Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bt 25 сӕр, 224–231 фф.
  • «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!»
  • Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Павел лӕууы «тӕрхоны бадӕны раз» (Хъуыд. 25:1–12)
  • «Ӕз бакодтон... цы фехъуыстон, уымӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 25:13–26:23)
  • «Мӕнӕй дӕр чырыстон сараздзынӕ» (Хъуыд. 26:24–32)
  • Адӕмӕн ӕххуыс кӕн Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Фидар лӕуу – Йегъовӕ у де ’ххуысгӕнӕг!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Хицӕутты раз хорз хабары сӕрыл дзурӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Павелы арвыстой Роммӕ
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Фылдӕр фенын
Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
bt 25 сӕр, 224–231 фф.

25 СӔР

«Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!»

Павел хорз хабары сӕрыл куыд тох кодта, уымӕй нын у фӕзминаг

Арӕзт у Хъуыддӕгты 25:1–26:32

1, 2. а) Павел цавӕр уавӕры ис? б) Павел Ромы паддзахы тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уый фӕдыл цавӕр фарстатӕ ӕвзӕры?

ПАВЕЛ ныр дӕр ма у ахст, хъахъхъӕнынц ӕй бирӕ ӕфсӕддонтӕ. Дыууӕ азы размӕ Иудейӕмӕ куы ’рыздӕхт, уӕд ӕй цалдӕр боны мидӕг дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты (Хъуыд. 21:27–36; 23:10, 12–15, 27). Кӕд йе знӕгтӕн сӕ фӕнд нырма дӕр сӕ къухы нӕ бафтыд, уӕддӕр не ’рсабыр сты. Павел ӕмбары, дзуттӕгты къухмӕ бахауынӕй йын тӕссаг кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Ромӕй ӕвӕрд хицау Фестӕн загъта: «Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!» (Хъуыд. 25:11).

2 Цымӕ Павел Ромы паддзахы тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уый Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ уыди? Ацы фарстайӕн дзуапп зонын ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ ацы фӕстаг бонты мах дӕр бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ йӕ хъуамӕ зонӕм, Павел «хорз хабары сӕрыл» куыд тох кодта ӕмӕ «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ» куыд фидар кодта, мах дӕр афтӕ архайын хъӕуы ӕви нӕ (Фил. 1:7).

Павел лӕууы «тӕрхоны бадӕны раз» (Хъуыд. 25:1–12)

3, 4. а) Дзуттӕгтӕ Павелы Иерусалиммӕ цӕмӕн кӕнын кодтой ӕмӕ мӕлӕтӕй куыд аирвӕзт? б) Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕ Павелы куыд фидар кодта, афтӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты фидар кӕны?

3 Фест Ромы дӕлбар бӕстӕ Иудейӕйы ног хицау куы сси, уымӕй ӕртӕ боны фӕстӕ ӕрцыд Иерусалиммӕa. Уым сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ дзуттӕгты дзырддзӕугӕ лӕгтӕ Фестмӕ Павелыл хъаст бахастой ӕмӕ йӕ стыр фыдракӕндты фӕаххосджын кодтой. Зыдтой йӕ, Фесты кӕй хъуыди семӕ дӕр ӕмӕ ӕппӕт дзуттӕгтимӕ дӕр иумӕйаг ӕвзаг ссарын, уымӕн ӕмӕ дзы уый домдтой, хицауӕй йӕ чи сӕвӕрдта, уыдон. Гъемӕ йӕм бахатыдысты, зӕгъгӕ нын ахӕм хорзӕх ракӕн, ӕмӕ Павелы фӕстӕмӕ ардӕм, Иерусалиммӕ, ӕркӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддаг ам равзар. Ӕцӕгӕй та уыцы ныхӕстӕй ӕмбӕхстой сӕ фыдвӕнд: хъуамӕ Кесарийӕ Иерусалиммӕ фӕндагыл Павелы амардтаиккой. Фӕлӕ Фест сӕ ныхӕстыл не сразы ӕмӕ сын загъта: «Сымахӕй бартӕ кӕй къухы сты... уыдон мемӕ [Кесаримӕ] рацӕуӕнт, ӕмӕ кӕд уыцы лӕг ӕвзӕрӕй исты сарӕзта, уӕд йӕ ныхмӕ дзурӕнт» (Хъуыд. 25:5). Ӕмӕ та уыйадыл Павел мӕлӕтӕй аирвӕзт.

4 Павел цыфӕнды зын уавӕры ма бахаудаид, Йегъовӕ йӕ алы хатт дӕр Хицау Йесо Чырыстийы уылты фидар кодта. Ӕрхъуыды-ма кӕн, цӕстылуайӕны йын Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «фидар лӕуу!» (Хъуыд. 23:11). Абон дӕр Хуыцауы адӕм бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕм знӕгтӕ фертхъирӕн кӕнынц. Йегъовӕ нӕ алы хатт зындзинӕдтӕй нӕ бахизы, фӕлӕ нын зонд ӕмӕ хъарутӕ ратты, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм. Мах фидарӕй зонӕм, Хуыцау нӕ алкӕддӕр кӕй хайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», уымӕн ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы (2 Кор. 4:7).

5. Фест Павелы тыххӕй цы фӕнд кодта?

5 Цалдӕр боны фӕстӕ Фест Кесарийы «тӕрхоны бадӕныл» ӕрбадтb. Йӕ разы ӕрлӕууыдысты Павел ӕмӕ йӕ чи аххосджын кодта, уыдон. Сӕ ныхӕстӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ Павел загъта: «Ӕз ницы тӕригъӕд сарӕзтон нӕдӕр дзуттӕгты Закъоны раз, нӕдӕр кувӕндоны раз ӕмӕ нӕдӕр Ромы паддзахы раз». Апостол Павел аххосджын нӕ уыд, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ауагътаиккой. Куыд бакодта Фест? Дзуттӕгты зӕрдӕ балхӕнын ӕй кӕй фӕндыд, уымӕ гӕсгӕ Павелы бафарста: «Фӕнды дӕ Иерусалиммӕ ацӕуын, цӕмӕй дын ацы хъуыддӕгты тыххӕй мӕ разы уым тӕрхон кӕной?» (Хъуыд. 25:6–9). Фест хынджылӕг кодта, ӕви?! Павелы фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ куы арвыстаид, уӕд ын тӕрхонгӕнджытӕ уыдаиккой, чи йӕ аххосджын кодта, уыдон сӕхӕдӕг, ӕмӕ уӕд мӕлӕтӕй ницы хуызы аирвӕзтаид. Ацы уавӕры Фест раст тӕрхон рахӕссыныл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ, йӕ бынат куыд бахъахъхъӕдтаид, ууыл. Уымӕй раздӕр Иудейӕйы хицау Понтий Пилат дӕр афтӕ бакодта, зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаджы хъуыддаг куы ’взӕрста, уӕд (Иоан. 19:12–16). Абон дӕр тӕрхонгӕнджыты кӕйдӕрты зӕрдӕ балхӕнын кӕй фӕфӕнды, уымӕ гӕсгӕ хатт раст нӕ фӕтӕрхон кӕнынц. Уӕдӕ, тӕрхондӕтты Хуыцауы адӕмы хъуыддӕгтӕ ӕвзаргӕйӕ раст уынаффӕ куы нӕ рахӕссынц, уӕд нӕм уый хъуамӕ диссаг ма кӕса.

6, 7. Павел Ромы паддзахы тӕрхон цӕмӕн ӕрдомдта ӕмӕ уымӕй абоны ӕцӕг чырыстӕттӕн цы равдыста?

6 Зӕгъгӕ, Фест дзуттӕгтӕм байхъуыста, уӕд Павелмӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕнхъӕлмӕ каст мӕлӕт. Ӕмӕ Павел дӕр спайда кодта, ромаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йын цы бартӕ уыди, уыдонӕй. Фестӕн загъта: «Ӕз лӕууын Ромы паддзахы тӕрхоны бадӕны раз, ӕмӕ мын тӕрхон дӕр ам хъуамӕ кӕной. Ӕз дзуттӕгтӕн ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, ӕмӕ уый дӕхӕдӕг дӕр хорз зоныс... Ӕз домын Ромы паддзахы тӕрхон!» Адӕймаг-иу Ромы паддзахы тӕрхон куы ’рдомдта, уӕд-иу хъуыддаг фӕивӕн нал уыди. Ӕмӕ ууыл дзурӕг сты Фесты ныхӕстӕ дӕр: «Ромы паддзахы тӕрхон домыс, ӕмӕ Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ» (Хъуыд. 25:10–12). Павел уӕлдӕр хицауы тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уымӕй абоны ӕцӕг чырыстӕттӕн равдыста, куыд хъуамӕ архайой, уый. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ «закъоны фӕрцы фыдхъуыддӕгтӕ аразынвӕнд» куы фӕкӕнынц, уӕд уыдон дӕр спайда кӕнынц, хорз хабары сӕрыл тох кӕнгӕйӕ сын закъонмӕ гӕсгӕ цы бартӕ ис, уыдонӕйc (Пс. 94:20).

7 Афтӕмӕй Павелӕн Ромы паддзахы раз йӕхи сӕрыл дзурыны бар радтой, цы фыдракӕндтӕ нӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй дыууӕ азӕй фылдӕр ахаст куы фӕци, уый фӕстӕ. Фӕлӕ йӕ цалынмӕ Роммӕ нӕ арвыстой, уӕдмӕ ма ноджыдӕр иу хицауы бафӕндыд, цӕмӕй йӕм байхъуыстаид.

Тӕрхондоны адӕм цин кӕнынц, цы уынаффӕ рахастой, ууыл. Ӕфсымӕр, йӕ адвокаттӕ ӕмӕ ма цалдӕр Ӕвдисӕны ӕнкъардӕй бадынц. Ӕвдисӕнтӕ чи не сты, уыдон цин кӕнынц ӕмӕ сӕ юристтӕн бузныг дзурынц, ӕфсымӕры ныхмӕ цы хъуыддаг уыд, уый кӕй рамбылдтой, уый тыххӕй.

Раст тӕрхон нын куы нӕ рахӕссынц, уӕд хъаст бадӕттӕм уӕлдӕр тӕрхондӕттӕм

«Ӕз бакодтон... цы фехъуыстон, уымӕ гӕсгӕ» (Хъуыд. 25:13–26:23)

8, 9. Паддзах Агриппӕ Кесаримӕ цӕмӕн ӕрцыд?

8 Павел Фестӕн куы загъта, Ромы паддзахы тӕрхон домын, зӕгъгӕ, уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ ног хицауӕн «раарфӕ кӕнынмӕ» ӕрцыдысты паддзах Агриппӕ ӕмӕ йӕ хо Вереникӕd. Ромы паддзахад йӕ тыхы куы уыд, уыцы заман хицӕуттӕм ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу ног ӕвӕрд хицауы бӕрӕггӕнӕг ӕрцыдысты. Дзырд дӕр ыл нӕй, Агриппӕ Фестӕн раарфӕ кӕнынмӕ уый тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй йемӕ балымӕн уыдаид, йӕ сӕр мӕ искуы бахъӕудзӕн, зӕгъгӕ (Хъуыд. 25:13).

РАСТ ДИНЫ СӔРЫЛ ТОХ КӔНӔМ УӔЛДӔР ТӔРХОНДӔТТЫ

Хатт Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъаст бадӕттынц уӕлдӕр тӕрхондӕттӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ размӕ цы цӕлхдуртӕ вӕййы, уыдон аиуварс кӕнынӕн. Мӕнӕ дзы дыууӕ хабары.

Горӕт Гриффины (штат Джорджи, АИШ) ӕрцахстой Ӕвдисӕнты къорд, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ кӕй парахат кодтой, уый тыххӕй. 1938 азы 28 мартъийы Сӕйраг тӕрхондон дӕлдӕр тӕрхондоны уынаффӕимӕ не сразы ӕмӕ ног уынаффӕ рахаста, аххосджын не сты, зӕгъгӕ. Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕныны бар бахъахъхъӕныны тыххӕй уыцы тӕрхондонмӕ цы бирӕ хъӕстытӕ бахастой, уыдонӕй уый уыди фыццагg.

Иннӕ хабар та уыд Грецийы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕн Минос Коккинакисы 48 азы мидӕг ӕрцахстой 60 хаттӕй фылдӕр. Аххосджын ӕй кодтой, зӕгъгӕ, дам, «адӕмӕн ӕндӕр дин исын кӕны». 18 хатты ӕрлӕууыд тӕрхоны раз. Бирӕ азтӕ арвыста ахӕстоны, стӕй йӕ арвыстой дард сакъадӕхтӕм Эгейы денджызы. 1986 азы йын фӕстаг хатт куы стӕрхон кодтой, уӕд ӕфсымӕр Коккинакис хъаст балӕвӕрдта Грецийы уӕлдӕр тӕрхондӕттӕм, фӕлӕ йын йӕ тӕрхон нӕ аивтой. Ӕмӕ уӕд ӕххуыс ракуырдта Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондонӕй. Уыцы тӕрхондон 1993 азы 25 майы уынаффӕ рахаста, зӕгъгӕ, Греци закъон фехӕлдта, уымӕн ӕмӕ ӕфсымӕр Коккинакисӕн ис, йӕ дин ын куыд амоны, афтӕ кӕныны бар.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ хӕттыты балӕвӕрдтой хъаст Европӕйы тӕрхондонмӕ ӕмӕ уыцы тӕрхоны хъуыддӕгтӕй сӕ фылдӕр рамбылдтой. Европӕйы тӕрхондоны адӕймаджы сӕйраг бартыл тох кӕнгӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн цас бантыст, уыйбӕрц иу динӕн дӕр ӕмӕ иу организацийӕн дӕр нӕ бантыст.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн тӕрхондӕтты сӕ къухы цы уӕлахизтӕ бафты, уыдон иннӕ адӕмӕн исты пайда хӕссынц? Ахуыргонд Чарлз Хейнз ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ бузныг уӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй. Ӕфхӕрынц сӕ, горӕттӕй сӕ ратӕрынц, къухӕй дӕр сӕм бавналынц, фӕлӕ уӕддӕр тох кӕнынц сӕ дины сӕрибардзинадыл (ӕмӕ афтӕмӕй мах сӕрибардзинадыл дӕр). Ӕмӕ сӕ уӕлахиз вӕййы не ’ппӕты уӕлахиз дӕр».

g Иугонд Штатты Сӕйраг тӕрхондон, алы адӕймагӕн дӕр дзырды бар кӕй ис, уый фӕдыл цы уынаффӕ рахаста, уый тыххӕй бакӕсӕн ис 2003 азы 8 январы «Пробудитесь!»-ы, 3, 4, 4, 5, 6–8, 9–11 фф.

9 Фест Павелы тыххӕй Агриппӕйӕн радзырдта, ӕмӕ уый дӕр тынг бафӕндыд Павелмӕ байхъусын. Гъемӕ дыккаг бон дыууӕ хицауы уыцы хъӕздыг кондӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ тӕрхоны бадӕныл уыцы барджын бадт ӕркодтой. Фӕлӕ сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад ницы уыдысты, гыццыл фӕстӕдӕр ахст лӕг сӕ разы цы ныхӕстӕ загъта, уыдонимӕ абаргӕйӕ (Хъуыд. 25:22–27).

10, 11. Павел Агриппӕимӕ уӕзданӕй кӕй ныхас кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ раздӕр куыд цард, уый тыххӕй йын цытӕ радзырдта?

10 Павел паддзах Агриппӕимӕ ныхас кодта уӕзданӕй. Загъта йын, зӕгъгӕ, ды зоныс дзуттӕгты ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ, цӕуыл быцӕу кӕнынц, уыдӕттӕ иууылдӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бузныг дӕн, мӕ бон кӕй у мӕхи сӕрыл дӕ разы дзурын. Ӕмӕ йын уый фӕстӕ радзырдта, раздӕр куыд цард, уый тыххӕй: «Ӕз... уыдтӕн фарисей ӕмӕ нӕ дины тӕккӕ карздӕр къорды ахуырӕдтӕм гӕсгӕ... цардтӕн» (Хъуыд. 26:5). Павел раздӕр фарисей кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ ӕнхъӕлмӕ каст Мессийӕйы ӕрцыдмӕ. Ныр та сси чырыстон, ӕмӕ хъӕбатырӕй дзырдта, дзуттӕгтӕ рагӕй кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ Йесо Чырысти кӕй у. Уый дӕр ӕууӕндыд, йӕ ныхмӕлӕуджытӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл – Хуыцау йӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы бон растдӕр уый тыххӕй лӕууыд тӕрхоны раз. Агриппӕ уыдӕттӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр бацымыдис, цымӕ ацы лӕг дарддӕр та цы зӕгъдзӕн, зӕгъгӕe.

11 Павел, раздӕр чырыстӕтты куыд ӕгъатырӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй загъта: «Раст зӕгъгӕйӕ, ӕз дӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ тых, мӕ бонӕй кӕй хъуамӕ тох кӕнон назаретаг Йесойы ныхмӕ. [...] Мӕ маст сӕм [ома Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕм] афтӕ тынг фыхти, ӕмӕ сӕ фӕдыл зылдтӕн ӕндӕр горӕтты дӕр» (Хъуыд. 26:9–11). Павел, ӕцӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй уӕлдай ницы загъта. Чырыстӕттӕн цы фыдмитӕ кодта, уый тыххӕй бирӕтӕ зыдтой (Гал. 1:13, 23). Ӕмӕ уӕдӕ Агриппӕмӕ фарста куыннӕ фӕзындаид, ахӕм адӕймаг куыд фӕивта, зӕгъгӕ.

12, 13. а) Павел куыд бамбарын кодта, чырыстон куыд сси, уый? б) Павел «цыргъ хъилы ныхмӕ» куыд бырста?

12 Агриппӕ йӕ фарстайӕн дзуапп базыдта, Павел дарддӕр цы загъта, уымӕй: «[Ӕз] араст дӕн Дамаскмӕ, сауджынты хистӕртӕ мын радтой ӕппӕт бартӕ дӕр. Ӕмӕ ӕмбисбон, о паддзах, ӕз фӕндагыл федтон хуры рухсӕй ирддӕр рухс – уыцы рухсӕй мӕн ӕмӕ ме ’мбӕлтты алыварс ныррухс. Иууылдӕр зӕххыл ӕрхаудтам, ӕмӕ ӕз фехъуыстон хъӕлӕс, дзырдта мӕм дзуттагау: „Савл, Савл, цӕмӕн зилыс мӕ фӕдыл? Зын дын у цыргъ хъилы ныхмӕ бырсын!“ Уӕд ӕй ӕз бафарстон: „Чи дӕ, мӕ буц хицау?“ Уый мын загъта: „Ӕз дӕн Йесо, ды кӕй фӕдыл зилыс, уый“»f (Хъуыд. 26:12–15).

13 Цалынмӕ Павелмӕ цӕстылуайӕны Йесо нӕ фӕзынд, уӕдмӕ, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бырста «цыргъ хъилы ныхмӕ». Зӕгъӕм, гал кӕнӕ-иу хӕрӕг, фос кӕмӕй тардтой, ахӕм цыргъ хъилы ныхмӕ куы цыдаид, уӕд йӕхицӕн зиан кодтаид. Раст афтӕ Павел дӕр, Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ кӕй цыди, уымӕй йӕхицӕн ӕвзӕрдӕр кодта – йӕхи дард кодта Хуыцауӕй. Павел Хуыцауыл ӕнувыд уыди, ӕрмӕст, куыд ын лӕггад кӕнын хъӕуы, уый раст не ’мбӕрста. Фӕлӕ Дамаскмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ӕм фӕзынд, чи райгас, уыцы Йесо, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зондахаст аивта (Иоан. 16:1, 2).

14, 15. Павел йӕ царды цы ивындзинӕдтӕ скодта, уый тыххӕй цы загъта?

14 Павел йӕ царды ӕцӕгдӕр стыр ивындзинӕдтӕ скодта. Агриппӕйы раз лӕугӕйӕ загъта: «Ӕз бакодтон, уӕларвӕй чи уыд, уыцы цӕстылуайӕны цы фехъуыстон, уымӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы хабар хъусын кодтон фыццаг Дамаскы, уый фӕстӕ Иерусалимы ӕмӕ ӕгас Иудейӕйы, стӕй иннӕ адӕмтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной, Хуыцаумӕ раздӕхой ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый хъуыддагӕй равдисой» (Хъуыд. 26:19, 20). Павел бирӕ азты дӕргъы ӕххӕст кодта, Йесо Чырысти йӕм ӕмбисбон цӕстылуайӕны куы фӕзынд, уӕд ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый. Ӕмӕ уый цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм ӕркодта? Павел цы хорз хабар хъусын кодта, уымӕ-иу чи байхъуыста, уыдон-иу се ’нӕгъдау цард ӕмӕ сӕ фӕлывд митӕ ныууагътой ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ раздӕхтысты. Уыдон-иу систы хорз адӕймӕгтӕ ӕмӕ закъонӕн аргъ кодтой ӕмӕ хицӕутты ныхмӕ никуы цыдысты.

15 Фӕлӕ уыдӕттӕ, Павелы ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕм нымады дӕр нӕ уыдысты. Павел загъта: «Уый тыххӕй [мӕ] ӕрцахстой дзуттӕгтӕ кувӕндоны ӕмӕ мӕ хъавыдысты амарынмӕ. Фӕлӕ мын Хуыцау баххуыс кодта, ӕмӕ уый фӕрцы абоны онг дӕр хъусын кӕнын хорз хабар хуымӕтӕг адӕмӕн дӕр ӕмӕ номдзыд адӕмӕн дӕр» (Хъуыд. 26:21, 22).

16. Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй тӕрхонгӕнджытимӕ ӕмӕ хицӕуттимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд нӕ бон куыд у Павелы бафӕзмын?

16 Ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ «алкӕддӕр цӕттӕ уӕм» нӕ уырнындзинады сӕрыл дзурынмӕ (1 Пет. 3:15). Цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй тӕрхонгӕнджытимӕ ӕмӕ хицӕуттимӕ куы ныхас кӕнӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон у, Павел Агриппӕимӕ ӕмӕ Фестимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд бакодта, афтӕ бакӕнын. Рӕстдзинад кӕй базыдтам, уый фӕрцы нӕхи цард дӕр ӕмӕ, хорз хабармӕ чи байхъуыста, уыдоны цард дӕр хуыздӕрырдӕм куыд аивта, уый тыххӕй уыцы тӕрхонгӕнджытӕн ӕмӕ хицӕуттӕн уӕзданӕй куы радзурӕм, уӕд сын, чи зоны, сӕ зӕрдӕтӕ бацагайӕм.

«Мӕнӕй дӕр чырыстон сараздзынӕ» (Хъуыд. 26:24–32)

17. Павелы ныхӕстӕм Фест цы цӕстӕй ракаст ӕмӕ хорз хабармӕ абон дӕр бирӕтӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

17 Павел цы фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдонмӕ уыцы дыууӕ хицауӕн сӕ бон ӕнцад хъусын нӕ уыди. Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы ’рцыд, уымӕ: «Павел уыдӕттӕ куыд дзырдта, афтӕ Фест хъӕрӕй загъта: „Сӕрра дӕ, Павел! Фырахуырӕй дӕ сӕрызонд фӕцыд!“» (Хъуыд. 26:24). Фестӕй цы ныхӕстӕ сирвӕзт, уыдонӕй фенӕн ис, абон дӕр нӕм адӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уый. Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры, уый иннӕтӕн чи амоны, уыдон фанатиктӕ сты. Зӕгъӕм, Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый фӕдыл ацы дунейы зондджынтӕ арӕх фӕзӕгъынц, ууыл куыд ис ӕууӕндӕн, зӕгъгӕ.

18. Павел Фесты ныхӕстӕн цавӕр дзуапп радта ӕмӕ йын Агриппӕ цы загъта?

18 Павел Фестӕн дзуапп радта: «Нӕ, цытджын Фест, ӕз ӕрра не сдӕн. Ӕз дзурын, ӕцӕг цы у, уый, стӕй уыцы ныхӕсты ӕнӕзондӕй ницы ис. Ӕз ацы хабӕртты тыххӕй паддзахӕн сӕрибарӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг дӕр хорз зоны... Паддзах Агриппӕ, Пехуымпартыл ӕууӕндыс? Зонын ӕй, кӕй сыл ӕууӕндыс». Ӕмӕ уӕд Агриппӕ загъта: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕнӕй дӕр чырыстон сараздзынӕ» (Хъуыд. 26:25–28). Ацы ныхӕстӕ паддзах Агриппӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ загъта ӕви нӕ, уый нӕ зонӕм, фӕлӕ, Павелы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕйы кӕй ахызтысты, уый бӕлвырд у.

19. Фест ӕмӕ Агриппӕ Павелы тыххӕй цавӕр хъуыдымӕ ӕрцыдысты?

19 Уый фӕстӕ Агриппӕ ӕмӕ Фест сыстадысты, ӕмӕ уымӕй адӕмӕн бамбарын кодтой, ууыл ныхас кӕй фӕци. «Ӕмӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: „Ацы адӕймаг ахӕмӕй ницы сарӕзта, цӕмӕй йын мӕлӕты тӕрхон рахӕссой кӕнӕ йӕ ахӕстоны бакӕной“. Агриппӕ та Фестӕн загъта: „Ацы адӕймаг Ромы паддзахы тӕрхон куы не ’рдомдтаид, уӕд ӕй уыдаид рауадзӕн“» (Хъуыд. 26:31, 32). Уыдон сӕ дыууӕ дӕр ӕмбӕрстой, сӕ разы ӕнаххос адӕймаг кӕй лӕууыд. Чи зоны, уӕдӕй фӕстӕмӕ чырыстӕттӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой.

20. Павел Иудейӕйы стыр хицӕутты раз кӕй ӕрлӕууыд, уый фӕрцы йын цавӕр фадат фӕзынд?

20 Ацы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыцы хъомысджын хицӕуттӕй иу дӕр хорз хабарыл нӕ баууӕндыд. Ӕмӕ уӕд исты пайда уыди, апостол Павел сӕ разы кӕй ӕрлӕууыд, уый? Бӕгуыдӕр уыди. Павел Иудейӕйы «паддзӕхты раз ӕмӕ хицӕутты раз» кӕй ӕрлӕууыд, уый фӕрцы йын фадат фӕзынд Ромы хицӕуттӕн дӕр хорз хабар фехъусын кӕнынӕн. Ӕмӕ уыцы хицӕуттӕн та ӕндӕр хуызы фехъусын кӕнӕн нӕдӕр уыди (Лук. 21:12, 13). Уымӕй уӕлдай, цы хабӕрттӕ йыл ӕрцыд ӕмӕ фӕлварӕнты Хуыцауыл куыд иузӕрдион уыд, уый фӕрцы йӕ чырыстон хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ныфсыл дӕр ныфс бафтыд (Фил. 1:12–14).

21. Хорз хабар дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд уый цавӕр тыллӕг ӕрхӕсдзӕн?

21 Афтӕ у абон дӕр. Кӕд фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ ныхмӕ дӕр цӕуынц, уӕддӕр хорз хабар дарддӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд уый ӕрхӕсдзӕн хорз тыллӕг. Афтӕмӕй, чи зоны, хорз хабар фехъусой, ӕндӕр хуызы йӕ чи нӕ фехъуыстаид, уыцы хицӕуттӕ. Стӕй зындзинӕдты фидар куы лӕууӕм, уӕд уый фӕрцы нӕ хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр сӕ ныфсыл ныфс бафтдзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ноджы ныфсджындӕрӕй бӕстон хъусын кӕндзысты.

ПОРЦИЙ ФЕСТ – ИУДЕЙӔЙЫ ХИЦАУ

Абон Порций Фесты тыххӕй бӕлвырдӕй базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Апостолты хъуыддӕгты чиныгӕй ӕмӕ Иосиф Флавий цы ныффыста, уымӕй. Фест Феликсы бӕсты Иудейӕйы хицау сси н. э. 58 азмӕ ’ввахс ӕмӕ дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ азы фӕстӕ амард, ӕвӕццӕгӕн, нырма хицау уыд, афтӕмӕй.

Порций Фест.

Феликсӕй уӕлдай ӕмӕ, йӕ фӕстӕ хицау чи сси, уыцы Альбинӕй уӕлдай Фест бирӕ хъуыддӕгты йӕхи равдыста ӕмбаргӕ ӕмӕ дӕсны разамонӕгӕй. Хицау куы сси, уыцы рӕстӕг Иудейӕ уыди абырджытӕй йӕ тӕккӕ дзаг. Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй «Фест... уайтагъд тох кӕнын райдыдта, бӕстӕ чи змӕста, уыдонимӕ. Ӕмӕ абырджытӕн сӕ фылдӕры ӕрцахста ӕмӕ дзы бирӕты амардта». Фесты рӕстӕг дзуттӕгтӕ кувӕндоны алыварс самадтой къул, цӕмӕй паддзах Агриппӕмӕ ма зындаид, кувӕндоны кӕрты цытӕ цӕуы, уыдӕттӕ. Фыццаг уал Фест бардзырд радта, цӕмӕй уыцы къул фехӕлдтаиккой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр дзуттӕгтӕн сӕ курдиатмӕ гӕсгӕ бар радта, цӕмӕй хъуыддаг Ромы паддзах Неронмӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой, ӕмӕ йӕ уый равзӕрстаид.

Куыд зыны, афтӕмӕй Фест фидарӕй тох кодта фыдгӕнджытимӕ ӕмӕ змӕнтджытимӕ. Фӕлӕ йӕ дзуттӕгты зӕрдӕхудты бацӕуын кӕй нӕ фӕндыд, уый тыххӕй цӕттӕ уыд рӕстдзинады сӕрты дӕр ахизынмӕ. Зӕгъӕм, уый бӕрӕг у, апостол Павелы хъуыддаг куыд ӕвзӕрста, уымӕй.

ПАДДЗАХ ИРОД АГРИППӔ II

Хъуыддӕгты чиныджы 25 сӕры цы Агриппӕйы кой ис, уый уыд паддзах Ирод Агриппӕ II, Номдзыд Иродӕн йӕ фырты фырты фырт. Ацы сӕры цы хабӕртты кой цӕуы, уыдонӕй 14 азы раздӕр Иерусалимы ӕмбырд карз ӕфхӕрд кӕй къухӕй баййӕфта, уыцы Иродӕн та уыд йӕ фырт (Хъуыд. 12:1). Иродты хӕдзарвӕндагӕй Агриппӕ уыди фӕстаг паддзах.

Паддзах Ирод Агриппӕ II.

Н. э. 44 азы 17-аздзыд Агриппӕйӕн йӕ фыд куы амард, уӕд лӕппу уыд Ромы. Уым ахуыр кодта Ромы паддзах Клавдийы галуаны. Паддзахы уынаффӕгӕнджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ Агриппӕ ӕгӕр ӕрыгон уыд, цӕмӕй, йӕ фыды дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уыдонӕн хицау суыдаид. Ӕмӕ дзы уӕд Ромы паддзах сӕвӕрдта бӕстӕйы хицауы. Фӕлӕ Иосиф Флавий куыд фыссы, афтӕмӕй-иу Агриппӕ Ромы цӕргӕйӕ дӕр дзуттӕгты сӕрыл рахӕцыд, сӕ хъуыддӕгтӕ-иу ӕвзӕрст куы цыдысты, уӕд.

Н. э. 50 азмӕ ’ввахс Клавдий Агриппӕйы паддзахӕй сӕвӕрдта Халкисӕн, н. э. 53 азы та – Итурейӕн, Трахонитӕн ӕмӕ Авилинейӕн. Стӕй ма йын йӕ бар бакодта Иерусалимы кувӕндон дӕр, ӕмӕ йын уыди хистӕр сауджынты ӕвӕрыны бар дӕр. Клавдийы фӕстӕ Ромы паддзах сси Нерон, ӕмӕ уый Агриппӕйы зӕххытӕм бафтыдта Галилейӕйы ӕмӕ Перейы кӕцыдӕр хӕйттӕ. Агриппӕ Павелимӕ куы фембӕлд, уӕд уыд Кесарийы йӕ хо Вереникӕимӕ (Вереникӕ уӕдмӕ ныууагъта йӕ лӕджы, Киликийы паддзахы) (Хъуыд. 25:13).

Н. э. 66 азы Агриппӕйӕн, Ромы хицаудзинады ныхмӕ чи рацыд, уыцы дзуттӕгты ӕрсабыр кӕнын куы нӕ бантыст, уӕд ын змӕнджытӕ йӕхи ’рдӕм фесты. Ӕмӕ йын уӕд ӕндӕр гӕнӕн нал уыд, ӕмӕ ромӕгтӕм баиу. Змӕнтджыты куы басастой, уӕд Ромы ног паддзах Веспасиан Агриппӕйӕн ӕндӕр зӕххытӕ дӕр балӕвар кодта.

a Кӕс рамкӕ «Порций Фест – Иудейӕйы хицау».

b Ам цы «тӕрхоны бадӕны» кой цӕуы, уый уыди бӕрзонд ран ӕвӕрд бадӕн. Тӕрхонгӕнӕг ахӕм бӕрзонд ран кӕй бадт, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ-иу цы уынаффӕ рахаста, уымӕн-иу аивӕн нал уыд. Пилат Йесойы хъуыддаг куы ’взӕрста, уӕд уый дӕр бадт тӕрхоны бадӕныл.

c Кӕс рамкӕ «Раст дины сӕрыл тох кӕнӕм уӕлдӕр тӕрхондӕтты».

d Кӕс рамкӕ «Паддзах Ирод Агриппӕ II».

e Павел чырыстон кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ уырныдта, Йесо Мессийӕ кӕй у. Дзуттӕгтӕ та Йесойыл не ’ууӕндыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павелы нымадтой, раст диныл йӕ къух чи систа, ахӕм адӕймагыл (Хъуыд. 21:21, 27, 28).

f Павел афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, фӕндагыл уыдтӕн «ӕмбисбон», уый тыххӕй иу ахуыргонд афтӕ зӕгъы: «Исты фӕдисы хабар ма ӕрцыдаид, ӕндӕр-иу ӕмбисбон, уыцы тӕвды, фӕндагыл цӕуӕг нӕ уыд. Уӕдӕ уынӕм, Павел йӕ удӕй кӕй бацыд, цӕмӕй чырыстӕтты фӕдыл зылдаид».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын