Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lr 40 сӕр, 207–211 фф.
  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна?
  • Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы хӕлар суай
    Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Иов – Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
lr 40 сӕр, 207–211 фф.

40 СӔР

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна?

ЗӔГЪ-МА, цӕмӕй Хуыцау цин кӕна, уый тыххӕй нӕ бон цы у аразын? Нӕ бон ын исты раттын у? ~ Йегъовӕ афтӕ зӕгъы: «Хъӕды цы сырдтӕ цӕры, уыдон иууылдӕр мӕн сты». Ӕмӕ ма ноджыдӕр зӕгъы: «Ӕвзист дӕр ӕмӕ сызгъӕрин дӕр мӕн сты» (Псалом 24:1; 50:10; Аггей 2:8). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у Хуыцауӕн цыдӕр раттын. Цымӕ цы, зоныс ӕй? ~

Йегъовӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй равзарӕм, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ. Цы йӕ фӕнды, уый нын тыххӕй нӕ аразын кӕны. Базонӕм-ма йӕ, Хуыцау нын ахӕм бар цӕмӕн радта.

Ӕвӕццӕгӕн, робот цы у, уый зоныс. Уый у ахӕм машинӕ, ӕмӕ аразы, адӕймаджы цы фӕнды, уый. Роботӕн йӕ бон нӕу, цы аразы, ууыл хъуыды кӕнын. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ махӕй алкӕй дӕр роботты хуызӕн скодтаид. Ӕмӕ уӕд алкӕддӕр арӕзтаиккам, Йегъовӕйы цы фӕнды, ӕрмӕстдӕр уый. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ афтӕ не скодта. Зоныс, цӕуылнӕ? ~ Роботтӕй ис хъазӕнтӕ дӕр, сӕ мидӕг ӕвӕрд вӕййы программӕ. Ӕмӕ йӕ куы скусын кӕнай, уӕд фӕаразынц, уыцы программӕйы цы фыст ис, ӕрмӕстдӕр уый. Искуы ахӕм хъазӕнтӕ федтай? ~ Ахӕм хъазӕнтӕй сывӕллон иуцасдӕр куы ахъазы, уӕд ӕй нал фӕхъӕуынц, уымӕн ӕмӕ алы хатт дӕр иухуызон цыдӕртӕ фӕаразынц. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕндыд, цӕмӕй мах уӕм роботты хуызӕн ӕмӕ йын цавӕрдӕр программӕмӕ гӕсгӕ лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын лӕггад кӕнӕм ӕмӕ йӕм хъусӕм, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ нӕхи кӕй фӕнды, уый тыххӕй.

Лӕппу роботы фӕрцы куыдзӕн стӕг радта

Хуыцау нӕ мӕнӕ ацы роботы хуызӕн цӕуылнӕ скодта?

Куыд хъуыды кӕныс, нӕ уӕларвон Фыд нын цы дзуры, уый куы фӕаразӕм, уӕд нӕ фӕцин кӕны? ~ Зӕгъ-ма, дӕхи куыд фӕдарыс, уымӕ кӕсгӕйӕ дӕ фыд ӕмӕ дӕ мад фӕцин кӕнынц? ~ Библийы афтӕ фыст ис, зӕгъгӕ, зондджын лӕппу «йӕ фыды зӕрдӕйӕн циндзинад хӕссы», ӕнӕзонд та «йӕ мадӕн маст кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 10:1). Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мадмӕ куы фӕхъусыс, уӕд нӕ фӕцин кӕнынц? ~ Фӕлӕ сӕм куы нӕ фӕхъусыс, уӕд та? ~

Дыууӕ лӕппуйы дзаумӕттӕ ауындзынц

Цы у дӕ бон аразын, цӕмӕй Йегъовӕ ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ цин кӕной?

Ныр та ахъуыды кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйыл. Уый нын дзуры, цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй цин кӕна. Ссар-ма дӕ Библийы Ӕмбисӕндтӕ 27:11. Уым нын Хуыцау дзуры: «Зондджын у, мӕ фырт [кӕнӕ, мӕ чызг], ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мын фидистӕ чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттон». Фидистӕ кӕнын цы у, уый зоныс? ~ Исчи дыл куы худа ӕмӕ дын куы дзура, зӕгъгӕ, дам, цы фӕзӕгъыс, уый дӕ бон саразын нӕу. Зоныс ӕй, Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн куыд фидис кӕны? ~ Базонӕм-ма йӕ.

Ацы чиныджы 8-ӕм сӕры кастыстӕм, Хӕйрӕджы кӕй фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр хицау уа ӕмӕ иууылдӕр уымӕ хъусой. Хӕйрӕг афтӕ дзуры, зӕгъгӕ, дам, адӕм Йегъовӕйӕн уый тыххӕй лӕггад кӕнынц, цӕмӕй сын ӕнусон цард ратта. Хӕйрӕг афтӕ куы бакодта, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕмӕ ма байхъусой, уӕд Йегъовӕйы ныхмӕ рацыд. Уый йын загъта: «Адӕм дын лӕггад кӕнынц, цыдӕртӕ сын кӕй дӕттыс, уый тыххӕй. Ратт мын рӕстӕг, ӕмӕ ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дын ничиуал лӕггад кӕндзӕн».

Адам ӕмӕ Евӕ, Едемы цӕхӕрадонӕй тард куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ йӕ бахизӕны уыд дыууӕ херувимы ӕмӕ судзгӕ хъама

Адам ӕмӕ Евӕ тӕригъӕд куы сарӕзтой, уӕд Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн цы загъта?

Ацы ныхӕстӕ Библийы фыст не сты. Фӕлӕ Иовы тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд бӕрӕг вӕййы, Хӕйрӕг Хуыцауӕн ахӕм цыдӕр кӕй загъта. Иов Хуыцауыл иузӕрдион уыд ӕви нӕ, уый базонын фӕндыди Хӕйрӕджы дӕр ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр. Байгом-ма кӕн дӕ Библийы Иовы чиныг, 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕ ӕмӕ йӕ фенӕм, хабар куыд уыд, уый.

1-аг сӕры фыст ис, зӕдтӕ Йегъовӕйы раз куы ’рлӕууыдысты, уӕд Сайтан дӕр уым кӕй уыди. Ӕмӕ Йегъовӕ Сайтаны бафарста: «Кӕм уыдтӕ?» Уый йын загъта, зӕххыл кӕй разил-базил кодта. Уӕд та йӕ Йегъовӕ бафарста: «Ӕмӕ уӕд Иовы нӕ федтай? Уый мын иузӕрдионӕй лӕггад кӕны ӕмӕ ӕвзӕрӕй ӕппындӕр ницы аразы» (Иов 1:6–8).

Уӕд Сайтан райдыдта Иовы ныхмӕ дзурын: «Иов дын уымӕн лӕггад кӕны, ӕмӕ ницы зындзинад уыны. Уӕдӕ ма йӕ мауал хъахъхъӕн ӕмӕ йын мауал ӕххуыс кӕн, кӕддӕра дӕ нӕ ралгъитид». Уӕд Йегъовӕ Сайтанӕн загъта: «Хорз, цы дӕ фӕнды, уый йын бакӕн, ӕрмӕст ын йӕхимӕ ма бавнал» (Иов 1:9–12).

Цымӕ уӕд Сайтан цы сарӕзта? ~ Фыццаг уал афтӕ бакодта, ӕмӕ Иовӕн йӕ галты ӕмӕ йӕ хӕрджыты адавтой, чи сӕ хызта, уыдоны та амардтой. Уый фӕстӕ арв ферттывта, ӕмӕ арвӕй цы зынг ӕрцыд, уый басыгъта йӕ фысты ӕмӕ сӕ чи хызта, уыдоны. Фӕстӕдӕр та йын йӕ теуаты адавтой. Теуаты чи хъахъхъӕдта, уыдоны та амардтой. Фӕстагмӕ Сайтан тыхджын дымгӕ сыстын кодта. Ӕмӕ Иовы дӕс сывӕллоны цы хӕдзары уыдысты, уый ныккалд ӕмӕ иууылдӕр фӕмард сты. Фӕлӕ кӕд Иовыл ахӕм ӕвзӕр хабӕрттӕ ’рцыд, уӕддӕр Йегъовӕйы нӕ ныууагъта (Иов 1:13–22).

Сайтан та ногӕй Йегъовӕйы размӕ куы ’рбацыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕсыс, Иов куыд иузӕрдион у. Фӕлӕ та йын Сайтан загъта: «Бауадз мӕ, ӕмӕ йыл низ бафтауон, кӕддӕра дӕ уӕд нӕ ралгъитид». Йегъовӕ йӕ бауагъта Иовыл низ бафтауын, фӕлӕ йӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ ма амара.

Иовӕн йӕ буар у хӕлд; йӕ ус йӕ ныхмӕ цӕуы

Иов цытӕ бавзӕрста ӕмӕ, иузӕрдион кӕй уыд, ууыл Хуыцау цӕмӕн цин кодта?

Сайтан Иовыл бафтыдта низ, ӕмӕ йӕ буар иууылдӕр фехӕлд. Ахӕм тӕф кодта, ӕмӕ йӕм хӕстӕг ничи цыд. Йӕ ус дӕр ма йын афтӕ: «Хуыцауы ралгъит ӕмӕ амӕлай!» Уый фӕстӕ Иовмӕ ӕрбацыдис ӕртӕ лӕджы. Уыдон сӕхи нымадтой йе ’мбӕлттыл. Фӕлӕ йын ницы баххуыс кодтой, ӕрмӕст ма йын йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр фӕриссын кодтой. Уыцы бӕллӕхтӕ, дам, дыл уымӕн ӕрцыдысты, ӕмӕ цыдӕр тӕригъӕдтӕ сарӕзтай. Фӕлӕ кӕд Сайтан Иовы ахӕм бӕллӕхты хай фӕкодта ӕмӕ йыл ахӕм низ бафтыдта, уӕддӕр Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад (Иов 2:1–13; 7:5; 19:13–20).

Куыд хъуыды кӕныс, Иов иузӕрдионӕй кӕй баззад, Йегъовӕ ууыл нӕ цин кодта? ~ Тынг цин кодта, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Сайтанӕн зӕгъын: «Акӕс-ма Иовмӕ! Иов мын лӕггад кӕны, йӕхи кӕй фӕнды, уый тыххӕй». Ды дӕр Иовы хуызӕн уыдзынӕ? Йегъовӕйӕн дӕу тыххӕй дӕр йӕ бон уыдзӕн афтӕ зӕгъын? ~ Уӕд Йегъовӕ Сайтаны гӕдыныхӕстӕн дзуапп ратдзӕн ӕмӕ уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, Сайтаны бон кӕй нӕу алкӕмӕн Хуыцауы ныууадзын кӕнын. Уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа! Йесо дӕр уый стыр кадыл нымадта.

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Хӕйрӕгмӕ никуы байхъуыста ӕмӕ ӕвзӕрӕй никуы ницы сарӕзта. Ахъуыды-ма кӕн, йӕ Фыд ууыл куыд тынг цин кодтаид! Йегъовӕйӕн йӕ бон уыди Йесойы тыххӕй Хӕйрӕгӕн зӕгъын: «Мӕ Фыртмӕ-ма мын акӕс! Уый мыл кӕронмӕ иузӕрдион у, уымӕн ӕмӕ мӕ уарзы!» Ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг та куыд тынг цин кодтаид, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕны, ууыл. Уыцы циндзинады фӕрцы фидарӕй баззад, хъӕдыл ӕй куы ’рцауыгътой, уӕд дӕр (Дзуттӕгтӕм 12:2).

Зӕгъ-ма, фӕнды дӕ, цӕмӕй ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы хуызӕн уай ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай? ~ Уӕд дарддӕр архай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый базоныныл ӕмӕ дын цы дзуры, уый араз!

Йесо Хуыцауы зӕрдӕ куыд рухс кодта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, уый тыххӕй-ма бакӕс Ӕмбисӕндты 23:22–25; Иоанны 5:30; 6:38; 8:28 ӕмӕ 2 Иоанны 4.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын