77 зарӕг
Кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнӕм
1. Мах тыххӕй Йегъовӕ
Радта Йесойы кӕддӕр,
Цӕмӕй хатыр уа тӕригъӕд
Ӕмӕ мауал уа мӕлӕт.
Кӕд фӕсмон кӕнӕм зӕрдӕйӕ,
Уӕд нын хатыр уый кӕндзӕн.
Кӕд ӕм кувӕм Фырты номӕй,
Уӕд нӕ куывдӕн дзуапп дӕтдзӕн.
2. Барст уыдзӕн нӕ рӕдыд,
Кӕд Йегъовӕйы фӕзмӕм,
Кӕд нӕ кӕрӕдзийӕн барӕм
Ӕмӕ иннӕтыл тыхсӕм,
Кӕд цӕрӕм фӕрнӕй, хӕларӕй,
Не ’хсӕн нӕй тӕргай ’мӕ маст,
Кӕд кӕрӕдзийы нымайӕм
Ӕмӕ у ӕцӕг нӕ уарзт.
3. Алчидӕр нӕ хъуамӕ
’Мбара иннӕмӕн йӕ рыст.
Уӕд быцӕутӕй ’мӕ фыдӕхӕй
Алкӕд мах уыдзыстӕм хызт.
Нӕй Хуыцауы уарзтӕй стырдӕр,
’Мӕ нын уый куы уа дӕнцӕг,
Уӕд кӕндзыстӕм хатыр алкӕд,
Уыйау уарздзыстӕм ӕцӕг.
(Кӕс ма Матф. 6:12; Еф. 4:32; Кол. 3:13.)