8 зарӕг
Нӕ Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр
1. Нӕ уӕларвон Фыд, о Йегъовӕ!
У ацы бон табуйаг бон!
Сбӕлвырд ис де стыр уарзт, хъару, зонд ’мӕ рӕстад
Нисаны цыппӕрдӕсӕм бон.
Уӕрыкк уыди Куадзӕны ’хсӕвӕр,
Израил ыссӕрибар и.
Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Йесо ’рцыди зӕхмӕ –
’Мӕ йӕ цард радта, загъд куыд уыди.
2. Ӕрӕмбырд ыстӕм мах дӕ разы,
Дӕ фысты стыр дзугау, ӕнгом.
Бузныг стӕм, де стыр уарзт Фырт кӕй равдыста раст,
’Мӕ кадджын кӕнӕм де стыр ном.
Цӕй, ацы Ӕрымысӕн стыр бон
Нӕ зӕрдӕ ’мӕ зонды цӕрӕд.
Хъуамӕ Йесойы къахвӕдтыл раст цӕуӕм мах,
’Мӕ ӕнусон цард фендзыстӕм уӕд.
(Кӕс ма Лук. 22:14–20; 1 Кор. 11:23–26.)