Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bt 3 сӕр, 22–30 фф.
  • «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»
  • Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты» (Хъуыд. 2:1–4)
  • «Дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» (Хъуыд. 2:5–13)
  • «Петр... адӕмы размӕ рацыд» (Хъуыд. 2:14–37)
  • «Алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:38–47)
  • «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕм хъусынц хорз хабар
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2005
  • Донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уды номӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
  • Сымах стут Хуыцауы адӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Ахуыргӕнинӕгтӕ схайджын сты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
bt 3 сӕр, 22–30 фф.

3 СӔР

«Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты»

Фӕндзайӕм боны ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй куы схайджын сты, уӕд цы хабӕрттӕ ӕрцыд

Арӕзт у Хъуыддӕгты 2:1–47

1. Фӕндзайӕм боны-иу Иерусалимы цы фенӕн уыд?

ИЕРУСАЛИМЫ уынгты адӕм ӕмызмӕлд кӕнынцa. Кувӕндоны нывондхӕссӕнӕй фӕздӕг уӕлӕмӕ цӕуы. Уыцы рӕстӕг левиттӕ зарынц кады зарджытӕ, аллилуйӕ, зӕгъгӕ (Псаломтӕ 113–118). Ӕвӕццӕгӕн, зарынц дыууӕ къордӕй радгай (антифон). Уынгты ӕрцӕуӕг адӕмӕй азмӕлӕн нӕй. Ӕрцыдысты дард рӕттӕй, зӕгъӕм, Еламӕй, Месопотамийӕ, Каппадокийӕ, Понтӕй, Египетӕй ӕмӕ Ромӕйb. Уыйбӕрц адӕм цӕй фӕдыл ӕрӕмбырд? У Фӕндзайӕм бон, хонынц ма йӕ «фыццаг тыллӕджы бон» дӕр (Ным. 28:26). Ацы бӕрӕгбон алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнынц, хъӕбӕрхор кӕрдыны афон куы фӕвӕййы ӕмӕ мӕнӕу кӕрдыны афон куы райдайы, уӕд. Уый у стыр цины бон.

Картӕйыл ӕвдыст сты, нӕ эрӕйы 33 азы Фӕндзайӕм боны хорз хабар чи фехъуыста, уыцы адӕм кӕцӕй уыдысты, уыцы бынӕттӕ. 1. Бӕстӕтӕ: Ливи, Египет, Ефиопи, Вифини, Понт, Каппадоки, Иудейӕ, Месопотами, Вавилони, Елам, Миди ӕмӕ Парфи. 2. Горӕттӕ: Ром, Александри, Мемфис, Антиохи (Сирийы), Иерусалим ӕмӕ Вавилон. 3. Денджызтӕ: Зӕххастӕу денджыз, Сау денджыз, Сырх денджыз, Хъаспы денджыз ӕмӕ Персы донбакӕлӕн.

ИЕРУСАЛИМ – ДЗУТТАГ ДИНЫ СӔЙРАГ ГОРӔТ

Хъуыддӕгты чиныджы фыццаг сӕрты цы хабӕртты тыххӕй фыст ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр ӕрцыдысты Иерусалимы. Уыцы горӕт лӕууы, Иудейӕйы астӕу цы хӕхтӕ ис, уыдоны ’хсӕн, Зӕххастӕу денджызӕй скӕсӕнырдӕм 55 километры дарддӕр. Уыцы ран ис Сионы хох ӕмӕ дзы цы фидар мӕсыг уыд, уый н. э. размӕ 1070 азы паддзах Давид бацахста. Ӕмӕ, йӕ алыварс цы горӕт сырӕзт, уый сси рагон Израилы сӕйраг горӕт.

Сионы хохмӕ хӕстӕг та ис Мориайы хох. Дзуттаг таурӕгъмӕ гӕсгӕ, Авраам йӕ фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ уыцы хохыл хъавыд. Уыцы хабар ӕрцыд, Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕртты тыххӕй дзырд цӕуы, уыдонӕй 1 900 азы раздӕр. Мориайы хохыл Соломон Йегъовӕйӕн фыццаг кувӕндон куы сарӕзта, уӕд уыцы хох дӕр сси горӕты хай. Дзуттӕгтӕ уыцы кувӕндоны Хуыцауӕн куывтой, стӕй-иу се ’рвылбоны хъуыддӕгтӕ дӕр уым кодтой.

Дингӕнӕг дзуттӕгтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы кувӕндонмӕ цыдысты зӕххы алы къуымтӕй дӕр, цӕмӕй нывӕндтӕ хастаиккой, Хуыцауӕн куывтаиккой ӕмӕ ӕрвылазон бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кодтаиккой. Афтӕмӕй ӕххӕст кодтой, Хуыцау сын цы бафӕдзӕхста, уый: «Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр хъуамӕ ӕрбацӕуой дӕ Хуыцау Йегъовӕйы размӕ, кӕй равзара, уыцы бынатмӕ» (Дык. з. 16:16). Иерусалимы ма уыди Синедрион – дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондон ӕмӕ уынаффӕдон.

2. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цавӕр диссаджы хабар ӕрцыд?

2 Н. э. 33 азы уыцы уалдзыгон бон райсомӕй, фараст сахатмӕ ’ввахс, ӕрцыд диссаджы хабар. Уыцы хабар бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр нӕ ферох. Ӕвиппайды арвӕй «ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст, цыма тыхджын дымгӕ сыстад» (Хъуыд. 2:2). Ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ, 120 адӕймаджы бӕрц, кӕм ӕрӕмбырд сты, уыцы хӕдзар уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: ауыдтой арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ ӕмӕ дзы алы ахуыргӕнинагыл дӕр иу ӕрцыдc. Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕ «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты» ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой! Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕддӕмӕ куы рацыдысты, уӕд, Иерусалимы уынгты цы ӕрцӕуӕг адӕмыл ӕмбӕлдысты, уыдон дисӕй мардысты, сӕ бон куыд у немӕ ныхас кӕнын, зӕгъгӕ. Ӕмӕ дис дӕр куыннӕ кодтаиккой – ахуыргӕнинӕгтӕ «дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл»! (Хъуыд. 2:1–6).

3. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Хуыцау йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй цавӕр стыр хъуыддаг сарӕзта? б) Петры раныхас куыд баст у «паддзахады дӕгъӕлтимӕ»?

3 Уыцы бон Йегъовӕ йӕ фӕнд сӕххӕст кӕныны тыххӕй сарӕзта стыр хъуыддаг – йӕхицӕн скодта ног адӕм, «Хуыцауы Израил», кӕнӕ сӕрст чырыстӕтты ӕмбырд (Гал. 6:16). Фӕлӕ хъуыддаг ууыл нӕ фӕци. Уыцы бон Петр адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд спайда кодта «паддзахады дӕгъӕлтӕй» фыццагӕй. Уыцы дӕгъӕлтӕ уыдысты ӕртӕ, ӕмӕ дзы алы дӕгъӕл дӕр алыхуызон адӕмтӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй диссаджы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдаиккой (Матф. 16:18, 19). Фыццаг дӕгъӕлы фӕрцы дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн фӕзынди фадат, цӕмӕй хорз хабар фехъуыстаиккой ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккойd. Афтӕмӕй уыдон суыдаиккой Хуыцауы Израил ӕмӕ фидӕны уыдаиккой, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, уыцы Паддзахады паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ (Рарг. 5:9, 10). Фӕстӕдӕр уыцы диссаджы кад хъуамӕ ӕрхаудаид самариӕгтӕм ӕмӕ иннӕ адӕмтӕм дӕр. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй чырыстӕттӕн сӕ бон цы у зондӕн райсын?

«Иууылдӕр иу хӕдзары ӕрӕмбырд сты» (Хъуыд. 2:1–4)

4. Абоны чырыстон ӕмбырд куыд баст у, н. э. 33 азы цы ӕмбырд фӕзынд, уыимӕ?

4 Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр 120 бӕрц. Уыдон «иууылдӕр иу хӕдзары [уӕллаг уаты] ӕрӕмбырд сты» ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты (Хъуыд. 2:1). Уыцы бон нӕма фӕци, афтӕ, донаргъуыд чи райста, уыдон уыдысты цалдӕр мины. Фӕлӕ хъуыддагӕн уый уыди ӕрмӕстдӕр йӕ райдиан: уӕдӕй суанг абоны онг Хуыцауы организаци кӕны стырӕй-стырдӕр! О, абон Хуыцау пайда кӕны чырыстон ӕмбырдӕй – йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ «Хуыцауы паддзахады тыххӕй... хорз хабар» хъусын кӕнынц ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй йӕ «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой», цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ (Матф. 24:14).

5. Йӕхи чырыстон ӕмбырдыл чи баста, уыдонӕн уый цы пайда хаста фыццаг ӕнусы ӕмӕ абон дӕр цы пайда хӕссы?

5 Чырыстон ӕмбырд ма хъуыди, цӕмӕй фидар кодтаид сӕрст чырыстӕтты уырнындзинад, ӕмӕ фӕстӕдӕр та – «ӕндӕр фысты» уырнындзинад дӕр (Иоан. 10:16). Павел тынг аргъ кодта, ӕмбырды ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс кӕй ӕфтыдтой, уымӕн. Ромы чырыстӕттӕм ныффыста: «Тынг бӕллын уӕ фенынмӕ, цӕмӕй уын бахай кӕнон, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы хорздзинӕдтӕй, ӕмӕ сфидар уат. Уӕвгӕ, растдӕр уаид зӕгъын, цӕмӕй кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар уӕм – ӕз сымах уырнындзинадӕй, сымах та мӕн уырнындзинадӕй» (Ром. 1:11, 12).

РОМ – ДУНЕОН ПАДДЗАХАДЫ СӔЙРАГ ГОРӔТ

Хъуыддӕгты чиныджы цы рӕстӕджы кой цӕуы, уыцы рӕстӕг Ром уыди дунейы ӕппӕты стырдӕр горӕт. Уым кодтой ахсджиагдӕр политикон хъуыддӕгтӕ. Уый уыди дунеон паддзахады сӕйраг горӕт. Уыцы дунеон паддзахад йӕ тыхы куы уыди, уӕд йӕ дӕлбар уыдысты, Великобританийӕ Цӕгат Африкӕмӕ ӕмӕ Атлантикон океанӕй суанг Персы донбакӕлӕны онг цыдӕриддӕр бӕстӕтӕ ис, уыдон.

Ромы схӕццӕ сты алыхуызон ӕгъдӕуттӕ, адӕмыхӕттытӕ, ӕвзӕгтӕ ӕмӕ мӕнгахуырӕдтӕ. Бӕлццӕттӕ ӕмӕ базаргӕнджытӕ уырдӕм цыдысты паддзахады алы къуымтӕй, уымӕн ӕмӕ йӕм алырдыгӕй дӕр арӕзт уыд хорз фӕндӕгтӕ. Уымӕй уӕлдай денджызы дыууӕрдӕм кодтой, горӕтӕн хӕринаг ӕмӕ зынаргъ дзауматӕ чи ласта, уыцы наутӕ. Равдӕлон-иу сӕ кодтой хӕстӕг наулӕууӕн горӕт Остийы.

Н. э. фыццаг ӕнусмӕ Ромы цард милуан адӕймагӕй дзӕвгар фылдӕр. Се ’мбис уыдысты цагъартӕ – кӕмӕн стӕрхон кодтой, ахӕм фыдгӕнджытӕ, сӕ ныййарджытӕ кӕй ауӕй кодтой кӕнӕ кӕй ныууагътой, ахӕм сывӕллӕттӕ ӕмӕ-иу Ромы ӕфсӕдтӕ хӕстыты рӕстӕг уацары кӕй акодтой, ахӕм адӕм. Уыцы цагъарты ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр. Н. э. размӕ 63 азы ромаг ӕфсӕдты хицау Помпей Иерусалим куы бацахста, уӕд сӕ Роммӕ уацары уый акодта.

Сӕрибар адӕмӕн сӕ фылдӕр уыдысты мӕгуыр. Цардысты къуындӕг уавӕрты, кӕрӕдзийыл калд бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты. Никӕцӕй сӕм ницы хауд, цардысты, хицауад сын цы ӕхца лӕвӕрдта, ӕрмӕстдӕр уымӕй. Фӕлӕ уӕддӕр Ромы паддзӕхтӕ сӕ сӕйраг горӕт рафидауын кодтой стыр ӕмӕ рӕсугъд бӕстыхӕйттӕй. Уыди дзы театртӕ ӕмӕ стыр стадионтӕ ӕмӕ-иу дзы ӕвдыстой спектаклтӕ, аренӕтӕм-иу ракодтой гладиаторты ӕмӕ-иу сӕ хӕцын кодтой кӕрӕдзиимӕ кӕнӕ та сырдтимӕ, стӕй дзы бӕхуӕрдӕттыл дугътӕ уагътой. Ӕмӕ уыцы ирхӕфсӕнтӕ иууылдӕр уыдысты лӕвар.

6, 7. Абон чырыстон ӕмбырд куыд ӕххӕст кӕны Чырыстийы хӕслӕвӕрд, хъусын кӕнут ӕппӕт адӕмтӕн дӕр, зӕгъгӕ?

6 Чырыстон ӕмбырд фыццаг ӕнусы цӕмӕн хъуыди, абон дӕр уый тыххӕй хъӕуы. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бахӕс кодта, иуӕй – зын, иннӕмӕй та – арфӕйаг хъуыддаг. Загъта сын: «Ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20).

7 Абон Йегъовӕ уыцы хъуыддаг ӕххӕст кӕнынӕн пайда кӕны чырыстон ӕмбырдӕй, йе ’вдисӕнтӕй. Раст зӕгъгӕйӕ, алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕммӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 1 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл мыхуыр кӕнынц, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм публикацитӕ. Кӕд ды дӕр чырыстон ӕмбырдтӕм ӕдзух цӕуыс ӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы архайыс, уӕд амондджын адӕймаг дӕ. Дӕумӕ цы кад ӕрхауд, ахӕм кад бирӕтӕм не ’рхауд – ды адӕмӕн дзурыс Йегъовӕйы номы тыххӕй!

8. Ӕмбырдтӕ нын цы пайда хӕссынц?

8 Цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджытӕ сфӕразӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нын Йегъовӕ Хуыцау ӕгас зӕххыл дӕр радта бирӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ. Павел, дзуттӕгтӕй чырыстӕттӕ чи уыд, уыдонмӕ фыста: «Нӕ кӕрӕдзийыл хъуыды кӕнӕм, цӕмӕй кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм, иуӕй-иутӕ куыд ахуыр сты, афтӕ не ’мбырдтӕ ма цух кӕнӕм, фӕлӕ кӕрӕдзийы ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, ӕмӕ, уыцы бон куыд хӕстӕг кӕны, уый цас бӕлвырддӕр уынӕм, уыйас ноджы тынгдӕр» (Дзут. 10:24, 25). Чырыстон ӕмбырд у Йегъовӕйы стыр лӕвар. Уый фӕрцы дӕ бон у иннӕты уырнындзинад дӕр фидар кӕнын ӕмӕ дӕхи уырнындзинад дӕр. Уӕдӕ дӕхи бӕтт дӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотыл ӕмӕ ӕмбырдтӕ макуы цух кӕн!

«Дзырдтой алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» (Хъуыд. 2:5–13)

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дзуттӕгтӕн ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕн хорз хабар хъусын кӕнынц базары фӕзы.

«Не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй нӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл куыд дзурынц, уый» (Хъуыддӕгтӕ 2:11)

9, 10. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ цы сарӕзтой, цӕмӕй, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонмӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кӕной?

9 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон куыд дис кодтаиккой. Сӕ фылдӕр зыдтой грекъаг кӕнӕ дзуттаг ӕвзаг. Фӕлӕ ныр хъуыстой, ахуыргӕнинӕгтӕ «алкӕмӕн дӕр йӕхи ӕвзагыл» кӕй дзурынц, уый (Хъуыд. 2:6). Хорз хабар сӕ мадӕлон ӕвзагыл куы фехъуыстой, уӕд сын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Абон Хуыцау чырыстӕттӕн ахӕм курдиат нӕ дӕтты, цӕмӕй ӕвиппайды ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурын райдайой. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр бирӕтӕ архайынц, цӕмӕй Хуыцауы паддзахады хабар алы адӕмыхӕттытӕм дӕр фӕхӕццӕ кӕной. Куыд? Чидӕртӕ сӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзаг, цӕмӕй, уыцы ӕвзагыл хӕстӕг цы ӕмбырд ис, уым лӕггад кӕной, чидӕртӕ та сӕ ӕндӕр бӕстӕмӕ дӕр ацыдысты. Уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ арӕх бафиппайынц, кӕмӕн фӕхъусын кӕнынц, уыдонӕн тынг ӕхсызгон кӕй вӕййы, се ’взаг сын кӕй ахуыр кӕнынц, уый.

10 Ӕркӕсӕм Кристины цӕвиттонмӕ. Кристин ӕмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ноджыдӕр авд адӕймаджы фесты гуджарати ӕвзаджы курсытӕ. Фӕстӕдӕр Кристин куысты сӕмбӕлд, уыцы ӕвзагыл чи дзырдта, ахӕм ӕрыгон сылгоймагыл ӕмӕ йын йӕ мадӕлон ӕвзагыл салам радта. Сылгоймагӕн уый тынг ӕхсызгон уыди, ӕмӕ йӕ бафарста, гуджаратийы хуызӕн зын ӕвзаг цӕмӕн ахуыр кӕныс, зӕгъгӕ. Уый фӕрцы йын Кристин хорз хабар радзырдта. Ӕмӕ йын уыцы сылгоймаг загъта: «Адӕмӕн цы зӕгъинаг стут, уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕцӕгдӕр ахсджиаг у».

11. Нӕ бон куыд у, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын?

11 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕмӕн нӕ йӕ бон нӕу ӕндӕр ӕвзаг сахуыр кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон у, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыдонӕн дӕр хъусын кӕнын. Куыд? Зӕгъӕм, нӕ бон у пайда кӕнын приложенийӕ JW Language®. Уый фӕрцы нӕ бон уыдзӕн сахуыр кӕнын, кӕм хъусын кӕнӕм, уым адӕм цы ӕвзагыл дзурынц, уыцы ӕвзагыл салам дӕттын. Нӕ бон ма у уыцы ӕвзагыл истытӕ сахуыр кӕнын, цӕмӕй-иу адӕймаджы фылдӕр базонын бафӕнда. Нӕ бон ма йын у нӕ сайты тыххӕй зӕгъын ӕмӕ йын равдисын, йе ’взагыл дзы цас видеороликтӕ ӕмӕ публикацитӕ ис, уый. Уацамынды ахӕм кусӕнгӕрзтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр цин кӕндзыстӕм. Уыдонӕн цины хос уыди, ӕндӕр бӕстӕтӕй чи уыд, уыцы адӕм-иу хорз хабар сӕ «мадӕлон ӕвзагыл» куы фехъуыстой, уӕд-иу кӕй дис кодтой, уый.

ДЗУТТӔГТӔ МЕСОПОТАМИЙЫ ӔМӔ ЕГИПЕТЫ

Иу чиныджы, «Дзуттӕгты цард Йесо Чырыстийы рӕстӕджы», зӕгъгӕ (н. э. размӕ 175 – н. э. 135 азтӕ) фыст ис: «Месопотамийы, Мидийы ӕмӕ Вавилонийы царди, [Израилы] дӕсмыггаг паддзахадӕй ӕмӕ Иудӕйы паддзахадӕй чи уыд, уыдоны байзӕддӕгтӕ. Уырдӕм сӕ ассириӕгтӕ ӕмӕ вавилойнӕгтӕ уацары акодтой» (Geschichte des jüdischen Volkes im Zeitalter Jesu Christi). Ездрӕйы 2:64 гӕсгӕ Вавилоны уацарӕй Иерусалиммӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт ӕрмӕстдӕр 42 360 израиладжы. Уыцы хабар ӕрцыд н. э. размӕ 537 азы. Иосиф Флавий куыд зӕгъы, афтӕмӕй н. э. фыццаг ӕнусы «Вавилонийы алыварс чи цард», уыцы дзуттӕгтӕ уыдысты дӕсгай минтӕ. Н. э. ӕртыккаг-фӕндзӕм ӕнусты уыцы дзуттӕгтӕм фӕзынд, Вавилойнаг Талмуд кӕй хонынц, уыцы чиныг.

Бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ, дзуттӕгтӕ Египеты цардысты ӕппынкъаддӕр н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусӕй фӕстӕмӕ. Раст уыцы рӕстӕг Йереми Хуыцауы ныхӕстӕ фехъусын кодта, Египеты алы рӕтты чи цард, уыцы дзуттӕгтӕн. Уыдон цардысты, зӕгъӕм, Нофы, хуыдтой ма йӕ Мемфис дӕр (Йер. 44:1). Ӕвӕццӕгӕн, дзуттӕгтӕй Египетмӕ ноджы фылдӕр алыгъд, грекъаг культурӕ иннӕ адӕмты царды куы ахъардта, уыцы рӕстӕг. Флави куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Александрийы фыццаг чи ӕрцард, уыдоны ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ дӕр. Фӕстӕдӕр та уыцы горӕты дзуттӕгтӕ цардысты ӕнӕхъӕн районы. Н. э. фыццаг ӕнусы дзуттаг фыссӕг, Филон Александрийский, зӕгъгӕ, ныффыста, йе ’мбӕстӕгтӕй милуаны бӕрц кӕй цард Египеты алы къуымты, «Ливийы арӕнтӕй суанг Ефиопийы арӕнты онг».

«Петр... адӕмы размӕ рацыд» (Хъуыд. 2:14–37)

12. а) Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны цы диссаджы хабар ӕрцыд, уый тыххӕй пехуымпар Иоил цы загъта? б) Иоилы пехуымпарад фыццаг ӕнусы кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уый ахуыргӕнинӕгтӕ кӕцӕй зыдтой?

12 Петр рацыд, алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, уыцы адӕмы размӕ ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта (Хъуыд. 2:14). Чи йӕм хъуыста, уыдонӕн бамбарын кодта, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл кӕй дзурынц, уыцы курдиат сын Хуыцау кӕй радта ӕмӕ уымӕй кӕй сӕххӕст сты пехуымпар Иоилы ныхӕстӕ: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл» (Иоил 2:28). Йесо цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕз мӕ Фыдӕн зӕгъдзынӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр ӕххуысгӕнӕджы». Ӕмӕ стӕй загъта, уыцы ӕххуысгӕнӕг кӕй у «Хуыцауы сыгъдӕг тых» (Иоан. 14:16, 17).

13, 14. Петр куыд архайдта адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайыныл ӕмӕ йӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у фӕзмын?

13 Кӕронбӕттӕны Петр адӕмӕн комкоммӕ загъта: «Уӕдӕ ӕппӕт Израилы адӕм фидарӕй зонӕнт: сымах хъӕдыл кӕй байтыгътат, уыцы Йесойы Хуыцау скодта Хицау ӕмӕ Чырысти» (Хъуыд. 2:36). Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой ӕмӕ йӕ куы амардтой, уӕд, Петрмӕ чи хъуыста, уыдонӕн сӕ фылдӕр сӕхӕдӕг уым нӕ уыдысты. Фӕлӕ уыдон дӕр Израилы адӕмӕй кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты аххосджын. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕддӕр Петр дзуттӕгтимӕ ныхас кодта уӕзданӕй ӕмӕ архайдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид. Петры нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ фӕаххосджын кодтаид, фӕлӕ цӕмӕй ӕрфӕсмон кодтаиккой. Цымӕ сӕм йӕ ныхӕстӕ хъыг фӕкастысты? Ӕппындӕр нӕ. Уыцы ныхӕстӕ сӕ «зӕрдӕты арф ахызтысты», ӕмӕ бафарстой: «Цы кӕнгӕ нын у?» Петр семӕ афтӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодта, уый фӕрцы дзы бирӕты зӕрдӕтӕ бацагайдта, ӕмӕ ӕрфӕсмон кодтой (Хъуыд. 2:37).

14 Махӕн дӕр нӕ бон у Петрау адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнын, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм. Уацамынды кӕимӕ ныхас кӕнӕм, уыдон Библимӕ гӕсгӕ раст куы нӕ хъуыды кӕной, уӕд сын сӕ алы ныхасӕн дӕр афтӕ дзурын нӕ хъӕуы, раст нӕ дӕ, зӕгъгӕ. Уый бӕсты ныхас кӕнӕм, семӕ разы цӕуыл стӕм, ууыл. Адӕймаджы цы цымыдис кӕны, уымӕй куы райдайӕм нӕ ныхас, уӕд ын дарддӕр нӕ бон уыдзӕн, Хуыцауы Ныхас цы дзуры, уымӕ йӕ хъус ӕрдарын. Нӕ ныхас афтӕ куы аразӕм, уӕд нӕм сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм зӕрдиагдӕрӕй байхъусдзысты.

ЧЫРЫСТӔТТӔ ПОНТЫ

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Петры ныхасмӕ чи хъуыста, уыдоны ’хсӕн уыди, Понтӕй, цӕгат Къаннӕг Азийӕ, чи ӕрцыд, уыцы дзуттӕгтӕ дӕр (Хъуыд. 2:9). Ӕвӕццӕгӕн сӕ чидӕртӕ фӕстӕмӕ сӕхимӕ куы аздӕхтысты, уӕд уым хорз хабар радзырдтой. Афтӕ зӕгъӕн уымӕн ис, ӕмӕ Петр йӕ фыццаг фыстӕг кӕмӕ фыста, уыцы уырнджыты ’хсӕн уыди, Понтмӕ ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм «чи фӕлыгъд»g, ахӕмтӕ дӕр (1 Пет. 1:1). Йӕ фыстӕгӕй бӕрӕг у, уыцы чырыстӕттӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй «алыхуызон фӕлварӕнтыл» кӕй ӕмбӕлдысты (1 Пет. 1:6). Ӕвӕццӕгӕн, сӕ ныхмӕ цыдысты ӕмӕ сӕ ӕфхӕргӕ дӕр кодтой.

Понты чырыстӕттӕ ма цы фӕлварӕнтыл ӕмбӕлдысты, уый тыххӕй дзырд цӕуы, Кӕстӕр Плиний (Ромы дӕлбар бӕстӕтӕ Вифинийы ӕмӕ Понты хицау) ӕмӕ Ромы паддзах Траян кӕрӕдзимӕ цы фыстӕджытӕ фыстой, уыдоны. Плиний н. э. 112 азы Понтӕй цы фыстӕг арвыста, уым ныффыста, чырыстон дин «хӕцгӕ низӕй» уӕлдай кӕй нӕу ӕмӕ тӕссаг кӕй у алкӕмӕн дӕр, нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг, гыццыл уа ӕви стыр, хицау уа ӕви хуымӕтӕг адӕймаг. Плиний-иу кӕй базыдта, чырыстон у, зӕгъгӕ, уымӕн-иу фадат радта, цӕмӕй йӕ дин ныууагътаид, ӕмӕ-иу чи не сразы, уыдонӕн-иу мӕлӕты тӕрхон рахаста. Чырыстийы-иу чи ралгъыста ӕмӕ-иу хуыцӕуттӕм чи скуывта йе та-иу Траяны цыртӕн чи бакуывта, уыдоны та-иу ауагъта. Плиний ӕргом загъта, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕ «ӕцӕг чырыстӕттӕн тыхӕй дӕр нӕ бакӕнын кӕндзынӕ».

g Дзырдбаст «чи фӕлыгъд» цы грекъаг дзырдӕй равзӕрд, уый нысан кӕны «диаспорӕ». Ацы дзырдӕй пайда кодтой, дзуттӕгты кой-иу куы кодтой, уӕд, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Понты чырыстон дин фыццаг чи райста, уыдонӕй бирӕтӕ дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты.

«Алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:38–47)

15. а) Петр адӕмӕн цы загъта, ӕмӕ куыд бакодтой? б) Фӕндзайӕм боны хорз хабар цы мингай адӕмтӕ фехъуыстой, уыдонӕн сӕ бон цӕмӕн уыди донаргъуыд уыцы бон райсын?

15 Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Петрмӕ чи байхъуыста, уыдоны ’хсӕн уыди дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, ахӕм адӕймӕгтӕ. Петр сын загъта: «Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ уӕ алчидӕр... донаргъуыд райсӕд» (Хъуыд. 2:38). Ӕмӕ уыцы бон донаргъуыд райстой 3 000 адӕймаджы бӕрц, ӕвӕццӕгӕн, Иерусалиммӕ хӕстӕг цы цадтӕ уыди, уымe. Цымӕ уыцы адӕм, лӕмбынӕг нӕ ахъуыды кодтой, афтӕмӕй сарӕзтой уыцы къахдзӕф? Мыййаг, ацы хабар ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, абон Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон кӕнӕ, сӕ ныййарджытӕ чырыстӕттӕ кӕмӕн сты, уыцы сывӕллӕттӕ цӕттӕ куы нӕма уой, уӕддӕр сӕ бон у донаргъуыд райсын? Нӕ, уый ууыл дзурӕг нӕу. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд чи райста, уыдон Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртӕстой, стӕй уыдысты, йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кодта, уыцы адӕмӕй. Уымӕй уӕлдай ма хъуыддагӕй равдыстой, куыд зынгзӕрдӕ уыдысты, уый – уыцы ӕрвылазон бӕрӕгбонмӕ дард рӕттӕй ӕрцыдысты. Ӕмӕ, Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕныны хъуыддаджы Йесо Чырыстийӕн цы бынат ис, уый куы бамбӕрстой, уӕд цӕттӕ уыдысты дарддӕр дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ – ӕрмӕст ма ныр донаргъуыд райстой ӕмӕ систы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ.

ДЗУТТАГ ДИН ЧИ РАЙСТА, УЫДОН

Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны Петры раныхасмӕ хъуыстой «дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон» (Хъуыд. 2:10).

Алы бон дӕр хӕринаг уарыны хъуыддаг, «ахсджиаг куыст», кӕй бар бакодтой, уыцы фӕлтӕрд нӕлгоймӕгты ’хсӕн уыди, «дзуттаг дин чи райста, уыцы антиохиаг Николай» дӕр (Хъуыд. 6:3–5). Дзуттаг дин чи райста, уыдон (прозелиттӕ), уыдысты ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй, фӕлӕ сӕ нымадтой дзуттӕгтыл, уымӕн ӕмӕ уыдон куывтой Израилы Хуыцауӕн ӕмӕ Израилы Закъонмӕ гӕсгӕ цардысты, сӕ мӕнг хуыцӕуттыл сӕ къух систой, нӕлгоймӕгтӕ-иу сунӕт скодтой, ӕмӕ-иу Израилы адӕммӕ ӕрбаиу сты.

Н. э. размӕ 537 азы дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд дзы бирӕтӕ Израилы зӕххӕй дард рӕтты ӕрцардысты, фӕлӕ дарддӕр дӕр хӕст уыдысты дзуттаг диныл. Ӕмӕ уый фӕрцы уӕды заман Ӕввахс Скӕсӕны ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр рӕтты дӕр адӕм дзуттӕгты динимӕ базонгӕ сты. Рагон фысджытӕ Гораций ӕмӕ Сенекӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй алы бӕстӕты уыди, дзуттӕгтӕ ӕмӕ дзуттӕгты дин йӕ зӕрдӕмӕ кӕмӕн цыди, бирӕ ахӕм адӕм. Уыдон-иу сӕм ӕрбаиу сты ӕмӕ-иу сын сӕ дин райстой.

16. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ кӕрӕдзийӕн удуӕлдайӕ куыд лӕггад кодтой?

16 Йегъовӕ уыцы адӕмӕн арфӕ кодта. Хъуыддӕгты чиныджы кӕсӕм: «Уырнӕг чи сси, уыдон иууылдӕр иумӕ ӕмбырд кодтой ӕмӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг. Сӕ мулк ӕмӕ сӕ фӕллӕйттӕ уӕй кодтой ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кодтой, чи цы хъуаг ӕййӕфта, уымӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 2:44, 45)f. Ӕцӕг чырыстӕтты се ’ппӕты дӕр фӕнды кӕрӕдзийы уыдонау уарзын ӕмӕ кӕрӕдзийӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнын.

17. Цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй йӕ цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы скӕнын?

17 Цӕмӕй адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уый тыххӕй йӕ Библимӕ гӕсгӕ хъӕуы цалдӕр къахдзӕфы скӕнын. Хъуамӕ базона, Хуыцауы Ныхас бӕлвырдӕй цы дзуры, уый (Иоан. 17:3). Стӕй, цы базыдта, ууыл хъуамӕ баууӕнда ӕмӕ йӕ раздӕры хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕна (Хъуыд. 3:19). Уый фӕстӕ хъуамӕ раздӕха, ома йӕ цард фӕива, ӕмӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕна (Ром. 12:2; Еф. 4:23, 24). Уыцы къахдзӕфтӕ куы скӕна, уӕд йӕ бон у Хуыцаумӕ скувын ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕнын ӕмӕ стӕй донаргъуыд райсын (Матф. 16:24; 1 Пет. 3:21).

18. Донаргъуыд чи райсы ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, уыдонӕн цавӕр диссаджы фадат ис?

18 Ды дӕр дӕхи Хуыцауӕн снывонд кодтай, донаргъуыд райстай ӕмӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг сдӕ? Кӕд о, уӕд аргъ кӕн, цы диссаджы фадат дын ис, уымӕн. Фыццаг ӕнусы ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй куыд схайджын сты, афтӕ дӕу дӕр Йегъовӕ хайджын кӕндзӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй, цӕмӕй хорз хабар бӕстон хъусын кӕнай ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнай!

a Кӕс рамкӕ «Иерусалим – дзуттаг дины сӕйраг горӕт».

b Кӕс рамкӕтӕ «Ром – дунеон паддзахады сӕйраг горӕт», «Дзуттӕгтӕ Месопотамийы ӕмӕ Египеты» ӕмӕ «Чырыстӕттӕ Понты».

c Уыцы «ӕвзӕгтӕ» ӕцӕг арты ӕвзӕгтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ «арты ӕвзӕгты хуызӕн ӕвзӕгтӕ», ӕмӕ уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕм арты хуызӕн фӕкастысты ӕмӕ артау цӕхӕр калдтой.

d Кӕс рамкӕ «Дзуттаг дин чи райста, уыдон».

e Зӕгъӕм, 1993 азы 7 августы Киевы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон конгрессы ӕхсӕз бассейны донаргъуыд райстой 7 402 адӕймаджы. Цӕмӕй се ’ппӕт дӕр донаргъуыд райстаиккой, уый тыххӕй бахъуыд дыууӕ сахаты ӕмӕ фынддӕс минуты.

f Ацы хабар уыди рӕстӕгмӕ. Иерусалиммӕ алы рӕттӕй чи ӕрцыд, уыдон ма уым иуцасдӕр аззадысты, цӕмӕй сӕ ног уырнындзинады тыххӕй фылдӕр базыдтаиккой, ӕмӕ сӕм хъуыди хӕринагӕй фӕкӕсын. Уыцы хъуыддаг кодтой барвӕндонӕй, ӕмӕ йын коммунизмимӕ иумӕйагӕй ницы ис (Хъуыд. 5:1–4).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын