Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bh 199 ф.–201 ф., 4 абз.
  • Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ
  • Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • Ӕнхъӕлмӕ кастысты Мессийӕмӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Йесо Чырысти — Хуыцауы базонынады дӕгъӕл
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
bh 199 ф.–201 ф., 4 абз.

УӔЛӔМХАСӔН

Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ

ЦӔМӔЙ адӕмӕн сӕ бон уыдаид, Мессийӕ чи у, уый базонын, уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ пехуымпартӕн Библийы ныффыссын кодта бирӕ пехуымпарӕдтӕ. Зӕгъӕм, уыцы пехуымпартӕ бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ ныффыстой Хуыцауы ӕрвыст Ирвӕзынгӕнӕгӕн йӕ райгуырд, йӕ лӕггад ӕмӕ йӕ мӕлӕты тыххӕй. Уыцы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл. Адӕймаджы дисы ӕфтауы, уыцы пехуымпарӕдтӕ лыстӕг хабӕртты онг куыд сӕххӕст сты, уый. Ӕркӕсӕм-ма, Мессийӕйӕн йӕ райгуырд ӕмӕ йӕ сабибонты тыххӕй бирӕ раздӕр цы хабӕрттӕ уыд загъд, уыдонмӕ.

Пехуымпар Исай йӕ рӕстӕджы загъта, Мессийӕ кӕй уыдзӕн паддзах Давиды байзӕддаг (Исай 9:7). Ӕмӕ Йесо ӕцӕгдӕр рацыд Давиды хӕдзарвӕндагӕй (Матфейы 1:1, 6–17).

Михей дӕр уыди Хуыцауы пехуымпар, ӕмӕ уый та загъта, уыцы саби кӕй райгуырдзӕн «Вифлеем Ефрафӕйы» ӕмӕ кӕй суыдзӕн хицау (Михей 5:2). Йесойы райгуырды заман Израилы уыди дыууӕ Вифлеемы. Уыцы горӕттӕй иу уыди цӕгатырдыгӕй, Назаретмӕ хӕстӕг, иннӕ та – Иудӕйы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Иерусалиммӕ хӕстӕг цы Вифлеем уыди, уый кӕддӕр хуыдтой Ефрафӕ. Йесо райгуырд уыцы горӕты – пехуымпар куыддӕриддӕр загъта, афтӕ! (Матфейы 2:1).

Библийы ма фыст ӕрцыд ахӕм пехуымпарад дӕр, зӕгъгӕ, Хуыцау йӕ Фырты «Египетӕй» ракӕндзӕн. Йесо гыццыл куы уыди, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ Египетмӕ ахастой. Ӕмӕ, паддзах Ирод куы амард, уӕд фӕстӕмӕ йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты. Афтӕ сӕххӕст ацы пехуымпарад дӕр (Оси 11:1; Матфейы 2:15).

Хуыцауы Ныхасы Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ӕрцыд фыст, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый дӕ бон фенын у таблицӕйы «Пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй». Уыцы таблицӕйы ис дзырдтӕ «Пехуымпарад» ӕмӕ «Йӕ сӕххӕст», сӕ бынмӕ та – Библийӕ стихтӕ. Кӕрӕдзиимӕ сӕ куы абарай, уӕд фендзынӕ, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый алкӕддӕр кӕй сӕххӕст вӕййы. Ӕмӕ уый фӕрцы дӕ уырнындзинад ноджы тынгдӕр бафидар уыдзӕн.

Уыцы стихтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд-иу дӕ рох ма уӕд, Йесойы райгуырдӕй ӕнустӕ раздӕр кӕй ӕрцыдысты фыст. Йесо афтӕ загъта: «Моисейы закъоны, Пехуымпарты чингуыты ӕмӕ Псаломты мӕн тыххӕй цы фыст ис, уыдон иууылдӕр... хъуамӕ сӕххӕст уой» (Лукайы 24:44). Ӕмӕ Библи куыд ӕвдисы, афтӕмӕй дзы иу дӕр нӕ фӕмӕнг – иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты!

ПЕХУЫМПАРӔДТӔ МЕССИЙӔЙЫ ТЫХХӔЙ

ХАБАР

ПЕХУЫМПАРАД

ЙӔ СӔХХӔСТ

Рацӕудзӕн Иудӕйы мыггагӕй

Райдиан 49:10

Лукайы 3:23–33

Райгуырдзӕн ӕнӕвнӕлд чызгӕй

Исай 7:14

Матфейы 1:18–25

Уыдзӕн паддзах Давиды байзӕддаг

Исай 9:7

Матфейы 1:1, 6–17

Йегъовӕ йӕ схондзӕн йӕ Фырт

Псалом 2:7

Матфейы 3:17

Нӕ йыл баууӕнддзысты

Исай 53:1

Иоанны 12:37, 38

Иерусалиммӕ бацӕудзӕн хӕрӕгыл

Захари 9:9

Матфейы 21:1–9

Йе ’ввахс ӕмбал ӕй ауӕй кӕндзӕн

Псалом 41:9

Иоанны 13:18, 21–30

Ауӕй йӕ кӕндзысты 30 ӕвзист ӕхцайыл

Захари 11:12

Матфейы 26:14–16

Чи йӕ аххосджын кӕндзӕн, уыдоны раз ницы дзурдзӕн

Исай 53:7

Матфейы 27:11–14

Йӕ дарӕсыл ын хӕлттӕ ӕппардзысты

Псалом 22:18

Матфейы 27:35

Хъӕдыл ауыгъдӕй дзы хынджылӕг кӕндзысты

Псалом 22:7, 8

Матфейы 27:39–43

Йе стджытӕй йын иу дӕр нӕ асӕтдзысты

Псалом 34:20

Иоанны 19:33, 36

Йӕ мард ын бавӕрдзӕн хъӕздыг лӕг

Исай 53:9

Матфейы 27:57–60

Нӕма бамбийдзӕн, афтӕмӕй райгас уыдзӕн

Псалом 16:10

Хъуыддӕгтӕ 2:24, 27

Хуыцауы рахиз фарс ӕрбаддзӕн

Псалом 110:1

Хъуыддӕгтӕ 7:56

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын