21 СӔР
Йесо «раргом кодта Хуыцауы зонд»
1–3. Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕты йын йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн?
АДӔМ дисӕй мардысты, Йесо сӕ ӕмбырдгӕнӕны куы ахуыр кодта, уӕд. Йесойы хорз зыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ горӕты схъомыл ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы хъӕддӕсныйы куыст кодта. Кӕмӕндӕрты дзы, чи зоны, хӕдзӕрттӕ саразынӕн дӕр баххуыс кодта. Кӕнӕ та, чи зоны, сӕ зӕххытӕ йӕ конд гутӕттӕй куыстой ӕмӕ йӕ конд ӕфсондзтӕй пайда кодтойa. Цымӕ, хъӕддӕсныйӕ кӕй зыдтой, уый сын цы дзуры, уымӕ байхъусдзысты?
2 Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр дис кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Ацы адӕймагмӕ ахӕм зонд кӕцӕй ис?» Фӕлӕ-иу стӕй афтӕ бакодтой: «Ай мӕнӕ хъӕддӕсны нӕу, Марийӕйы фырт?» (Матфейы 13:54–58; Марчы 6:1–3). Йесо раздӕр кӕй ’хсӕн цард, уыдон хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, ацы хъӕддӕсны нӕ горӕтӕй у ӕмӕ иннӕтӕй ӕппындӕр ницӕмӕй хицӕн кӕны. Кӕд йӕ ныхӕстӕ йе стыр зондыл дзурӕг уыдысты, уӕддӕр сын цы дзырдта, уый сӕ зӕрдӕмӕ нӕ айстой. Уыцы адӕм нӕ бамбӕрстой, ахӕм зонд ӕм кӕцӕй уыд, уый.
3 Ӕмӕ йӕм ахӕм зонд кӕцӕй уыд? Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз цӕуыл ахуыр кӕнын, уый мӕхицӕй нӕу, фӕлӕ мӕ чи рарвыста, уымӕй» (Иоанны 7:16). Апостол Павел загъта, Йесо нын «раргом кодта Хуыцауы зонд», зӕгъгӕ (1 Коринфӕгтӕм 1:30). Йегъовӕ йӕ зонд раргом кодта йӕ Фырт Йесойы уылты. Йесойы хъуыддӕгты ӕмӕ ныхӕсты Йегъовӕйы зонд тынг ирдӕй зынд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Ӕз ӕмӕ мӕ Фыд ӕмвӕндӕй архайӕм» (Иоанны 10:30). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йесо цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы «раргом кодта Хуыцауы зонд».
Адӕмӕн цы амыдта
4. а) Йесо адӕмӕн цавӕр хабар хъусын кодта ӕмӕ уый ӕппӕты ахсджиагдӕр хабар цӕмӕн уыд? б) Йесо адӕмӕн цы амыдта, уый сын стыр пайда цӕмӕн уыди?
4 Фыццаг, ӕркӕсӕм уал, Йесо адӕмӕн цы амыдта, уымӕ. Уый уыди «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лукайы 4:43). Уый тынг ахсджиаг хабар уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, ӕппӕты хуыздӕр Хицау кӕй у, уый ӕмӕ афтӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг кӕндзӕн, ӕнусты дӕргъы йыл цы цъыф фӕкалдтой, уымӕй. Стӕй ма зӕххӕй дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм цӕрдзысты. Йесо ма адӕмӕн хорз уынаффӕтӕ лӕвӕрдта алыхуызон хъуыддӕгты фӕдыл. Пехуымпар Исай куыд загъта, афтӕмӕй Йесо ӕцӕгдӕр уыди «Диссаджы уынаффӕгӕнӕг», ома хорз ахуыргӕнӕг (Исай 9:6). Йесо хорз зыдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст уыди, уый ӕмӕ адӕм Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кодтаиккой, цӕмӕй сӕ йӕ зӕрдӕ рухс кодтаид. Йесо ма хорз ӕмбӕрста, адӕм куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ сӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ вӕййы, уый. Стӕй сӕ тынг бирӕ уарзта. Уымӕ гӕсгӕ сын цы амыдта, уый сын стыр пайда уыди. Йесо дзырдта, «ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы ныхӕстӕ». Уӕдӕ йын йӕ уынаффӕтӕм куы хъусӕм, уӕд ӕнустӕм цӕрдзыстӕм (Иоанны 6:68).
5. Йесо йӕ зындгонд раныхасы цӕй кой ракодта?
5 Йесо диссаджы ахуыргӕнӕг кӕй уыд, уый бӕрӕг у йӕ зындгонд раныхасӕй, фыст ис Матфейы 5-ӕм сӕрӕй 7-ӕм сӕрмӕ. Уыцы раныхас радзурынӕн иу-20 минуты йеддӕмӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон йӕ рӕстӕджы куыд пайда уыдысты, афтӕ пайда сты абон дӕр. Уыцы раныхасы Йесо бирӕ цӕйдӕрты кой ракодта, зӕгъӕм, иннӕтимӕ хӕларӕй цӕрӕн куыд ис (5:23–26, 38–42; 7:1–5, 12); адӕймагӕн йӕ бон куыд у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (5:27–32) ӕмӕ амондджын цард цӕмӕй кӕнгӕ у, уый (6:19–24; 7:24–27). Фӕлӕ Йесо адӕмӕн ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, зондӕй архайӕн куыд ис, уый. Афтӕ сын цӕмӕн дзуры, уый сын ӕмбарын дӕр кодта, ӕмӕ ма-иу сын цӕвиттонтӕ дӕр ӕрхаста. Уый фӕрцы сын ӕмбарын кодта, йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайой, уӕд кӕй никуы фӕфӕсмон кӕндзысты.
6–8. а) Йесо куыд бамбарын кодта, мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, уый? б) Йесойы зондджын уынаффӕтӕй куыд зыны, уыцы зонд ӕм йӕ Фыдӕй кӕй уыд?
6 Зӕгъӕм, Матфейы 6-ӕм сӕры фыст ис Йесойы уынаффӕ, цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттыл ӕгӕр тыхсын кӕй нӕ хъӕуы, уый фӕдыл. Йесо загъта: «Уӕ удтыл мауал мӕт кӕнут, цы хӕрат ӕмӕ цы нуазат, науӕд уӕ уӕлӕ цы скӕнат» (25 стих). Хӕрд ӕмӕ уӕлӕдарӕс алкӕй дӕр хъӕуы. Ӕмӕ уыдӕттӕ амал кӕныныл адӕм ӕгӕр бирӕ кӕй хъуыды кӕнынц, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нын Йесо загъта: «Мауал мӕт кӕнут»b. Афтӕ цӕмӕн загъта?
7 Йесо бамбарын кодта, мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы, уый. Йегъовӕ нын радта цард. Ӕмӕ нӕ цӕрынӕн цы хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр нын ратдзӕн, зӕгъӕм, хӕринаг ӕмӕ уӕлӕдарӕс (25 стих). Йегъовӕ мӕргъты ӕфсады ӕмӕ дидинджытӕ рӕсугъд сфӕлынды. Ӕмӕ уӕд йӕ лӕггадгӕнджытыл нӕ батыхсдзӕн? (26, 28–30 стихтӕ). Мӕт кӕнынӕй ӕппындӕр ницы пайда ис. Куы мӕт кӕнӕм, уӕд нӕ цардыл иу бон дӕр нӕ бафтдзӕнc (27 стих). Уӕдӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма мӕт кӕнӕм? Йесо загъта: царды уын ӕппӕты сӕйрагдӕр уӕд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Афтӕ чи кӕны, уыдон хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной, сӕ уӕларвон Фыд сын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, «ӕппӕт уыдӕттӕ» (33 стих). Уымӕй уӕлдай ма Йесо загъта, алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг кӕй сты ӕмӕ, райсом цы уыдзӕн, ууыл катай кӕнын кӕй нӕ хъӕуы (34 стих). Стӕй, цӕмӕй тӕрсӕм, уыдӕттӕ, чи зоны, цӕугӕ дӕр макуы ’ркӕной. Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи бирӕ мӕстытӕй ӕмӕ зӕрдӕнизӕй бахиздзыстӕм.
8 Адӕмы уынаффӕтӕ цыфӕнды хорз ма уой, уӕддӕр, рӕстӕг куы рацӕуы, уӕд дзы фӕхъӕуы цыдӕртӕ фӕивын кӕнӕ сӕ ӕндӕртӕй баивын, уымӕн ӕмӕ ницыуал пайда вӕййынц. Фӕлӕ Йесойы уынаффӕтӕй уый зӕгъӕн нӕй. Кӕд сыл 2 000 азы бӕрц рацыд, уӕддӕр абоны онг дӕр пайда сты. Уымӕй бӕрӕг у, уыцы зонд ӕм йӕ Фыдӕй кӕй уыд. Ӕцӕгдӕр, Йесо уыди Диссаджы уынаффӕгӕнӕг, уымӕн ӕмӕ дзырдта «Хуыцауы ныхӕстӕ» (Иоанны 3:34).
Адӕмы куыд ахуыр кодта
9. Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, уый тыххӕй ӕфсӕддонтӕ цы загътой ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ раст цӕмӕн уыдысты?
9 Дыккаг, Йесо ма Хуыцауы зонд раргом кодта, адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕй дӕр. Иухатт дины разамонджытӕ ӕфсӕддонты Йесойы ӕрцахсынмӕ арвыстой, фӕлӕ йӕ не ’рцахстой. Цӕуылнӕ? Ӕфсӕддонтӕ загътой: «Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта» (Иоанны 7:45, 46). Ӕмӕ мӕнгӕй ницы загътой. Зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ Йесо бирӕ рӕстӕг фӕцард уӕлӕрвты. Уымӕ гӕсгӕ, уый цас зыдта ӕмӕ федта, уыйбӕрц иу адӕймаг дӕр нӕ зыдта ӕмӕ нӕ федта (Иоанны 8:23). Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ Йесойы хуызӕн иу адӕймаг дӕр нӕ арӕхст. Ӕркӕсӕм, ӕппӕты зондджындӕр Ахуыргӕнӕг адӕмы куыд ахуыр кодта, уымӕ.
«Адӕм дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл»
10, 11. а) Йесойы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕ хорз цӕмӕй уыдысты? б) Йесо-иу фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы ахсджиаг хъуыдытӕ куыд бамбарын кодта, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
10 Йесо пайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй. Библийы кӕсӕм: «Йесо ӕппӕт ацы хабӕрттӕ адӕмӕн амыдта фӕсномыг ныхӕстӕй. Ӕмӕ сын ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй ницы дзырдта» (Матфейы 13:34). Ахсджиаг ахуырӕдтӕ Йесо хуымӕтӕг цӕвиттонты фӕрцы куыд ӕмбарын кодта, уый диссаг у. Зӕхкусӕг хор тауы, сылгоймаг хыссӕ кӕны, сывӕллӕттӕ уынджы хъазынц, кӕсагахсджытӕ сӕ хызтӕ доны ӕппарынц, фыййау йӕ сӕфт фысы агуры – ахӕм хабӕрттӕ адӕм иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федтой. Ахсджиаг ахуырӕдтӕ-иу зонгӕ хабӕрттимӕ кӕй сбаста, уый фӕрцы адӕмӕн ӕнцондӕр уыд, цӕмӕй-иу сӕ бамбӕрстаиккой, бахъуыды-иу сӕ кодтаиккой ӕмӕ-иу сӕ спайда кодтаиккой (Матфейы 11:16–19; 13:3–8, 33, 47–50; 18:12–14).
11 Йесо-иу арӕх цыбыр хабӕрттӕ радзырдта, цӕмӕй-иу адӕмӕн ахсджиаг цыдӕртӕ бацамыдтаид. Ахӕм хабӕрттӕ ӕнцон бамбарӕн ӕмӕ бахъуыды кӕнӕн вӕййынц. Ӕмӕ-иу Йесо афтӕ арӕх кодта, цӕмӕй-иу адӕм бахъуыды кодтаиккой, цы сын амыдта, уый. Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй бирӕты ирдӕй равдыста, йӕ Фыдмӕ цы миниуджытӕ уыд, уый, ӕмӕ-иу сӕ адӕм никуыуал ферох кодтой. Зӕгъӕм, сӕфт фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд, уый чи нӕ бамбардзӕн? Уыцы хабарӕй бӕрӕг у, исчи йе ’взӕр митыл зӕрдӕйӕ куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ын Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ йын фӕлмӕнзӕрдӕ фыдау уый бар кӕй ратдзӕн, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха (Лукайы 15:11–32).
12. а) Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо фарстатӕй цӕмӕн пайда кодта? б) Йесо куыд ныхъхъус кодта, йӕ бартыл ын чи дызӕрдыг кодта, уыдоны?
12 Йесо пайда кодта фарстатӕй. Фарстаты руаджы Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй-иу ын йӕ ныхӕстыл арф ахъуыды кодтаиккой, сӕ зӕрдӕтӕм-иу ныккастаиккой кӕнӕ-иу уынаффӕтӕ рахастаиккой (Матфейы 12:24–30; 17:24–27; 22:41–46). Цы арӕзта, уыдӕттӕ аразыны бар ын Хуыцау кӕй радта, ууыл дины разамонджытӕ куы дызӕрдыг кодтой, уӕд сӕ бафарста: «Иоанмӕ донаргъуыд дӕттыны бар уӕларвӕй уыд ӕви йын ӕй адӕм радтой?» Ахӕм фарста фехъусгӕйӕ хорзау нал фесты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзурын райдыдтой: «Афтӕ куы зӕгъӕм: „Уӕларвӕй“, уӕд нын зӕгъдзӕн, ӕмӕ йыл уӕд цӕуылнӕ баууӕндыдыстут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ афтӕ дӕр куыд зӕгъӕм, адӕм ын радтой уыцы бар, зӕгъгӕ?» Фӕлӕ «уый зӕгъын та адӕмӕй нӕ уӕндыдысты, уымӕн ӕмӕ Иоанны иууылдӕр пехуымпарыл нымадтой». Ӕмӕ ӕппынфӕстаг Йесойӕн дзуапп радтой: «Нӕ йӕ зонӕм» (Марчы 11:27–33; Матфейы 21:23–27). Уыцы хуымӕтӕг фарста сӕм куы радта, уӕд, цы загътаиккой, уый нал зыдтой ӕмӕ уымӕй се ’взӕр фӕндтӕ раргом сты.
13–15. Хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй Йесойы зонды тыххӕй цы ис базонӕн?
13 Хатт-иу адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ Йесо уыцы иу рӕстӕг спайда кодта фӕсномыг ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ фарстатӕй дӕр. Исты хабар-иу куы радзырдта, уӕд-иу фарстатӕ радта, цӕмӕй-иу ыл ахъуыды кодтаиккой. Моисейы закъон хорз чи зыдта, иу ахӕм дзуттаг лӕг Йесойы бафарста, цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй ӕнусон цардӕй хайджын уон, зӕгъгӕ. Йесо йын йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Закъон адӕмы кӕй фӕдзӕхсы, цӕмӕй Хуыцауы ӕмӕ иннӕты уарзой. Уыцы лӕг йӕхи рӕстаг адӕймаг хуыдта ӕмӕ уый равдисыны тыххӕй Йесойы бафарста: «Ӕмӕ, кӕй хъуамӕ уарзон, уыцы иннӕтӕ чи сты?» Уӕд ын Йесо иу хабар ракодта. Иу дзуттаг лӕг фӕндагыл иунӕгӕй фӕцӕйцыд ӕмӕ абырджыты къухтӕм бахауд. Уыдон ӕй фӕнадтой ӕмӕ йӕ ӕрдӕгмардӕй ныууагътой. Уый фӕстӕ уыцы фӕндагыл фӕцӕйцыд сауджын, уый фӕстӕ та – левит. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ йӕ иу дӕр ницӕмӕ ӕрдардта. Уыцы фӕндагыл ма фӕцӕйцыд иу самариаг лӕг дӕр. Уый йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын йӕ цӕфтӕ бабаста. Стӕй йӕ йӕ хӕрӕгыл сӕвӕрдта ӕмӕ йӕ фысымуатмӕ баласта, цӕмӕй йӕхимӕ ӕрцыдаид. Йесо уыцы хабар дзырд куы фӕци, уӕд ӕм фарста чи радта, уыцы лӕджы бафарста: «Куыд дӕм кӕсы, абырджыты къухтӕм чи бахауд, уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?» Лӕг ын дзуапп радта: «Чи йын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йын чи баххуыс кодта, уый» (Лукайы 10:25–37). Уӕдӕ йын ӕндӕр цы хъуамӕ загътаид?!
14 Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесойы зонды тыххӕй цы ис базонӕн? Дзуттӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ «иннӕтӕ» сты, се ’гъдӕуттӕ сын иууылдӕр чи ӕххӕст кодта, ӕрмӕстдӕр уыдон. Уымӕ гӕсгӕ самариӕгты нӕ нымадтой, кӕй хъуамӕ уарзтаиккой, ахӕм адӕмыл (Иоанны 4:9). Ӕмӕ, зӕгъӕм, кӕй фӕнадтой, уыцы лӕг самариаг уыд, чи йын баххуыс кодта, уый та – дзуттаг. Цымӕ уӕд Йесо, чи йӕ бафарста, уыцы дзуттаг лӕгӕн баххуыс кодтаид, цӕмӕй иннӕ адӕмтӕм ӕвзӕр цӕстӕй мауал кастаид? Йесо барӕй радзырдта, самариаг лӕг дзуттаг лӕгӕн кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй. Стӕй-ма дӕ хъус ӕрдар, фӕстагмӕ йӕм цавӕр фарста радта, уымӕ дӕр. Уыцы фарста, Закъон хорз чи зыдта, уыцы лӕгӕн хъуамӕ баххуыс кодтаид, иннӕты уарзын цы нысан кӕны, уый хуыздӕр бамбарынӕн. Дзуттаг лӕджы фарста ӕндӕр ныхӕстӕй зӕгъӕн ис афтӕ: «Чи у уый аккаг, цӕмӕй йӕ уарзон?» Фӕлӕ йын Йесо йӕхи бафарста: «Куыд дӕм кӕсы... уыцы адӕймаджы уыцы ӕртӕйӕ чи уарзта?» Йе ’ргом ын аздӕхта, хорздзинад кӕмӕн ракодтой, ома, кӕй фӕнадтой, уымӕ нӕ, фӕлӕ, хорздзинад чи ракодта, уымӕ, ома самариагмӕ. Иннӕты чи уарзы, уый сын хорздзинад фӕаразы, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, уӕддӕр. Йесо уыцы фарста куыд бамбарын кодта, уый йе стыр зондыл дзурӕг у.
15 Зын бамбарӕн нӕу, адӕм цӕмӕн дис кодтой, «куыд сӕ ахуыр кодта», ууыл ӕмӕ йӕм афтӕ зӕрдиагӕй цӕмӕн хъуыстой, уый (Матфейы 7:28, 29). Иухатт «дуне адӕм» йемӕ ӕртӕ боны фесты, хӕрынмӕ дӕр-иу нӕ ацыдысты (Марчы 8:1, 2).
Куыд цард
16. Йесо Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый хъуыддагӕй куыд равдыста?
16 Ӕртыккаг, Йесо Йегъовӕйы зонд раргом кодта, куыд царди, уымӕй. Зонд бӕрӕг вӕййы хъуыддӕгтӕй. Ахуыргӕнинаг Иаков бафарста: «Сымахӕй зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у?» Стӕй йӕ фарстайӕн йӕхӕдӕг дзуапп радта: «Равдисӕд ӕй йӕ хъуыддӕгтӕй» (Иаковы 3:13). Йесойӕн йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый. Уый йӕ цардӕй ӕмӕ, иннӕтӕн куыд уыди, уымӕй куыд зынди?
17. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо ӕгӕр карз дӕр ӕмӕ ӕгӕр фӕлмӕн дӕр кӕй нӕ уыд, уый?
17 Ӕмбаргӕдзинад кӕмӕн нӕ фӕфаг кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ кӕнӕ ӕгӕр карз вӕййынц, кӕнӕ та ӕгӕр фӕлмӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ ӕмӕ митӕ фӕкӕнынц. Йесо Хуыцауы зондмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уымӕ гӕсгӕ нӕдӕр ӕгӕр карз уыд, нӕдӕр ӕгӕр фӕлмӕн. Йесойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр уыд Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнын. Йесо загъта: «Уый тыххӕй ӕрцыдтӕн» (Марчы 1:38). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у бамбарын, ӕхца ӕмӕ йын исбон ахсджиаг цӕуылнӕ уыдысты, уый, ӕмӕ йӕм, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ цыдӕртӕ нӕ уыд (Матфейы 8:20). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йесойы ӕппындӕр ницы хъуыди ӕмӕ цин кӕнын дӕр нӕ зыдта. Йӕ Фыд у «амондджын Хуыцау». Ӕмӕ уый дӕр йӕ Фыдау уыди амондджын адӕймаг ӕмӕ уарзта иннӕты циныл цин ӕфтауын (1 Тимофеймӕ 1:11; 6:15). Иухатт Йесо уыд чындзӕхсӕвы. Ахӕм цины хабары рӕстӕг адӕм фӕкафынц, фӕзарынц ӕмӕ фӕцин кӕнынц. Ӕмӕ Йесо дӕр йӕхи афтӕ нӕ дардта, цӕмӕй иннӕтӕн сӕ цин фехӕлдтаид. Сӕ сӕн куы фӕци, уӕд ма дон хорз сӕн дӕр фестын кодта. Сӕн Хуыцау радта, «цӕмӕй адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕг кӕна» (Псалом 104:15; Иоанны 2:1–11). Йесойы-иу бирӕ хӕттыты фӕхуыдтой къӕбӕр бахӕрынмӕ, ӕмӕ-иу уыцы фадатӕй арӕх спайда кодта, цӕмӕй-иу адӕмы ахуыр кодтаид (Лукайы 10:38–42; 14:1–6).
18. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй куыд зыны, стыр зонды хицау кӕй у, уый?
18 Йесо иннӕтӕм цы цӕстӕй каст, уымӕй бӕрӕг уыд, стыр зонды хицау кӕй у. Уый тынг хорз ӕмбӕрста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы хъуыды кодтой, цавӕр ӕнкъарӕнтӕ сӕм уыди ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы цы уыди, уый. Ӕнӕххӕст кӕй уыдысты, уый хорз зыдта. Фӕлӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ дӕр уыдта. Йегъовӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта, уыдонӕй алчидӕр цавӕр адӕймаг суыдзӕн, уый уыдта (Иоанны 6:44). Ӕмӕ-иу кӕд фӕрӕдыдысты, уӕддӕр сыл ӕууӕндыд. Уый бӕрӕг у, тынг ахсджиаг хъуыддаг сын кӕй бахӕс кодта, уымӕй – хорз хабар хъусын кӕнын (Матфейы 28:19, 20). Йесойы фидарӕй уырныдта, сӕ бон ӕй сӕххӕст кӕнын кӕй суыдзӕн. Хъуыддӕгты чиныгӕй базонӕн ис, Йесо сын цы бафӕдзӕхста, уый иузӕрдионӕй кӕй ӕххӕст кодтой (Хъуыддӕгтӕ 2:41, 42; 4:33; 5:27–32). Уӕдӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл кӕй ӕууӕндыд, уый зондыл дзурӕг уыди.
19. Йесо «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
19 Дыууынӕм сӕрӕй базыдтам, ӕцӕг зондджын чи вӕййы, уый ма сӕрныллӕг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр кӕй вӕййы. Ӕмӕ нын уымӕй ӕппӕты тынгдӕр фӕзминаг у Йегъовӕ Хуыцау. Йесо дӕр тынг сӕрныллӕг уыд. Уый бӕрӕг у, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй. Ӕмӕ уый ӕцӕгдӕр диссаг у. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕлдай Йесо ӕххӕст адӕймаг уыди. Фӕлӕ сӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ нӕ каст. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхи ницӕйагыл нымадтаиккой ӕмӕ сӕм афтӕ кастаид, ӕмӕ рӕстмӕ ницы аразынц. Уый нӕ, фӕлӕ Йесо ӕмбӕрста, сӕ бон алцы кӕй нӕу ӕмӕ-иу куы фӕрӕдыдысты, уӕд-иу сӕм нӕ рамӕсты (Марчы 14:34–38; Иоанны 16:12). Суанг ма сывӕллӕттӕн дӕр йемӕ ӕнцон уыд, уымӕн ӕмӕ ӕмбӕрстой, «фӕлмӕн ӕмӕ сӕрныллӕг» кӕй уыди (Матфейы 11:29; Марчы 10:13–16).
20. Йесо ӕмбаргӕдзинад куыд равдыста, йӕ чызджы хӕйрӕджытӕ удхарӕй кӕмӕн мардтой, уыцы сылгоймаг ӕм куы бацыд, уӕд?
20 Гӕнӕн-иу куы уыди, уӕд ма-иу Йесо Йегъовӕйау сӕрныллӕгдзинад равдыста. Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, ӕндӕр адӕмӕй чи уыд, ахӕм сылгоймаг ын куы лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ чызджы хӕйрӕджытӕй фервӕзын кодтаид, уыцы хабар. Йесо йын ӕртӕ хатты бамбарын кодта, кӕй йын нӕ баххуыс кӕндзӕн. Фыццаг уал Йесо сылгоймагмӕ ницы сдзырдта. Фӕлӕ йын уый фӕстӕ загъта, Хуыцау ӕй ӕрмӕстдӕр дзуттӕгтӕн баххуыс кӕнынмӕ кӕй рарвыста. Фӕстагмӕ та йын цӕвиттоны фӕрцы фӕлмӕнӕй бамбарын кодта, цӕуылнӕ йын баххуыс кӕндзӕн, уый. Фӕлӕ сылгоймагӕн ахӕм фидар уырнындзинад уыд, ӕмӕ йын уӕддӕр лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Йесо куыд бакодта? Саразынмӕ цы нӕ хъавыд, уый сарӕзта. Сылгоймагӕн йӕ чызджы сдзӕбӕх кодта (Матфейы 15:21–28). Йесо диссаджы сӕрныллӕгдзинад равдыста. Дӕ зӕрдыл дар, ӕцӕг сӕрныллӕг чи вӕййы, ӕцӕг зондджын дӕр уый кӕй вӕййы.
21. Йесойы алцӕмӕй дӕр цӕмӕн хъуамӕ фӕзмӕм?
21 Йесойӕ зондджындӕр адӕймаг зӕххыл никуы уыд ӕмӕ никуы уыдзӕн. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ бузныг стӕм, Йесо цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уыдӕттӕ Библийы кӕй ныффыссын кодта, уый тыххӕй. Уӕдӕ алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй уыд. Йесомӕ цы миниуджытӕ уыд, уыцы миниуджытӕ нӕ удыхъӕды куы фидар кӕнӕм, цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уымӕй йӕ куы фӕзмӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы зондмӕ кӕй хъусӕм. Иннӕ сӕрӕй фылдӕр базондзыстӕм, Хуыцауы зондмӕ хъусын нӕ бон куыд у, уый тыххӕй.
a Уӕды заман хъӕддӕснытӕ арӕзтой хӕдзӕрттӕ, стӕй хӕдзары ӕмӕ зӕхкусӕн дзауматӕ. Нӕ эрӕйы дыккаг ӕнусы иу фыссӕг Йесойы тыххӕй ныффыста: «Зӕххыл куы цард, уӕд уыди хъӕддӕсны ӕмӕ гутӕттӕ ӕмӕ ӕфсондзтӕ арӕзта».
b «Мӕт кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, адӕймагӕн йӕ хъуыдытӕ кӕй адзӕгъӕл вӕййынц. Матфейы 6:25 стихы ацы дзырд амоны, адӕймаг тынг куы фӕтыхсы кӕнӕ тынг куы фӕтӕрсы, уӕд йӕ бон кӕй ницӕуылуал вӕййы хъуыды кӕнын ӕмӕ цин дӕр кӕй ницӕуылуал фӕкӕны.
c Дохтыртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй алцӕуыл дӕр чи фӕмӕт кӕны, уыцы адӕммӕ арӕх фӕзыны зӕрдӕйы низтӕ ӕмӕ бирӕ ӕндӕр низтӕ, ӕмӕ сын тӕссаг вӕййы, ӕрыгонӕй куы амӕлой, уымӕй.