69 зарӕг
Бацамон мын дӕ фӕндӕгтӕ
1. Йегъовӕ, Хуыцау, мах дӕ адӕм ыстӕм –
Фӕлмӕнӕй нӕ ’рхуыдтай дӕхимӕ.
Нӕ фӕндагӕн ныр цырагъ у дӕ Ныхас –
Йӕ фӕрцы цӕуӕм демӕ иумӕ.
БАЗАРД
Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндӕгтыл цӕуын,
Дӕ амындтӕ зӕрдӕйӕ ’ххӕст кӕнын.
Алкӕддӕр мӕн дӕ раст фӕндагыл кӕн,
Дӕ закъон циндзинад хӕссӕд мӕнӕн.
2. Дӕ зонд у ӕгӕрон, Йегъовӕ Хуыцау,
Дӕ раст тӕрхон стыр ныфс у махӕн.
Дӕ сыгъдӕг Фыстад ӕдзух дисы ’фтауы –
Дӕ ныхас ӕххӕст кӕндзӕн алкӕд.
БАЗАРД
Сахуыр мӕ кӕн дӕ фӕндӕгтыл цӕуын,
Дӕ амындтӕ зӕрдӕйӕ ’ххӕст кӕнын.
Алкӕддӕр мӕн дӕ раст фӕндагыл кӕн,
Дӕ закъон циндзинад хӕссӕд мӕнӕн.