78 зарӕг
Бирӕфӕразондзинад
1. Йегъовӕ, Дунедарӕг,
Йӕ кадджын ном ысрухс кӕндзӕн.
Цъыфкалӕнтӕй ’мӕ фаутӕй
Уӕд йе стыр ном сыгъдӕг уыдзӕн.
Фӕлӕ уал ныр фӕразы
Ӕмӕ фидистӕн быхсы,
Тӕрхоныл тагъд нӕ кӕны,
Ӕнхъӕлмӕ уал кӕсы.
Фӕнды йӕ, цӕмӕй адӕм
Йӕ фӕндон зоной ’мӕ цӕрой.
Хуыцау сӕм у фӕразон,
Цӕмӕй фӕстагмӕ фервӕзой.
2. Ӕнаиппӕй цӕрынӕн
Хъӕуы фӕразондзинад мах.
Уыдзӕн нӕ зӕрдӕ сабыр,
Нӕ кӕндзыстӕм быцӕу ’мӕ загъд.
Мах архайдзыстӕм фарныл,
Хорзыл дардзыстӕм нӕ ныфс,
Рӕдыдӕй хызт уыдзыстӕм,
Куы уа нӕ уавӕр тыхст.
Хорз миниуджытӕ махӕн
Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕтты.
Цӕй, уӕм фӕразон алкӕд,
Цӕмӕй фӕзмӕм Йегъовӕйы.
(Кӕс ма Рац. 34:14; Ис. 40:28; 1 Кор. 13:4, 7; 1 Тим. 2:4.)