УӔЛӔМХАСӔН
Цы сты шео́л ӕмӕ га́дес?
БИБЛИЙЫ дзуттаг дзырд шео́л ӕмӕ грекъаг дзырд га́дес ӕмбӕлынц 70 хаттӕй фылдӕр. Дыууӕ дзырдӕн дӕр сӕ хъуыды иу у, сӕ дыууӕ дӕр ӕмбӕлынц, мӕлӕты кой кӕм фӕцӕуы, уым. Библи чи тӕлмац кодта, уыдонӕй сӕ иуӕй-иутӕ ратӕлмац кодтой дзырдтӕй «зындон» кӕнӕ «мӕрдты бӕстӕ». Фӕлӕ цымӕ ахӕм тӕлмац раст у? Дзырдтӕ шео́л ӕмӕ га́дес ӕцӕгӕй цы нысан кӕнынц? Ӕркӕсӕм, ацы дзырдтӕ Библийы алы рӕтты куыд ӕмбӕлынц, уымӕ.
Екклесиасты 9:10 стихы кӕсӕм: «Ингӕны [«шеолы», фиппаинаг] – кӕдӕм ацӕудзынӕ, уым, нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр зонындзинӕдтӕ, нӕдӕр зонд». Цымӕ ацы ран шео́л, адӕймагӕн йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд ӕй кӕм бавӕры, ахӕм бӕлвырд ингӕн амоны? Уый афтӕ нӕу. Библийы бӕлвырд кӕйдӕр ингӕны кой кӕм цӕуы, уым шео́л ӕмӕ га́дес не ’мбӕлы, фӕлӕ ӕндӕр дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырдтӕ (Райдиан 23:7–9; Матфейы 28:1). Стӕй, цалдӕр адӕймаджы иумӕ ныгӕд кӕм вӕййынц, уый кой кӕм фӕцӕуы, зӕгъӕм, иу хӕдзарвӕндаджы уӕлмӕрды кой, уым дӕр дзырд шео́л никуы ӕмбӕлы (Райдиан 49:30, 31).
Уӕдӕ уӕд шео́л цавӕр бынатмӕ амоны? Хуыцауы Ныхас куыд ӕвдисы, афтӕмӕй «шео́л»-ӕн, кӕнӕ «га́дес»-ӕн, йӕ хъуыды стыр ингӕнӕй дӕр уӕрӕхдӕр у. Зӕгъӕм, Исайы 5:14 стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «ингӕн [«шеол», фиппаинаг] ӕфсис нӕ зоны, йӕ дзых ныххӕлиу кодта». Нырмӕ дӕр цас ӕмӕ цас адӕмы аныхъуырдта, фӕлӕ уӕддӕр не ’фсӕды (Ӕмбисӕндтӕ 30:15, 16). Ӕнӕуи ингӕн цыфӕнды стыр ма уа, уӕддӕр дзы мӕрдтӕ иууылдӕр нӕ бацӕудзысты. Фӕлӕ шео́л та у «ӕнӕфсис» (Ӕмбисӕндтӕ 27:20, фиппаинаг). Шео́л дзаг нӕ кӕны. Уӕдӕ шео́л, кӕнӕ га́дес, цавӕрдӕр бӕлвырд бынат нӕу. Уый ахӕсгӕ хуызы ӕвдисы, дунейы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ чи амард, уыдонӕн сӕ фылдӕр кӕм сты, уыцы ингӕн, ома зӕхх, кӕнӕ сыджыт.
Шео́л ӕмӕ га́дес цы сты, уый хуыздӕр бамбарынӕн нын ӕххуыс кӕны, Библийы мӕрдты райгасы тыххӕй цы фыст ис, уый дӕр. Хуыцауы Ныхас куыд зӕгъы, афтӕмӕй, шео́лы ӕмӕ га́десы чи ис, уыдон райгас уыдзыстыa (Иов 14:13; Хъуыддӕгтӕ 2:31; Раргомад 20:13). Библийӕ ма базонӕн ис, шео́лы ӕмӕ га́десы, Йегъовӕйӕн чи лӕггад кодта, ӕрмӕст уыдон кӕй не сты, фӕлӕ йын чи нӕ лӕггад кодта, бирӕ ахӕм адӕм дӕр (Райдиан 37:35, фиппаинаг; Псалом 55:15, фиппаинаг). Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис: «Райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Хъуыддӕгтӕ 24:15).
a Мӕрдтӕй чи нӕ райгас уыдзӕн, уыдоны тыххӕй та Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, уыдон сты «гееннӕйы» (Матфейы 5:30; 10:28; 23:33). Шео́л ӕмӕ га́дес бӕлвырд бынӕттӕ куыд не сты, афтӕ «гееннӕ» дӕр цавӕрдӕр бӕлвырд бынат нӕу.