыцы закъӕттӕн сӕ фылдӕр зын бамбарӕн сты. Стӕй хицӕуттӕ алкӕмӕ иухуызон цӕстӕй нӕ ракӕсынц. Йӕ барты сӕрыл чи фӕдзуры ӕмӕ тӕрхондонмӕ хъаст чи бадӕтты, уыдоны арӕх бахъӕуы тынг бирӕ рӕстӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсын, цӕмӕй сын сӕ хъуыддаг равзарой, стӕй ма се ’хца дӕр бахардз кӕнынц.
2 Фӕлӕ, закъӕттӕн чи нӕ аргъ кӕны, уыдонӕй уӕлдай Библийы фысджытӕй иу 2 700 азы размӕ загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!» (Псалом 119:97). Цымӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Уымӕн ӕмӕ уыцы закъон адӕм не ’рхъуыды кодтой, фӕлӕ сын ӕй Йегъовӕ Хуыцау радта. Ды дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ куы иртасай, уӕд сӕ псаломзарӕггӕнӕгау бауарздзынӕ ӕмӕ хуыздӕр бамбардзынӕ, Дун-дунейы ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ Тӕрхонгӕнӕг куыд хъуыды кӕны, уый.
Ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕг
3, 4. Йегъовӕ куыд равдыста, Закъонӕвӕрӕг кӕй у, уый?
3 «Ис ӕрмӕстдӕр иу закъонӕвӕрӕг ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг»,– фыст ис Библийы (Иаковы 4:12). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй, кӕй сфӕлдыста, уыдонӕн закъӕттӕ дӕтта. Стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ дӕр змӕлынц, арвӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Иов 38:33). Ӕнӕнымӕц зӕдтӕ дӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнынц. Алкӕмӕн дӕр сӕ ис йӕхи бынат, ӕмӕ йын лӕггад кӕнынц, куыд сын дзуры, афтӕ (Псалом 104:4; Дзуттӕгтӕм 1:7, 14).
4 Йегъовӕ адӕмӕн дӕр радта закъӕттӕ. Алчидӕр нӕ хайджын у ӕфсармӕй. Уый у нӕ зӕрдӕты фыст закъоны хуызӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсгӕйӕ раст цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый (Ромӕгтӕм 2:14). Адам ӕмӕ Евӕ уыдысты ӕххӕст ӕмӕ се ’фсармы фӕрцы сӕ бон уыд раст уынаффӕтӕ хӕссын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бирӕ закъӕттӕ нӕ хъуыди (Райдиан 2:15–17). Фӕлӕ цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын уа, уый тыххӕй йӕ фылдӕр закъӕттӕ хъӕуы. Йегъовӕ-иу бинонты хистӕртӕн, зӕгъӕм, Нойӕн, Авраамӕн ӕмӕ Иаковӕн, закъӕттӕ радта, ӕмӕ-иу сӕ уыдон та сӕ бинонтӕн амыдтой (Райдиан 6:22; 9:3–6; 18:19; 26:4, 5). Йегъовӕ Закъонӕвӕрӕг кӕй у, уый ма равдыста, Израилы адӕмӕн Моисейы уылты закъӕттӕ кӕй радта, уымӕй дӕр. Уыцы закъӕтты фӕрцы нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у базонын, Йегъовӕ рӕстдзинадыл цы нымайы, уый тыххӕй.
Моисейы закъоны сӕйраг уагӕвӕрдтӕ
5. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Моисейы закъон зынӕмбарӕн ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн нӕ уыд?
5 Бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Моисейы закъон зынӕмбарӕн ӕмӕ зынӕххӕстгӕнӕн уыд. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Моисейы закъоны ис 600 закъонӕй фылдӕр. Чи зоны, уыцы закъӕттӕ искӕмӕ бирӕ фӕкӕсой. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕнӕм: 2000-ӕм азмӕ Иугонд Штатты уыйбӕрц закъӕттӕ уыди, ӕмӕ сӕ ныффыссынӕн бахъуыд 150 000 сыфӕй фылдӕр. Алы дыууӕ азы та ма сӕм бафты 600 закъонӕй фылдӕр! Уӕдӕ адӕмы ӕнӕнымӕц закъӕттимӕ абаргӕйӕ Моисейы закъоны бирӕ закъӕттӕ нӕ уыд. Фӕлӕ дзы дзырд цы хъуыддӕгтыл цыд, уыдонӕн абон адӕмы закъӕтты сӕ кой дӕр нӕй. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.
6, 7. а) Моисейы закъон адӕмы закъӕттӕй цӕмӕй хицӕн кӕны ӕмӕ дзы ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхст цавӕр у? б) Израилӕгтӕн сӕ бон куыд уыд ӕвдисын, Йегъовӕйы сӕ Хицауыл кӕй нымайынц, уый?
6 Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымадтаиккой. Уымӕй Моисейы закъон тынг хицӕн кӕны, адӕм кӕй ӕрхъуыды кодтой, уыцы закъӕттӕй. Моисейы закъоны ӕппӕты сӕйрагдӕр у ацы фӕдзӕхст: «Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй. Ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ». Хуыцауы адӕмӕн сӕ бон куыд уыд ӕвдисын, кӕй йӕ уарзынц, уый? Хъуамӕ йын лӕггад кодтаиккой, ома йӕ сӕ Хицауыл нымадтаиккой ӕмӕ йӕ коммӕ кастаиккой (Дыккаг закъон 6:4, 5; 11:13).
7 Адӕймаг Йегъовӕйы йӕ Хицауыл кӕй нымадта, уый бӕрӕг уыд, йӕ сӕргъы йын кӕй сӕвӕрдта, уыдоны кӕй нымадта ӕмӕ сӕ коммӕ кӕй каст, уымӕй. Зӕгъӕм, ныййарджыты, мыггӕгты хистӕрты, тӕрхонгӕнджыты, сауджынты ӕмӕ фӕстӕдӕр та – паддзахы. Йегъовӕ загъта, уыдоны ныхмӕ чи цӕуа, уый йын йӕхи ныхмӕ кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ бартӕй раст чи нӕ пайда кодтаид ӕмӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй чи кастаид, уыдоны Йегъовӕ бафхӕрдтаид (Рацыд 20:12; 22:28; Дыккаг закъон 1:16, 17; 17:8–20; 19:16, 17). Уӕдӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йегъовӕйы сӕ Хицауыл нымадтаиккой.
8. Закъон израилӕгты куыд ахуыр кодта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой?
8 Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой. Моисейы закъоны 280 хаттӕй фылдӕр ӕмбӕлынц дзырдтӕ «сыгъдӕг» ӕмӕ «сыгъдӕгдзинад». Закъон Хуыцауы адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй сыгъдӕг ӕмӕ чъизи кӕрӕдзийӕ хицӕн кодтаиккой. Уый тыххӕй дзы фыст уыди, израилаг кӕй аххосӕй фӕчъизи уыдаид, иу-70 ахӕм алыхуызон хъуыддаджы тыххӕй. Уыцы закъӕттӕ хаудысты буары сыгъдӕгдзинадмӕ, хӕрын цы ’мбӕлд ӕмӕ цы не ’мбӕлд, уымӕ ӕмӕ суанг хи хъуыдыйы цӕуынмӕ дӕр. Уыцы закъӕттӕ стыр ӕххуыс уыдысты се ’нӕниздзинадӕнa. Фӕлӕ сӕ сӕйраг нысан ӕндӕр уыд. Уыдон Израилы адӕмӕн ӕххуыс кодтой, цӕмӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты хӕлд ӕгъдӕуттӕй дард лӕууыдаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаиккой. Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ.
9, 10. Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый фӕдыл ӕмӕ сывӕллоны райгуырды фӕдыл Йегъовӕ израилӕгтӕн цавӕр закъӕттӕ радта ӕмӕ сын цы ӕххуыс уыдысты?
9 Закъоны куыд фыст уыд, афтӕмӕй-иу ӕмуат чи ’рцыд (суанг ус ӕмӕ лӕг дӕр), уыдон-иу уый фӕстӕ цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыдысты. Ӕмӕ-иу сылгоймагӕн сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу уый дӕр цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕгыл нымад нӕ уыд (Левит 12:2–4; 15:16–18). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, лӕг ӕмӕ ус ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ кӕй райгуыры, уый Хуыцауы лӕвар нӕу (Райдиан 1:28; 2:18–25). Йегъовӕ уыцы закъӕттӕ йӕ адӕмӕн радта, цӕмӕй сыгъдӕг уыдаиккой ӕмӕ сӕхи мӕнг динты ӕгъдӕуттӕй ма фӕчъизи кодтаиккой. Израилы алыварс цӕрӕг адӕмтӕ-иу сӕ хуыцӕуттӕн куы куывтой, уӕд-иу кӕрӕдзиимӕ ӕмуат дӕр ӕрцыдысты. Ханаайнӕгтӕм уыди, кувӕндӕтты-иу кӕимӕ хӕтыдысты ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ. Уый аххосӕй фылдӕр кодтой, ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдау кӕмӕ нал уыд ӕмӕ алы хӕлд митыл чи бафтыд, ахӕм адӕм. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ та, Йегъовӕйӕн кувын ӕппындӕр ницы бар дардта, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уымӕb. Уыцы закъӕттӕ ма израилӕгтӕн ӕххуыс уыдысты ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр.
10 Уыцы Закъӕтты фӕрцы израилӕгтӕ хъуамӕ сахуыр уыдаиккой иу ахсджиаг хъуыддагылc. Кӕд, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмуат кӕй ӕрцӕуынц, уый ӕмӕ сывӕллоны райгуырд Хуыцауы лӕвӕрттӕ сты, уӕддӕр Адамы тӕригъӕд иу фӕлтӕрӕй иннӕ фӕлтӕрмӕ афтӕмӕй ахизы (Ромӕгтӕм 5:12). Закъоны фӕрцы Хуыцау йӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, иууылдӕр тӕригъӕдджынтӕ кӕй сты. Не ’ппӕт дӕр тӕригъӕды райгуырдыстӕм (Псалом 51:5). Нӕ сыгъдӕг Хуыцау нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны ӕмӕ йӕ Фырты мах тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, ӕрмӕстдӕр нын уый фӕрцы ис фадат, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм.
11, 12. а) Моисейы закъон израилӕгты цавӕр ахсджиаг хъуыддагыл ахуыр кодта? б) Закъон адӕмы цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕй хъахъхъӕдта?
11 Закъонӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕнаипп кӕй у. Моисейы закъон израилӕгты ахуыр кодта иу ахсджиаг хъуыддагыл: адӕймаджы хъуамӕ бафхӕрой йӕ фыдракӕндмӕ гӕсгӕ. Закъоны фыст уыди: «Уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст» (Дыккаг закъон 19:21). Уӕдӕ-иу фыдгӕнӕджы бафхӕрын хъуыди, цы фыдракӕнд сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ. Моисейы закъоны цы амындтӕ уыди, уыдонӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у. Уый куы бамбарӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Йесо Чырысти йӕ цард мах тыххӕй цӕмӕн радта, уый дӕр (1 Тимофеймӕ 2:5, 6). Ууыл дзырд цӕудзӕн 14-ӕм сӕры.
12 Закъон ма адӕмы хъахъхъӕдта, цӕмӕй-иу сӕ тӕрхонгӕнджытӕ ӕнаххосӕй ма бафхӕрдтаиккой. Зӕгъӕм, искӕй аххос сбӕлвырд кӕнынӕн хъуыди ӕппынкъаддӕр дыууӕ ӕвдисӕны. Ӕвдисӕн-иу мӕнгӕвдисӕн куы разынд, уӕд-иу ӕй карзӕй бафхӕрдтой (Дыккаг закъон 19:15, 18, 19). Гӕртам исын дӕр не ’мбӕлд (Рацыд 23:8; Дыккаг закъон 27:25). Ӕлхӕныны ӕмӕ уӕй кӕныны хъуыддӕгты дӕр израилӕгтӕ хъуамӕ архайдтаиккой, Йегъовӕ сын уый фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ (Левит 19:35, 36; Дыккаг закъон 23:19, 20). Йегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ израилӕгтӕн стыр пайда уыдысты.
Закъон израилӕгты ахуыр кодта, цӕмӕй тӕрхон кӕнгӕйӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кодтаиккой
13, 14. Моисейы закъонӕй куыд зыны, цыдӕр чи адавта ӕмӕ йӕ кӕмӕй адавта, уыдоны хъуыддаг рӕстӕй кӕй хъуамӕ ӕвзӕрстаиккой, уый?
13 Цымӕ Моисейы закъоны цы амындтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ уыди, уыдон ӕгӕр карз уыдысты? Нӕ! Паддзах Давид ныффыста: «Йегъовӕйы закъон у ӕнаипп» (Псалом 19:7). Давид хорз зыдта, Закъон адӕмы кӕй ахуыр кодта, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ ма кодтаиккой. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
14 Нӕ рӕстӕджы иуӕй-иу бӕстӕты цыма закъон фыдгӕнджыты фарс у, афтӕ зыны. Зӕгъӕм, къӕрныхтӕ фӕбадынц ахӕстӕтты. Къӕрных цы адавы, уый, гӕнӕн ис, фӕстӕмӕ йӕ хицауы къухмӕ мауал бахауа. Фӕлӕ цыдӕр кӕмӕй адавтой, уыдон хъуамӕ хъалонтӕ фидой. Ӕмӕ уыцы хъалонтӕн та сӕ кӕцыдӕр хай цӕуы, ахӕстӕтты чи бады, уыдоны дарынӕн. Моисейы закъоны та бӕлвырд фыст уыди, цыдӕр чи адавта ӕмӕ йӕ кӕмӕй адавта, уыдоны хъуыддаг рӕстӕй равзарын кӕй хъуыди. Рагон Израилы абоны хуызӕн ахӕстӕттӕ нӕ уыд. Закъоны уыди бӕлвырд амындтӕ, цӕмӕй-иу адӕймаджы ӕгӕр карзӕй ма бафхӕрдтаиккой (Дыккаг закъон 25:1–3). Стӕй ма дзы фыст уыди, къӕрных кӕй хъуамӕ бафыстаид, цы радавта, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ уымӕй фылдӕр. Цас фылдӕр, уый, ӕвӕццӕгӕн, тӕрхонгӕнджытӕ скъуыддзаг кодтой. Къӕрных цас хъуамӕ бафыстаид, уый кӕнгӕ уыд уавӕртӕй, зӕгъӕм, цы сарӕзта, ууыл фӕсмон кӕны ӕви нӕ, уымӕй. Уӕдӕ бамбарӕн ис, Рацыды 22:7 стихы цы аргъыл цӕуы дзырд, уыимӕ абаргӕйӕ Левиты 6:1–7 стихтӕм гӕсгӕ къӕрныхы къаддӕр фидын цӕмӕн хъуыди, уый.
15. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг кӕй у, уый куыд зыны, адӕймаг-иу искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд ын Закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ уыд, уымӕй?
15 Закъонӕй бӕрӕг уыди, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый, уымӕн ӕмӕ дзы фыст уыди, адӕймаг тӕригъӕд алы хатт барӕй кӕй нӕ саразы. Зӕгъӕм, адӕймаг-иу искӕй барӕй куы нӕ амардта, уӕд ӕй уд удӕй фидын нӕ хъуыди, Израилы цы ’мбӕхсӕн горӕттӕ уыд, уыдонӕй-иу искӕцымӕ куы алыгъдаид, уӕд. Тӕрхонгӕнджытӕ йын йӕ хъуыддаг куы равзӕрстаиккой, уӕд хъуамӕ уыцы горӕты баззадаид хистӕр сауджыны мӕлӕты онг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыд, кӕм ӕй фӕндыд, уым ӕрцӕрын. Афтӕмӕй-иу адӕймаг бамбӕрста, Хуыцау тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый. Уымӕй уӕлдай ма израилӕгтӕ уыцы закъоны фӕрцы ӕмбӕрстой, Йегъовӕ адӕймаджы цардӕн тынг кӕй аргъ кӕны (Нымӕцтӕ 15:30, 31; 35:12–25).
16. Закъон адӕймаджы бартӕ куыд хъахъхъӕдта?
16 Закъон адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕдта. Ӕркӕсӕм, ӕфстау чи иста, уыдоны бартӕ куыд хъахъхъӕдта, уымӕ. Адӕймагӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй дзы хӕс чи дардта, уымӕн йӕ хӕдзармӕ бацыдаид ӕмӕ дзы йӕ хӕсы ныхмӕ исты рахастаид. Фӕлӕ хъуамӕ ӕддейӕ ӕнхъӕлмӕ кастаид, цалынмӕ йын уыцы адӕймаг йӕхӕдӕг исты нӕ рахастаид, уӕдмӕ. Уыцы закъонӕй бӕрӕг уыди, адӕймагӕн йӕ хӕдзармӕ ӕнӕ хонгӕйӕ цӕуӕн кӕй нӕ уыд. Адӕймаг, хӕс дзы чи дардта, уымӕн йӕ хӕсы ныхмӕ йӕ уӕлӕдарӕс куы райстаид, уӕд ын ӕй изӕрмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ радтаид, цӕмӕй ӕхсӕвы ма суазал уыдаид (Дыккаг закъон 24:10–14).
17, 18. Израилаг ӕфсӕддонтӕ иннӕ адӕмты ӕфсӕддонтӕй куыд хицӕн кодтой ӕмӕ цӕмӕн?
17 Йегъовӕ израилӕгтӕн закъӕттӕ радта, хӕсты куыд хъуамӕ хӕцыдаиккой, суанг уый фӕдыл дӕр. Хуыцауы адӕм иннӕ адӕмтимӕ уый тыххӕй нӕ хӕцыдысты, ӕмӕ фылдӕр бартӕм бӕллыдысты кӕнӕ хӕцын уарзтой. Цы хӕстыты-иу архайдтой, уыдон-иу уыдысты «Йегъовӕйы хӕстытӕ» (Нымӕцтӕ 21:14). Бирӕ хӕттыты-иу израилӕгтӕ се знӕгтӕн фадат радтой, цӕмӕй-иу ӕнӕ хӕцгӕйӕ сӕхи сӕ къухмӕ радтаиккой. Куы нӕ-иу сразы сты, уӕд-иу горӕтыл ӕртыхстысты, фӕлӕ-иу архайдтой Йегъовӕйы амындтӕм гӕсгӕ. Израилӕгтӕ иннӕ ӕфсӕддонтӕй тынг хицӕн кодтой. Уый бар сын нӕ уыд, цӕмӕй сылгоймӕгтӕн тыхми кодтаиккой ӕмӕ-иу се ’ппӕты дӕр ныццагътаиккой. Суанг ма сын се знӕгты зӕххыл дыргъбӕлӕстӕ калыны бар дӕр нӕ уыд, цӕмӕй ӕрдзӕн зиан ма ӕрхастаиккойd. Ахӕм закъӕттӕ ӕндӕр никӕцы ӕфсадӕн уыд (Дыккаг закъон 20:10–15, 19, 20; 21:10–13).
18 Абон иуӕй-иу бӕстӕты сывӕллӕтты дӕр хӕцын кӕй ахуыр кӕнынц, уымӕй сӕрыхъуынтӕ арц сбадынц. Рагон Израилы та, 20 азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыдоны ӕфсадмӕ нӕ кодтой (Нымӕцтӕ 1:2, 3). Ӕмӕ суанг 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цыди, уыдонӕй дӕр хӕстмӕ цӕуын чи нӕ уӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгты-иу нӕ акодтой. Стӕй-иу нӕлгоймаг ус куы ракуырдта, уӕд-иу иу аз хӕстмӕ нӕ цыд, уымӕн ӕмӕ йӕ цардӕн тӕссаг уыд. Ӕмӕ-иу йӕ фыццаг сывӕллон куы райгуырд, уӕд-иу хӕдзары уыд. Закъон ӕмбарын кодта, зӕгъгӕ, ус чи ракура, уымӕн ис бар, цӕмӕй «цӕра йӕ хӕдзары ӕмӕ йӕ усы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Дыккаг закъон 20:5, 6, 8; 24:5).
19. Закъон сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, бинонты, идӕдзты ӕмӕ сидзӕрты куыд хъахъхъӕдта?
19 Закъон ма хъахъхъӕдта сылгоймӕгты, сывӕллӕтты ӕмӕ бинонты дӕр. Закъон ныййарджытӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттимӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвыстаиккой ӕмӕ сын Йегъовӕйы тыххӕй дзырдтаиккой (Дыккаг закъон 6:6, 7). Уӕззау тӕригъӕдыл нымад уыди ӕввахс хӕстӕгимӕ ӕмуат ӕрцӕуын. Ӕмӕ-иу афтӕ чи бакодта, уый-иу хъуамӕ амардтаиккой (Левит, 18 сӕр). Тӕригъӕдыл нымад уыди цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацӕуын дӕр. Цардӕмбӕлттӕ кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй кӕй рацӕуынц, уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ бинонты цард фехӕлы ӕмӕ сын уый бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кӕны. Закъон израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй идӕдз устыты ӕмӕ сидзӕрты рохуаты ма уагътаиккой. Йегъовӕ сын загъта, ахӕм адӕмы чи бахъыгдара, уыдоны карзӕй кӕй бафхӕрдзӕн (Рацыд 20:14; 22:22–24).
20, 21. а) Моисейы Закъон израилӕгтӕн цалдӕр усы кӕнын цӕмӕн уагъта? б) Йегъовӕ израилӕгтӕн сӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар цӕмӕн лӕвӕрдта?
20 Фӕлӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, уӕд Закъон цалдӕр усы кӕныны бар цӕмӕн лӕвӕрдта? (Дыккаг закъон 21:15–17). Уый бамбарыны тыххӕй хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, израилӕгты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ цардыуаг тынг кӕй хицӕн кодтой нӕ рӕстӕджы ӕгъдӕуттӕй ӕмӕ цардыуагӕй (Ӕмбисӕндтӕ 18:13). Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы сфӕлдыста, уӕд сын бамбарын кодта, нӕлгоймагӕн ӕрмӕстдӕр иу ус кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ цӕрӕнбонтӕм иумӕ кӕй хъуамӕ уой (Райдиан 2:18, 20–24). Фӕлӕ цалынмӕ Йегъовӕ израилӕгтӕн Закъон нӕ радта, уӕдмӕ сӕм бирӕ ӕнусты дӕргъы ахӕм ӕгъдау ӕрфидар, ӕмӕ-иу цалдӕр усы дӕр ӕркодтой. Йегъовӕ зыдта, йӕ адӕмӕн басӕттӕн кӕй нӕй, ӕмӕ-иу ын йӕ ахсджиаг фӕдзӕхстыты сӕрты дӕр кӕй ахиздзысты, зӕгъӕм, гуымирытӕн кувдзысты (Рацыд 32:9). Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, рӕстӕг кӕй нӕма ’рцыд, цӕмӕй сын фидарӕй загътаид, лӕгӕн иу ус йеддӕмӕ кӕй хъуамӕ ма уа. Фӕлӕ нӕ рох ма уӕд, афтӕ сын кӕй никуы загъта, цӕмӕй сын цалдӕргай устытӕ уыдаид. Йегъовӕ израилӕгтӕн Моисейы уылты цы закъон радта, уый сылгоймӕгты бартӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ ’фхӕрдтаиккой.
21 Кӕмӕдӕрты та, чи зоны, диссаг кӕсы, Моисейы закъон нӕлгоймагӕн бар цӕмӕн лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр хъуыддӕгты тыххӕй йӕ усӕй ахицӕн уыдаид (Дыккаг закъон 24:1–4). Йесо загъта, дзуттӕгтӕ «хивӕнд кӕй уыдысты», уый тыххӕй сын кӕй радта Йегъовӕ сӕ устытӕй хицӕн кӕныны бар. Фӕлӕ уый рӕстӕгмӕ уыд. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, Йегъовӕ бинонты цардӕн цы ’гъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрой (Матфейы 19:8).
Закъон израилӕгты ахуыр кодта иннӕты уарзын
22. Моисейы закъон израилӕгты иннӕты уарзынмӕ куыд разӕнгард кодта ӕмӕ кӕй хъуамӕ уарзтаиккой?
22 Абон иу бӕстӕйӕн дӕр йӕ бон нӕу ахӕм закъӕттӕ рауадзын, цӕмӕй адӕмы кӕрӕдзи уарзынмӕ разӕнгард кӕной. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ та уарзондзинадӕй ахсджиагдӕр ницы ис. Ӕрмӕст Дыккаг закъоны чиныджы дзырд «уарзондзинад» ӕмбӕлы 20 хаттӕй фылдӕр – кӕм номдарӕй, кӕм та – мивдисӕгӕй. Закъоны ӕппӕты сӕйрагдӕр фӕдзӕхстытӕй дыккаг у, «иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Левит 19:18; Матфейы 22:37–40). Хуыцауы адӕм ахӕм уарзтӕй хъуамӕ ӕрмӕст кӕрӕдзи ма уарзтаиккой, фӕлӕ ма се ’хсӕн цы ӕрцӕуӕггаг адӕм цард, уыдоны дӕр, уымӕн ӕмӕ кӕддӕр сӕхӕдӕг дӕр кӕйдӕр зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ уыдысты. Уыдон хъуамӕ мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы уарзтаиккой, хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтой, уымӕй-иу сӕм фӕкастаиккой ӕмӕ сӕ ма ’фхӕрдтаиккой. Суанг ма фосӕн дӕр хъуамӕ тӕригъӕд кодтаиккой (Рацыд 23:6; Левит 19:14, 33, 34; Дыккаг закъон 22:4, 10; 24:17, 18).
23. 119-ӕм псалом чи ныффыста, уый цы фӕндыд аразын ӕмӕ махӕн дӕр нӕ фӕнд цы хъуамӕ уа?
23 Зӕххыл ӕндӕр никӕцы адӕммӕ уыди, Йегъовӕ Хуыцау йӕ адӕмӕн цы закъӕттӕ радта, ахӕм закъӕттӕ. Диссаг нӕу, псаломзарӕггӕнӕг афтӕ цӕмӕн загъта: «Куыд тынг дын уарзын дӕ закъон!» Уый Хуыцауы закъон ӕрмӕст уарзгӕ нӕ кодта, фӕлӕ ма йӕ уыцы закъон ӕххӕст кӕнын дӕр фӕндыд. Стӕй ма загъта: «Ӕнӕхъӕн бон ууыл сты мӕ хъуыдытӕ» (Псалом 119:11, 97). Алкӕддӕр-иу рӕстӕг ссардта Йегъовӕйы закъӕттӕ иртасынӕн. Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ цас хуыздӕр ӕмбӕрста, уыйас сӕ тынгдӕр уарзта. Уыимӕ тынгдӕр уарзта Закъонӕвӕрӕджы дӕр, Йегъовӕ Хуыцауы. Ды дӕр Хуыцауы закъон куы ахуыр кӕнай, уӕд Йегъовӕмӕ, ӕппӕты хуыздӕр Закъонӕвӕрӕгмӕ ӕмӕ рӕстдзинады Хуыцаумӕ, ӕввахсдӕр кӕндзынӕ.
a Зӕгъӕм, Закъонмӕ гӕсгӕ, адӕймаг ӕддӕмӕ кӕй ацӕуы, уыцы чъизитӕ хъуыди ныгӕнын; хӕцгӕ низӕй рынчын адӕймагӕн ӕнӕниз адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуӕн нӕ уыд; мардмӕ-иу чи бавнӕлдта, уый-иу хъуамӕ йӕхи ныхсадтаид. Афтӕ кӕнын хорз цӕмӕн уыд, уый ахуыргӕндтӕ бамбӕрстой, Хуыцау уыцы закъӕттӕ куы радта, уымӕй мин азты фӕстӕ (Левит 13:4–8; Нымӕцтӕ 19:11–13, 17–19; Дыккаг закъон 23:13, 14).
b Ханаайнӕгты кувӕндӕтты уыди сӕрмагонд уӕттӕ искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуынӕн. Моисейы закъоны та фыст уыди, ӕрӕджы-иу ӕмуат чи ’рцыд, уый-иу сыгъдӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ йын-иу уый тыххӕй кувӕндонмӕ бахизыны бар дӕр кӕй нӕ уыд. Уӕдӕ Закъонмӕ гӕсгӕ раст нӕ уыд, цӕмӕй исчи Йегъовӕйы хӕдзармӕ бакувынмӕ ӕрбацыдаид ӕмӕ уым искӕимӕ ӕмуат ӕрцыдаид.
c Закъоны сӕйраг нысан уыд адӕмы ахуыр кӕнын. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй дзырд «закъон»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзуттаг дзырд тора́ нысан кӕны «зондамынд» (Encyclopaedia Judaica).
d Хуыцау израилӕгты бафарста: «Быдыры цы бӕлас зайы, уый дын исты адӕймаг у, цӕмӕй йемӕ тох кӕнай?» (Дыккаг закъон 20:19). Фыццаг ӕнусы цӕрӕг иудейаг ахуыргонд Филон ацы закъоны фӕрцы бамбарын кодта, Хуыцауы хъуыдымӕ гӕсгӕ раст кӕй нӕу, адӕм кӕрӕдзимӕ куы смӕсты вӕййынц, уӕд сӕ пырх цӕуылдӕрты кӕй акалынц, уый.