Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 22 сӕр, 117–121 фф.
  • Сайӕн цӕуылнӕ ис?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Сайӕн цӕуылнӕ ис?
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Петр ӕмӕ Анани кӕй асайдтой, уымӕй цы ис зондӕн райсӕн?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Раст цы у, уый дзурут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2018
  • «Ӕз уарзын, мӕ зӕрдыл мын цы фӕдзӕхстытӕ лӕууын кӕныс, уыдон»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • Йегъовӕйы «цӕстытӕ лӕмбынӕг кӕсынц» алкӕмӕдӕр
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 22 сӕр, 117–121 фф.

22 СӔР

Сайӕн цӕуылнӕ ис?

ЗӔГЪӔМ, чызг йӕ мадӕн загъта: «Куыддӕр мӕ уроктӕ фӕуой, афтӕ хӕдзармӕ рацӕудзынӕн». Фӕлӕ урокты фӕстӕ йе ’мбӕлттимӕ хъазыныл фӕци, ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ мадӕн дзуры: «Ахуыргӕнӕг мын загъта, цӕмӕй урокты фӕстӕ баззайон». Куыд хъуыды кӕныс, хорз бакодта? ~

Лӕппу уаты пуртийӕ кӕй хъазыд ӕмӕ лампӕ кӕй афӕлдӕхта, уый тыххӕй йӕ фыд йемӕ ныхас кӕны[Ныв 117 фарсыл]

Ацы лӕппу ӕвзӕрӕй цы сарӕзта?

Кӕнӕ, зӕгъӕм, лӕппу йӕ фыдӕн загъта: «Нӕ, ӕз хӕдзары пуртийӕ нӕ хъазыдтӕн!» Афтӕмӕй та хъазыди. Куы нӕ басӕтта, уӕд хорз бакӕндзӕн? ~

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг нын бамбарын кодта, куыд бакӕнын хъӕуы, уый. Уый загъта: «„О“ загътат, уӕд уӕ ныхас уӕд „о“, „нӕ“ загътат, уӕд та – „нӕ“; уымӕй уӕлдай цы зӕгъат, уый та Фыдбылызӕй у» (Матфейы 5:37). Уымӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? ~ Ома, дзургӕ цы кӕнӕм, аразгӕ дӕр хъуамӕ уый кӕнӕм.

Алы хатт дӕр, раст цы у, уый кӕй хъуамӕ дзурӕм, уый ӕвдисы Библийӕ иу хабар. Уыцы хабар ӕрцыд дыууӕ адӕймагыл. Уыдон сӕхи хуыдтой Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Базонӕм-ма йӕ, цы сыл ӕрцыд.

Йесойы мӕлӕтӕй рацыди иу-дыууӕ мӕйы. Иерусалиммӕ дард рӕттӕй ӕрцыд бирӕ адӕм Фӕндзайӕм бонмӕ, дзуттӕгты стыр бӕрӕгбонмӕ. Апостол Петр сын зӕрдиагӕй радзырдта, Хуыцау Йесойы мӕрдтӕй куыд райгас кодта, уый тыххӕй. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ Йесойы тыххӕй фыццаг хатт фехъуыстой. Ӕмӕ сӕ фӕндыди фылдӕр базонын. Цымӕ уый тыххӕй цы сарӕзтой?

Уыдон сфӕнд кодтой Иерусалимы ноджы фылдӕр аззайын. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ иуӕй-иутӕн се ’хцатӕ фесты ӕмӕ сӕ бон нал уыди хӕринаг балхӕнын дӕр. Уӕд Иерусалимы Йесойы ахуыргӕнинӕгты бафӕндыди уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ бирӕтӕ, цы сӕм уыди, уыдон уӕй кодтой ӕмӕ се ’хцатӕ апостолтӕм хастой. Апостолтӕ та уыцы ӕхцатӕ лӕвӕрдтой, баххуыс кӕнын кӕмӕн хъуыди, уыдонӕн.

Анани ӕмӕ йӕ ус Сапфирӕ дӕр уыдысты Иерусалимы ӕмбырдӕй. Уыдон дӕр сӕ зӕхх ауӕй кодтой. Ничи сын загъта, ауӕй йӕ кӕнут, зӕгъгӕ, афтӕ сӕхи бафӕндыд. Фӕлӕ йӕ уый тыххӕй нӕ ауӕй кодтой, ӕмӕ Йесойы ног ахуыргӕнинӕгты бирӕ уарзтой. Анани ӕмӕ Сапфирӕйы фӕндыди, цӕмӕй сӕ адӕм ӕппӕлыдаиккой. Гъемӕ сфӕнд кодтой, зӕгъгӕ, ӕхцатӕй иуцасдӕр нӕхицӕн ныууадздзыстӕм ӕмӕ зӕгъдзыстӕм, иннӕтӕн баххуыс кӕныны тыххӕй не ’хцатӕ иууылдӕр дӕттӕм. Куыд хъуыды кӕныс, хорз бакодтой? ~

Анани ӕрбацыди апостолтӕм ӕмӕ сӕм ӕхцатӕ радта. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зыдта, ӕхцатӕй йӕхицӕн дӕр кӕй ныууагъта. Ӕмӕ Петрӕн раргом кодта, Анани сайгӕ кӕй кӕны.

Анани апостол Петры асайдта[Ныв 118 фарсыл]

Анани Петры куыд асайдта?

Уӕд ын апостол Петр загъта: «Анани, Сайтанмӕ цӕмӕн байхъуыстай? Дӕ зӕхх дӕхи нӕ уыди? Тыххӕй дын ӕй ничи уӕй кӕнын кодта. Ӕмӕ йӕ куы ауӕй кодтай, уӕддӕр дӕхицӕй аразгӕ нӕ уыд, де ’хцатӕ цы фӕкӕндзынӕ, уый? Фӕлӕ афтӕ цӕмӕн загътай, зӕгъгӕ, ме ’хцатӕ иууылдӕр дӕттын, кӕд ӕмӕ уый афтӕ нӕу? Ды ӕрмӕст мах нӕ сайыс, фӕлӕ Хуыцауы дӕр».

Анани тынг ӕвзӕр ми бакодта – асайдта! Зӕгъгӕ иу кодта, аразгӕ та – ӕндӕр. Дарддӕр цы ’рцыд, уый тыххӕй Библийы афтӕ ис фыст: «Анани Петры ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд зӕххыл мардӕй ӕрхауд». Хуыцау Ананийы амардта! Уый фӕстӕ йын йӕ мард ахастой ӕмӕ йӕ баныгӕдтой.

Анани ахауд ӕмӕ амард[Ныв 119 фарсыл]

Анани кӕй асайдта, уый тыххӕй йыл цы ’рцыд?

Иу-ӕртӕ сахаты фӕстӕ ӕрбацыди Сапфирӕ дӕр. Фӕлӕ йӕ лӕгыл цы ’рцыд, уый нӕма зыдта. Ӕмӕ йӕ Петр бафарста: «Зӕгъ-ма, цы ’хца нӕм ӕрбахастат, уӕ зӕхх уыйбӕрцӕй ауӕй кодтат?»

Сапфирӕ йын загъта: «О, уыйбӕрцӕй йӕ ауӕй кодтам». Кӕс-ма, уый дӕр та асайдта! Сӕ зӕххы ӕхцатӕй цасдӕр сӕхицӕн ныууагътой. Ӕмӕ уӕд Хуыцау Сапфирӕйы дӕр амардта (Хъуыддӕгтӕ 5:1–11).

Анани ӕмӕ Сапфирӕйыл цы ’рцыд, уымӕй цы ис базонӕн? ~ Сайгӕ чи кӕны, уыдоны Хуыцау нӕ уарзы. Уый фӕнды, цӕмӕй алкӕддӕр, раст цы у, уый дзурӕм. Фӕлӕ бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, сайын ӕвзӕр нӕу. Куыд хъуыды кӕныс, раст дзурынц? ~ Зоныс ӕй, адӕм цӕмӕн рынчын кӕнынц ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц? ~ Уымӕн ӕмӕ иу чидӕр асайдта.

Йесо[Ныв 120 фарсыл]

Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг чи асайдта ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркодта?

Хъуыды ма кӕныс, Хӕйрӕг фыццаг сылгоймаджы, Евӕйы, кӕй асайдта? Уый йын загъта, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъусай ӕмӕ, цы бӕласмӕ нӕ уадзы ӕвналын, уый дыргътӕй куы бахӕрай, уӕд нӕ амӕлдзынӕ. Евӕйы Хӕйрӕджы ныхӕстӕ бауырныдтой ӕмӕ уыцы бӕласы дыргътӕй бахордта. Бахӕрын дзы кодта Адамӕн дӕр. Афтӕмӕй дыууӕйӕ дӕр систы тӕригъӕдджын, ӕмӕ сын цы сывӕллӕттӕ райгуырдаид, уыдон дӕр уыдаиккой тӕригъӕдджын. Уый тыххӕй Адамы сывӕллӕттӕ иууылдӕр, ома зӕххыл цӕрӕг адӕм, рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц. Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ цӕмӕй райдыдтой? ~ Хӕйрӕг Евӕйы кӕй асайдта, уымӕй.

Йесо Хӕйрӕджы «сайӕгой ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» дӕр уый тыххӕй схуыдта. Фыццаг уый асайдта. Ӕмӕ исчи искӕй куы асайы, уӕд бафӕзмы Хӕйрӕджы. Ӕмӕ нӕ уый рох кӕнын нӕ хъӕуы, искӕй асайын нӕ куы бафӕнда, уӕд (Иоанны 8:44).

Ӕмӕ нӕ кӕд фӕфӕнды асайын та? ~ Ӕвӕццӕгӕн, ӕвзӕрӕй исты куы саразӕм, уӕд, афтӕ нӕу? ~ Зӕгъӕм, цыдӕр асастай ӕмӕ дӕ фӕрсынц, чи уыди, зӕгъгӕ. Уӕд цы зӕгъдзынӕ? Де ’фсымӕры кӕнӕ йӕ дӕ хойы аххос фӕкӕндзынӕ? Кӕнӕ афтӕ зӕгъдзынӕ, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ? ~

Мад йӕ чызгӕн дзуры, цӕмӕй йӕ уроктӕ фӕуа[Ныв 121 фарсыл]

Кӕд нӕ фӕфӕнды асайын?

Науӕд дӕ хъӕуы дӕ уроктӕ скӕнын, фӕлӕ сӕ иууылдӕр не скодтай. Уӕд дӕ мадӕн кӕнӕ дӕ фыдӕн зӕгъдзынӕ, зӕгъгӕ мын ницыуал ис аразинаг? ~ Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Анани ӕмӕ Сапфирӕйыл цы ’рцыд, уый. Уыдон апостолты асайдтой. Ӕмӕ сӕ Хуыцау амардта, уымӕн ӕмӕ уый, сайгӕ чи кӕны, уыдоны нӕ уарзы.

Уӕдӕ цыфӕнды ма саразӕм, куы фӕсайӕм, уӕд нӕхицӕн ӕвзӕрдӕр уыдзӕн. Стӕй алцыдӕр хъӕуы дзурын, куыд уыд, афтӕ. Библийы фыст ис: «Дзурут, раст цы у, уый». Ӕмӕ ма нын фӕдзӕхсы: «Кӕрӕдзийы ма сайут». Йегъовӕ алы хатт дӕр дзуры, раст цы у, уый, ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мах дӕр афтӕ кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 4:25; Колоссӕгтӕм 3:9).

Мах хъуамӕ алы хатт дӕр дзурӕм, раст цы у, уый. Ӕмӕ уый тыххӕй фыст ис Рацыды 20:16; Ӕмбисӕндты 6:16–19; 12:19; 14:5; 16:6 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 4:13.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын