Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bh 218 ф.–219 ф.
  • Чи у хистӕр зӕд Михаил?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Чи у хистӕр зӕд Михаил?
  • Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чи у хистӕр зӕд Михаил?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Чырысти хистӕр зӕд Михаил у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Зӕдтӕ ӕцӕгдӕр чи сты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2017
  • Зӕдтӕ – адӕмӕн ӕххуысмӕ ӕрвыст тыхтӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
bh 218 ф.–219 ф.

УӔЛӔМХАСӔН

Чи у хистӕр зӕд Михаил?

УӔЛАРВОН зӕд Михаилы кой Библийы арӕх не ’мбӕлы. Фӕлӕ дзы йӕ кой кӕм цӕуы, уым алкӕддӕр цыдӕр хъуыддаджы лӕуд у. Данелы чиныджы Михаил тох кӕны хӕйрӕджытимӕ. Иудӕйы фыстӕджы дзырд цӕуы, Хӕйрӕгимӕ йын ныхас кӕй рауад, уый тыххӕй. Раргомады чиныджы та хӕцы Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытимӕ. Михаил Йегъовӕ Хуыцауы фарс кӕй лӕууы ӕмӕ йын йе знӕгтимӕ кӕй тох кӕны, уымӕй бӕрӕг у, йӕ ном цы нысан кӕны, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕры. Йӕ ном та нысан кӕны «Чи у Хуыцауы хуызӕн?». Фӕлӕ чи у Михаил?

Библийы кӕй тыххӕй фыст ис, уыдонӕй иуӕй-иутӕн ис цалдӕргай нӕмттӕ. Зӕгъӕм, дзуттӕгты фыдӕл Иаковы ма хуыдтой Израил дӕр, апостол Петры та – Симон (Райдиан 49:1, 2; Матфейы 10:2). Уӕдӕ, Библимӕ гӕсгӕ, Михаил дӕр у Йесо Чырыстийӕн йӕ иннӕ ном. Афтӕ йӕ хуыдтой, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ ӕмӕ йӕ афтӕ хонынц, фӕстӕмӕ уӕлӕрвтӕм куы аздӕхт, уый фӕстӕ дӕр. Ӕркӕсӕм, ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый Библи куыд ӕвдисы, уымӕ.

Хистӕр зӕд. Хуыцауы Ныхасы Михаил хуыйны «хистӕр зӕд» (Иудӕйы 9). Дзырд «хистӕр зӕд» Библийы ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр иууон нымӕцы, бирӕон нымӕцы та дзы никуы ӕмбӕлы. Ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, хистӕр зӕд ӕрмӕстдӕр иу кӕй у. Стӕй, мӕрдтӕй чи райгас, уыцы Йесо Чырыстийы тыххӕй 1 Фессалоникӕгтӕм 4:16 стихы фыст ис: «Хицау йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй ӕмӕ райхъуысдзӕн йӕ барджын хъӕлӕс, хистӕр зӕды хъӕлӕс». Ацы стихӕй куыд уынӕм, афтӕмӕй Йесойы хъӕлӕс у хистӕр зӕды хъӕлӕс. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йесо йӕхӕдӕг кӕй у хистӕр зӕд Михаил.

Ӕфсады сӕргълӕууӕг. Библийы дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ... ӕмӕ йӕ зӕдтимӕ» (Раргомад 12:7). Уӕдӕ Михаил у Хуыцауыл иузӕрдион зӕдты Ӕфсады сӕргълӕууӕг. Йесо Раргомады чиныджы дӕр ӕвдыст цӕуы иузӕрдион зӕдты Ӕфсады сӕргълӕууӕгӕй (Раргомад 19:14–16). Уымӕй уӕлдай ма апостол Павел дӕр фыста «Хицау Йесойы» тыххӕй ӕмӕ «йӕ тыхджын зӕдты» тыххӕй (2 Фессалоникӕгтӕм 1:7). Куыд уынӕм, афтӕмӕй Библийы дзырд цӕуы Михаил ӕмӕ «йӕ зӕдты» тыххӕй дӕр, ӕмӕ Йесо ӕмӕ «йӕ зӕдты» тыххӕй дӕр (Матфейы 13:41; 16:27; 24:31; 1 Петры 3:22). Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы афтӕ никуы ис фыст, ӕмӕ уӕлӕрвты иузӕрдион зӕдтӕ дыууӕ ӕфсады сты, ома дзы иуы сӕргъы Михаил лӕууы, иннӕйы сӕргъы та – Йесо. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Михаил кӕй у Йесо Чырысти. Афтӕ хуыйны уӕлӕрвты.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын