УӔЛӔМХАСӔН
Цы у Тӕрхоны бон?
ТӔРХОНЫ БОН. Ацы ныхас куы фехъусыс, уӕд дӕ цӕстытыл цы ауайы? Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уыцы бон дуне адӕм Хуыцауы паддзахбадӕны раз ӕрлӕудзысты. Ӕмӕ сӕ уым алкӕмӕн дӕр тӕрхон хаст ӕрцӕудзӕн. Адӕмӕй, дам, иутӕ ацӕудзысты уӕлӕрвтӕм – дзӕнӕтмӕ, иннӕтӕ та, дам, зындоны ӕнустӕм хъизӕмар кӕндзысты. Фӕлӕ Библи уыцы рӕстӕг бынтон ӕндӕрхуызон ӕвдисы. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уыцы бонӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Уыцы рӕстӕг ӕрхӕсдзӕн стыр арфӕдзинӕдтӕ. Адӕм суыдзысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ, ӕппӕты райдианы куыд уыдысты, афтӕ.
Раргомады 20:11, 12 стихты кӕсӕм, Тӕрхоны боны тыххӕй апостол Иоанн цы загъта, уый: «Федтон стыр урс паддзахбадӕн ӕмӕ йыл чи бадти, уый дӕр. Уымӕн йӕ разӕй фӕлыгъдысты зӕхх ӕмӕ арв, ӕмӕ сын бынат нал разынд. Федтон мӕрдты дӕр, номдзыдты ӕмӕ хуымӕтӕгты, паддзахбадӕны раз лӕугӕ, ӕмӕ тыхтӕттӕ байгом сты. Байгом ма ӕндӕр тыхтон дӕр – царды тыхтон. Ӕмӕ мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтоны сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ». Ацы стихты цы Тӕрхонгӕнӕджы кой цӕуы, уый чи у?
Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмӕн сӕ Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕг Йегъовӕ Хуыцау у. Фӕлӕ ацы тӕрхон ӕндӕр кӕйдӕр бар бакодта. Хъуыддӕгты 17:31 стихы апостол Павел зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау «снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон». Хуыцауы ӕвзӕрст Тӕрхонгӕнӕг у, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Йесо Чырысти (Иоанны 5:22). Фӕлӕ Тӕрхоны бон кӕд райдайдзӕн? Ӕмӕ цас рӕстӕг ахӕсдзӕн?
Раргомады чиныг куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Тӕрхоны бон райдайдзӕн Армагеддоны хӕсты фӕстӕ, Хӕйрӕджы дуне куы фесӕфа, уӕд (Раргомад 16:14, 16; 19:19–20:3). Армагеддоны фӕстӕ Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ мин азмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзысты дӕлдзӕхмӕ. Уӕд, Хуыцау кӕй равзӕрста, уыцы 144 000 чырыстоны уӕлӕрвты «Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уыдзысты мин азы» ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон кӕндзысты (Раргомад 14:1–3; 20:1–4; Ромӕгтӕм 8:17). Уӕдӕ Тӕрхоны бон 24 сахаты нӕ уыдзӕн, фӕлӕ ахӕсдзӕн мин азы.
Уыцы мин азы дӕргъы Йесо Чырысти тӕрхон кӕндзӕн «удӕгӕстӕн дӕр ӕмӕ мӕрдтӕн дӕр» (2 Тимофеймӕ 4:1). «Удӕгӕстӕ» уыдзысты «тынг бирӕ адӕм», Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдон (Раргомад 7:9–17). Апостол Иоанн ма «паддзахбадӕны раз лӕугӕ» федта «мӕрдты дӕр». Чырысти куыд загъта, афтӕ, «ингӕнты чидӕриддӕр ис, уыдон ын фехъусдзысты йӕ хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты», ома райгас уыдзысты (Иоанны 5:28, 29; Хъуыддӕгтӕ 24:15). Тӕрхон та сын цӕмӕ гӕсгӕ кӕндзӕн?
Апостол Иоанн цӕстылуайӕны куыд федта, афтӕмӕй «тыхтӕттӕ байгом сты» ӕмӕ «мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтоны сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ». Цымӕ уыцы тыхтӕтты адӕмӕн сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕ сты фыст? Уый афтӕ нӕу. Адӕм сӕ мӕлӕты размӕ цы арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ нӕ цӕудзысты тӕрхонгонд. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Библийы фыст ис: «Чи амард, уый йӕ тӕригъӕды хӕсӕй ссӕрибар» (Ромӕгтӕм 6:7). Уыцы адӕм куы райгас уой, уӕд сӕ раздӕры тӕригъӕдтӕй сӕрибар уыдзысты. Уӕдӕ уыцы тыхтӕтты, ӕвӕццӕгӕн, фыст уыдзӕн, адӕмы сӕ райгасы фӕстӕ куыд цӕрын хъӕудзӕн, уый. Армагеддоны удӕгасӕй чи баззайа, уыдон дӕр ӕмӕ, чи райгас уа, уыцы адӕм дӕр цӕмӕй ӕнустӕм цӕрой, уый тыххӕй сӕ хъӕудзӕн Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусын. Уыцы фӕдзӕхстытӕм хауынц, мин азы дӕргъы Хуыцау адӕмӕн цы ног амындтӕ дӕтдзӕн, уыдон дӕр. Уӕдӕ адӕм тӕрхонгонд цӕудзысты, Тӕрхоны боны дӕргъы цы араздзысты, уымӕ гӕсгӕ.
Тӕрхоны бон миллиардтӕн фыццаг хатт фӕзындзӕн уый фадат, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон базоной ӕмӕ сӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕм разӕй стыр куыст ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Уыцы адӕмы хъӕудзӕн ахуыр кӕнын. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «уӕд зӕххы цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл» (Исай 26:9). Фӕлӕ алкӕй нӕ бафӕнддзӕн йӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын. Исайы 26:10 стихы фыст ис: «Фыдгӕнӕгӕн куы фӕтӕригъӕд кӕнай, уӕддӕр рӕстдзинадыл нӕ сахуыр уыдзӕн. Рӕстдзинады бӕстӕйы хӕрамӕй архайдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйы стыр кад нӕ фендзӕн». Уыцы фыдгӕнджыты Тӕрхоны бон мӕлӕт баййафдзӕн ӕмӕ сӕ кой дӕр никуыуал уыдзӕн (Исай 65:20).
Тӕрхоны боны кӕронмӕ удӕгасӕй чи баззайа, уыдон «райгас уыдзысты», ома алцӕмӕй ӕххӕст адӕймӕгтӕ суыдзысты (Раргомад 20:5). Уӕдӕ Тӕрхоны бон адӕм суыдзысты, райдианы куыд уыдысты, афтӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:24–28). Ӕмӕ уӕд уыдзӕн фӕстаг фӕлварӕн. Хуыцау Хӕйрӕджы суӕгъд кӕндзӕн ӕмӕ йӕ бауадздзӕн, цӕмӕй ма иу хатт бафӕлвара адӕмы йӕ фӕдыл асайын (Раргомад 20:3, 7–10). Йӕ зондыл чи нӕ ацӕуа, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Библийы цы фыст ис, уый: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Хуыцауыл иузӕрдион чи уа, уыдонӕн Тӕрхоны бон ӕцӕгдӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн!