102 зарӕг
Паддзахады зарӕг иумӕ бӕрзонд сисут!
1. Ныззарӕм, цӕй, уӕлахизы ног зарӕг!
Бӕрзонд кӕны уый Стыр Хуыцауы кад,
Нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы махӕн абон.
Цӕй ӕмӕ махимӕ ды дӕр ныззар:
БАЗАРД
«Йегъовӕйӕн табу кӕнут,
Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!
Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,
Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»
2. Мах ацы зарӕгӕй хорз хабар тауӕм:
Чырысти Паддзах у, зӕхх у йӕ бар.
Фӕзынд Хуыцауы ’взӕрст мыггаг – ног адӕм,
Ӕмӕ сӕ кады зарӕг хъуысы дард:
БАЗАРД
«Йегъовӕйӕн табу кӕнут,
Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!
Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,
Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»
3. Сӕрныллӕг сахуыр кӕндзӕн ацы зарӕг –
Хуымӕтӕг у, рӕсугъд ӕмӕ бӕлвырд.
Ӕгас зӕххыл ӕй сахуыр кодтой минтӕ
’Мӕ семӕ хонынц иннӕты дӕр ныр:
БАЗАРД
«Йегъовӕйӕн табу кӕнут,
Йӕ иунӕг Фырт ныр Паддзах у!
Ног зарӕг сахуыр кӕнут, цӕй, сымах дӕр,
Хуыцауы кадджын ном бӕрзонд кӕнут!»
(Кӕс ма Пс. 95:6; 1 Пет. 2:9, 10; Рарг. 12:10.)