86 зарӕг
Иузӕрдион сылгоймӕгтӕ, нӕ чырыстон хотӕ
1. Саррӕ, Есфир, Марийӕ, Руф ’мӕ Аннӕ –
Се ’ппӕт уыдысты уӕздан сылгоймӕгтӕ.
Рухс кодтой уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕ.
Алкӕд иузӕрдыг уыдысты, зонӕм мах.
Ахӕм хорз сылгоймӕгтӕ уыд бирӕ,
Уарзта сӕ Йегъовӕ ӕмӕ сын кодта аргъ.
2. Иузӕрдион, хӕларзӕрдӕ, хъӕбатыр –
Алкӕддӕр кадджын уыд ахӕм адӕймаг.
Уыцы сылгоймӕгтӕн ахӕм уыд сӕ уаг.
Цӕй ’мӕ мах дӕр абон уыдоны фӕзмӕм!
Стут сымах дӕр иузӕрдыг, нӕ хотӕ.
Кадджын у уӕ лӕггад, сӕрыстыр уӕ ыстӕм.
3. Мадӕлтӕ, идӕдзтӕ, чызджытӕ, хотӕ,
Цингӕнгӕ абон сымах лӕггад кӕнут,
Бонзонгӕ, коммӕгӕс уе ’ппӕт дӕр ыстут,
Дары Стыр Хуыцау йӕ дӕлбазыр сымах.
Арфӕ уын кӕнӕд Йегъовӕ алкӕд!
Райсдзыстут ӕнӕмӕнг ыстыр хӕрзиуӕг тагъд.
(Кӕс ма Фил. 4:3; 1 Тим. 2:9, 10; 1 Пет. 3:4, 5.)