36 зарӕг
«Хуыцау цы баиу кодта, уый»
1. Дыууӕ удӕн сӕ цард
Ӕртӕ тагӕй у баст.
Уыдзысты алкӕд иумӕ –
Дзырд радтой алкӕй раз.
Хуыцауы раз лӕг загъта:
«Мӕ усы уарздзынӕн».
БАЗАРД
Хуыцау цы баиу кодта,
Уый ма фӕхицӕн кӕн.
2. Сӕ цардӕн у бындур
Хуыцауы фыст Ныхас.
Йегъовӕйӕ зонд курынц,
Фӕрнӕй куыд уа сӕ цард.
Хуыцауы раз ус загъта:
«Мӕ лӕджы уарздзынӕн».
БАЗАРД
Хуыцау цы баиу кодта,
Уый ма фӕхицӕн кӕн.
(Кӕс ма Райд. 2:24; Еккл. 4:12; Еф. 5:22–33.)