72 зарӕг
Уарзондзинад рӕзын кӕнут
1. Хуыцауӕй курӕм сӕрныллӕгӕй,
Цӕмӕй уӕм уый хуызӕн алцӕмӕй.
Ӕппӕтӕй тынгдӕр та мах хъӕуы
Йӕ уарзондзинад – сӕйраг у уый!
Кӕд мах стӕм зондджын ӕмӕ ныфсхаст,
Фӕлӕ нӕ зӕрдӕйы ’руазал уарзт,
Уӕд уыдӕттӕн аргъ ӕппындӕр нӕй.
Цӕуӕд ӕцӕг уарзт нӕ зӕрдӕтӕй!
2. Нӕу фаг, ӕрмӕст зондӕй архайӕм,
Цӕмӕй фӕндаг арӕм зӕрдӕтӕм.
Хъуыддагӕй хъуамӕ нӕ уарзт зына,
Цӕмӕй нӕ ныхӕсты стыр тых уа.
Фӕразы уарзондзинад зынтӕн,
Ӕххуыс ӕмӕ ныфс у иннӕтӕн.
Нӕ зӕрдыл дарӕм, цӕй, алкӕддӕр:
Уыдзӕн ӕцӕг уарзт ӕнустӕм дӕр.
(Кӕс ма Иоан. 21:17; 1 Кор. 13:13; Гал. 6:2.)