39 зарӕг
Фарн – нӕ хӕзна
1. У Йегъовӕ фарндӕттӕг.
Кадджын ӕй ды кӕн.
Бауромдзӕн хӕстытӕ,
Иудзинад уыдзӕн.
Фарны Паддзах у йӕ Фырт –
У зӕрдӕхӕлар.
Тох кӕндзӕн рӕстдзинадыл,
Алкӕмдӕр уа фарн.
2. Нал кӕнӕм рӕхуыст ныхас,
Бафидауӕм тагъд.
Раивтам нӕ хӕцӕнгарз
Кусӕнгӕрзтӕй мах.
Иннӕтӕн хатыр кӕнӕм,
Фарн нӕм уа цӕмӕй.
Не ’фсымӕртимӕ цӕрӕм
Уарзгӕйӕ, фӕрнӕй.
3. Курӕм зонд Йегъовӕйӕ,
Не ’хсӕн фарн куыд уа.
Уый зынаргъ у, арфӕйаг,
У ыстыр хӕзна.
Фарны рухс кӕй уарзӕм мах,
Адӕм уый уынӕнт.
Фарн ӕрхӕсдзӕн Паддзахад,
Цин кӕндзыстӕм уӕд.
(Кӕс ма Пс. 46:9; Ис. 2:4; Иак. 3:17, 18.)