Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • cl 20 сӕр, 199–208 фф.
  • Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг
  • Баввахс у Йегъовӕмӕ
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
  • Йегъовӕ иннӕты бартӕй схайджын кӕны ӕмӕ алкӕддӕр байхъусынмӕ цӕттӕ вӕййы
  • Йегъовӕ у ӕмбаргӕ Хуыцау, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы
  • Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ӕвдисы?
  • Архайут, цӕмӕй сӕрныллӕг уат
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Иегъовӕ йӕ кад ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йегъовӕ тынг аргъ кӕны йӕ сӕрныллӕг лӕггадгӕнджытӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
  • Йесо равдыста, куыд сӕрныллӕг хъуамӕ уӕм, уый
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2012
Фылдӕр фенын
Баввахс у Йегъовӕмӕ
cl 20 сӕр, 199–208 фф.
Фыд йӕ гыццыл лӕппуйы раз дзуццӕджы ӕрбадт ӕмӕ йӕм йӕ мидбылты худгӕйӕ кӕсы.

20 СӔР

Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕг

1–3. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг у?

ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн: фыды фӕнды йӕ гыццыл сывӕллонӕн ахсджиаг цыдӕр бамбарын кӕнын. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йын цы дзуры, уый йын йӕ зӕрдӕ бацагайа. Куыд ныхас кӕндзӕн йемӕ? Сывӕллоны раз слӕудзӕн ӕмӕ йӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсдзӕн ӕмӕ йемӕ тызмӕгӕй ныхас кӕндзӕн? Ӕви йӕм ӕргуыбыр кӕндзӕн ӕмӕ йемӕ фӕлмӕнӕй ныхас кӕндзӕн? Зондджын ӕмӕ сӕрныллӕг фыд йӕ сывӕллонимӕ ныхас кӕндзӕн сабырӕй.

2 Йегъовӕ та цавӕр Фыд у? Сӕрбӕрзонд у ӕви сӕрныллӕг, тызмӕг ӕви фӕлмӕн? Йегъовӕ алцыдӕр зоны, уымӕй зондджындӕр нӕй. Бирӕ цыдӕртӕ чи фӕзоны ӕмӕ ахуыргонд чи вӕййы, ахӕм адӕм арӕхдӕр сӕрбӕрзонд вӕййынц. Библийы фыст ис: «Зонындзинӕдтӕй адӕймаг йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын райдайы» (1 Коринфӕгтӕм 3:19; 8:1). Фӕлӕ кӕд Йегъовӕ «зӕрдӕйӕ зондджын», ома тынг зондджын у, уӕддӕр сӕрныллӕг у (Иов 9:4). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ кӕмӕйдӕр дӕлдӕр у кӕнӕ кадджын Хуыцау нӕу. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрбӕрзонд нӕу. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис?

3 Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕвзӕр миниуджытӕ нӕй, зӕгъӕм, сӕрбӕрзонддзинад (Марчы 7:20–22). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, пехуымпар Йереми Йегъовӕйӕн цы загъта, ууыл: «Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ мӕм дӕхи ӕркъул кӕндзынӕ»a (Йеремийы хъарӕг 3:20). Уый диссаг нӕу? Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ цӕттӕ уыди ӕнӕххӕст адӕймагмӕ йӕхи «ӕркъул кӕнынмӕ», ома ӕргуыбыр кӕнынмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Псалом 113:7). Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у сӕрныллӕг. Фӕлӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йӕ сӕрныллӕгдзинад йе стыр зондыл дзурӕг куыд у? Ӕмӕ, сӕрныллӕг кӕй у, уый нын цы пайда у?

Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

4, 5. а) Цы у сӕрныллӕгдзинад? Йегъовӕ уыцы миниуӕг куыд ӕвдисы ӕмӕ, сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг нӕу? б) Йегъовӕ-иу Давидмӕ куыд ӕргуыбыр кодта ӕмӕ, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый махӕн цы пайда у?

4 Сӕрныллӕг адӕймаг йӕхицӕй цыдӕр ӕнхъӕл нӕ вӕййы, стӕй сӕрбӕрзонд дӕр нӕ вӕййы. Уый вӕййы фӕлмӕн, фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ фӕразон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хӕрам хъуыддӕгтӕм никуы фӕмӕсты кӕны. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕу, ӕмӕ лӕмӕгъ Хуыцау у, стӕй йӕм фаг хъӕбатырдзинад нӕй, цӕмӕй сӕфты хай бакӕна, фесафын цы хъӕуы, уый. Фӕлӕ сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн кӕй у, уымӕй бӕрӕг у, йӕ бон кӕй у йӕхиуыл хӕцын ӕмӕ йе стыр тыхӕй алкӕддӕр раст кӕй фӕархайы (Исай 42:14). Сӕрныллӕг кӕй у, уый ма йе стыр зондыл дзурӕг дӕр у. Уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Иу библииртасӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг сӕрныллӕг вӕййы, хиуарзон куы нӕ вӕййы, уӕд ӕмӕ ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаг вӕййы ӕцӕг зондджын. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый махӕн цы пайда у?

Ӕмбаргӕ фыд вӕййы фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг

5 Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Ды мын ратдзынӕ дӕ ирвӕзындзинады уарт, дӕ рахиз къух мыл хӕцдзӕн, ӕмӕ мӕ дӕ сӕрныллӕгдзинад сбӕрзонд кӕндзӕн» (Псалом 18:35). Давид зыдта, кӕд ӕнӕххӕст адӕймаг уыд, уӕддӕр-иу ӕм Йегъовӕ кӕй ӕргуыбыр кодта, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕдтаид ӕмӕ йын ӕххуыс кодтаид. Зыдта, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй уыд ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, ӕрмӕстдӕр-иу уый фӕрцы кӕй фервӕзт йе знӕгтӕй ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы кӕй суыдзӕн паддзах. Ӕмӕ афтӕ у нӕ хабар махӕн дӕр. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у ӕмӕ нын фӕлмӕн ӕмӕ уарзӕгой фыдау кӕй ӕххуыс кӕны, ӕрмӕстдӕр нын уый фӕрцы ис фервӕзыны ныфс.

6, 7. а) Библийы иу ран дӕр афтӕ фыст цӕуылнӕ ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕ бонзонгӕ у? б) Фӕлмӕн удыхъӕд ӕмӕ зонд кӕрӕдзийыл куыд баст сты ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы ӕппӕтӕй тынгдӕр фӕзминаг чи у?

6 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ бонзонгӕдзинад иу не сты. Бонзонгӕдзинад у, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр йӕ удыхъӕды фидар кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм хорз миниуӕг. Сӕрныллӕгдзинад зондимӕ баст куыд у, афтӕ бонзонгӕдзинад дӕр. Зӕгъӕм, Ӕмбисӕндты 11:2 стихы кӕсӕм: «Зонд... ис бонзонгӕтӕм». Фӕлӕ Библийы афтӕ никуы ис фыст, зӕгъгӕ, Йегъовӕ бонзонгӕ у. Цӕуылнӕ? Библийы дзырд «бонзонгӕ» амоны, адӕймаг кӕй ӕмбары, йӕ бон алцы кӕй нӕу. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн та йӕ бон алцыдӕр у, фӕлӕ цӕмӕй йӕ рӕстаг уагӕвӕрдты сӕрты ма ахиза, уый тыххӕй цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ нӕ аразы (Марчы 10:27; Титмӕ 1:2). Стӕй Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уый бар никӕмӕн ис, цӕмӕй йын дзура, цы араза, уый. Уӕдӕ Йегъовӕйы бонзонгӕ схонӕн нӕй.

7 Фӕлӕ Йегъовӕ у сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕн. Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дзуры, цӕмӕй ӕцӕг зондджын уой, уый тыххӕй фӕлмӕн кӕй хъуамӕ уой. Йӕ Ныхасы фыст ис «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахасты» тыххӕй (Иаковы 3:13). Ӕркӕсӕм, уымӕй нын Йегъовӕ фӕзминаг куыд у.

Йегъовӕ иннӕты бартӕй схайджын кӕны ӕмӕ алкӕддӕр байхъусынмӕ цӕттӕ вӕййы

8–10. а) Йегъовӕ иннӕтӕн бар кӕй ратты, цӕмӕй йӕ номӕй архайой ӕмӕ сӕм кӕй байхъусы, уый диссаг цӕмӕн у? б) Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау зӕдтимӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

8 Йегъовӕ куыд сӕрныллӕг у, уый диссаг у. Зӕгъӕм, иннӕты цавӕрдӕр бартӕй схайджын кӕны ӕмӕ сӕм байхъусынмӕ цӕттӕ вӕййы. Уый ӕцӕгдӕр диссаг у, уымӕн ӕмӕ никӕй ӕххуыс ӕмӕ никӕй уынаффӕ хъуаг у (Исай 40:13, 14; Ромӕгтӕм 11:34, 35). Фӕлӕ-иу уӕддӕр Йегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, уымӕн Библийы бирӕ цӕвиттонтӕ ис.

9 Ӕркӕсӕм Авраамы цардӕй иу ахсджиаг хабармӕ. Иухатт ӕм ӕрцыд ӕртӕ уазӕджы. Уыдонӕй иуы Авраам хуыдта «Йегъовӕ». Уазджытӕ уыдысты зӕдтӕ. Уыцы зӕдтӕй иу цӕугӕ дӕр Йегъовӕйы номӕй ӕркодта ӕмӕ архайгӕ дӕр уый номӕй кодта. Уыцы зӕд-иу куы дзырдта ӕмӕ-иу исты куы арӕзта, уӕд-иу цыма Йегъовӕ йӕхӕдӕг дзырдта ӕмӕ исты арӕзта, афтӕ уыд. Зӕды уылты Йегъовӕ Авраамӕн загъта, «Содом ӕмӕ Гоморрӕйӕ тынг хъаст кӕнынц», зӕгъгӕ. Йегъовӕ загъта: «Ныццӕуон ӕмӕ йӕ фенон, цымӕ сӕ куыд хъаст кӕнынц, ӕцӕгдӕр ахӕм митӕ кӕнынц ӕви нӕ. Хъуамӕ йӕ базонон» (Райдиан 18:3, 20, 21). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг нӕ уыдысты, ӕмӕ хъуамӕ уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ «ныццыдаид», фӕлӕ зӕхмӕ йӕ номӕй зӕдты кӕй арвыста, ууыл (Райдиан 19:1). Цӕмӕн сӕ арвыста? Цымӕ, алцы чи уыны, уыцы Хуыцау нӕ зыдта, уыцы горӕтты цытӕ цыди, уый? Куыннӕ йӕ зыдта! Фӕлӕ сӕрныллӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ зӕдтӕн бахӕс кодта, цӕмӕй хабӕрттӕ бӕлвырд базыдтаиккой ӕмӕ Лоты ӕмӕ йӕ бинонты Содомы бабӕрӕг кодтаиккой.

10 Уымӕй уӕлдай ма, Йегъовӕ иннӕтӕм байхъусын йӕ сӕрмӕ хӕссы. Иухатт йӕ зӕдты бафарста, фыдзӕрдӕ паддзах Ахавы хӕстмӕ куыд расайӕн уыд, цӕмӕй уым фӕмард уыдаид. Йегъовӕ уынаффӕхъуаг нӕ уыди. Фӕлӕ зӕдтӕй сӕ иу хорз хъуыды загъта. Йегъовӕ йын йӕ уынаффӕйыл сразы ӕмӕ йын йӕхицӕн бахӕс кодта, куыд загъта, афтӕ бакӕнын (1 Паддзӕхты 22:19–22). Уый у ӕцӕг сӕрныллӕгдзинад!

11, 12. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый Авраам йӕхи цӕстӕй куыд федта?

11 Йегъовӕ цӕттӕ вӕййы суанг ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕм байхъусынмӕ дӕр, цы сӕ фӕтыхсын кӕны, уыдӕттӕ йын куы фӕдзурынц, уӕд. Зӕгъӕм, Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Авраамӕн куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынмӕ кӕй хъавы, уӕд Авраам стыхст ӕмӕ йын загъта: «Нӕ мӕ уырны, ӕмӕ ды афтӕ бакӕнай! Ау, ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон нӕ рахӕсдзӕн?» Авраам Йегъовӕйы бафарста, уыцы горӕтты 50 рӕстгӕнӕджы куы разына, уӕддӕр сӕ фесафдзынӕ, зӕгъгӕ. Йегъовӕ йын фидарӕй загъта, кӕй сӕ нӕ фесафдзӕн. Фӕлӕ та йӕ Авраам ногӕй бафарста, 45 йеддӕмӕ дзы куы нӕ уа, уӕд та, зӕгъгӕ. Стӕй сын сӕ нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кодта. Ӕмӕ-иу ын Йегъовӕ алы хатт дӕр йӕ ныхасыл сразы. Фӕлӕ йӕ Авраам уӕддӕр фарста ӕмӕ фарста, цалынмӕ сын сӕ нымӕц дӕсмӕ нӕ ӕрӕппӕрста, уӕдмӕ. Ӕвӕццӕгӕн, Авраам уӕд кӕронмӕ нӕма ’мбӕрста, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, Йегъовӕ йӕ хӕлар ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Аврааммӕ фӕразонӕй ӕмӕ сӕрныллӕгӕй хъуыста, цы йӕ тыхсын кодта, уый йын куы дзырдта, уӕд (Райдиан 18:23–33).

12 Ахуыргонд адӕмӕн сӕ фылдӕр афтӕ фӕразонӕй нӕ байхъусиккой, уыдоны хуызӕн ахуыргонд чи нӕу, уыдонмӕb. Фӕлӕ нӕ сӕрныллӕг Хуыцау та байхъуыста! Хуыцауимӕ ныхас кӕнгӕйӕ ма Авраам бамбӕрста, Йегъовӕ «мӕсты кӕнынмӕ тагъд [кӕй] нӕ кӕны», уый дӕр (Рацыд 34:6). Авраам, ӕвӕццӕгӕн, ӕмбӕрста, уый бар ын кӕй нӕй, цӕмӕй дызӕрдыг кӕна, Иунӕг Стыр Хуыцау раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл. Ӕмӕ йын дыууӕ хатты дӕр уый тыххӕй ныллӕгъстӕ кодта: «Йегъовӕ, курӕг дӕ дӕн, ма мӕм смӕсты у» (Райдиан 18:30, 32). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ йӕм не смӕсты. Бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй ӕвдисы «зондӕй райгуыргӕ фӕлмӕн ахаст».

Йегъовӕ у ӕмбаргӕ Хуыцау, нӕ бон цы нӕу, уый нӕ нӕ домы

13. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау у?

13 Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый ма хорз зыны ноджыдӕр йӕ иу диссаджы миниуӕгӕй – у ӕмбаргӕ Хуыцау. Хъыгагӕн, адӕмӕн арӕх ацы миниуӕг нӕ фӕфаг кӕны. Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ алкӕддӕр байхъусы, адӕмы дӕр ӕмӕ йын зӕдты дӕр цы зӕгъын фӕфӕнды, уымӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы цы фӕкурынц, уый дӕр саразы, уый тыххӕй йӕ йӕ уагӕвӕрдты сӕрты хизын куы нӕ фӕхъӕуы, уӕд. Библийы дзырд «ӕмбаргӕ» нысан кӕны «ӕнцондзырд». Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уымӕй дӕр бӕрӕг у, стыр зонды хицау кӕй у, уый. Иаковы 3:17 стихы кӕсӕм: «Уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та... у... ӕмбаргӕ». Ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у? Иу уый, ӕмӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы. Ӕрхъуыды-ма кӕн, йӕ ном цы нысан кӕны: уый свӕййы, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй чи хъуамӕ суа, уый (Рацыд 3:14). Уӕдӕ Йегъовӕйы ном ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы.

14, 15. Йезекил цӕстылуайӕны цы уӕрдон федта, уымӕй нӕ бон цы у базонын Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хайы тыххӕй ӕмӕ уый адӕмы организацитӕй куыд хицӕн кӕны?

14 Йегъовӕ йӕ уынаффӕ уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй фӕивы, уый бамбарынӕн нын баххуыс кӕндзӕн, пехуымпар Йезекил цӕстылуайӕны цы федта, уый. Йезекил федта Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай, хауынц ӕм йӕ иузӕрдион зӕдтӕ. Уый федта уӕларвон уӕрдон. Уыцы уӕрдон цыди, Йегъовӕйы тых ӕй кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм. Ӕппӕты диссагдӕр уыди, цӕугӕ куыд кодта, уый. Йе стыр цӕлхытӕ цыдысты цыппарырдӕм дӕр ӕмӕ йедзаг уыдысты цӕстытӕй. Уымӕ гӕсгӕ уыцы иу рӕстӕг алырдӕм дӕр кастысты ӕмӕ сӕ бон уыди ӕвиппайды кӕцырдӕмфӕнды дӕр ацӕуын. Уый тыххӕй-иу сӕ нӕдӕр ӕрлӕууын хъуыди, нӕдӕр – фӕзилын. Йӕ цыдыл цӕст нӕ хӕцыд, стӕй афтӕ тагъд цӕугӕйӕ дӕр йӕ бон уыд йӕ фӕндаг цӕхгӕр иннӕрдӕм фӕкӕнын! (Йезекил 1:1, 14–28). Уӕдӕ Йегъовӕйы организаци дӕр цы уынаффӕтӕ рахӕссы, уыдон уайтагъд уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивы.

15 Адӕмы дӕр, чи зоны, фӕфӕнды, цӕмӕй-иу уавӕртӕм гӕсгӕ архайой. Фӕлӕ куы фӕхъӕуы, уӕд арӕх сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ организацитӕн дӕр уайтагъд нӕ рауайы, цы фӕхъӕуы, уый фӕивын. Зӕгъӕм, уӕзласӕн поезд цӕйас вӕййы ӕмӕ дзы цы тых ис, уымӕй дисы ӕфтауы. Фӕлӕ ӕвиппайды йӕ размӕ исты куы фӕуа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? Иннӕрдӕм фӕзилынмӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ дӕр ма кӕс! Стӕй уыцы тӕккӕ дӕр нӕ бауромдзӕн. Йӕ тормӕзтыл куы ныххӕца, уӕддӕр ма дыууӕ километры бӕрц йӕхигъӕдӕй цӕудзӕн. Ацы цӕвиттон хорз ӕвдисы, куы фӕхъӕуы кӕнӕ, уавӕртӕ куы фӕивынц, уӕд адӕмӕн арӕх сӕ бон кӕй нӕ вӕййы кӕнӕ сӕ кӕй нӕ фӕфӕнды, цы фӕхъӕуы, уый саразын. Уый арӕхдӕр вӕййы сӕ сӕрбӕрзонддзинады тыххӕй. Уый та уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ куыстуӕттӕ сӕхгӕнынц кӕнӕ та ма суанг хицӕутты дӕр сӕ бынӕттӕй сисынц (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Йегъовӕ ӕмӕ йӕ организаци ахӕм кӕй не сты, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг стӕм!

Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинад куыд ӕвдисы?

16. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Лоты уавӕр кӕй бамбӕрста, Содом ӕмӕ Гоморрӕ фесафынмӕ куы хъавыд, уӕд?

16 Ногӕй та ӕркӕсӕм Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хабармӕ. Йегъовӕйы зӕд Лотӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн загъта, цӕмӕй хӕхтӕм алыгъдаиккой. Фӕлӕ Лоты уырдӕм лидзын нӕ фӕндыд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Йегъовӕ, курын дӕ, ӕрмӕст хӕхтӕм нӕ!» Лот тарсти, хӕхтӕм куы алидза, уӕд кӕй амӕлдзӕн, ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йын бар радтаид, ӕмӕ йӕ бинонтимӕ уырдӕм хӕстӕг горӕт Сигормӕ алыгъдаид. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы горӕт дӕр фесафинаг уыд. Лот дзӕгъӕлы тарст хӕхтӕм алидзынӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ ӕнӕмӕнг бахъахъхъӕдтаид. Фӕлӕ йын уӕддӕр йӕ ныхасыл сразы. Зӕд Лотӕн загъта: «Хорз, ацы хъуыддаджы дӕр, дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд: цы горӕтӕй мын дзурыс, уый нӕ фесафдзынӕн» (Райдиан 19:17–22). Бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕмбаргӕ Хуыцау кӕй у, уый.

17, 18. Йегъовӕ Ниневийы цӕрджыты хабар куыд аскъуыддзаг кодта, уымӕй йе ’мбаргӕдзинад куыд зыны?

17 Йегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ адӕмы се ’взӕр хъуыддӕгты тыххӕй бафхӕрынмӕ куы фӕхъавы, уӕддӕр йӕ фӕнд фӕивы, зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕнынц, уӕд. Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Йегъовӕ пехуымпар Ионӕйы арвыста, йӕ цӕрджытӕ тынг ӕгъатыр кӕмӕн уыдысты, уыцы горӕт Ниневимӕ. Ионӕ горӕты уынгты цыди ӕмӕ Йегъовӕйы номӕй хъусын кодта иу хуымӕтӕг хабар: хъомысджын горӕт 40 боны фӕстӕ пырх ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ хабар бынтон ӕндӕрхуызон рауад. Ниневийы цӕрджытӕ ӕрфӕсмон кодтой! (Ионӕ, 3 сӕр).

18 Уыцы хъуыддагмӕ Йегъовӕ ӕмӕ Ионӕ цы цӕстӕй ракастысты, уый кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодта. Йегъовӕ архайдта уавӕрмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ «хъӕбатыр хӕстон» не сси, цӕмӕй Ниневийы цӕрджыты ныццагътаид, фӕлӕ сын ныххатыр кодтаc (Рацыд 15:3). Ионӕ та сын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, ууыл нӕ хъуыды кодта. Йегъовӕйӕ уӕлдай Ионӕ разынд, цы поезды кой кодтам, уый хуызӕн. Ионӕ горӕты цӕрджытӕн хъусын кодта, Хуыцау сӕ кӕй фесафдзӕн ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ фесӕфтаид. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ пехуымпарӕн фӕразонӕй бамбарын кодта иу ахсджиаг хъуыддаг: хъуамӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уа (Ионӕ, 4 сӕр).

Ӕрыгон ӕфсымӕр ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн уацамынды ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕны.

Йегъовӕ у ӕмбаргӕ ӕмӕ зоны, нӕ бон алцы кӕй нӕу

19. а) Фидарӕй зӕгъӕн цӕмӕн ис, Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цы нӕу, уый кӕй нӕ домы? б) Ӕмбисӕндты 19:17 стихӕй куыд зыны, Йегъовӕ «хорз ӕмӕ... ӕмбаргӕ» Хицау кӕй у ӕмӕ тынг сӕрныллӕг кӕй у?

19 Йегъовӕйы ӕмбаргӕдзинад ма бӕрӕг у, цӕмӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй дӕр. Паддзах Давид Йегъовӕйы тыххӕй загъта: «Хорз зоны, цӕмӕй конд стӕм, уый, сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу» (Псалом 103:14). Нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ ӕмӕ, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый Йегъовӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Нӕ бон цы у, уымӕй фылдӕр нӕ никуы фӕдомы. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, хицӕуттӕй иуӕй-иутӕ сты «хорз ӕмӕ... ӕмбаргӕ», иннӕтӕн та сӕ «зӕрдӕ... ницӕмӕй ис балхӕнӕн» (1 Петры 2:18). Йегъовӕ та цавӕр Хицау у? Ӕмбисӕндты 19:17 стихы фыст ис: «Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ иннӕтӕн цыфӕнды гыццыл хорздзинад куы саразӕм, уӕддӕр ӕй Йегъовӕ фены. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ хорз ӕмӕ ӕмбаргӕ Хицау кӕй у. Уый ма ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ хуымӕтӕг зӕххон адӕм кӕрӕдзийӕн исты хорздзинад куы ракӕнынц, уӕд Иунӕг Стыр Хуыцау йӕхи хӕсджыныл фӕнымайы, цӕмӕй-иу сын ӕй бафида. Уый ӕцӕгдӕр диссаджы сӕрныллӕгдзинад у!

20. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ сын дзуапп кӕй ратты, уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын цӕмӕн у?

20 Йегъовӕ абон дӕр афтӕ фӕлмӕн ӕмӕ ӕмбаргӕ кӕй у, уый зыны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд у, уымӕй. Мах ӕй зонӕм, Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ кӕй фӕхъусы. Ӕмӕ кӕд абон немӕ ныхас кӕнынмӕ йӕ зӕдты нӕ рарвиты, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп нӕ дӕтты. Апостол Павел йе ’мчырыстӕтты куы фӕдзӕхста, кувут, цӕмӕй мӕ ахӕстонӕй суӕгъд кӕной, зӕгъгӕ, уӕд ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Цӕмӕй уӕм тагъддӕр ӕрыздӕхон» (Дзуттӕгтӕм 13:18, 19). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ истӕй тыххӕй куы кувӕм, уӕд, гӕнӕн ис, сараза, саразынмӕ цы нӕ хъавыд, уый (Иаковы 5:16).

21. Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг нӕу? Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

21 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Йегъовӕ у сӕрныллӕг. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, фӕлмӕн, фӕразон, ӕмбаргӕ ӕмӕ байхъусынмӕ цӕттӕ кӕй у, уымӕй. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ закъӕтты сӕрты ахиздзӕн ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уый бар дӕтдзӕн. Дины разамонджытӕ адӕмӕн сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй фӕдзурынц, Йегъовӕ йе сӕфт кӕмӕй уыны, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразын ӕвзӕр кӕй нӕу. Уыдон, чи зоны, хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уый се ’мбаргӕдзинадыл дзурӕг у (2 Тимофеймӕ 4:3). Адӕм арӕх, ӕвзӕр цы у, уый саразынц, уымӕн ӕмӕ сын афтӕ ӕнцондӕр вӕййы, кӕд ӕй фӕзонынц, раст кӕй нӕ кӕнынц, уӕддӕр. Ӕмӕ уый ӕмбаргӕдзинадыл нымайынц. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕмбаргӕдзинадыл цы нымайы, уыимӕ йын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Йегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ закъӕтты сӕрты никуы ахиздзӕн (Левит 11:44). Уӕдӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ сӕрныллӕг кӕй у, ӕмбаргӕ дӕр уый тыххӕй кӕй у. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй уарзӕм. Йегъовӕйы зондӕн ӕмбал кӕй нӕй ӕмӕ афтӕ сӕрныллӕг кӕй у, ууыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд дӕ уый дисы нӕ бафтауы? Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ у кадджын Хуыцау, фӕлӕ уыимӕ у фӕлмӕн, фӕразон ӕмӕ ӕмбаргӕ. Ӕмӕ нӕ бон ахӕм Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр кӕнын кӕй у, уымӕй ӕхсызгондӕр цы хъуамӕ уа!

a Рагзаманты Библийы къопитӕ чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ацы стих фӕивтой, ӕмӕ ныффыстой, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ Йереми кӕй ӕргуыбыр кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Хуыцау йӕхи «ӕркъул кӕна». Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ тӕлмацты ацы диссаджы хъуыды фыст не ’рцыд.

b Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, фӕразон чи нӕу, ахӕм адӕймаг сӕрбӕрзонд у (Екклесиаст 7:8). Уӕдӕ нын Йегъовӕ кӕй быхсы, ома фӕразон кӕй у, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ тынг сӕрныллӕг у (2 Петры 3:9).

c Псалом 86:5 стихы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Ды дӕ хӕларзӕрдӕ, ды дӕ цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ». Ацы псалом грекъаг ӕвзагмӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд дзырдбаст «цӕттӕ хатыр кӕнынмӕ» ивд ӕрцыд дзырдӕй «эпиейке́с», ӕмӕ нысан кӕны «ӕмбаргӕ».

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

  • Рацыд 32:9–14. Йегъовӕ сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста, Моисей йын куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Израилы адӕмы ма фесӕфтаид, уӕд?

  • Тӕрхонгӕнджыты 6:36–40. Йегъовӕ фӕразондзинад ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста, Гедеон ын нысан равдисыны тыххӕй куы дзырдта, уӕд?

  • Псалом 113:1–9. Йегъовӕ адӕмӕн куыд у, уымӕй куыд зыны, сӕрныллӕг кӕй у, уый?

  • Лукайы 1:46–55. Сӕрныллӕг ӕмӕ мӕгуыр адӕммӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй Марийӕ цы загъта? Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын