Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 15 сӕр, 148–157 фф.
  • Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕн
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фырт алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн
  • Йесо ӕмбарын кӕны, «рӕстдзинад цы у, уый»
  • Рӕстдзинад цы у, уый Йесо равдыста, куыд царди, уымӕй
  • Хуыцауы Паддзахады Паддзах «зӕххыл рӕстдзинад ӕвӕры»
  • «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр сты раст»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Йегъовӕйы уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад ӕмбырды куыд зынынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2007
  • Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ «рӕстӕй архай»
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 15 сӕр, 148–157 фф.
Йесо ӕхцаивджыты стъӕлттӕ фӕлдахы ӕмӕ сын дзуры, цӕмӕй кувӕндонӕй ацӕуой.

15 СӔР

Йесо «зӕххыл рӕстдзинад» ӕрфидар кӕндзӕн

1, 2. Йесо мӕстӕй цӕмӕн рафыхт?

ЙЕСО Йегъовӕйы кувӕндонмӕ куы бацыд ӕмӕ дзы адӕм цытӕ кодтой, уый куы федта, уӕд мӕстӕй рафыхт. Чи зоны дӕ уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, Йесойы хуызӕн сабыр ӕмӕ фарнуарзаг адӕймаг афтӕ кӕй смӕсты (Матфейы 21:5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо йӕхиуыл хӕцын зыдта ӕмӕ, кӕй смӕсты, уымӕн ӕфсон уыдиa. Уӕдӕ цымӕ афтӕ тынг цӕй тыххӕй смӕсты? Ныббарӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хӕрам хъуыддаджы тыххӕй.

2 Йесо Иерусалимы кувӕндон тынг уарзта. Ӕгас дунейы уый уыди иунӕг сыгъдӕг бынат, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕларвон Фыдӕн ӕрмӕстдӕр уым куывтой. Дзуттӕгтӕ-иу суанг дард рӕттӕй дӕр уырдӕм ӕрцыдысты Йегъовӕйӕн бакувынмӕ. Суанг ма-иу ӕндӕр адӕмтӕй дӕр чидӕртӕ ӕрцыдысты Йегъовӕйӕн бакувынмӕ, кувӕндоны сын цы хицӕн кӕрт уыди, уырдӕм. Фӕлӕ Йесо йӕ лӕггады райдианы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд арвыцӕфау фӕци, уымӕн ӕмӕ кувӕндон кувӕн бынаты хуызӕн нӕ уыд, фӕлӕ базары хуызӕн! Уӕйгӕнджытӕй ӕмӕ дзы ӕхцаивджытӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Ӕмӕ уым ӕвзӕрӕй цы уыди? Уыдонӕн Хуыцауы кувӕндон уыд, адӕмы кӕм сайдтой ӕмӕ сӕ кӕм стыгътой, ахӕм бынат. Ӕмӕ сӕ куыд сайдтой? (Иоанны 2:14).

3, 4. Йегъовӕйы хӕдзары адӕмы куыд стыгътой ӕмӕ Йесо цы сарӕзта?

3 Дины разамонджытӕ ахӕм ӕгъдау сфидар кодтой, ӕмӕ кувӕндонӕн хъалон ӕрмӕстдӕр цавӕрдӕр бӕлвырд ӕхцайӕ уыди фидӕн. Ӕмӕ-иу дард рӕттӕй чи ӕрцыд, уыдон-иу се ’хца хъуамӕ ахӕм ӕхцайыл баивтаиккой. Ӕхцаивджытӕ-иу се стъӕлттӕ кувӕндоны тӕккӕ астӕу ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ-иу ӕхца баивыны тыххӕй ӕхца истой. Фос уӕйгӕнджытӕ дӕр стыр ӕхцатӕ куыстой. Нывонд ӕрхӕссынӕн фос балхӕнӕн уыд горӕты кӕцыфӕнды базаргӕнӕгӕй дӕр. Фӕлӕ уӕд гӕнӕн уыд, ӕмӕ кувӕндоны кусджытӕ уыцы фос нывондӕн ӕрхӕссыны аккагыл ма банымадтаиккой. Кувӕндоны кӕй балхӕдтаиккой, уый та аккагыл ӕнӕмӕнг банымадтаиккой. Уӕдӕ нывонд ӕрхӕссынӕн фос кувӕндоны ӕлхӕнын кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ сӕ тынг зынаргъӕй уӕй кодтойb. Кувӕндоны цы кӕрӕф базаргӕнджытӕ уыд, уыдон абырджытӕй уӕлдай нӕ уыдысты – адӕмы стыгътой!

4 Ахӕм хӕрам хъуыддагмӕ Йесойӕн йӕ бон ӕнцад кӕсын нӕ уыд. Уый уыди йӕ Фыды хӕдзар! Гъемӕ бӕндӕнтӕй ехс скодта ӕмӕ галты ӕмӕ фысты кувӕндонӕй ратардта. Стӕй ӕхцаивджытӕм фездӕхт ӕмӕ сын се стъӕлттӕ афӕлдӕхта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уыйбӕрц ӕхцатӕ мрамор пъолыл дзыгъал-мыгъулгӕнгӕ куыд атылдысты! Бӕлӕттӕ чи уӕй кодта, уыдонӕн та тызмӕгӕй загъта: «Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут!» (Иоанны 2:15, 16). Йесо афтӕ хъӕбатыр кӕй разынд, уый тыххӕй йӕм, ӕвӕццӕгӕн, сдзурын дӕр ничи бауӕндыд.

«Адӕттӕ ардыгӕй ахӕссут!»

Фырт алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн

5–7. а) Йесо куыд базыдта, Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ ӕмӕ, куыд цард, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? б) Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кодта, уый Йесо куыд равдыста ӕмӕ уый фидӕны дӕр куыд равдисдзӕн?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, базаргӕнджытӕ та кувӕндонмӕ ӕрбаздӕхтысты. Иу-ӕртӕ азы фӕстӕ та сӕ Йесо ногӕй уырдыгӕй ратардта. Ацы хатт сын Йесо ӕрхаста Йегъовӕйы ныхӕстӕ – Йегъовӕ бауайдзӕф кодта, йӕ хӕдзарӕй йын «абырджыты лӕгӕт» чи сарӕзта, уыдонӕн (Йереми 7:11; Матфейы 21:13). Йесо куы федта, уыцы ӕнӕфсис базаргӕнджытӕ ӕмӕ ӕхцаивджытӕ Йегъовӕйӕн йӕ адӕмы куыд стигъынц ӕмӕ йын йӕ кувӕндон куыд чъизи кӕнынц, уӕд йӕ зӕрдӕ фӕрыст, йӕ Фыды зӕрдӕ куыд фӕрыстаид, афтӕ. Ӕмӕ уый диссаг нӕу! Йесо уӕлӕрвты милуангай азты дӕргъы йӕ Фыдмӕ каст ӕмӕ, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уымӕ йӕ Фыды цӕстӕй кӕсын сахуыр. Йесо алцӕмӕй дӕр сси йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ, Йегъовӕ растыл цы нымайы ӕмӕ, растыл цы нӕ нымайы, уый бамбардзыстӕм, Йесо куыд цард, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд (Иоанны 14:9, 10).

6 Хӕйрӕг Йегъовӕйӕ афтӕ куы загъта, сайгӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ куы сдзырддаг кодта, Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын кӕй ис, уӕд Йегъовӕйӕн йӕ иунӕггуырд Фырт дӕр уым уыд. Йесо ма фехъуыста, Хӕйрӕг фӕстӕдӕр цы загъта, уый дӕр. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, иу адӕймаг дӕр Йегъовӕйӕн нӕ лӕггад кӕндзӕн, уый йын пайда куы нӕ уа, уӕд. Уый Йесойӕн зын куыннӕ уыдаид! Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, тынг бацин кодта, Йегъовӕ йӕ куы равзӕрста, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, Хӕйрӕджы ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый (2 Коринфӕгтӕм 1:20). Фӕлӕ уый куыд хъуамӕ сарӕзтаид?

7 Цыппӕрдӕсӕм сӕрӕй базыдтам, Йесо Чырысти куыд цард, уымӕй кӕй равдыста, Хӕйрӕг Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй фӕкодта. Афтӕмӕй Йегъовӕйы ном сыгъдӕг кӕнын райдыдта Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕй, зӕгъӕм, ахӕм ныхӕстӕй, хорз Хицау нӕу, зӕгъгӕ. Йегъовӕ Йесойы сӕвӕрдта Сӕйраг Разамонӕгӕй, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Дун-дунейы дӕр рӕстдзинад Йесо ӕрфидар кӕндзӕн (Хъуыддӕгтӕ 5:31). Йесойӕн йӕ алы хъуыддагӕй дӕр ӕмӕ, адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕй дӕр бӕрӕг уыд, йӕ Фыдау алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдта. Йегъовӕ Йесойы тыххӕй загъта: «Ӕз ӕй мӕ тыхӕй схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн, рӕстдзинад цы у, уый бамбарын кӕндзӕн» (Матфейы 12:18). Йесо ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст кодта?

Йесо ӕмбарын кӕны, «рӕстдзинад цы у, уый»

8–10. а) Дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй дзуттӕгтӕ ӕндӕр адӕмтӕм ӕмӕ сылгоймӕгтӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй цӕмӕн кастысты? б) Дины разамонджыты ӕрымысгӕ закъӕтты аххосӕй адӕмӕн сабатбоны закъон ӕххӕст кӕнын зын цӕмӕн уыди?

8 Йесо уарзта Йегъовӕйы Закъон ӕмӕ цӕргӕ дӕр уымӕ гӕсгӕ кодта. Фӕлӕ уыцы заман дины разамонджытӕ Закъон сзыгъуыммӕ кодтой ӕмӕ йӕ раст нӕ амыдтой. Йесо сын загъта: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ!.. Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ... рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад – ницӕмӕ дарут» (Матфейы 23:23). Хуыцауы закъон чи хъуамӕ амыдтаид, уыдоны аххосӕй адӕм нал ӕмбӕрстой, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый. Ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

9 Йегъовӕ йӕ адӕмы бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмтимӕ иумӕйагӕй мацы уыдаид (1 Паддзӕхты 11:1, 2). Фӕлӕ дины разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, цӕмӕй, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдоны адӕмыл дӕр ма нымадтаиккой. Дины разамонджытӕ сӕхӕдӕг цы закъӕтты чиныг ныффыстой, уым уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕндӕр адӕмтӕ кӕм цӕрынц, уым-иу уӕ фос ма ныууадзут, кӕннод йемӕ схуысдзысты». Дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ дӕр ахӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын раст нӕ уыд. Уый уыди, Хуыцау йӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уый ныхмӕ (Левит 19:34). Дины разамонджытӕ ма ахӕм закъон дӕр ӕрхъуыды кодтой, ӕмӕ нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сылгоймӕгты сӕхицӕй дӕлдӕрыл нымадтаиккой. Зӕгъӕм, сылгоймагӕн бар нӕ уыди йӕ лӕджы фарсмӕ цӕуын, хъуамӕ йӕ фӕстӕ цыдаид. Нӕлгоймагӕн сылгоймагимӕ адӕмы ’хсӕн дзурыны бар нӕ уыди, йӕ ус куы уыдаид, уӕддӕр. Сылгоймагӕн дӕр цагъарау бар нӕ уыд, цӕмӕй тӕрхондоны ӕвдисӕн уыдаид. Дины разамонджытӕ ма-иу суанг Хуыцаумӕ кувгӕйӕ дӕр бузныг дзырдтой, сылгоймӕгтӕ кӕй не сты, уый тыххӕй.

10 Дины разамонджытӕ уыйбӕрц закъӕттӕ ӕрхъуыды кодтой, ӕмӕ адӕм Хуыцауы Закъон нал ӕмбӕрстой. Зӕгъӕм, сабаты израилӕгтӕн кусыны бар нӕ уыд. Уыцы бон адӕм хъуамӕ Хуыцауӕн куывтаиккой, ӕввахсдӕр ӕм кодтаиккой ӕмӕ сӕ фӕллад уагътаиккой. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы закъонӕй уӕззау уаргъ скодтой. Куыстыл нымад цы уыди, уый скъуыддзаг кӕнын сӕхимӕ райстой. Уыдон куыстыл нымадтой 39 алыхуызон хъуыддаджы. Уыцы куыстытӕм хаудысты, зӕгъӕм, тыллӕг ӕфснайын ӕмӕ цуан кӕнын. Дины разамонджыты ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй адӕм нал зыдтой, сабаты аразӕн цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыд, уый. Зӕгъӕм, адӕймаг сабаты ӕхсӕнкъ амардта, уӕд афтӕ зӕгъӕн уыд, ӕмӕ цуан кодта? Кӕнӕ сӕххормаг ӕмӕ хуымты цӕугӕйӕ йӕ армыдзаг мӕнӕу ӕртыдта, уӕд уый хуымгӕрдыныл банымайӕн уыд? Исчи рынчыны куы сдзӕбӕх кодтаид, уӕд уый куыст схонӕн уыд? Ахӕм фарстатӕй алкӕцыйы фӕдыл дӕр уыди бирӕ лыстӕг карз амындтӕ.

11, 12. Йесо куыд равдыста, фарисейтӕ сабатбоны закъоны тыххӕй цы амыдтой, уый раст кӕй нӕ уыд?

11 Ахӕм уавӕрты Йесо адӕмӕн куыд хъуамӕ баххуыс кодтаид, рӕстдзинад цы у, уый бамбарынӕн? Йесо йӕ ахуырӕдтӕй ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕргом кодта, дины разамонджытӕ ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый. Фыццаг уал ын йӕ ахуырӕдтӕй цалдӕрыл аныхас кӕнӕм. Йесо дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта сӕ ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй. Загъта сын: «Хуыцауы ныхас уӕхи ӕвӕрд ӕгъдӕуттӕй баивтат» (Марчы 7:13).

12 Йесо ӕргом дзырдта, фарисейтӕ сабатбоны закъоны тыххӕй цы амыдтой, уый раст кӕй нӕ уыд ӕмӕ, Йегъовӕ уыцы закъон цӕй тыххӕй радта, уый ӕппындӕр кӕй не ’мбӕрстой. Йесо Мессийӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ загъта, «сабатыл... йӕ бар» кӕй цӕуы (Матфейы 12:8). Уымӕ гӕсгӕ йын сабаты адӕмы дзӕбӕх кӕныны бар уыди. Уый ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй уыди, уый равдисыны тыххӕй рынчынты дзӕбӕх кодта (Лукайы 6:7–10). Уыцы диссӕгты фӕрцы ма бамбарӕн уыди, йӕ Миназон хицаудзинады рӕстӕг цы сараздзӕн, уый. Уый уыдзӕн ӕппӕты стырдӕр сабат. Уӕд Хуыцауыл иузӕрдион адӕм фервӕздзысты, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты аххосӕй цы рыст ӕмӕ цы зындзинӕдтӕ бавзӕрстой, уыдонӕй.

13. Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр закъон радта ӕмӕ уыцы закъон Моисейы закъонӕй цӕмӕй хицӕн кодта?

13 Рӕстдзинад цы у, уый ма Йесо бамбарын кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы ног закъон радта, уымӕй дӕр. Уый хуыйны «Чырыстийы закъон» ӕмӕ йӕ тыхы бацыд, Йесо зӕххыл йӕ лӕггад куы фӕци, уӕд (Галатӕгтӕм 6:2). Уыцы закъон Моисейы Закъоны хуызӕн нӕ уыди. Кӕд Моисейы закъон фӕдзӕхстытыл арӕзт уыди, уӕд ацы закъон та арӕзт уыд уагӕвӕрдтыл. Фӕлӕ дзы уӕддӕр цалдӕр бӕлвырд фӕдзӕхсты уыди. Уыдонӕй иу Йесо схуыдта «ног фӕдзӕхст». Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзой, уый сӕ куыд бауарзта, афтӕ (Иоанны 13:34, 35). Уӕдӕ, «Чырыстийы закъонмӕ» гӕсгӕ чи цард, уыдоны хъуамӕ базонӕн уыдаид, кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй кӕй уарзтой, уымӕй.

Рӕстдзинад цы у, уый Йесо равдыста, куыд царди, уымӕй

14, 15. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо кӕй ӕмбӕрста, алцы аразыны бар ын кӕй нӕй ӕмӕ нын уый ныфсы хос цӕмӕн у?

14 Уарзондзинад цы у, уый Йесо ӕрмӕст ныхӕстӕй не ’мбарын кодта, фӕлӕ, куыд цард, уымӕй дӕр. Йӕ алы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг уыди, «Чырыстийы закъонмӕ» гӕсгӕ куыд цӕрын хъӕуы, уый. Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ ӕмӕ базонӕм, Йесо куыд равдыста, рӕстдзинад цы у, уый.

15 Фыццаг, Йесо йӕхи хызта гыццыл хӕрам хъуыддаг саразынӕй дӕр. Адӕм куы схъал вӕййынц, уӕд арӕх хӕрам хъуыддӕгтӕ фӕаразынц ӕмӕ стӕй сӕ барты сӕрты дӕр ахизынц. Фӕлӕ Йесо афтӕ никуы кодта. Иухатт ӕм иу адӕймаг бацыд ӕмӕ йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, ме ’фсымӕрӕн-ма зӕгъ, ӕмӕ нын цы бынтӕ баззад, уыдон мемӕ адих кӕна». Йесо йын цы загъта? «Хорз лӕг, мӕн сымахӕн тӕрхонгӕнӕгӕй кӕнӕ бынтӕ уарӕгӕй чи сӕвӕрдта?» (Лукайы 12:13, 14). Уымӕй нӕ бон цы у Йесойы тыххӕй базонын? Зӕххыл Йесойӕ зондджындӕр ӕмӕ ӕмбаргӕдӕр адӕймаг нӕ уыди. Стӕй Йегъовӕ уымӕн цы бартӕ радта, ахӕм бартӕ иу адӕймагмӕ дӕр нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы лӕджы хъуыддаг равзарыныл не сразы, уымӕн ӕмӕ йын Хуыцау ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕвзарын йӕ бар нӕ бакодта. Йесо никуы арӕзта, бар ын цӕмӕн нӕ уыд, уый, уӕлӕрвты куы уыди, суанг уӕд дӕр (Иудӕйы 9). Йесо зыдта, раст цы у, уый скъуыддзаг кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй ис. Ахӕм сӕрныллӕг кӕй уыди, уымӕй бӕрӕг уыд, диссаджы удыхъӕд ын кӕй ис.

16, 17. а) Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ Йесо рӕстӕй куыд архайдта? б) Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?

16 Дыккаг, Йесо алкӕддӕр рӕстӕй кӕй архайдта, уый бӕрӕг уыди, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куыд хъусын кодта, уымӕй. Йесо никӕй хъулон кодта ӕмӕ хорз хабар алкӕмӕн дӕр хъусын кодта – хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр. Фарисейтӕ та мӕгуыр адӕммӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты ӕмӕ сӕ хуыдтой ам-хаа́рец, ома «зӕххы адӕм». Йесо архайдта уыцы хӕрам хъуыддаг сраст кӕныныл. Алкӕддӕр йӕ Фыдау рӕстӕй архайдта, адӕмӕн-иу хорз хабары тыххӕй куы дзырдта, семӕ-иу фынгыл куы бадт, хӕринаг-иу сын куы лӕвӕрдта, куы-иу сӕ дзӕбӕх кодта кӕнӕ-иу искӕй куы райгас кодта, уӕд. Хуыцауы та фӕнды, цӕмӕй «алыхуызон адӕм» фервӕзой (1 Тимофеймӕ 2:4)c.

17 Ӕртыккаг, Йесо рӕстдзинад кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыди, фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕй. Уый алкӕддӕр цӕттӕ уыди, иннӕты цӕсты кад кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ (Матфейы 9:11–13). Зӕгъӕм, дины разамонджытау Йесо адӕмы ахӕм зондыл нӕ арӕзта, зӕгъгӕ, дзуттаг чи нӕу, уыдонӕй ӕууӕндӕн никӕуыл ис. Уыцы адӕмӕй кӕмӕндӕрты ӕххуыс дӕр бакодта ӕмӕ сӕ ахуыр дӕр кодта, кӕд сӕйраджыдӕр дзуттӕгтӕм ӕрвыст уыд, уӕддӕр. Суанг ма Ромы ӕфсады сӕдӕйы хицауӕн йе ’ххуырсты дӕр сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ ма афтӕ дӕр загъта: «Ӕз Израилы ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон» (Матфейы 8:5–13).

18, 19. а) Йесо сылгоймӕгтӕн кӕй кад кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд? б) Йесойы цӕвиттонӕй куыд у бӕрӕг, раст цы у, уый аразынӕн хъӕбатырдзинад кӕй хъӕуы?

18 Йесо сылгоймӕгтӕм дӕр, иннӕтӕ сӕм цы цӕстӕй кастысты, ахӕм цӕстӕй нӕ каст. Дзуттӕгтӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмты сыгъдӕгыл нӕ нымадтой ӕмӕ самариаг сылгоймӕгтӕм дӕр ахӕм цӕстӕй кастысты ӕмӕ семӕ ныхас дӕр нӕ кодтой. Фӕлӕ Йесо Сихары цъайы цур самариаг сылгоймагӕн хорз хабары тыххӕй радзырдта. Зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уый дӕр фыццаг хатт ӕргом уыцы сылгоймагӕн загъта (Иоанны 4:6, 25, 26). Фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, сылгоймаджы Хуыцауы Закъоныл ахуыр кӕнын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ Йесо йӕ рӕстӕг ӕмӕ йӕ хъарутӕ не ’вгъау кодта, цӕмӕй сылгоймӕгты ахуыр кодтаид (Лукайы 10:38–42). Ӕмӕ кӕд дзуттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сылгоймаг-ӕвдисӕныл ӕууӕндӕн нӕ уыд, уӕд Йесо та сылгоймӕгтӕй кӕйдӕрты ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ куы райгас, уӕд фыццаг уыдонмӕ фӕзынд. Ӕмӕ ма сӕ ӕрвитгӕ дӕр акодта, цӕмӕй уыцы диссаджы хабар фехъусын кодтаиккой йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр – нӕлгоймӕгтӕн! (Матфейы 28:1–10).

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ цардӕй равдыста, рӕстдзинад цы у, уый, кӕд ын уый тыххӕй бирӕ хӕттыты мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр. Йӕ цӕвиттонӕй бӕрӕг у, раст цы у, уый аразынӕн хъӕбатырдзинад кӕй хъӕуы. Ӕмӕ Библи дӕр Йесойы уый тыххӕй хоны «Домбай Иудӕйы мыггагӕй» (Раргомад 5:5). Хъуыды йӕ кӕнӕм, домбай арӕх кӕй фӕамоны хъӕбатырдзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ. Ӕмӕ тагъд Йесо ноджы фылдӕр сараздзӕн, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕрфидар кӕна (Исай 42:4).

Хуыцауы Паддзахады Паддзах «зӕххыл рӕстдзинад ӕвӕры»

20, 21. Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо куыд архайы, цӕмӕй зӕххыл дӕр ӕмӕ чырыстон ӕмбырды дӕр рӕстдзинад ӕрфидар кӕна?

20 1914 азы Йесо Хуыцауы Паддзахады Паддзах куы сси, уӕдӕй фӕстӕмӕ архайы, цӕмӕй зӕххыл рӕстдзинад ӕрфидар уа. Куыд? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй, Матфейы 24:14 стихы цы пехуымпарад фыст ис, уый ӕххӕст кӕной. Уыдон ӕгас зӕххыл дӕр адӕмӕн Йегъовӕйы Паддзахады тыххӕй рӕстдзинад амонынц. Ӕмӕ Йесойау хорз хабар хъусын кӕнынц алкӕмӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр, хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр, нӕлгоймӕгтӕн дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕн дӕр. Афтӕмӕй алкӕмӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй рӕстдзинады Хуыцау Йегъовӕйы базона.

21 Йесо у чырыстон ӕмбырды сӕр ӕмӕ архайы, цӕмӕй ӕмбырды дӕр рӕстдзинад уа. Пехуымпарады куыд фыст уыд, афтӕмӕй уый дӕтты «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты». Уыдон сты, чырыстон ӕмбырды йӕхимӕ разамынд чи исы, уыцы иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Ефесӕгтӕм 4:8–12). Ӕмбырды чи ис, уыдон се ’ппӕт дӕр Йесойӕн тынг зынаргъ сты. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр уыйау алкӕддӕр рӕстӕй архайой, ӕмӕ ма кӕсой, адӕймаг цы бынат ахсы, уымӕ кӕнӕ хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, уымӕ.

22. Абон зӕххыл цы бирӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдонмӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ йӕ Фыртӕн цы бахӕс кодта?

22 Тагъд Йесо ӕгас зӕххыл дӕр рӕстдзинад ӕрфидӕр кӕндзӕн. Ацы фыддунейы, хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕм нӕ цӕуы, ахӕм бынат нӕй. Сывӕллӕттӕ мӕлынц, хӕринаг сын кӕй нӕ фаг кӕны, уый тыххӕй. Уыцы рӕстӕг та хӕцӕнгарзыл ӕмӕ алыхуызон ирхӕфсӕнтыл дуне ӕхца хардз цӕуы. Уымӕй хӕрамдӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа?! Алы аз дӕр милуангай адӕм амӕлы цавӕрдӕр бӕллӕхты аххосӕй, афтӕмӕй та цыдӕр саразӕн вӕййы, цӕмӕй-иу уыцы бӕллӕхтӕ ма ’рцӕуой. Уыдӕтты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй Йегъовӕ тынг мӕсты кӕны. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй ацы фыддунейы ныхмӕ рацӕуа. Уый уыдзӕн рӕстаг хӕст, ӕмӕ ӕппӕт хӕрам хъуыддӕгтӕн дӕр ӕнустӕм кӕрон ӕрцӕудзӕн (Раргомад 16:14, 16; 19:11–15).

23. Армагеддоны фӕстӕ Йесо ӕнустӕм рӕстдзинады фарс куыд лӕудзӕн?

23 Фӕлӕ Йегъовӕйы рӕстдзинад ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй фыдгӕнджыты фесафа. Уый ма йӕ Фырты «Фарны кънйазӕй» дӕр сӕвӕрдта. Армагеддоны хӕсты фӕстӕ Йесо ӕгас зӕххыл дӕр фарн ӕрфидар кӕндзӕн ӕмӕ «раст тӕрхон» кӕндзӕн (Исай 9:6, 7). Йесо кӕрон скӕндзӕн, бирӕтӕн стыр маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ чи бавзарын кодта, уыцы хӕрам хъуыддӕгтӕн. Уый йын ӕрхӕсдзӕн стыр циндзинад! Йесо ӕнустӕм уыдзӕн Йегъовӕйы рӕстдзинады фарс. Уымӕ гӕсгӕ ахсджиаг у, цӕмӕй мах дӕр абон Йегъовӕйау рӕстӕй архайӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, уый нӕ бон куыд у аразын.

a Хӕрам хъуыддаг фенгӕйӕ-иу Йесо Йегъовӕйау смӕсты. Фыдхъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдоныл Йегъовӕ «цӕттӕ у йӕ фыдӕх ныккалынмӕ» (Наум 1:2). Зӕгъӕм, Йегъовӕ йе ’гоммӕгӕс адӕмӕн куы бауайдзӕф кодта, мӕ хӕдзарӕй мын «абырджыты лӕгӕт» сарӕзтат, зӕгъгӕ, уӕд сын уый фӕстӕ загъта: «Ацы бынатыл... калын мӕ маст ӕмӕ мӕ фыдӕх» (Йереми 7:11, 20).

b Дзуттӕгты историйы чиныджы фыст ис, уыцы хабарӕй цалдӕр азы фӕстӕ адӕм кӕй сызмӕстой, кувӕндоны бӕлӕттӕ тынг зынаргъӕй кӕй уӕй кодтой, уый тыххӕй. Уӕд сын сӕ аргъ уайтагъд ӕрӕппӕрстой – 99 проценты бӕрц сӕ фӕасламдӕр кодтой! Кувӕндоны фос уӕй кӕнынӕй цы ’хца истой, уымӕн йӕ фылдӕр хай кӕй дзыпмӕ цыд? Иуӕй-иу иртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, кувӕндоны базарад уыд хистӕр сауджын Аннӕйы бинонты къухы. Ӕмӕ кӕд ӕнӕуи дӕр хъӕздыг уыдысты, уӕд сӕм уырдыгӕй дӕр тынг бирӕ ӕхца ӕфтыд (Иоанны 18:13).

c Закъон чи нӕ зыдта, уыцы хуымӕтӕг адӕмы фарисейтӕ нымадтой «ӕлгъыст адӕмыл» (Иоанны 7:49). Куыд дзырдтой, афтӕмӕй ахӕм адӕмы нӕдӕр ахуыр кӕнын ӕмбӕлд, нӕдӕр семӕ исты хъуыддаг аразын, нӕдӕр семӕ иу фынгыл бадын ӕмӕ нӕдӕр семӕ кувын. Сӕ лӕппуйӕн сын чызг раттын та нымадтой, чызджы хъӕддаг сырдтӕм куыд баппарай, уымӕй фыддӕр хъуыддагыл. Фарисейты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм хуымӕтӕг адӕмӕн райгасдзинады ныфс нӕ уыди.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Псалом 45:1–7. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, Хуыцауы Паддзахады Паддзах зӕххыл рӕстдзинад кӕй ӕрфидар кӕндзӕн?

  • Матфейы 12:19–21. Пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Мессийӕ мӕгуыр адӕммӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаид?

  • Матфейы 18:21–35. Йесо куыд бамбарын кодта, рӕстдзинад фӕлмӕнзӕрдӕдзинадимӕ баст кӕй у, уый?

  • Марчы 5:25–34. Йесо куыд равдыста, тӕрхон хӕсгӕйӕ Йегъовӕ алкӕддӕр адӕймагӕн йӕ уавӕртыл кӕй фӕхъуыды кӕны?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын