129 зарӕг
Нӕ ныфсыл фидар хӕцӕм
1. Рагӕй дӕр адӕмӕн талынг у сӕ фӕндаг.
Дымгӕ куыд сурай, раст афтӕ у сӕ цард.
Дунейы уавӕр у абон ӕдзӕллаг:
Алкӕм тӕригъӕд у карз ӕлдар.
БАЗАРД
Хъӕлдзӕгӕй зар, ныфс Йегъовӕйыл дар –
Сси Паддзах йӕ Фырт, ӕмӕ стӕм ныр йӕ бар!
’Взӕрдзинад тагъд уый фӕкӕндзӕн бындзагъд.
Хӕцӕм фидар ацы зынаргъ ныфсыл мах.
2. «’Рхӕстӕг Хуыцауы бон!» – хъусын кӕнӕм алкӕм.
Ничиуал маст кӕндзӕн: «Цас ма уа фыдцард?»
Удхар нӕ кӕндзысты уӕд йе сконд адӕм.
Сбӕрзонд кӕнӕм, цӕй, Хуыцауы кад!
БАЗАРД
Хъӕлдзӕгӕй зар, ныфс Йегъовӕйыл дар –
Сси Паддзах йӕ Фырт, ӕмӕ стӕм ныр йӕ бар!
’Взӕрдзинад тагъд уый фӕкӕндзӕн бындзагъд.
Хӕцӕм фидар ацы зынаргъ ныфсыл мах.
(Кӕс ма Ав. 1:2, 3; Пс. 27:14; Иоил 2:1; Ром. 8:22.)