76 зарӕг
Йегъовӕ – фарны Хуыцау
1. О фарндӕттӕг Хуыцау!
Уарзыс мах фӕлмӕн фыдау.
Хай нын кӕн дӕ фарнӕй алкӕд,
’Мӕ нӕ циныл цин ӕфтау.
Дӕ Фырты радтай ды,
Ныр цӕуӕм дӕ фӕндӕгтыл.
Курӕм, бафсад мах дӕ фарнӕй –
Уый нын удӕнцой дӕтты.
2. Ӕппӕт адӕм тыхсынц –
Фарнмӕ дзӕгъӕлы тырнынц.
Фӕлӕ де ’взӕрст адӕм абон
Де стыр фарны рухс уынынц.
Мах базыдтам дӕ фӕнд,
Ныр лӕггад кӕнӕм дӕуӕн.
Курӕм, арфӕ ракӕн махӕн,
Уӕд нӕ фарн фылдӕр кӕндзӕн.
3. Дӕ сыгъдӕг тых, дӕ Дзырд
Махӕн раст кӕнынц нӕ цыд.
Стӕм дӕ фӕрцы абон рухсы,
’Мӕ нӕ фӕндаг у бӕлвырд.
Фарн сабыр кӕны уд,
Уый ӕртӕхау сатӕг у.
Курӕм, хъахъхъӕн мах дӕ фарнӕй,
Алкӕд уӕд нӕ зӕрдӕ рухс.
(Кӕс ма Пс. 4:8; Фил. 4:6, 7; 1 Фес. 5:23.)