125 зарӕг
Хуыцауы ӕвӕрд фӕткыл фидар хӕцӕм
1. Ныр Хуыцауы адӕм хорз хабар хӕссынц,
Паддзахадыл дзурынц,– тынг ын аргъ кӕнынц.
Хъуамӕ уой ӕнувыд, иу зондыл хӕцой,
Алкӕддӕр Хуыцауӕн коммӕгӕс куыд уой.
БАЗАРД
Хъусӕм мах хъуамӕ алкӕд Хуыцаумӕ,
Хӕсджын йӕ разы стӕм.
Уый нӕ рӕвдауы, хъахъхъӕны, тавы.
Алкӕд ыл ӕнувыд уӕм!
2. Мах ӕдзухдӕр размӕ сыгъдӕг тых кӕны,
Афоныл нын «цагъар» разамынд дӕтты.
Цин кӕндзӕн Йегъовӕ, коммӕгӕс куы уӕм.
Йе ’вӕрд фӕткыл алкӕд фидарӕй хӕцӕм!
БАЗАРД
Хъусӕм мах хъуамӕ алкӕд Хуыцаумӕ,
Хӕсджын йӕ разы стӕм.
Уый нӕ рӕвдауы, хъахъхъӕны, тавы.
Алкӕд ыл ӕнувыд уӕм!
(Кӕс ма Матф. 24:45; Дзут. 13:7, 17.)