35 зарӕг
Стыр бузныг стӕм Хуыцауы фӕразондзинады тыххӕй
1. О Стыр Хуыцау, ды хъомысджын дӕ,
Уарзыс рӕстдзинад рагӕй дӕр.
Ӕмӕ дӕ зӕрдӕ риссы тынг,
Алкӕм кӕй ис фыддзинад ныр.
Зонӕм ӕй, ды нӕ кӕныс фӕстӕ,–
Ралӕудзӕн тагъд тӕрхоны рӕстӕг.
Бузныг дӕ стӕм, кӕй нын быхсыс.
Дарӕм дӕуыл нӕ зӕрдӕ, нӕ ныфс.
2. Мин азы сты дӕуӕн, о Хуыцау,
Чи атахт, ахӕм иу бонау.
Де стыр бон тынг тагъд ралӕудзӕн,
Растдӕр йӕ афоныл уыдзӕн.
Де сӕфт уыныс фыддзинадӕй ды,
Фӕлӕ фӕсмоныл цин кӕныс тынг.
Размӕ ныфсвидарӕй кӕсӕм,
Кад ’мӕ дын арфӕ не ’ппӕт кӕнӕм.
(Кӕс ма Лук. 15:7; 2 Пет. 3:8, 9.)