Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • kp 16–19 фф.
  • Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дуне

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дуне
  • Ма бафынӕй ут!
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Развӕлгъау куыд загъдӕуыд, афтӕ аразын ӕппӕтдӕр ног
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
  • Ног арв ӕмӕ ног зӕхх адӕмӕн стыр цины хос уыдзысты
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2000
Ма бафынӕй ут!
kp 16–19 фф.

Хуыцауы зӕрдӕвӕрд ног дуне

ХУЫЦАУЫ фыст Ныхас Библи нӕ ныфс уадзы ахӕм ныхӕстӕй: «Мах, Йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ, кӕцытыл цӕры рӕстдзинад» (2 Петры 3:13).

Цы у «ног арв»? Библийы арв кӕнӕ уӕлӕрвтӕ арӕх фӕамонынц хицаудзинадмӕ (Куыстытӕ 7:49). «Ног арв» у, ӕгас зӕхх дӕр кӕй дӕлбар уыдзӕн, уыцы ног хицауад. Ног уымӕн у, ӕмӕ уыдзӕн, зӕххыл ныртӕккӕ цыдӕриддӕр хицауӕдтӕ ис, уыдоны бӕсты; стӕй ма у ног къӕпхӕн Хуыцауы фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы дӕр. Растдӕр ацы Паддзахады тыххӕй ахуыр кодта Йесо кувын йӕ ахуыргӕнинӕгты (Матфейы 6:10). Ацы хицауадӕн йӕ Аразӕг ӕмӕ йе Сфидаргӕнӕг Хуыцау кӕй у, ӕмӕ уымӕн та уӕлӕрвты кӕй ис йӕ цӕрӕнбынат, уымӕ гӕсгӕ хуыйны «Уӕларвон Паддзахад» (Матфейы 7:21).

Цы у «ног зӕхх» та? Уый ног зӕххы къори нӕу — Библи бӕлвырд-бӕрӕгӕй дзуры, зӕххыл ӕнустӕм адӕм кӕй цӕрдзӕн. Уӕдӕ «ног зӕхх» у адӕмы ног ӕхсӕнад. Ног уымӕн уыдзӕн, ӕмӕ фыдадӕм фесӕфдзысты (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22). Уӕд чидӕриддӕр цӕра, се ’ппӕт дӕр нымайдзысты се Сфӕлдисӕджы ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзысты, уыдон цӕрдзысты йӕ закъӕттӕм гӕсгӕ (Псалом 21:28). Хуыцау алы адӕмты дӕр хоны, цӕмӕй уыцы закъӕттӕ базоной ӕмӕ сӕ цард уыдонмӕ гӕсгӕ аразыныл фӕстӕ ма кӕной. Ды афтӕ аразыс?

Ног дунейы алчидӕр коммӕгӕс уыдзӕн Хуыцауӕн. Хуыцауы афтӕ уарзыс, ӕмӕ йӕм хъусыс? (1 Иоанны 5:3). Ӕмӕ уый бӕрӕг у хӕдзары? куысты? скъолайы? дӕ цард куыд аразыс, уымӕй?

Уыцы ног дунейы ӕппӕт адӕм дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувдзысты ӕцӕг Хуыцауӕн. Ды дӕр арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕн лӕггад кӕныс? Хуыцауӕн ӕппӕт адӕмтӕй, алы буары хуызтӕ ӕмӕ алы ӕвзӕгтӕй цы адӕм кувынц, уыдонимӕ ды дӕр ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕныс, уый зӕгъын дӕ бон у? (Псалом 85:9, 10; Исай 2:2—4; Софони 3:9).

[Рамкӕ 17 фарсыл]

Уыдӕттӕй зӕрдӕвӕрӕг Хуыцау чи у

Уый у арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцау. Йесо Чырысти «иунӕг ӕцӕг Хуыцау» кӕй схуыдта, уый (Иоанны 17:3).

Ӕгас дунейы дӕр адӕм цыт кӕнынц сӕхи конд, сӕхи ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕн. Милуантӕ табу кӕнынц ӕдзард нывтӕн. Иннӕтӕй та кӕмӕн йӕ хуыцау адӕймаджы арӕзт организацитӕ сты, кӕмӕн ӕхца ӕмӕ мулк, кӕмӕн та ма суанг йӕхи уды монцтӕ дӕр. Афтӕ чи зӕгъы, зӕгъгӕ, мах дӕр Библимӕ гӕсгӕ кувӕм Хуыцауӕн, уыдонӕй дӕр алчи нӕ бӕрзонд кӕны, уыцы чиныг «ӕцӕг Хуыцау» кӕй хоны, уый ном (Дыккаг закъон 4:35).

Сфӕлдисӕг йӕхи тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ӕз дӕн Иегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:5, 8). Иууыл райдианӕй Библийы уыцы ном ӕмбӕлд 7 000 хаттӕй фылдӕр. Йесо Чырысти афтӕ ахуыр кодта кувын йӕ фӕдылдзӕуджыты: «Мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» (Матфейы 6:9).

Цавӕр миниуджыты хицау у ӕцӕг Хуыцау? Йӕхӕдӕг йӕхи хоны «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ ӕцӕгад»; йӕ фӕдзӕхстытӕ йын зонгӕ-зонын чи халы, уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ уадзы (Рацыд 34:6, 7). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ахӕм Хуыцау кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн та — дунейы равзӕрдӕй абоны онг адӕмӕн куыд у, уый.

Уыцы ном дӕр ӕмӕ уыцы номӕн йӕ хицау дӕр хъуамӕ уой кадджын. Ӕндӕр ныхасӕй, хъуамӕ нымад уой сыгъдӕг, табуйагыл. Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау уый кӕй у, уымӕ гӕсгӕ уымӕн хъуамӕ уӕм коммӕгӕс ӕмӕ иунӕг уымӕн хъуамӕ кувӕм. Дӕуӕй ис уый зӕгъӕн?

[Рамкӕ/Ныв 18 фарсыл]

«Ног арв ӕмӕ ног зӕхх» ногӕй цы ’рхӕсдзысты?

Зӕхх сси Дзӕнӕт. Лукайы 23:43

Ӕгас зӕххы къорийыл дӕр дзыллӕтӕ — Иоанны 13:35;

алы адӕмтӕ, алы буары хуызтӕ ӕмӕ Раргомад 7:9, 10

ӕвзӕгтӕй — цӕрынц кӕрӕдзи уарзгӕйӕ.

Ӕгас зӕххыл дӕр ис фарн, ничи Псалом 36:10, 11;

ницӕмӕй тӕрсы. Михей 4:3, 4

Алкӕмӕндӕр ис зӕрдӕзӕгъгӕ куыст, Исай 25:6;

хӕринаг парахатӕй. Ис 65:17, 21—23

Низтӕ, маст ӕмӕ мӕлӕт нал ис. Исай 25:8;

Раргомад 21:1, 4

Адӕм иууылдӕр кувынц ӕцӕг Хуыцауӕн Раргомад 15:3, 4

ӕмӕ сӕ уый бӕтты кӕрӕдзиуыл.

[Рамкӕ/Нывтӕ 19 фарсыл]

Ды дзы цӕрдзынӕ?

Хуыцау йӕ дзырд нӕ ивы, нӕ сайы! (Титмӕ 1:2).

Иегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы: «Мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ ӕнӕмӕнг сараздзӕн, ӕхсызгон мын цы у, уый ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11).

Иегъовӕ райдыдта «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» аразын. Уӕларвон хицауад ӕрӕвнӕлдта йӕ куыстмӕ. «Ног зӕххӕн» дӕр йӕ бындур ӕвӕрд у.

Раргомады чиныджы, «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» адӕмӕн цы стыр хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзысты, уый кой кӕм цӕуы, уым дарддӕр ис Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн йӕхи ныхӕстӕ: «Мӕнӕ аразын ӕппӕтдӕр ног. Ӕмӕ зӕгъы... ныффысс; уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ сты ӕцӕг ӕмӕ раст» (Раргомад 21:1, 5).

Фарст уый мидӕг ис, ӕмӕ нӕ цӕмӕй Хуыцау, «ног арвы» бын цы «ног зӕхх», ома ног ӕхсӕнад, уыдзӕн, уым цӕрыны аккагыл банымайа, уый тыххӕй нӕ алчидӕр, йӕ царды йӕ цы кӕнын хъӕуы, уый аразы?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын