15 зарӕг
Йегъовӕйы кадджын кӕны йе сконд дуне
1. Хуыцау Йегъовӕ, зоны хорз мӕ уд:
Уӕлӕрвты сконд дӕ кадыл дзурӕг у.
Бон ӕмӕ ’хсӕв дӕ кад ӕргом кӕнынц,
Ӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ зонд дӕттынц.
Бон ӕмӕ ’хсӕв дӕ кад ӕргом кӕнынц,
Ӕмӕ ӕнӕдзургӕйӕ зонд дӕттынц.
2. Ды скодтай хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ,
Сӕвӕрдтай денджызтӕн ды арӕнтӕ.
Нӕ цӕст куы ахӕссӕм бӕрзонд ӕрвтыл,
Уӕд дис кӕнӕм, кӕй уыныс мах зӕххыл!
Нӕ цӕст куы ахӕссӕм бӕрзонд ӕрвтыл,
Уӕд дис кӕнӕм, кӕй уыныс мах зӕххыл!
3. Дӕ закъон у сыгъдӕг, дӕ фӕдзӕхст – раст,
Фӕндаг нын амоны дӕ рухс ныхас.
Сызгъӕрин дӕр нӕй семӕ абарӕн,
Сты зонды суадон махӕй алкӕмӕн!
Сызгъӕрин дӕр нӕй семӕ абарӕн,
Сты зонды суадон махӕй алкӕмӕн!