14 СӔР
Йегъовӕ йӕ Фырты радта «бирӕты балхӕныны тыххӕй»
1, 2. Адӕм цы уавӕры сты, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис ӕмӕ уыцы уавӕрӕй фервӕзынӕн цавӕр мадзал ис?
«ХУЫЦАУ цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдон ӕмхуызонӕй... дзыназынц ӕмӕ... удхар кӕнынц» (Ромӕгтӕм 8:22). Апостол Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, абон адӕм цы уӕззау уавӕры сты, уый. Бирӕтӕ, чи зоны, афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ зындзинӕдтӕй, тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзӕн нӕй. Фӕлӕ адӕмӕн сӕ бон цы нӕу саразын, уый Йегъовӕйӕн йӕ бон у (Нымӕцтӕ 23:19). Йегъовӕ у рӕстдзинады Хуыцау ӕмӕ ссардта мадзал, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна, цы уӕззау уавӕры стӕм, уымӕй. Уый тыххӕй бафыста стыр аргъ – ахӕсты аргъ.
2 Йегъовӕ адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй ахӕсты аргъӕй стырдӕр лӕвар нӕй. Уый фӕрцы нӕ бон у тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын (Ефесӕгтӕм 1:7). Стӕй нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфс – кӕмӕндӕр уӕлӕрвты, кӕмӕндӕр та – зӕххыл дзӕнӕты (Лукайы 23:43; Иоанны 3:16; 1 Петры 1:4). Фӕлӕ цы у ахӕсты аргъ? Ӕмӕ уымӕй Йегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй цы ис базонӕн?
Ахӕсты аргъ бафидын цӕмӕн бахъуыд?
3. а) Ахӕсты аргъ бафидын цӕмӕн бахъуыд? б) Хуыцау Адамы байзӕддӕгтӕн ӕнустӕм цӕрыны бар цӕуылнӕ радта?
3 Ахӕсты аргъ бафидын бахъуыд, Адам тӕригъӕд кӕй ракодта, уый тыххӕй. Адам Хуыцаумӕ нӕ байхъуыста, ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты низтӕ, маст ӕмӕ мӕлӕты хай бакодта (Райдиан 2:17; Ромӕгтӕм 8:20). Уый гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй Хуыцау мацӕмӕ ӕрдардтаид, цы ’рцыд, уый. Адамӕн йӕ байзӕддӕгтӕ тӕригъӕд сӕ туджы рахастой. Ӕмӕ сын Йегъовӕ ӕнустӕм цӕрыны бар куы радтаид, уӕд ахызтаид йӕхи закъоны сӕрты: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй» (Ромӕгтӕм 6:23). Йегъовӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд ын зӕдтӕ дӕр ӕмӕ адӕм дӕр йӕ закъӕттӕ ницӕмӕуал дардтаиккой.
4, 5. а) Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф куыд бакалдта ӕмӕ Йегъовӕ цӕмӕн аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый сбӕлвырд кӕнын? б) Хӕйрӕг Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй цы загъта?
4 Дыууадӕсӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Едемы цы ’рцыд, уый сӕвзӕрын кодта ноджы ахсджиагдӕр фарстатӕ. Хӕйрӕг Хуыцауы сыгъдӕг номыл цъыф бакалдта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уад, ӕмӕ Йегъовӕ сайгӕ кӕны, ӕгъатыр у ӕмӕ, кӕй сфӕлдыста, уыдоны сӕрибарӕй акъахдзӕф кӕнын нӕ уадзы (Райдиан 3:1–5). Хӕйрӕг Адамы ӕмӕ Евӕйы Хуыцауы ныхмӕ куы скодта, уӕд ма афтӕ ахъуыды кӕнӕн дӕр уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн йӕ бон нӕу йӕ фӕндон сӕххӕст кӕнын ӕмӕ зӕхх коммӕгӕс адӕмӕй байдзаг кӕнын (Райдиан 1:28; Исай 55:10, 11). Йегъовӕ куы ницы сарӕзтаид, цӕмӕй, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый рабӕрӕг уыдаид, уӕд зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтаиккой, Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, ууыл.
5 Хӕйрӕг ма цъыф бакалдта Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл дӕр. Загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйӕн ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй лӕггад кӕнынц, ӕмӕ сын арфӕ кӕны, фӕлӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлой, уӕд сӕ иу дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн (Иов 1:9–11). Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый сбӕлвырд кӕнын бирӕ ахсджиагдӕр уыди адӕмы сӕ уӕззау уавӕрӕй фервӕзын кӕнынӕй. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕсты тыххӕй цы фарстатӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп раттын. Фӕлӕ йӕ бон куыд уыди уыцы иу рӕстӕг уыцы фарстатӕн дӕр дзуапп раттын ӕмӕ адӕмы дӕр фервӕзын кӕнын?
Ахӕсты аргъы фӕрцы фӕстӕмӕ схайджын уыдзыстӕм, ӕнӕхай цӕмӕй фестӕм, уымӕй
6. Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый Библи цавӕр дзырдтӕй ӕмбарын кӕны?
6 Йегъовӕ цы уынаффӕ рахаста, уымӕй бӕрӕг у, тынг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у ӕмӕ рӕстӕй кӕй архайы. Ахӕм хуымӕтӕг ӕмӕ зондджын хъуыды иу адӕймаджы сӕрмӕ дӕр никуы ӕрцыдаид. Йегъовӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй цы сарӕзта, уый Библи ӕмбарын кӕны алыхуызон дзырдтӕй: балхӕнын, сраст кӕнын, бафидауын кӕнын, ныххатыр кӕнын (Псалом 49:8; Данел 9:24; Галатӕгтӕм 3:13; Колоссӕгтӕм 1:20; Дзуттӕгтӕм 2:17). Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый ӕппӕты хуыздӕр ӕмбарын кӕны, Йесо кӕмӕй спайда кодта, уыцы дзырд. Йесо загъта: «Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ йӕ уд ратта бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ [грекъ. ли́трон] бафидыны тыххӕй» (Матфейы 20:28, фиппаинаг).
7, 8. а) Библийы дзырд «ахӕсты аргъ» цы нысан кӕны? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, ахӕсты аргъ ӕмбӕрц кӕнӕ ӕмиас цӕмӕдӕр кӕй амоны?
7 Цы у ахӕсты аргъ? Ам цы грекъаг дзырд ис, уый арӕзт у мивдисӕгӕй ӕмӕ нысан кӕны «ауадзын, ссӕрибар кӕнын». Ацы дзырд амыдта, хӕсты-иу уацары чи бахауд, ахӕм адӕймаджы ссӕрибар кӕныны тыххӕй-иу цы ’хца бафыстой, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ ахӕсты аргъ у, цыдӕр фӕстӕмӕ райсыны тыххӕй цы бафидынц, уый. Дзуттаг Фыстыты «ахӕсты аргъ»-ӕй кӕй ратӕлмац кодтой, уыцы дзырд (ко́фер) арӕзт у мивдисӕгӕй ӕмӕ нысан кӕны «ӕмбӕрзын». Уый фӕрцы ӕмбарӕм, ахӕсты аргъ бафидын ма кӕй нысан кӕны тӕригъӕдтӕ бамбӕрзын дӕр.
8 Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ ацы дзырд (ко́фер) «алы хатт дӕр фӕамоны ӕмбӕрц кӕнӕ ӕмиас цӕмӕдӕр» (Theological Dictionary of the New Testament). Уӕдӕ тӕригъӕдӕй балхӕнынӕн, кӕнӕ тӕригъӕд бамбӕрзынӕн, хъуыди ахӕм аргъ бафидын, цӕмӕй, уыцы тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уыйбӕрц уыдаид, кӕнӕ йӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр бамбӕрзтаид. Хуыцау израилӕгтӕн кӕй радта, уыцы Закъоны афтӕ уый тыххӕй уыди фыст: «Уды тыххӕй – уд, цӕсты къахтӕн – цӕсты къахт, дӕндаджы састӕн – дӕндаджы саст, къухы састӕн – къухы саст, къахы састӕн – къахы саст» (Дыккаг закъон 19:21).
9. Йегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ фосы нывӕндтӕ цӕмӕн хастой ӕмӕ уыцы нывӕндтӕм Йегъовӕ цы цӕстӕй каст?
9 Авелы заманӕй фӕстӕмӕ, Хуыцауыл чи ӕууӕндыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ йын хастой фосы нывӕндтӕ. Уымӕй бӕрӕг уыди, тӕригъӕдджын кӕй сты, уый кӕй ӕмбӕрстой ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнын кӕй хъӕуы. Уымӕй ма бӕрӕг уыди, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл кӕй ӕууӕндыдысты, ома сӕ йӕ «байзӕддаджы» фӕрцы тӕригъӕдӕй кӕй ссӕрибар кӕндзӕн (Райдиан 3:15; 4:1–4; Левит 17:11; Дзуттӕгтӕм 11:4). Йегъовӕ сын сӕ нывӕндтӕй райгонд уыд ӕмӕ сӕ йӕ лӕггадгӕнджытыл нымадта. Фӕлӕ адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд фосы нывӕндтӕй бамбӕрзӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ фос адӕмӕй бирӕ дӕлдӕр сты (Псалом 8:4–8). Библийы дӕр уымӕн ис афтӕ фыст: «Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Ахӕм нывӕндтӕ амыдтой, адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕныны тыххӕй фидӕны цы нывонд хъуамӕ ӕрцыдаид хаст, уымӕ.
«Сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ»
10. а) Ахӕсты аргъ чи хъуамӕ бафыстаид, уый кӕй хуызӕн хъуамӕ уыдаид ӕмӕ цӕмӕн? б) Нывондӕн иу адӕймаджы цард йеддӕмӕ цӕуылнӕ хъуыд ӕрхӕссын?
10 «Адамы аххосӕй адӕм иууылдӕр... мӕлынц»,– загъта апостол Павел (1 Коринфӕгтӕм 15:22). Уӕдӕ адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацарӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй хъуамӕ йӕ цард радтаид Адамы хуызӕн ӕххӕст адӕймаг (Ромӕгтӕм 5:14). Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафидын» йӕ бон уыд, йӕ туджы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ рахаста, ӕрмӕстдӕр ахӕм ӕххӕст адӕймагӕн (1 Тимофеймӕ 2:6, фиппаинаг). Ӕнӕмӕнг нӕ уыд, цӕмӕй алы ӕнӕххӕст адӕймаджы тыххӕй дӕр йӕ цард радтаид ӕххӕст адӕймаг. Апостол Павел бамбарын кодта: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ мӕлӕт иу адӕймаджы аххосӕй кӕй фӕзынд, уый тыххӕй Хуыцауы ӕрмӕстдӕр иу адӕймаджы хъуыди нывондӕн ӕрхӕссын, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (1 Коринфӕгтӕм 15:21). Уый тыххӕй Йегъовӕ цы сарӕзта?
«Се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафыста»
11. а) Йӕ цард адӕмы тыххӕй чи хъуамӕ радтаид, уый «мӕлӕт... алкӕй тыххӕй дӕр» куыд хъуамӕ бавзӕрстаид? б) Ахӕсты аргъ Адам ӕмӕ Евӕйы мӕлӕты тӕрхонӕй цӕуылнӕ фервӕзын кодтаид? (Кӕс фиппаинаг.)
11 Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй ӕххӕст адӕймаг йӕ цард нывондӕн барвӕндонӕй радтаид. Ромӕгтӕм 6:23 стихы фыст ис, зӕгъгӕ, «тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй». Йӕ цард адӕмы тыххӕй раттынмӕ цӕттӕ чи уыд, уый хъуамӕ «мӕлӕт бавзӕрстаид алкӕй тыххӕй дӕр». Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ Адамы тӕригъӕды тыххӕй аргъ бафыстаид (Дзуттӕгтӕм 2:9; 2 Коринфӕгтӕм 5:21; 1 Петры 2:24). Уый адӕмӕн диссаджы арфӕдзинӕдтӕ ӕрхастаид. Уый фӕрцы, Адамы байзӕддӕгтӕй Хуыцауы коммӕ чи кастаид, уыдон мӕлӕты тӕрхонӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт сӕ тых фесӕфтаиккойa (Ромӕгтӕм 5:16).
12. Уый гӕнӕн куыд ис, цӕмӕй, иу хӕс фыст кӕй ӕрцыд, уый милуангай адӕмӕн баххуыс кӕна? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
12 Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, цӕрыс, йӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр иу стыр фабрикӕйы кӕмӕн кусынц, ахӕм горӕты. Ды дӕр ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕ дӕр хорз мызд исут ӕмӕ ницӕмӕй тыхсут. Фӕлӕ стӕй фабрикӕ сӕхгӕдтой. Цӕмӕн? Фабрикӕйы хицау давын райдыдта, ӕмӕ фабрикӕйӕн йӕ хъалонтӕ фидын йӕ бон нал уыд. Ӕнӕнхъӕлӕджы ӕнӕ куыстӕй баззадыстут, ӕмӕ ныр дӕуӕн дӕр ӕмӕ дӕ сыхӕгтӕн дӕр уӕ бон нал у уӕ хъалонтӕ бафидын. Иу адӕймаг цы сарӕзта, уый тыххӕй кусджыты бинонтӕ ӕмӕ, фабрикӕ ӕхца кӕмӕн хъуамӕ бафида, уыдон удхарӕй мӕлынц. Цымӕ ма исты саразӕн ис? Куыннӕ! Иу хӕларзӕрдӕ хъӕздыг лӕг сфӕнд кодта, цӕмӕй сын баххуыс кӕна. Уый ӕмбары, фабрикӕ горӕтӕн стыр пайда кӕй хаста. Стӕй дзы цы дуне адӕм куыста, уыдонӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн тӕригъӕд кӕны. Уымӕ гӕсгӕ фабрикӕйы хӕс бафыста, ӕмӕ фабрикӕ ногӕй кусын райдыдта. Уыцы иу хӕс фыст кӕй ӕрцыд, уый баххуыс кодта кусджытӕн ӕмӕ сӕ бинонтӕн, стӕй, фабрикӕ кӕй нӕ куыста, уый тыххӕй йе ’хца чи фесӕфта, уыдонӕн. Йесо дӕр Адамы хӕс кӕй бафыста, уый баххуыс кодта милуангай адӕмӕн.
Ахӕсты аргъ чи бафыста?
13, 14. а) Йегъовӕ адӕмы тыххӕй ахӕсты аргъ куыд бафыста? б) Ахӕсты аргъ кӕмӕн ӕрцыд фыст ӕмӕ уымӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы тыххӕй базонын?
13 Библийы фыст ис: «Уӕртӕ Хуыцауы Уӕрыкк, уый дунейы тӕригъӕдтӕ ахӕсдзӕн!» (Иоанны 1:29). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн уыд йӕ бон ахӕм нывонд ӕрхӕссын. Фӕлӕ адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй Хуыцау кӕцыфӕнды зӕды дӕр нӕ рарвыстаид. Йегъовӕ равзӕрста, Хӕйрӕг ын йӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй цы мӕнг ныхӕстӕ фӕкодта, уыдонӕн дзуапп чи радтаид, ахӕмы. Ӕмӕ хъуамӕ ахӕм дзуапп радтаид, цӕмӕй уыцы фарста макуыуал сӕвзӕрдаид. Йегъовӕ нывондӕн ӕрхаста йӕ иунӕггуырд Фырты, «йе стыр цин» чи уыд, уый (Ӕмбисӕндтӕ 8:30). Уымӕй стырдӕр нывонд ӕрхӕссӕн нӕ уыд! Хуыцауы Фырт «йӕхи алцӕмӕй дӕр фӕцух кодта». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йын уӕларвыл цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ иууылдӕр ныууагъта (Филиппӕгтӕм 2:7). Йегъовӕ диссаг сарӕзта – йӕ фыццаггуырд уӕларвон Фырты цард дзуттаг чызг Марийӕйы хуылфмӕ рахаста (Лукайы 1:27, 35). Куы райгуырд, уӕд ӕй схуыдтой Йесо. Фӕлӕ ма йӕ Библи хоны фӕстаг Адам дӕр, уымӕн ӕмӕ уый дӕр Адамау уыд ӕххӕст адӕймаг (1 Коринфӕгтӕм 15:45, 47). Уымӕ гӕсгӕ Йесойӕн йӕ бон уыд йе ’ххӕст цард раттын ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы мӕлӕтӕй балхӕнын.
14 Кӕмӕн хъуыди ахӕсты аргъ бафидын? Псалом 49:7 стихы фыст ис, уыцы аргъ «Хуыцауӕн бафидын» кӕй хъуыди. Фӕлӕ кӕд ахӕсты аргъ Йегъовӕ радта, уӕд ма йӕ уымӕн фидын цӕмӕн хъуыд? Афтӕ нӕ уад, цыма ӕхца иу дзыппӕй систа ӕмӕ йӕ иннӕ дзыппы нывӕрдта? Нӕ. Ахӕсты аргъ фыст кӕй ӕрцыд, уымӕй нӕ бон у базонын иу ахсджиаг хъуыддаг Йегъовӕйы рӕстдзинады тыххӕй. Йегъовӕ йӕ Фырты цард адӕмы балхӕныны тыххӕй кӕй радта, уымӕй рабӕрӕг, йӕ закъӕтты сӕрты кӕй никуы ахизы, уый йын тынг зынаргъ куы слӕууы, уӕд дӕр (Райдиан 22:7, 8, 11–13; Дзуттӕгтӕм 11:17; Иаковы 1:17).
15. Йесойы хъизӕмӕрттӕ бавзарын ӕмӕ амӕлын цӕмӕн хъуыд?
15 Нӕ эрӕйы 33 азы уалдзӕджы Йесо Чырысти барвӕндонӕй стыр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, цӕмӕй ахӕсты аргъ бафыстаид. Йесо бауагъта, цӕмӕй йӕ ӕрцахстаиккой, аххосджыныл ӕй банымадтаиккой ӕмӕ йӕ хъизӕмӕртты хъӕдыл байтыгътаиккой. Цымӕ ӕнӕмӕнг уыд, цӕмӕй Йесо афтӕ тынг фӕхъизӕмар кодтаид? О. Хӕйрӕг афтӕ кӕй загъта, Хуыцауыл йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу дӕр иузӕрдионӕй нӕ баззайдзӕн, зӕгъгӕ, уый тыххӕй хъуамӕ сбӕлвырд уыдаид, йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый. Йесо гыццыл куы уыд, уӕд Хуыцау нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ Ирод амардтаид (Матфейы 2:13–18). Фӕлӕ Йесо куы сыстыр ӕмӕ йӕ Хӕйрӕг куы фӕлвӕрдта, уӕд йӕ бон уыд дзырддаг фарстатӕн дзуапп раттынb. Кӕд Йесойӕн бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарын кодтой, уӕддӕр уыд «иузӕрдион, ӕнӕхин, ӕнӕфау» ӕмӕ йын «тӕригъӕдджынтимӕ иумӕйагӕй» ницы уыд. Уый фӕрцы ӕнустӕм сбӕлвырд, Йегъовӕйӕн кӕй ис, цыфӕнды зын фӕлварӕнты дӕр ыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивдзӕн, ахӕм лӕггадгӕнджытӕ (Дзуттӕгтӕм 7:26). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у бамбарын, Йесо йӕ мӕлӕты размӕ афтӕ цӕмӕн загъта: «Цыдӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, уый сӕххӕст кодтон!» (Иоанны 19:30).
Йесо хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодта
16, 17. Йесо «мах тыххӕй Хуыцауы цӕсгомы раз» куы ’рлӕууыд, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ цӕмӕн?
16 Йесо куы амард, уӕд ӕй ӕртыккаг бон Йегъовӕ райгас кодта (Хъуыддӕгтӕ 3:15; 10:40). Уый уыд стыр диссаг. Йегъовӕ йӕ Фырты кӕй райгас кодта, уымӕй равдыста, йӕ иузӕрдион лӕггадӕн ын тынг кӕй аргъ кодта. Стӕй ма йын афтӕмӕй фадат радта, цӕмӕй, куыд Хистӕр сауджын, афтӕ хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кодтаид, ӕмӕ йӕ нывонды фӕрцы адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид (Ромӕгтӕм 1:4; 1 Коринфӕгтӕм 15:3–8). Апостол Павел уый афтӕ бамбарын кодта: «Чырысти... хистӕр сауджын... ӕрмӕстдӕр иу хатт бахызт сыгъдӕг бынатмӕ, ӕцӕг, сӕгътӕ ӕмӕ уӕнгуыты тугимӕ нӕ, фӕлӕ йӕхи тугимӕ, ӕмӕ нын ӕрхаста ӕнусон ирвӕзындзинад. Уымӕн ӕмӕ Чырысти, ӕцӕг сыгъдӕг бынаты нывмӕ гӕсгӕ адӕймаджы къухӕй конд чи ’рцыд, уыцы сыгъдӕг бынатмӕ нӕ бацыд, фӕлӕ комкоммӕ уӕларвмӕ, ӕмӕ ныр уый ис уӕлӕрвты, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз» (Дзуттӕгтӕм 9:11, 12, 24).
17 Чырыстийӕн йӕ бон нӕ уыд уӕларвмӕ йӕ туг схӕссын (1 Коринфӕгтӕм 15:50). Фӕлӕ Йесо схаста, уыцы туг цӕмӕ амыдта, уый: зӕххыл ын ӕххӕст адӕймагӕй цӕрыны бар кӕй уыди, ууыл йӕ къух кӕй систа, уый. Стӕй «Хуыцауы цӕсгомы раз» ӕрлӕууыд ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй, тӕригъӕдджын адӕмы балхӕныны тыххӕй цы нывонд ӕрхаста, уый айстаид. Цымӕ йӕ Йегъовӕ айста? О. Ӕмӕ уый рабӕрӕг, нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны Иерусалимы 120 ахуыргӕнинагыл сыгъдӕг тых куы ’рцыд, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4). Уӕдӕй фӕстӕмӕ ахӕсты аргъ Хуыцауы адӕмӕн цы арфӕдзинӕдтӕ райдыдта хӕссын, уыдон ноджы диссагдӕр уыдысты.
Йесойы нывонд цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?
18, 19. а) Йесойы нывонды фӕрцы цавӕр дыууӕ къорды хъуамӕ бафидауой Хуыцауимӕ? б) «Тынг бирӕ адӕм» Йесойы нывонды фӕрцы абон цавӕр арфӕдзинӕдтӕй сты хайджын ӕмӕ фидӕны цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты?
18 Павел йӕ фыстӕджы колоссӕгтӕм бамбарын кодта, Хуыцауы кӕй бафӕндыд, цӕмӕй Чырыстийы нывонды фӕрцы ногӕй адӕмимӕ бафидауа. Павел ма бамбарын кодта, Хуыцауимӕ чи бафидыдта, уыцы адӕм кӕй сты дыууӕ къорды: «зӕххыл чи ис, уыдон» ӕмӕ «уӕлӕрвты чи ис, уыдон» (Колоссӕгтӕм 1:19, 20; Ефесӕгтӕм 1:10). «Уӕлӕрвты чи ис, уыдон» сты 144 000 чырыстоны. Уыдон Йесо Чырыстиимӕ уӕларвыл сауджынтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ уыдзысты ӕмӕ зӕххӕн разамынд дӕтдзысты (Раргомад 5:9, 10; 7:4; 14:1–3). Зӕххыл цы коммӕгӕс адӕм цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесоимӕ ӕххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сын ахӕсты аргъ миназы дӕргъы пайда хӕсса (1 Коринфӕгтӕм 15:24–26; Раргомад 20:6; 21:3, 4).
19 «Зӕххыл чи ис, уыдон» та сты, ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм. Раргомады 7:9–17 стихтӕм гӕсгӕ уыдон сты «тынг бирӕ адӕм» ӕмӕ «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг удӕгасӕй баззайдзысты. Фӕлӕ сын Йесойы нывонд пайда хӕссы ныр дӕр. Уыцы адӕм «сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы тугӕй». Уыцы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йегъовӕ ныр дӕр арфӕ кӕны. Зӕгъӕм, хоны сӕ рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ! (Иаковы 2:23). Йесойы нывонды фӕрцы сӕ бон у, цӕмӕй «баввахс уой, стыр хорзӕх кӕмӕй цӕуы, уый паддзахбадӕнмӕ ӕмӕ Хуыцаумӕ ныфсджынӕй кувой» (Дзуттӕгтӕм 4:14–16). Куы фӕрӕдийынц, уӕд сӕ рӕдыдтытӕ хатыргонд ӕрцӕуынц (Ефесӕгтӕм 1:7). Ӕмӕ кӕд ӕнӕххӕст сты, уӕддӕр сӕ цӕсгом Хуыцауы раз у сыгъдӕг (Дзуттӕгтӕм 9:9; 10:22; 1 Петры 3:21). Уӕдӕ цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой, уый тыххӕй сӕ фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы – абон дӕр сты йӕ хӕлӕрттӕ! (2 Коринфӕгтӕм 5:19, 20). Мин азы дӕргъы сабыргай «ссӕрибар уыдзысты мӕлӕты цагъарадӕй ӕмӕ сын уыдзӕн, Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинад» (Ромӕгтӕм 8:21).
20. Чырыстийы нывондыл арф куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дыл уый куыд бандавы?
20 Куыд бузныг стӕм Хуыцауӕй Йесо Чырыстийы нывонды тыххӕй! (Ромӕгтӕм 7:25). Тынг диссаг у, цы уынаффӕ рахаста, уый! Уыцы уынаффӕ хуымӕтӕг дӕр у ӕмӕ зондджын дӕр! (Ромӕгтӕм 11:33). Чырыстийы нывондыл арф куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый нӕ зӕрдӕ бацагайы ӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс вӕййӕм Йегъовӕмӕ, рӕстдзинады Хуыцаумӕ. Псаломзарӕггӕнӕгау махӕн дӕр нӕ бон у, «рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон» чи уарзы, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы кадджын кӕнын (Псалом 33:5).
a Ахӕсты аргъ Адам ӕмӕ Евӕйы нӕ фервӕзын кодтаид, сӕ тӕригъӕды тыххӕй сӕм цы тӕрхон ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй. Барӕй-иу искӕй чи амардта, ахӕм адӕймаджы тыххӕй Моисейы Закъоны фыст уыди: «Мӕлӕты аккаг чи у, уыцы лӕгмары уд балхӕныны тыххӕй-иу ӕхца ма райсут» (Нымӕцтӕ 35:31). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адам ӕмӕ Евӕ мӕлӕты аккаг уыдысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы коммӕ зонгӕ-зонын нӕ бакастысты. Афтӕмӕй сӕхӕдӕг сӕхи ӕнустӕм цӕрыны фадатӕй ӕнӕхай фӕкодтой.
b Цӕмӕй Йесо ахӕсты аргъ бафыстаид, ома цӕмӕй йӕ нывондӕй Адамы тӕригъӕд бамбӕрзтаид, уый тыххӕй хъуамӕ сывӕллонӕй ма амардаид, фӕлӕ стыр адӕймагӕй. Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Адам Хуыцауы коммӕ нӕ бакаст, кӕд ӕй уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уый тынг хорз зыдта, уӕддӕр. Уӕдӕ цӕмӕй Йесо «фӕстаг Адам» суыдаид ӕмӕ Адамы тӕригъӕд бамбӕрзтаид, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахӕм кары уыдаид, цӕмӕй ӕмбӕрстаид, цы аразы, уый (1 Коринфӕгтӕм 15:45, 47). Йесо алкӕддӕр иузӕрдион кӕй уыд ӕмӕ йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый Библи хоны «иу раст хъуыддаг». Ӕмӕ уый фӕрцы «алыхуызон адӕм нымад цӕуынц рӕстгӕнджытыл» (Ромӕгтӕм 5:18, 19).