19 СӔР
Хуыцау йӕ зонд равдыста «сусӕгдзинады»
1, 2. Цавӕр «сусӕгдзинад» у ахсджиаг базонын ӕмӕ цӕмӕн?
АДӔЙМАГ куы фӕзоны, иннӕтӕ цы нӕ зонынц кӕнӕ цы не ’мбарынц, ахӕм исты, уӕд ын уый басусӕг кӕнын зын вӕййы. Фӕлӕ Библийы фыст ис: «Хуыцауӕн кад хӕссы, хъуыддаг ӕмбӕхстӕй кӕй дары, уый» (Ӕмбисӕндтӕ 25:2). Йегъовӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын бар ис, цӕмӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ ӕмбӕхстӕй дара, цалынмӕ сӕ раргом кӕнынӕн рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ.
2 Фӕлӕ ис, Йегъовӕ йӕ Ныхасы кӕй раргом кодта, иу ахӕм диссаджы сусӕгдзинад. Библи йӕ хоны, «[Хуыцауы] фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 1:9). Уыцы сусӕгдзинад цы у, уый базонын ахсджиаг у. Фӕлӕ ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ йӕ куы базонӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын. Уымӕй уӕлдай ма уый фӕрцы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йегъовӕ цы стыр зонды хицау у, уый.
Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад ӕргом кодта сабыргай
3, 4. Райдианы 3:15 стихы фыст пехуымпарад Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн цавӕр ныфс лӕвӕрдта ӕмӕ «сусӕгдзинад» цы уыд?
3 Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕн уыдаид, ӕмӕ, Йегъовӕмӕ цы фӕнд уыд, уый никуы сӕххӕст уыдзӕн. Йӕ фӕнд та уыд, цӕмӕй зӕхх ӕххӕст адӕмӕй байдзаг уыдаид. Фӕлӕ Хуыцау уайтагъд аскъуыддзаг кодта, куыд бакӕндзӕн, уый. Уый загъта: «Ӕз дӕу [калмы] ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ уый байзӕддаджы кӕрӕдзийӕн скӕндзынӕн знӕгтӕ. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Райдиан 3:15).
4 Ацы ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты? Чи у уыцы сылгоймаг? Чи у калм? Чи у, калмы сӕр чи хъуамӕ ныцъцъӕл кодтаид, уыцы «байзӕддаг»? Адам ӕмӕ Евӕ уый нӕ зыдтой. Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ ныфс лӕвӕрдтой, Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион чи уыд, уыдонӕн. Уыцы пехуымпарады фӕрцы зыдтой, Йегъовӕ фыддзинадӕн, тӕригъӕдӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн ӕмӕ йӕ фӕнд кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Фӕлӕ уый куыд хъуамӕ сарӕзтаид? Уый уыд сусӕгдзинад. Библи йӕ хоны Хуыцауы «ӕмбӕхст зонд» (1 Коринфӕгтӕм 2:7).
5. Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад сындӕггай цӕмӕн ӕргом кодта, уый цавӕр цӕвиттонӕй ис бамбарын кӕнӕн?
5 Йегъовӕ у «сусӕгдзинӕдтӕ Ӕргомгӕнӕг Хуыцау», ӕмӕ, рӕстӕг куыд цыди, афтӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыцы сусӕгдзинад раргом кодта (Данел 2:28). Ӕрмӕст ӕй раргом кодта сындӕггай. Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Гыццыл лӕппу йӕ фыды бафарста: «Па, ӕз та уын кӕм уыдтӕн?» Ӕмбаргӕ фыд ын радзурдзӕн, йӕ бон бамбарын цас у, ӕрмӕст уыйбӕрц. Лӕппу куы фестырдӕр уа, уӕд та йын фылдӕр цыдӕртӕ радзурдзӕн. Афтӕ Йегъовӕ дӕр фӕзоны, цы саразынмӕ хъавы, уый йӕ адӕмӕн раргом кӕнын кӕд хъӕуы, уый (Ӕмбисӕндтӕ 4:18; Данел 12:4).
6. а) Бадзырд цӕй тыххӕй скӕнынц? б) Йегъовӕ-иу адӕмимӕ бадзырдтӕ цӕмӕн скодта?
6 Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинад куыд ӕргом кодта? Уый тыххӕй сарӕзта цалдӕр бадзырды. Уыдон уыдысты зӕрдӕвӕрдты хуызӕн. Чи зоны, искуы хӕдзар ӕлхӕдтай, йе та искӕмӕй ӕхца ӕфстау истай кӕнӕ искӕмӕн ӕфстау лӕвӕрдтай. Уыцы адӕймагимӕ цӕуыл баныхас кодтат, уый фӕдыл скодтат документ, кӕнӕ бадзырд. Афтӕ кӕй бакодтат, уымӕ гӕсгӕ уӕ дыууӕ дӕр фидарӕй зыдтат, цӕуыл баныхас кодтат, уый ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзыстут. Фӕлӕ Йегъовӕйы та адӕмимӕ бадзырд скӕнын цӕмӕн бахъуыди? Йегъовӕ цыдӕр саразынӕй зӕрдӕ куы бавӕра, уӕд уый дӕр фаг у, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕмӕнг ӕй кӕй сараздзӕн, ууыл. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ бадзырдтӕ скодта, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕм фидарӕй ӕууӕндой, зӕрдӕ сын цӕмӕй бавӕрдта, ууыл (Дзуттӕгтӕм 6:16–18).
Бадзырд Авраамимӕ
7, 8. а) Йегъовӕ Авраамимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ уымӕй йӕ сусӕгдзинады тыххӕй цы ис базонӕн? б) Йегъовӕ сабыргай куыд ӕргом кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕй хӕдзарвӕндагӕй рацӕудзӕн, уый?
7 Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы дзӕнӕтӕй куы расырдта, уымӕй дыууӕ мин азы фӕстӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн загъта: «Арвыл стъалытӕ... куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Ӕмӕ дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр, мӕ ныхасмӕ мын кӕй байхъуыстай, уый тыххӕй» (Райдиан 22:17, 18). Йегъовӕ Авраамӕн уымӕй зӕрдӕ куы бавӕрдта, уӕд уый фӕстӕ йемӕ бадзырд скодта ӕмӕ ма йын сомы дӕр ракодта (Райдиан 17:1, 2; Дзуттӕгтӕм 6:13–15). Дунедарӕг Стыр Хуыцау адӕмӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн, уый фӕдыл бадзырд скодта. Уый диссаг куыннӕ у!
«Арвыл стъалытӕ... куыд бирӕ ис, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты»
8 Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕй бамбарын кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг зӕххон адӕймаг кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыдзӕн Авраамы байзӕддаг. Фӕлӕ бӕлвырдӕй чи уыдзӕн? Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, байзӕддаг кӕй рацӕудзӕн Авраамы фырт Исахъӕй, Исахъы дыууӕ фыртӕй та – Иаковӕй (Райдиан 21:12; 28:13, 14). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ Иаковы 12 фыртӕй сӕ иуы тыххӕй ахӕм ныхӕстӕ зӕгъын кодта: «Иудӕйы къухы уыдзӕн паддзахы лӕдзӕг, ӕмӕ хицауы лӕдзӕг – йӕ дыууӕ къахы ’хсӕн, цалынмӕ Шило [нысан кӕны «кӕй у, уый», фиппаинаг] не ’рцӕуа, уӕдмӕ. Ӕмӕ уый коммӕ кӕсдзысты адӕмтӕ» (Райдиан 49:10). Афтӕ рабӕрӕг, байзӕддаг кӕй уыдзӕн паддзах, ӕмӕ уыдзӕн Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чидӕр.
Бадзырд Израилы адӕмимӕ
9, 10. а) Йегъовӕ Израилы адӕмимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ сӕ уыцы бадзырд куыд хъахъхъӕдта? б) Закъонӕй куыд уыди бӕрӕг, адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъӕуы, уый?
9 Нӕ эрӕйы размӕ 1513 азы Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджы цыдӕр раргом кодта, Авраамы байзӕддӕгтимӕ, ома Израилы адӕмимӕ, цы бадзырд скодта, уый фӕрцы. Абон Моисейы закъоны бадзырд йӕ тыхы нал ис. Фӕлӕ дзы Йегъовӕ спайда кодта, цӕмӕй зӕрдӕвӕрд байзӕддаг фӕзындаид. Куыд? Ӕркӕсӕм ӕртӕ хъуыддагмӕ. Фыццаг, Закъон дзуттӕгты хъахъхъӕдта (Ефесӕгтӕм 2:14). Уый фӕрцы дзуттӕгтӕ сӕхи хызтой, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, уыцы адӕмтӕй. Афтӕмӕй Закъон бахъахъхъӕдта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕмӕй хъуамӕ рацыдаид, уыцы хӕдзарвӕндаг, ома Иудӕйы хӕдзарвӕндаг. Уыцы Закъон куы нӕ уыдаид, уӕд бӕрӕг нӕу, Мессийӕ куы хъуамӕ фӕзындаид, уыцы рӕстӕгмӕ ма израилӕгтӕ уыдаиккой ӕви нӕ, уый.
10 Дыккаг, Закъонӕй бӕрӕг уыди, адӕмы тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъуыди. Закъон ӕххӕст кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ ӕмбӕрстой, ӕнӕххӕст адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу, цыдӕриддӕр дзы фыст уыд, уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Афтӕмӕй Закъон «адӕмы фыдракӕндтӕ раргом кодта», «Хуыцау... зӕрдӕ кӕмӕн бавӕрдта, уыцы байзӕддаг цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ» (Галатӕгтӕм 3:19). Закъонмӕ гӕсгӕ цы фосы нывӕндтӕ хастой, уыдонӕн сӕ бон нӕ уыд адӕмы сӕ тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссыгъдӕг кӕнын. Апостол Павел ныффыста: «Галты ӕмӕ сӕгъты тугӕй тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕггӕнӕн нӕй». Уӕдӕ уыцы нывӕндтӕ адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, тӕригъӕдӕй балхӕнын сӕ кӕй хъӕуы. Ома хъуыди, сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ бынтондӕр чи ссыгъдӕг кодтаид, ахӕм нывонд (Дзуттӕгтӕм 10:1–4). Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕн Закъоны бадзырд сси «сывӕллонгӕсы хуызӕн» ӕмӕ сӕ «кодта Чырыстимӕ» (Галатӕгтӕм 3:24).
11. Закъоны бадзырд Израилӕн цавӕр диссаджы фадат лӕвӕрдта, фӕлӕ дзы израилӕгтӕ ӕнӕхай цӕмӕн фесты?
11 Ӕртыккаг, уыцы бадзырд Израилы адӕмӕн лӕвӕрдта диссаджы фадат. Йегъовӕ сын загъта, Закъон куы ӕххӕст кӕной, уӕд кӕй суыдзысты «сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6). Ӕмӕ фӕстӕдӕр Йегъовӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕй лӕггад кӕнынӕн кӕй равзӕрста, уыдонӕй фыццӕгтӕ уыдысты израилӕгтӕ. Фӕлӕ Израилы адӕм Закъоны бадзырды ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ Мессийӕйыл нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй сыл Йегъовӕ йӕ къух систа. Уӕдӕ Йегъовӕ сӕ бӕсты кӕй хъуамӕ равзӕрстаид? Уыцы сауджынты паддзахад ӕмӕ, Йегъовӕ зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы байзӕддаг кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты? Ацы фарстатӕн Хуыцау дзуапп хъуамӕ фӕстӕдӕр радтаид.
Давидимӕ арӕзт бадзырд Паддзахады тыххӕй
12. Йегъовӕ Давидимӕ цавӕр бадзырд скодта ӕмӕ уыцы бадзырдӕй йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр цы рабӕрӕг?
12 Паддзах Давиды заман Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр иу цыдӕр раргом кодта, иу бадзырд ма куы скодта, уӕд. Иузӕрдион паддзах Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ фӕстӕ сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы... ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн... Ӕмӕ йын ӕз йӕ паддзахбадӕн сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм» (2 Самуилы 7:12, 13; Псалом 89:3). Уымӕй рабӕрӕг, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг Давиды хӕдзарвӕндагӕй кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, цӕмӕй зӕххон адӕймаг ӕнустӕм паддзах уа? (Псалом 89:20, 29, 34–36). Кӕнӕ адӕмы тӕригъӕдӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна?
13, 14. а) 110-ӕм псаломмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ йӕ сӕрст Паддзахӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? б) Йегъовӕйы пехуымпартӕ ма зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы тыххӕй ноджыдӕр цы загътой?
13 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй Давид ныффыста: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ мӕ Хицауӕн: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Йегъовӕ расомы кодта,– ӕмӕ фӕсмон нӕ фӕкӕндзӕн: „Ды дӕ Мелхиседекы хуызӕн сауджын ӕнустӕм!“» (Псалом 110:1, 4). Давиды ныхӕстӕ комкоммӕ амыдтой зӕрдӕвӕрд байзӕддагмӕ, ома Мессийӕмӕ (Хъуыддӕгтӕ 2:35, 36). Уыцы Паддзахӕн йӕ паддзахбадӕн хъуамӕ Иерусалимы ма уыдаид, фӕлӕ уӕлӕрвты, Йегъовӕйы «рахиз фарс». Ӕмӕ йӕ бар хъуамӕ цыдаид ӕрмӕст Израилы зӕххыл нӕ, фӕлӕ ӕгас зӕххыл дӕр (Псалом 2:6–8). Ацы стихтӕй ма базонӕн ис ноджыдӕр иу ахсджиаг хъуыддаг. Йегъовӕ расомы кодта, Мессийӕ кӕй уыдзӕн «Мелхиседекы хуызӕн сауджын». Мелхиседек царди Авраамы заман ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг паддзах дӕр уыди ӕмӕ сауджын дӕр. Ӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаджы дӕр Хуыцау хъуамӕ сӕвӕрдтаид Паддзахӕй ӕмӕ Сауджынӕй (Райдиан 14:17–20).
14 Уый фӕстӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй йӕ пехуымпарты уылты ноджы цыдӕртӕ раргом кодта. Зӕгъӕм, Исай бамбарын кодта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг адӕмы тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн (Исай 53:3–12). Михей бирӕ раздӕр загъта, Мессийӕ кӕм райгуырдзӕн, уый (Михей 5:2). Данел та ма загъта, зӕрдӕвӕрд байзӕддаг бӕлвырдӕй кӕд фӕзындзӕн ӕмӕ кӕд амӕлдзӕн, уый (Данел 9:24–27).
Сусӕгдзинад раргом!
15, 16. а) Йегъовӕйы Фырт сылгоймагӕй куыд райгуырд? б) Йесо йӕ зӕххон ныййарджытӕй бынӕн цы райста ӕмӕ зӕрдӕвӕрд байзӕддаг кӕд сси?
15 Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ куыд хъуамӕ сӕххӕст уыдаиккой, уый ничи зыдта, цалынмӕ Мессийӕ йӕхӕдӕг нӕ фӕзынд, уӕдмӕ. Фӕлӕ Галатӕгтӕм 4:4 стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй, «афон куы ’рцыд, уӕд Хуыцау йӕ Фырты рарвыста – уый райгуырд сылгоймагӕй». Нӕ эрӕйы размӕ 2-ӕм азы зӕд иудейаг чызг Марийӕйӕн загъта: «Ды басывӕрджын уыдзынӕ ӕмӕ дын райгуырдзӕн лӕппу, ӕмӕ-иу ӕй схон Йесо. Уый уыдзӕн номдзыд адӕймаг ӕмӕ йӕ хондзысты Иунӕг Стыр Хуыцауы Фырт. Уымӕн Йегъовӕ Хуыцау ратдзӕн йӕ фыд Давиды паддзахбадӕн... Иунӕг Стыр Хуыцау дыл йӕ сыгъдӕг тых ӕруадздзӕн ӕмӕ дӕ йӕ хъаруйы фӕрцы йӕ дӕлбазыр бакӕндзӕн. Гъе уый тыххӕй, цы лӕппу дын райгуыра, уый хондзысты Хуыцауӕй ӕрвыст, Хуыцауы Фырт» (Лукайы 1:31, 32, 35).
16 Йегъовӕ йӕ Фырты цард рахаста уӕларвӕй зӕхмӕ, Марийӕйы гуыбынмӕ, цӕмӕй сылгоймагӕй райгуырдаид. Марийӕ уыд ӕнӕххӕст адӕймаг. Фӕлӕ Йесо уыди «Хуыцауы Фырт» ӕмӕ йӕ туджы ӕнӕххӕстдзинад нӕ рахаста. Фӕлӕ йӕ зӕххон ныййарджытӕй бынӕн цыдӕр райста. Сӕ дыууӕ дӕр паддзах Давиды байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уый Йесойӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй Давиды паддзахбадӕныл ӕрбадтаид ӕмӕ Паддзах суыдаид (Хъуыддӕгтӕ 13:22, 23). Нӕ эрӕйы 29 азы Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕй Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрста ӕмӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт» (Матфейы 3:16, 17). Байзӕддаг фӕзынд! (Галатӕгтӕм 3:16). Рӕстӕг ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ сусӕгдзинады тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ раргом кодтаид (2 Тимофеймӕ 1:10).
17. Райдианы 3:15 стихы кӕй кой цӕуы, уыдоны тыххӕй цы раргом?
17 Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд раргом кодта, Райдианы 3:15 стихы цы калмы кой цӕуы, уый Хӕйрӕг кӕй у, калмы байзӕддаг та – Хӕйрӕджы зондыл чи цӕуы, уыдон (Матфейы 23:33; Иоанны 8:44). Фӕстӕдӕр раргом, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕнустӕм сӕфт кӕй ӕрцӕудзысты (Раргомад 20:1–3, 10, 15). Раргом ма, уыцы пехуымпарады цы сылгоймаджы кой цӕуы, уый кӕй у «уӕларвон Иерусалим», кӕнӕ Хуыцауы ус. «Уӕларвон Иерусалим» у Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай – йӕ иузӕрдион зӕдтӕa (Галатӕгтӕм 4:26; Раргомад 12:1–6).
Ног бадзырд
18. «Ног бадзырд» цӕй тыххӕй ӕрцыд арӕзт?
18 Фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, сусӕгдзинады тыххӕй ӕппӕты диссагдӕр хабӕрттӕ Йесо раргом кодта йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв: йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта «ног бадзырды» тыххӕй (Лукайы 22:20). Моисейы Закъоны бадзырдау ног бадзырд дӕр арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй фӕзындаид «сауджынты паддзахад» (Рацыд 19:6; 1 Петры 2:9). Уыцы бадзырды нысан уыд, цӕмӕй ӕнӕуи цавӕрдӕр адӕм ма фӕзындаид, фӕлӕ «Хуыцауы Израил» (Галатӕгтӕм 6:16). «Хуыцауы Израилмӕ» хауынц ӕрмӕстдӕр Йесо Чырыстийы иузӕрдион сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ. Уыдон Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты, ӕмӕ сӕ фӕрцы зӕххыл цӕрӕг иузӕрдион адӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты.
19. а) Уый гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй ног бадзырды фӕрцы «сауджынты паддзахад» фӕзындаид? б) Сӕрст чырыстӕттӕ, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймӕгтӕ» цӕмӕн хуыйнынц ӕмӕ, уӕлӕрвты Чырыстиимӕ чи лӕггад кӕндзӕн, уыдон цас уыдзысты?
19 Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн куыд уыд, цӕмӕй ног бадзырды фӕрцы фӕзындаид, адӕмӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм «сауджынты паддзахад»? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуынц Йесо Чырыстийы нывонды фӕрцы (Йереми 31:31–34). Уый фӕстӕ Йегъовӕйы цӕсты свӕййынц рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд адӕймӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕ йӕ уӕларвон бинонтыл банымайы ӕмӕ сӕ йӕ сыгъдӕг тыхӕй байсӕрды (Ромӕгтӕм 8:15–17; 2 Коринфӕгтӕм 1:21). Афтӕмӕй сӕ «ногӕй райгуырын кӕны ӕмӕ сын ратты удӕгас ныфс» – уӕлӕрвты цӕрыны ныфс (1 Петры 1:3, 4). Адӕмӕй ахӕм кады аккаг кӕй никуы ничи уыд, уымӕ гӕсгӕ Библи сӕрст чырыстӕтты хоны, «Хуыцау кӕй сфӕлдыста, ахӕм ног адӕймӕгтӕ» (2 Коринфӕгтӕм 5:17). Библи нын ӕргом кӕны, зӕххӕн уӕлӕрвтӕй разамынд чи дӕтдзӕн, уыдон кӕй уыдзысты 144 000 (Раргомад 5:9, 10; 14:1–4).
20. а) Нӕ эрӕйы 36 азы сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр цы раргом? б) Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй хай кӕмӕн уыдзӕн?
20 Йесоимӕ уыцы сӕрст чырыстӕттӕ дӕр систы «Авраамы байзӕддӕгтӕ»b (Галатӕгтӕм 3:29). Фыццаг ӕвзӕрст чи ’рцыд, уыдон уыдысты дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ нӕ эрӕйы 36 азы Йегъовӕ сусӕгдзинады тыххӕй ноджыдӕр иу хабар раргом кодта. Йесоимӕ уӕлӕрвтӕй зӕххӕн разамынд чи дӕтдзӕн, уыдоны ӕвзарын райдыдта, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕй дӕр (Ромӕгтӕм 9:6–8; 11:25, 26; Ефесӕгтӕм 3:5, 6). Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй хай ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕн уыдзӕн? Нӕ. Йесо йӕ цард алкӕй тыххӕй дӕр радта (1 Иоанны 2:2). Фӕстӕдӕр Йегъовӕ раргом кодта, «тынг бирӕ адӕм» кӕй фервӕздзысты, Хӕйрӕджы дуне сӕфт куы ’рцӕуа, уӕд (Раргомад 7:9, 14). Ноджы фылдӕр адӕм та райгас уыдзысты ӕмӕ сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой (Лукайы 23:43; Иоанны 5:28, 29; Раргомад 20:11–15; 21:3, 4).
Хуыцауы стыр зонд ӕмӕ сусӕгдзинад
21, 22. Йегъовӕйӕн йӕ сусӕгдзинадӕй йе стыр зонд куыд зыны?
21 Сусӕгдзинад диссаджы хуызы ӕвдисы, «алы ӕмӕ алыхуызӕтты чи зыны, Хуыцауы уыцы зонд» (Ефесӕгтӕм 3:8–10). Йе стыр зонд бӕрӕг у, сусӕгдзинады тыххӕй уайтагъд кӕй фехъусын кодта ӕмӕ йӕ стӕй сабыргай кӕй ӕргом кодта, уымӕй. Йегъовӕ не Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зыдта, ахӕм арф хъуыдытӕ адӕмӕн сӕ бон уайтагъд бамбарын кӕй нӕ уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы сусӕгдзинад сабыргай кӕй ӕргом кодта, уымӕй сын фадат радта, цӕмӕй равдыстаиккой, кӕй йыл ӕууӕндынц, уый (Псалом 103:14).
22 Йегъовӕйы ӕгӕрон зонд ма хорз зыны, Паддзахӕй Йесойы кӕй равзӕрста, уымӕй дӕр. Зӕдтӕй дӕр ӕмӕ адӕмӕй дӕр Йегъовӕйы Фыртӕй тынгдӕр ӕууӕндӕн никӕуыл ис. Йесо адӕймаг куы уыди ӕмӕ зӕххыл куы цард, уӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уымӕ гӕсгӕ адӕмы тынг хорз ӕмбары (Дзуттӕгтӕм 5:7–9). Уый зӕгъӕн ис, Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдонӕй дӕр. Ӕнусты дӕргъы Йегъовӕ ӕвзӕрста нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты алы адӕмтӕй, алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ адӕмыхӕттытӕй. Ӕмӕ цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, се ’хсӕн кӕй ис, мах зындзинады хуызӕн зындзинадыл чи сӕмбӕлд ӕмӕ йӕ бон йӕ сӕрты ахизын кӕмӕн баци, ахӕмтӕ (Ефесӕгтӕм 4:22–24). Цы хорз у, ӕцӕгдӕр нӕ чи ӕмбары ӕмӕ нын баххуыс кӕнын кӕй фӕнды, ахӕм паддзӕхтӕ ӕмӕ нын сауджынтӕ кӕй уыдзӕн!
23. Йегъовӕйы сусӕгдзинад зонын стыр кад цӕмӕн у ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм?
23 Апостол Павел ныффыста: «Ивгъуыд заманты ӕмӕ раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом чи нӕ уыд, уыцы сусӕгдзинад... ныр [Хуыцау] раргом кодта йӕ сыгъдӕг лӕггадгӕнджытӕн» (Колоссӕгтӕм 1:26). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйы сӕрст сыгъдӕджытӕ бирӕ цыдӕртӕ бамбӕрстой уыцы сусӕгдзинады тыххӕй ӕмӕ, цы базыдтой, уый милуантӕн радзырдтой. Уыцы сусӕгдзинад зонын стыр кад у! Йегъовӕ нын «раргом... кодта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сусӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 1:9). Уӕдӕ уыцы диссаджы сусӕгдзинад иннӕтӕн дӕр дзурӕм, цӕмӕй уыдон дӕр Йегъовӕйы стыр зонды тыххӕй базоной.
a Раргом ма ноджыдӕр иу сусӕгдзинад – «Хуыцауыл алы хъуыддаджы дӕр иузӕрдион чи уыдзӕн», уый чи хъуамӕ уыдаид, уый (1 Тимофеймӕ 3:16). Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уый уыди Йесо. Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй исчи баззайдзӕн ӕви нӕ, уый ӕнусты дӕргъы уыди сусӕгдзинад. Йесо йӕ цардӕй равдыста, уымӕн гӕнӕн кӕй уыд. Кӕд ӕй Хӕйрӕг фӕлвӕрдта, уӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад (Матфейы 4:1–11; 27:26–50).
b Йесо дӕр сӕрст чырыстӕттимӕ скодта «бадзырд паддзахады тыххӕй» (Лукайы 22:29, 30). Афтӕмӕй Йесо «гыццыл дзугӕн» ныфс бавӕрдта, йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр Авраамы байзӕддагмӕ хауынц (Лукайы 12:32).