65 зарӕг
«Мӕнӕ фӕндаг»
1. Мӕнӕ фӕндаг! Уый у
Фӕрнӕйдзаг раст фӕндаг.
Цӕуыс ыл ныр, ӕмӕ
Дӕуӕн у арфӕйаг.
Чырысти равдыста,
Куыд цӕуай ууыл ды.
Хуыцау йӕ Ныхасӕй
Рӕдауӕй рухс дӕтты.
БАЗАРД
Мӕнӕ фӕндаг, ӕцӕг цардмӕ фӕндаг.
Ды иуварс ма кӕс, уӕд сыгъдӕг дӕ уаг!
Хуыцау дын амоны раст фӕндаг:
«Ды размӕ цу! О, мӕнӕ раст фӕндаг».
2. Мӕнӕ фӕндаг, дӕ раз’ –
Ӕцӕг уарзт ам и ’рмӕст.
Хуыцау нын равдыста,
Йӕ уарзт кӕй у ӕххӕст.
Куыд фӕлмӕн у йӕ уарзт!
Ӕцӕг, ӕнувыд у!
Нӕ царды алцӕуыл
Кӕлы ’цӕг уарзты рухс.
БАЗАРД
Мӕнӕ фӕндаг, ӕцӕг цардмӕ фӕндаг.
Ды иуварс ма кӕс, уӕд сыгъдӕг дӕ уаг!
Хуыцау дын амоны раст фӕндаг:
«Ды размӕ цу! О, мӕнӕ раст фӕндаг».
3. Мӕнӕ фӕндаг, кӕс-ма,
Уый цардмӕ мах кӕны.
Фӕстӕмӕ ма аздӕх,
Нӕ Хуыцау нын зӕгъы:
Ӕрмӕстдӕр ам и фарн,
Ӕрмӕстдӕр ам и уарзт,
Царды фӕндаг у уый,
Хуыцауӕй у лӕвар.
БАЗАРД
Мӕнӕ фӕндаг, ӕцӕг цардмӕ фӕндаг.
Ды иуварс ма кӕс, уӕд сыгъдӕг дӕ уаг!
Хуыцау дын амоны раст фӕндаг:
«Ды размӕ цу! О, мӕнӕ раст фӕндаг».