113 зарӕг
Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй
1. Йегъовӕ, нӕ Хуыцау, куыд бузныг дӕ стӕм –
Дӕ Ныхас нын радтай, цӕмӕй йӕ кӕсӕм!
Йӕ фысджытӕн лӕвӕрдтай дӕ зонд ӕмӕ дӕ тых.
Дӕ Фыстад нын алкӕд уынаффӕ дӕтты.
2. Раст мах хуызӕн адӕм дӕ Ныхас фыстой,
Цӕмӕй дзы мах абон ыссарӕм ӕнцой.
Сӕ хорз цӕвиттон мах дӕр фӕфидардӕр кӕны.
Дӕ ныхас нӕ удӕн ыстыр ныфс дӕтты.
3. Дӕ дзырды и стыр тых, цыргъ хъамайау у –
Фӕхицӕн кӕны уый нӕ зӕрдӕ ’мӕ уд,
Ӕргом кӕны нӕ фӕндтӕ ’мӕ аивы нӕ зонд,
Ысвӕййы рӕсугъддӕр нӕ зӕрдӕйы конд.
(Кӕс ма Пс. 119:16, 162; 2 Тим. 3:16; Иак. 5:17; 2 Пет. 1:21.)