4 зарӕг
Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм
1. Нӕ царды фӕндаг Куы уа ӕдзухдӕр раст,
Уӕд нын уыдзӕни Хорз ном Хуыцауы раз.
Кӕд ууыл архайӕм, Цӕмӕй рӕстӕй цӕрӕм,
Уӕд ын йӕ хорзӕх Ыссардзыстӕм.
2. Дунейы стыр ном Йӕхицӕн чи кӕны,
Кад ын уа, ууыл Ӕдзух чи архайы,
Фӕсмойнаг уый уыдзӕн, Хорздзинад не ссардзӕн,
Хуыцауӕн йе ’мбал Уый не суыдзӕн.
3. Нӕ ном сыгъдӕг уӕд Йегъовӕйы цӕсты,
Фыст уӕд ӕнустӕм Йӕ царды чиныджы.
Нӕ ныфс ыл дардзыстӕм, Рӕстдзинад уарздзыстӕм,
Уыдзӕн нын хорз ном Уӕд миназтӕм!
(Кӕс ма Райд. 11:4; Ӕмб. 22:1; Мал. 3:16; Рарг. 20:15.)