17 СӔР
«О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд!»
1, 2. Йегъовӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй цы фӕнд уыд, фӕлӕ уыцы боны райдианы цы ’рцыд?
ӔХСӔЗӔМ сфӕлдыстадон боны кӕрон Йегъовӕ Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд «йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:31). Фӕлӕ ӕвдӕм боны райдианы Адам ӕмӕ Евӕ Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты. Хуыцау зӕххыл цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдоны фидауц – адӕймаг – тӕригъӕд ракодта. Уый тыххӕй ӕххӕст нал уыд ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Уымӕй фыддӕр ма цы хъуамӕ уыдаид!
2 Ӕвӕццӕгӕн, ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ Йегъовӕмӕ ӕвдӕм боны тыххӕй цы фӕнд уыд, уый никуы сӕххӕст уыдзӕн. Уыцы бон дӕр иннӕ ӕхсӕз сфӕлдыстадон бонау хъуамӕ миназтӕ ахастаид. Йегъовӕ ӕвдӕм бон иннӕ бонтӕй рахицӕн кодта, ӕмӕ уыцы боны кӕронмӕ зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ дзӕнӕт суыдаид ӕмӕ ӕххӕст адӕмӕй байдзаг уыдаид (Райдиан 1:28; 2:3). Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд ма уымӕн гӕнӕн уыд? Цымӕ Хуыцау куыд бакӕндзӕн? Йегъовӕ хъуамӕ йе стыр зонд равдыстаид, ӕнхъӕл дӕр куыд ничи уыд, афтӕ.
3, 4. а) Йегъовӕ змӕнтджыты тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уымӕй йӕ зонды тыххӕй цы ис базонӕн? б) Йегъовӕйы зонды тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд цы бамбардзыстӕм?
3 Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн, ууыл ӕй рахъуыды-бахъуыды кӕнын нӕ хъуыди. Уайтагъд загъта, йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдоны кӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ, сӕ хивӕнд ми цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн (Райдиан 3:15). Уымӕн рӕстӕг хъуыди. Йегъовӕ йӕ фӕнд сабыргай ӕххӕст кӕнын райдыдта Едемы цӕхӕрадоны. Ӕмӕ йӕ кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн фидӕны – змӕнтджыты хивӕнд ми цы бӕллӕхтӕ расайдта, уыдонӕй фӕд дӕр куы нал ныууадза, уӕд. Йегъовӕ уыцы хъуыддаг куы скъуыддзаг кодта, уӕд хуымӕтӕг уынаффӕ рахаста, фӕлӕ уымӕй бӕрӕг уыд йе стыр зонд. Ӕмӕ йӕ уынаффӕйыл цӕрӕнбонты куы хъуыды кӕнӕм, уӕддӕр-иу алы хатт дӕр ногӕй цыдӕр базондзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, Йегъовӕйы фӕнд ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзӕн: фыддзинад, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн. Хуыцауыл иузӕрдион чи у, уыдон суыдзысты ӕххӕст. Ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст уыдзысты, ӕвдӕм бон нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ. Йегъовӕмӕ зӕхх ӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый сӕххӕст уыдзӕн йӕ афоныл!
4 Хуыцауы зонд нӕ ӕцӕгдӕр дисы ӕфтауы. Апостол Павел ныффыста: «О, куыд ӕнӕкӕрон... [у] Хуыцауы... зонд» (Ромӕгтӕм 11:33). Йегъовӕйы зонды тыххӕй фылдӕр куы базонӕм, уӕд иу хъуыддаг бӕлвырдӕй бамбардзыстӕм: цасфӕнды куы базонӕм, уӕддӕр уыцы зонындзинӕдтӕ Йегъовӕйы стыр зондимӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы уыдзысты. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Хуыцау махӕй бирӕ уӕлдӕр кӕй у, уый (Иов 26:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй фылдӕр базонӕм.
Цы у ӕцӕг зонд?
5, 6. Цӕмӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм, уый тыххӕй нӕм зонындзинӕдтӕ цӕмӕн хъуамӕ уа ӕмӕ Йегъовӕ цас зоны?
5 Адӕймаг бирӕ куы зона, уӕд уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ у. Компьютеры тынг бирӕ информаци ис, фӕлӕ компьютер зондджын схонӕн нӕй. Иннӕмӕй та, адӕймаг куы ницы зона, уӕд зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ нӕ уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 10:14). Зӕгъӕм, тынг рынчын дӕ ӕмӕ дӕ хъӕуы, де ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕнынӕн дын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хорз уынаффӕ. Цымӕ медицинӕйы гыццыл цыдӕртӕ кӕнӕ та дзы ӕппындӕр чи ницы ӕмбары, ахӕм адӕймаджы бафӕрсдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ цӕмӕй ӕцӕг зондджын уай, уый тыххӕй дӕм хъуамӕ бӕлвырд зонындзинӕдтӕ уа.
6 Йегъовӕ алцыдӕр зоны. Уый у «ӕнусты Паддзах», ӕрмӕстдӕр уымӕн нӕй райдиан ӕмӕ кӕрон (Раргомад 15:3). Ӕмӕ бирӕ миназты дӕргъы цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдӕттӕ иууылдӕр зоны. Библийы фыст ис: «Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй ахӕм ницы ис, ӕмӕ йӕ ма уына – дзуапп кӕй разы дӕттӕм, уымӕй ӕмбӕхст ницы у, алцыдӕр ын у ӕргом» (Дзуттӕгтӕм 4:13; Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Алцыдӕр Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уымӕ гӕсгӕ, кӕй ӕмӕ цы сфӕлдыста, уыдоны тыххӕй алцыдӕр зоны. Адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цыдӕриддӕр аразынц, уыдӕттӕ дӕр иууылдӕр зоны. Стӕй дзы ӕмбӕхст нӕу, алы адӕймагӕн дӕр йӕ зӕрдӕйы цы ис ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕны, уый (1 Азфыстыты 28:9). Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ нӕхи бон у уынаффӕтӕ хӕссын. Ӕмӕ раст уынаффӕтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Йегъовӕ у, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау», ӕмӕ йӕм уыцы иу рӕстӕг цасфӕнды адӕм ма кува – се ’ппӕты дӕр хъусы (Псалом 65:2). Стӕй дызӕрдыггаг нӕу, ӕппындӕр дзы кӕй ницы рох кӕны, уый.
7, 8. Йегъовӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг?
7 Йегъовӕмӕ ӕрмӕст зонындзинӕдтӕ нӕй. Йегъовӕ ма ӕмбары, хабӕрттӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый. Йегъовӕйӕн зын нӕу хорз ӕвзӕрӕй раиртасын, стӕй, ахсджиаг цы у, уый, ахсджиаг цы нӕу, уымӕй. Ӕмӕ, адӕймаг ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ цыхуызӕн у, ӕрмӕст уый нӕ уыны, фӕлӕ цавӕр адӕймаг у, уый дӕр (1 Самуилы 16:7). Уӕдӕ ӕмбаргӕдзинад зонындзинӕдтӕй ахсджиагдӕр у. Фӕлӕ уыдонӕй ахсджиагдӕр та у зонд.
8 Адӕймаг зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый уымӕй бӕрӕг вӕййы, ӕмӕ цӕйдӕр фӕдыл хабӕрттӕ иууылдӕр базоны. Уый фӕстӕ бацархайы, цӕмӕй сӕ хорз бамбара, ӕмӕ стӕй, цы базыдта ӕмӕ цы бамбӕрста, уый фӕрцы хъуыддаг хорз саразы. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы дзырд «зонд» кӕм ӕмбӕлы, уым йӕ хъуыды вӕййы «ӕнтыстджынӕй кусын». Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ зонындзинӕдты ӕмӕ йе ’мбаргӕдзинады фӕрцы ӕнтыстджынӕй сӕххӕст кӕны, цы сфӕнд кӕны, уый. Ӕмӕ уый ӕцӕг зонд куыннӕ у! Йегъовӕмӕ ахӕссӕн ис, Йесо цы загъта, уый: «Зонд бӕрӕг вӕййы раст хъуыддӕгтӕй» (Матфейы 11:19). Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр йе стыр зондыл дзурӕг сты.
Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон йе стыр зондыл дзурӕг сты
9, 10. а) Йегъовӕ цавӕр зонды хицау у ӕмӕ дзы куыд архайы? б) Кълеткӕ куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?
9 Никуы дис кодтай, дӕсны кусӕг цавӕрдӕр дзаума куыд диссаджы хорз скодта, ууыл? Адӕймагӕн ахӕм зонд Йегъовӕ радта (Рацыд 31:1–3). Зонд Йегъовӕйӕ цӕуы, ӕмӕ йӕ зондимӕ никӕй зонд ис абарӕн. Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Кадджын дӕ кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ, куыд диссаджы конд дӕн, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ мӕ хъуын арц сбады. Дӕ хъуыддӕгтӕ сты диссаг, ӕмӕ уый мӕ уд хорз зоны» (Псалом 139:14). Ӕцӕгдӕр, адӕймаджы буар куыд диссаджы конд у, уый тыххӕй цас фылдӕр зонӕм, уыйас нӕ Йегъовӕйы зонд тынгдӕр ӕфтауы дисы.
10 Ахъуыды-ма кӕн: дӕ цард райдыдта иу гыццылмур кълеткӕйӕ – дӕ мады яйцеклеткӕйӕ, дӕ фыды мыггаг йемӕ кӕй баиу, уый фӕрцы. Уыцы кълеткӕ уайтагъд дих кӕнын райдыдта: фыццаг дзы рауад дыууӕ кълеткӕйы, стӕй уыдонӕй дӕр фӕйнӕ дыууӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Ӕмӕ ныр дӕ буар конд у иу-100 триллион кълеткӕйӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр ахӕм гыццылмуртӕ сты, ӕмӕ дзы булавкӕйы къоппайыл бацӕуид 10 мины бӕрц! Фӕлӕ кълеткӕтӕй алкӕцы дӕр афтӕ вазыгджын конд у, ӕмӕ адӕймаг цы диссаджы вазыгджын механизмтӕ ӕмӕ заводтӕ скодта, уыдон йемӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы сты. Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, кълеткӕ кӕй у, къултӕ ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕмӕн ис, ахӕм фидар горӕты хуызӕн. Уыцы горӕты ис фӕндӕгтӕ ӕмӕ транспорт, бастдзинады системӕ, энерги аразӕн ӕмӕ бырӕттӕ сыгъдӕг кӕнӕн фӕрӕзтӕ, хи хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ, астӕуӕй та дзы ис, разамынд ын чи дӕтты, ахӕм хицауад. Уымӕй уӕлдай ма кълеткӕ цалдӕр сахатмӕ ацаразы йӕхи хуызӕн ног кълеткӕ.
11, 12. а) Алыхуызон кълеткӕтӕ куыд арӕзт фӕцӕуынц, уый тыххӕй информаци кӕм ис ӕмӕ уыцы хъуыды Псалом 139:16 стихӕй куыд зыны? б) Нӕ сӕрымагъз куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?
11 Кълеткӕтӕ иууылдӕр иухуызон не сты. Сывӕллон мады гуыбыны иу кълеткӕйӕ сӕвзӕры, ӕмӕ куыд фӕрӕзы, афтӕ уыцы кълеткӕйӕ равзӕры алыхуызон кълеткӕтӕ. Иутӕ дзы свӕййынц нервыты кълеткӕтӕ, иннӕтӕ – стджыты, хӕцъӕфты, туджы ӕмӕ цӕстыты кълеткӕтӕ. Ӕппӕт уыцы алыхуызон кълеткӕтӕ куыд арӕзт цӕуынц, уый тыххӕй цы информаци хъӕуы, уый ис алы кълеткӕйӕн дӕр йӕхи мидӕг кӕцыдӕр хайы. Уыцы хай у тынг стыр библиотекӕйы хуызӕн. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕндӕй Давид Йегъовӕйӕн загъта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд. Дӕ чиныджы фыст уыди, ме уӕнгтӕ иууылдӕр кӕд фӕзындысты», уый (Псалом 139:16).
12 Нӕ буары уӕнгтӕй иутӕ тынг вазыгджын конд сты. Зӕгъӕм, нӕ сӕрымагъз. Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, сӕрымагъз куыд вазыгджын конд у, уыимӕ Дун-дунейы кӕй ницы ис абарӕн. Нӕ магъзы нервыты кълеткӕты нымӕц у иу-100 миллиард – нӕ галактикӕйы стъалытӕ цас ис, уыйбӕрц. Уыцы кълеткӕтӕй алкӕцы дӕр баст у мингай ӕндӕр кълеткӕтимӕ. Ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕймаджы магъзы бацӕудзӕн, дунейы ӕппӕт библиотекӕты цы чингуытӕ ис, уыдоны цы информаци ис, уый иууылдӕр ӕмӕ ма, чи зоны, уымӕй фылдӕр. Ӕмӕ магъз куыд конд у, уый кӕд бирӕ азты дӕргъы иртасынц, уӕддӕр зӕгъынц, зӕгъгӕ, магъз куыд кусы, уый, ӕвӕццӕгӕн, кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм.
13, 14. а) Мӕлдзыджытӕ ӕмӕ ма Йегъовӕ ноджыдӕр цы цӕрӕгойтӕ сфӕлдыста, уыдон «ӕрдзӕй зондджын» кӕй сты, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ нӕ бон цы у се Сфӕлдисӕджы тыххӕй базонын? б) Хӕлуарӕджы тын куыд конд у, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?
13 Фӕлӕ, адӕймаг куыд конд у, ӕрмӕст уымӕй нӕ зыны, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый. Псалом 104:24 стихы фыст ис: «Куыд бирӕ сты дӕ хъуыддӕгтӕ, о Йегъовӕ! Иууылдӕр сӕ скодтай де стыр зондӕй. Зӕхх нӕ зыны де сконд хъуыддӕгтӕй». Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕ иууылдӕр йе стыр зондыл дзурӕг сты. Зӕгъӕм, мӕлдзыджытӕ сты «ӕрдзӕй зондджын» (Ӕмбисӕндтӕ 30:24). Уый бӕрӕг у, мӕлдзыджыты губаччы алцыдӕр бӕлвырд ӕгъдаумӕ гӕсгӕ арӕзт кӕй у, уымӕй. Мӕлдзыджытӕй иутӕ кӕнынц «фосы куыст», ома бӕласы сыстытӕм зилынц, хӕдзарон фосмӕ куыд зилай, афтӕ – хъахъхъӕнынц сӕ ӕмӕ сӕ «дуцынц». Иннӕтӕ та кӕнынц «зӕххы куыст» – цӕхӕрадӕттӕ скӕнынц ӕмӕ дзы зокъотӕ зайын кӕнынц. Бирӕ ӕндӕр цӕрӕгойты та Йегъовӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ цы фӕаразынц, уый стыр диссаг у. Зӕгъӕм, ӕнӕуи бындзӕн йӕ бон у сыдз-мыдзы тӕхын. Уый та хӕдтӕхджытӕн сӕ фылдӕрӕн сӕ бон нӕу. Мӕргътӕ дард рӕттӕм фӕтӕхынц стъалытӕм гӕсгӕ, «магнитное поле», зӕгъгӕ, кӕй хонынц, уымӕ гӕсгӕ кӕнӕ та сын Хуыцау сӕ мидӕг цы «картӕ» бавӕрдта, уымӕ гӕсгӕ. Уыцы цӕрӕгойтӕн уыдӕттӕ сӕ бон куыд у аразын, уый раиртасыныл ахуыргӕндтӕ бирӕ азты дӕргъы архайынц. Ӕмӕ сӕ чи сфӕлдыста, уый та уӕд цавӕр зонды хицау хъуамӕ уа!
14 Ахуыргӕндтӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй. Арӕх цыдӕртӕ саразынц, ӕрдзы мидӕг цы диссӕгтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ. Чи зоны, искуы хӕлуарӕджы тынмӕ кӕсгӕйӕ бадис кодтай, куыд рӕсугъд у, ууыл. Фӕлӕ инженер та тынгдӕр бадис кӕны, куыд диссаджы конд у, ууыл. Уыцы тын кӕд тынг лыстӕг у, уӕддӕр фидар у. Цас фидар? Хӕлуарӕджы тын кӕсагахсӕн хызыйас куы скӕнай, уӕд стыр хӕдтӕхӕг тӕхгӕ-тӕхын ӕнцонтӕй бауромдзӕн. Йегъовӕ уыдӕттӕ иууылдӕр скодта «йе стыр зондӕй».
Цӕрӕгойтӕ цы фӕаразынц, уый стыр диссаг у. Афтӕ сӕ чи сфӕлдыста?
Хуыцау зӕххыл цы сфӕлдыста, йӕ зонд ӕрмӕст уыдӕтты нӕ зыны
15, 16. а) Стъалытӕй ӕмӕ галактикӕтӕй нӕ бон цы у Йегъовӕйы зонды тыххӕй базонын? б) Зӕдтӕн алкӕддӕр, цы аразой, уый кӕй вӕййы, уымӕй Йегъовӕйы зонд куыд зыны?
15 Дун-дунейы алцыдӕр Йегъовӕйы стыр зондыл дзурӕг у. Стъалытӕ космосы куыдфӕнды пырхытӕ не сты. 5-ӕм сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй стъалытӕ ӕмӕ планетӕтӕ зилынц арвы закъӕттӕм гӕсгӕ (Иов 38:33). Йегъовӕ стъалытӕй галактикӕтӕ куыд сарӕзта, галактикӕтӕй – къордтӕ, уыцы къордтӕй та ноджы стырдӕр къордтӕ, уымӕй зыны йе стыр зонд. Уый фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ стъалытӕ «ӕфсадимӕ» цӕмӕн бары, уый (Исай 40:26). Фӕлӕ ма ис ӕндӕр ӕфсад дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфсад ноджы хуыздӕр ӕвдисы, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый.
16 4-ӕм сӕрӕй базыдтам, Библи Хуыцауы кӕй хоны «ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ», уымӕн ӕмӕ сӕдӕгай милуан зӕдтӕн разамынд дӕтты. Уымӕй бӕрӕг у Йегъовӕйӕн йе стыр тых. Фӕлӕ ма уымӕй бӕрӕг у йе стыр зонд дӕр. Куыд? Ахъуыды-ма кӕн: Йегъовӕ ӕмӕ Йесо ӕдзух фыдӕбон кӕнынц (Иоанны 5:17). Ӕмӕ уый фидарӕй зӕгъӕн ис, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыцы зӕдтӕй дӕр. Зӕдтӕ адӕмӕй бирӕ зондджындӕр ӕмӕ тыхджындӕр сты. Уыдонӕн алкӕддӕр вӕййы, цы аразой, уый (Дзуттӕгтӕм 1:7; 2:7). Зӕдтӕ ӕхсызгонӕй хъусынц Йегъовӕйы ныхасмӕ ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынц (Псалом 103:20, 21). Уӕдӕ Йегъовӕ зӕдты куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ сын алкӕддӕр вӕййы, цы аразой, уый. Уый йе стыр зондыл дзурӕг куыннӕ у!
Йегъовӕ у «иунӕг зондджын Хуыцау»
17, 18. Библи Йегъовӕйы «иунӕг зондджын Хуыцау» цӕмӕн хоны ӕмӕ апостол Павел Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй цы ныффыста, уымӕй нӕ бон цы у базонын?
17 Зын бамбарӕн нӕу, Библи Йегъовӕйы йе стыр зонды тыххӕй цӕмӕн кадджын кӕны, уый. Зӕгъӕм, хоны йӕ «иунӕг зондджын Хуыцау» (Ромӕгтӕм 16:27). Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы зонд ӕххӕссы алцӕуыл дӕр. Ӕцӕг зонд Йегъовӕ дӕтты (Ӕмбисӕндтӕ 2:6). Ӕмӕ Йесо дӕр уый тыххӕй нӕ уыд йӕхи зондӕй ныфсджын, кӕд, Йегъовӕ кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй зондджындӕр уыди, уӕддӕр. Йесо дзырдта, йӕ Фыд ын цы бафӕдзӕхста, ӕрмӕстдӕр уый (Иоанны 12:48–50).
18 Апостол Павел ӕмбӕрста, Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй. Уый ныффыста: «О, куыд арф сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ тӕрхӕттыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ромӕгтӕм 11:33, фиппаинаг). Павел ацы ран цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый фехъусгӕйӕ, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, йӕ бын зынгӕ дӕр кӕмӕн нӕ кӕны, ахӕм арф дзыхъхъыл. Йегъовӕйы зонд дӕр афтӕ арф у, ӕмӕ нӕ тынг куы фӕнда, уӕддӕр кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм, куыд зондджын у, уый. Ӕмӕ, Йегъовӕ цы зоны, уыдӕттӕ мах никуы базондзыстӕм (Псалом 92:5). Уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй бамбарӕм, Хуыцауимӕ абаргӕйӕ куыд гыццыл стӕм, уый.
19, 20. а) Йегъовӕ цӕргӕсы цӕмӕн равзӕрста, цы стыр зонды хицау у, уый равдисынӕн? б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй зоны, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый?
19 Йегъовӕ ма «иунӕг зондджын» ноджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ никӕй бон у зонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый. Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн, йӕ зонд равдисынӕн Йегъовӕ цӕргӕсы кӕй равзӕрста, уымӕн ӕмӕ цӕргӕс дардмӕ тынг хорз уыны. Зӕгъӕм, беркутӕн йӕ уӕз фондз килӕйӕ фылдӕр нӕу, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ адӕймаджы цӕстытӕй стырдӕр сты. Цӕргӕс цуан кӕнгӕйӕ бӕрзонд фӕтӕхы, фӕлӕ зӕххыл суанг тынг гыццыл цӕрӕгойы дӕр ауыны. Йегъовӕ цӕргӕсы тыххӕй загъта: «Йӕ цӕстытӕ кӕсынц дардмӕ» (Иов 39:29). Афтӕ Йегъовӕ дӕр дардмӕ уыны, ома, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоны.
20 Библийӕ сӕдӕгай пехуымпарӕдтӕ бӕлвырд кӕнынц, Йегъовӕ кӕй зоны, фидӕны чи ’рцӕудзӕн, уыцы хабӕрттӕ. Уыцы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыдысты, куы сӕххӕст сты, уымӕй бирӕ раздӕр. Йегъовӕ-иу рагацау загъта, кӕцыдӕр хӕстыты чи фӕуӕлахиз уыдзӕн, кӕцы адӕмтӕ суыдзысты хъомысджын ӕмӕ кӕцы адӕм фӕхӕрд уыдзысты, уый, стӕй ма ӕфсады хистӕртӕ кӕцыдӕр тохты куыд рамбулдзысты, суанг уый дӕр. Уыцы хабӕрттӕй кӕцыдӕртӕ Йегъовӕ загъта, куы ӕрцыдысты, уымӕй сӕдӕгай азтӕ раздӕр (Исай 44:25–45:4; Данел 8:2–8, 20–22).
21, 22. а) Афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, зӕгъгӕ, Йегъовӕ рагацау фӕзоны, царды цыдӕриддӕр араздзыстӕм, уый? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Кӕд Йегъовӕ стыр зонды хицау у, уӕддӕр адӕмы кӕй уарзы, уый кӕцӕй зонӕм?
21 Фӕлӕ цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау зоны, царды цыдӕриддӕр араздзынӕ, уый? Кӕцыдӕр динтӕ афтӕ дзурынц. Фӕлӕ уый ӕцӕг куы уаид, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уаид, ӕмӕ Хуыцау стыр зонды хицау у. Цӕуылнӕ? Уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ, фидӕны цы уыдзӕн, уый зоныны курдиатӕй хъӕуа-нӕ хъӕуа пайда кӕны. Ӕрхӕссӕм цӕвиттон: зӕгъӕм, хорз хъӕлӕс дын ис ӕмӕ тынг рӕсугъд зарыс. Цымӕ уӕд хъуамӕ ӕдзух заргӕ кӕнай? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Уӕдӕ кӕд Йегъовӕйӕн дӕр йӕ бон у зонын, фидӕны цы уыдзӕн, уый, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы курдиатӕй ӕппынӕдзух фӕпайда кӕны. Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр йӕ цард йӕ ныхыл куы ныффыстаид, уӕд нӕхицӕн нӕ бон нӕ уаид уынаффӕтӕ хӕссын. Нӕ бон уынаффӕтӕ хӕссын кӕй у, уый нын у Йегъовӕйы лӕвар ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ никуы байсдзӕн (Дыккаг закъон 30:19, 20).
22 Афтӕ чи зӕгъы, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цыдӕриддӕр ӕрцӕудзӕн, уый, уыдон ӕппӕт ӕвзӕр хабӕртты дӕр Йегъовӕйы аххосджын кӕнынц. Ӕмӕ уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ кӕд Йегъовӕ стыр зонды хицау у, уӕддӕр адӕмы нӕ уарзы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу! Библийы фыст ис, Йегъовӕ кӕй у «зӕрдӕйӕ зондджын» (Иов 9:4). Йегъовӕйӕн адӕймаджы зӕрдӕйы хуызӕн зӕрдӕ нӕй. Фӕлӕ Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕхдӕр фӕамоны, адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ. Уымӕ хауы, цыдӕр цӕмӕн сарӕзта, уый ӕмӕ йе ’нкъарӕнтӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад. Уӕдӕ Йегъовӕ йӕ зонд дӕр ӕмӕ йӕ иннӕ миниуджытӕ дӕр куыд ӕвдисы, уымӕй бӕрӕг у, уарзӕгой Хуыцау кӕй у, уый (1 Иоанны 4:8).
23. Нӕ бон цӕмӕн у нӕ ныфс Йегъовӕйы зондыл дарын ӕмӕ йыл нӕ ныфс кӕй дарӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
23 Уӕдӕ куыд федтам, афтӕмӕй нӕ бон у нӕ ныфс Йегъовӕйы зондыл дарын. Йегъовӕ махӕй бирӕ зондджындӕр у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ йӕ Ныхасы уарзӕгой фыдау фӕдзӕхсы: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Цӕй уӕдӕ ноджы фылдӕр базонӕм Йегъовӕйы зонды тыххӕй ӕмӕ йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уӕм!