Ӕстдӕсӕм сӕр
«Уыдон дунейӕ не сты»
1. а) Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куыд куывта? ӕ) Ацы дунейӕ нӕ дард лӕууын цӕмӕн хъӕуы?
ЙЕСО йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв куывта йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй. Сайтан сӕ иу ран кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый зонгӕйӕ Йесо загъта йӕ Фыдӕн: «Ды уыдон ацы дунейӕ акӕнай, уый тыххӕй Дӕм нӕ кувын, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахизай фыдбылызӕй. Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр дунейӕ куыд нӕ дӕн, афтӕ» (Иоанны 17:15, 16, НФ). Цӕмӕ нӕ хъӕуы ацы дунейӕ дард лӕууын? Уымӕн ӕмӕ ацы дунейӕн йӕ хицау у Сайтан. Чырыстӕтты нӕ фӕнды, цӕмӕй Сайтаны къухы цы дуне ис, уыимӕ сын иумӕйагӕй исты уа (Лукайы 4:5—8; Иоанны 14:30; 1 Иоанны 5:19).
2. Йесо дунейӕ кӕй нӕ уыд, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?
2 Йесо дунейӕ кӕй нӕ уыд, уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ адӕмы нӕ уарзта. Уый рынчынты дзӕбӕх кодта, мӕрдты ӕгас кодта ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ноджы ма йӕ цард дӕр радта адӕмы сӕраппонд. Фӕлӕ Йесо нӕ уарзта, Сайтаны дунейы тӕфаг кӕй хъуыдыты ӕмӕ хъуыддӕгты зынди, уыцы ӕнӕхуыцау адӕмы. Зӕгъӕм, уый адӕмы фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хизой чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау монцтӕй, цардмӕ мулчы цӕстӕй ма кӕсой ӕмӕ кадмондаг ма уой (Матфейы 5:27, 28; 6:19—21; Лукайы 20:46, 47). Уӕдӕ диссаг нӕу, Йесо ма йӕхи политикӕйӕ дӕр дард кӕй ласта, уый. Иудейаг уӕвгӕйӕ, уый ромӕгты ӕмӕ иудейты ’хсӕн быцӕуты никӕй фарс уыди.
«Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу»
3. а) Цавӕр хъаст бахастой иудейаг дины разамонджытӕ Пилатмӕ Йесойы тыххӕй ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Йесо, зӕххыл ӕй паддзахӕй сӕвӕрой, ууыл разы кӕй нӕ уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
3 Ӕркӕс ма, иудейаг дины разамонджытӕ Йесойы куы ’рцахстой ӕмӕ йӕ ромаг хицау Понти Пилатмӕ куы бакодтой, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Уыдонӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Йесо сын сӕ цӕстмӕ митӕ хурмӕ кӕй хаста, уый. Цӕмӕй ромаг хицау Йесойӕн исты бакодтаид, уый тыххӕй йӕм хъаст бахастой: «Мах базыдтам, Уый адӕмы фыдыгъдау кӕй кӕны, ӕмӕ Кесӕрӕн хъалон дӕттын кӕй нӕ уадзы, Йӕхи Чырысти Паддзах хонгӕйӕ» (Лукайы 23:2, НФ). Ӕцӕгӕй та йӕ сайгӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ иу афӕдз раздӕр, адӕм Йесойы паддзахӕй сӕвӕрынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сын нӕ бакуымдта (Иоанны 6:15). Уый зыдта, фидӕны уӕларвон Паддзах кӕй уыдзӕн (Лукайы 19:11, 12). Стӕй йӕ паддзахбадӕныл адӕм нӕ, фӕлӕ Иегъовӕ хъуамӕ сӕвӕрдтаид.
4. Йесо хъалон фидыны тыххӕй цы хъуыды кодта?
4 Йесойы куы ’рцахстой, уымӕй ӕртӕ боны раздӕр ӕй фарисейтӕ архайдтой хъалон фидыны тыххӕй йӕхи ныхӕстӕй фӕзылын кӕныныл. Фӕлӕ сын уый загъта: «Равдисут мӕм динар [ромаг ӕхца], кӕй ныв ыл ис ӕмӕ кӕй фыст?» (Лукайы 20:20—24, НФ). Куы йын загътой, «Кесӕры», зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Кесарӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттут кесарӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн» (Маркы 12:17, МСЕ).
5. а) Йесо йе ’рцахсыны рӕстӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы зонд бацамыдта? ӕ) Йесо афтӕ цӕмӕн бакодта, уый куыд бамбарын кодта? б) Хъуыддаг цӕуыл ахицӕн?
5 Нӕ, Йесо адӕмы хицауады ныхмӕ нӕ ардыдта. Ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ адӕм Йесойы ӕрцахсынмӕ куы ’рцыдысты, уӕд Петр кард фелвӕста ӕмӕ дзы иу лӕгӕн йӕ хъус ахауын кодта. Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Сӕвӕр дӕ кард йӕ бынаты, уымӕн ӕмӕ кард райсджытӕ иуылдӕр кардӕй фесӕфдзысты» (Матфейы 26:51, 52). Иннӕ бон Йесо Пилатӕн бамбарын кодта: «Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ нӕу. Мӕ Паддзахад ацы дунейӕ куы уаид, уӕд Мӕ кусджытӕ, цӕмӕй Ӕз Иудейты къухтӕм лӕвӕрд ма ’рцӕуон, ууыл тох кодтаиккой» (Иоанны 18:36, «Мах дуг» № 5, 1992). Пилат загъта, Йесомӕ азымагӕй кӕй «ницы ссардта», фӕлӕ адӕм кӕй змӕстой, уымӕ гӕсгӕ сын Йесойы радта, байтындзут ӕй, зӕгъгӕ (Лукайы 23:13—15; Иоанны 19:12—16).
Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕзмынц Йесойы
6. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дунейӕ сӕхи дард куыд ластой, фӕлӕ уыимӕ адӕммӕ знаджы цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?
6 Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбӕрстой, цӕмӕй ацы дунейӕ ма уой, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъӕуы, уый. Уыдон хъуамӕ сӕхи хызтаиккой ӕнӕхуыцау дунейы зондахаст ӕмӕ хъуыддӕгтӕй, уыимӕ, Ромы циркты ӕмӕ театрты цы ӕгъатыр ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кодтой, уыдӕттӕй дӕр. Ӕмӕ уый тыххӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгты хуыдтой адӕмы знӕгтӕ. Ӕцӕгӕй та уыдон адӕммӕ знаджы цӕстӕй нӕ кастысты, фӕлӕ сӕ уд хъардтой, цӕмӕй Хуыцау адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы ’рцӕттӕ кодта, уымӕй иннӕтӕ дӕр ӕнӕхай ма фӕуой.
7. а) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дунейӕ кӕй нӕ уыдысты, уый тыххӕй цытӕ ӕвзӕрстой? ӕ) Цы цӕстӕй кастысты уыдон паддзахады сӕргълӕуджытӕм ӕмӕ хъалон фидынмӕ ӕмӕ цӕмӕн?
7 Йесойӕн йӕхи куыд сырдтой, раст афтӕ сырдтой йӕ фӕдылдзӕуджыты дӕр. Арӕх-иу уымӕн йӕ аххосаг уыди, хицауады кусджытӕм-иу сыл мӕнгӕвзаг кӕй бахастой, уый. Куыдфӕнды ма уыдаид, н. э. 56 азмӕ ’ввахс апостол Павел Ромы чырыстӕттӕм ӕрсидт, зӕгъгӕ, «ут коммӕгӕс уӕлдӕр хицауадӕн [паддзахады сӕргълӕуджытӕн]; уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй чи нӕу, ахӕм хицауад нӕй». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хицӕутты Иегъовӕ сӕвӕры. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ цалынмӕ ӕгас зӕххыл дӕр йӕ Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ нӕ райса, уӕдмӕ сын хицауиуӕг кӕныны бар кӕй дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй хицауады нымайой ӕмӕ хъалон фидой (Ромӕгтӕм 13:1—7; Титмӕ 3:1, 2).
8. а) Чырыстӕттӕ уӕлдӕр хицауадмӕ цыфӕндыйӕ дӕр хъуамӕ хъусой? ӕ) Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ Йесойы куыд фӕзмыдтой?
8 Фӕлӕ хицауады закъон иууыл сӕйрагдӕр нӕу, ис ма уымӕй уӕлдӕр закъон. Хицауады закъон адӕймагӕй цы дома, уый Иегъовӕйы закъоны ныхмӕ куы уа, уӕд Иегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг бакӕндзӕн, уый йын куыд дзуры, афтӕ. Иу чиныджы фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй дзырдӕуы: «Ромы ӕмбӕстӕгтыл цы хӕстӕ уыд, уыдонӕй чырыстӕттӕ алцы не ’ххӕст кодтой. Чырыстӕттӕн... ӕфсадмӕ ацӕуын сӕ диныл сӕ къух сисынӕй уӕлдай нӕ уыд. Уыдон нӕ куыстой, политикӕ цыдӕр бар кӕмӕ дардта, ахӕм бынӕтты. Императорӕн нӕ табу кодтой» («On the Road to Civilization—A World History»). Иудейты сӕйраг тӕрхондоны ахуыргӕнинӕгты карзӕй куы бафӕдзӕхстой, цӕмӕй мауал хъусын кӕной, уӕд сын уыдон загътой: «Ӕмбӕлы, адӕмӕй хъауджыдӕр, фылдӕр Хуыцауы коммӕ кӕсын» (Куыстытӕ 5:27—29, НФ).
9. а) Н. э. 66 азы Иерусалимы цӕрӕг чырыстӕттӕ цы сарӕзтой ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Афтӕ кӕй бакодтой, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн сты?
9 Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕ хӕстмӕ нӕ цыдысты ӕмӕ политикон змӕстыты дӕр нӕ архайдтой. Н. э. 66 азы Иудейы цӕрджытӕ кесӕры ныхмӕ куы растадысты, уӕд Ромы ӕфсӕдтӕ уайтагъд Иерусалимыл ӕрхъула кодтой. Сахары цы чырыстӕттӕ уыди, уыдон та цы сарӕзтой? Уыдон сӕ зӕрдыл дардтой Йесойы ныхӕстӕ, сахарӕй-иу алидзут, зӕгъгӕ. Ромы ӕфсӕдтӕ рӕстӕгмӕ фӕстӕмӕ куы алӕууыдысты, уӕд чырыстӕттӕ ракӕ-бакӕ нал кодтой, фӕлӕ Иорданы цӕугӕдоныл ахызтысты ӕмӕ хӕхтӕм, Пеллӕмӕ, алыгъдысты (Лукайы 21:20—24). Уыдон абоны онг дӕр иузӕрдион чырыстӕттӕн сты фӕзминаг.
Фӕстаг бонты дӕр чырыстӕттӕ дард лӕууынц ацы дунейы хъуыддӕгтӕй
10. а) Цавӕр хъуыддаджы лӕуд сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Цӕмӕй лӕууынц дард?
10 Цымӕ абон дӕр, фыццаг ӕнусы чырыстӕттау ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард чи лӕууы, ахӕм адӕм ис? О, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдон хъусын кӕнынц, рӕстдзинад чи уарзы, уыцы адӕмӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрхӕсдзӕн фарн ӕмӕ амонд (Матфейы 24:14). Адӕмты ’хсӕн быцӕутӕй та лӕууынц дард.
11. а) Ӕвдисӕнтӕ дард куыд лӕууынц, дины кусджытӕ цытӕ кӕнынц, уымӕй? ӕ) Адӕмӕй хъауджыдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ политикӕмӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
11 Ацы дунейы дины кусджытӕн та сӕ хабар афтӕ нӕу. Уыдон сӕхи тъыссынц политикӕйы. Иуӕй-иу бӕстӕты уыдон гъӕйттӕй архайынц бынӕттон ӕвзӕрстыты ӕмӕ хъӕлӕс кӕнынц. Чидӕртӕ та дзы сӕ бӕстӕйы стыр бынӕттӕ дӕр ахсынц. Аннӕтӕ та сӕхи уынаффӕгӕнӕг скодтой хицауады кусджытӕн ӕмӕ, сӕ пайдайӕн чи у, ахӕм закъӕттӕ сын исын кӕнынц. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та политикӕйӕ дард лӕууынц. Фӕлӕ уыимӕ иннӕты нӕ хъыгдарынц политикон партитӕм цӕуын, паддзахады бӕрнон бынӕттӕ ахсын кӕнӕ ӕвзӕрстыты хъӕлӕс кӕнын. Йесо загъта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дунейӕ кӕй не сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы ис.
12. Ацы дунейы динтӕ сӕхи политикӕйы кӕй тъыссынц, уый цӕмӕ ’ркодта?
12 Йесо куыд загъта, афтӕ адӕмтӕ хӕстыты кӕрӕдзи цӕгъдынц. Суанг ма иу адӕмыхатт дӕр ӕддӕг-мидӕг ауайы (Матфейы 24:3, 6, 7). Дины разамонджытӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ алы хатт дӕр вӕййынц иу кӕнӕ иннӕ адӕмыхатты фарс ӕмӕ сӕ дины минӕвӕртты дӕр ууыл ардауынц. Уый цӕмӕ ’ркӕны? Иу дины минӕвӕрттӕ кӕрӕдзи цӕгъдынц, алы адӕмыхӕттытӕй кӕнӕ знӕмтӕй кӕй сты, ӕрмӕст уый тыххӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй афтӕ уа (1 Иоанны 3:10—12; 4:8, 20).
13. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕй сты зындгонд?
13 Цыдӕриддӕр хӕстытӕ уыди, уым иунӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕ хӕцыд. 1 ноябры 1939 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» (анг.) дзырдӕуыд: «Нӕ Хицауы фарс чи у, уыдон сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ райсдзысты». Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон организацийы алы адӕмтӕй цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдон цыфӕнды уавӕрты дӕр архайынц уыцы ныхӕстӕм гӕсгӕ. Адӕмты кӕрӕдзийы ныхмӕ чи кӕны, уыцы политикӕ ӕмӕ хӕстытӕн уый бар нӕ дӕттынц, цӕмӕй сын сӕ ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады фидар тӕгтӕ аскъуыной. Уыдон «сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацагътой ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та — ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм». Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард кӕй лӕууынц, уымӕ гӕсгӕ уыдон нал ахуыр кӕнынц хӕцын (Исай 2:3, 4; 2 Коринфӕгтӕм 10:3, 4).
14. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ацы дунеимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый тыххӕй цытӕ бавзӕрстой?
14 Ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард кӕй лӕууынц, уый тыххӕй цытӕ ӕвзарынц? Йесо загъта: «Дунейӕ кӕй не стут... уый тыххӕй уӕ нӕ уарзы дуне» (Иоанны 15:19, НФ). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уый тыххӕй-иу сӕ бирӕты ахӕстӕтты бакодтой. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау дзы иуӕй-иутӕн фыдмитӕ дӕр фӕкодтой, суанг ма сӕ маргӕ дӕр акодтой. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ «ацы дуджы хуыцау» Сайтан йӕ ныхтӕ ныссагъта, ацы дунейӕ чи нӕу, уыдоны — Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты (2 Коринфӕгтӕм 4:4; Раргомад 12:12).
15. а) Кӕдӕм гуылф кӕнынц адӕмтӕ? ӕ) Ацы дунейӕ нӕ дард лӕууын цӕмӕн хъӕуы?
15 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сӕхицӕн стыр амондыл нымайынц, ацы дунейӕ кӕй не сты, уый. Уымӕн ӕмӕ ацы дунейы адӕмтӕ ӕмдзыгуырӕй гуылф кӕнынц се сӕфтмӕ Армагеддоны (Данелы 2:44; Раргомад 16:14, 16; 19:11—21). Мах ацы дунейӕ дард кӕй лӕууӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕм ахӕм кӕрон не ’нхъӕлмӕ кӕсы. Ӕгас зӕххы къорийыл дӕр, ӕмвӕнд-ӕмзонд адӕм уӕвгӕйӕ, мах ӕнувыд стӕм Хуыцауы уӕларвон Паддзахадыл. Раст у, ацы дунейӕ кӕй не стӕм, уый тыххӕй ныл адӕм худынц ӕмӕ нӕ сурынц. Фӕлӕ тагъд уымӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Сайтаны къухы цы фыддуне ис, уымӕн йӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон та, сӕхи йӕ уӕларвон Паддзахады бӕрны бакӕнгӕйӕ, ӕнусмӕ цӕрдзысты йӕ рӕстаг ног дунейы (2 Петры 3:10—13; 1 Иоанны 2:15—17).
Цыбыр афӕлгӕст
• Ацы дунейӕ дард лӕууын куыд ӕмбарын хъӕуы, уый Йесо куыд равдыста?
• Цы цӕстӕй кастысты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ а) дуне цы зондыл хӕст у, уымӕ, ӕ) паддзахады сӕргълӕуджытӕм ӕмӕ б) хъалон фидынмӕ?
• Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы дунейы хъуыддӕгтӕй дард кӕй лӕууынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?
[Ныв 165 фарсыл]
Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр «дунейӕ не сты».