Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 3 сӕр, 6 ф.
  • Доны хъаймӕт

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Доны хъаймӕт
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Уый «цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Доны хъаймӕт. Чи байхъуыста? Ӕмӕ чи нӕ байхъуыста?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Уый цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 3 сӕр, 6 ф.
Къӕвда сӕх-сӕхӕй уары ӕмӕ нау ленк кӕны абухгӕ дӕтты сӕрмӕ

3 СӔР

Доны хъаймӕт

Хуыцау фесӕфта фыдгӕнджыты, Нойы ӕмӕ йӕ бинонты та фервӕзын кодта

АДӔМ куыд фылдӕр кодтой, афтӕ тӕригъӕд ӕмӕ ӕвзӕрдзинад дӕр зӕххыл апарахат сты. Зӕххыл уыди ӕрмӕстдӕр иу рӕстгӕнӕг адӕймаг, Енох. Уый хъусын кодта, зӕгъгӕ, ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕр адӕмы фесафдзӕн. Фӕлӕ ӕвзӕрдзинад фылдӕрӕй-фылдӕр кодта. Зӕдтӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты, уӕлӕрвтӕй зӕхмӕ ӕрцыдысты, адӕймӕгты хуыз райстой ӕмӕ сылгоймӕгтимӕ цӕрын райдыдтой. Фӕзынд сын ӕнахуыр стыр цот – уӕйгуытӕ, хуыдтой сӕ нефилимтӕ. Уыдоны аххосӕй зӕхх байдзаг тыхми ӕмӕ тугкалдӕй. Хуыцауӕн тынг зын уыди, адӕм кӕй фехӕлдысты, уымӕ кӕсын.

Енохы мӕлӕты фӕстӕ зӕххыл царди, фыдгӕнджытӕй чи хицӕн кодта, ахӕм адӕймаг, Ной, зӕгъгӕ. Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ архайдтой, цӕмӕй сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодтаиккой. Хуыцау фыдгӕнджыты фесафын куы сфӕнд кодта, уӕд ӕй бафӕндыд Ной ӕмӕ йӕ бинонты фервӕзын кӕнын. Хуыцау ын загъта, цӕмӕй сарӕзтаид стыр цыппӕрдигъон нау (ковчег). Уым сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ бирӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕ дӕр фервӕзтаиккой Доны хъаймӕты рӕстӕг. Ной байхъуыста Хуыцаумӕ ӕмӕ йын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакодта. 40–50 азы дӕргъы арӕзта нау, стӕй «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» дӕр уыди (2 Петры 2:5). Ной адӕмы фӕдзӕхста, тагъд кӕй уыдзӕн Доны хъаймӕт, фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дардтой. Рӕстӕг куы ’рцыд, уӕд Ной цӕрӕгойты наумӕ бакодта ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр йӕ бинонтимӕ наумӕ бахызт. Хуыцау сын сӕ фӕстӕ дуар бахгӕдта ӕмӕ райдыдта къӕвда.

Къӕвда сӕх-сӕхӕй уарыд 40 боны ӕмӕ ӕхсӕвы, цалынмӕ ӕнӕхъӕн зӕхх доны бын нӕ фӕци, уӕдмӕ. Фыдгӕнджытӕ фесӕфтысты. Цалдӕр мӕйы фӕстӕ дон фӕкъаддӕр ӕмӕ нау хӕхтыл ӕрлӕууыд. Цасдӕры фӕстӕ, науы чи уыд, уыдон ӕддӕмӕ рахызтысты. Фесты дзы ӕнӕхъӕн аз. Ной тынг бузныг уыд Йегъовӕ Хуыцауӕй ӕмӕ йын нывонд ӕрхаста. Хуыцау ын йӕ нывондӕй разыйӕ баззад ӕмӕ Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн зӕрдӕ бавӕрдта, доны хъаймӕт кӕй никуыуал рауадздзӕн. Йӕ ныхас кӕй нӕ фӕсайдзӕн, уый равдисынӕн радта арвӕрдын.

Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау адӕмӕн радта цалдӕр ног закъоны. Радта сын дзидза хӕрыны бар, фӕлӕ сын туг хӕрыны бар нӕ уыд. Хуыцау ма Нойы байзӕддӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй зӕххыл ахӕлиу уыдаиккой. Фӕлӕ йӕм иуӕй-иутӕ нӕ байхъуыстой. Иу лӕг, Нимрод, зӕгъгӕ, адӕмы ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ горӕт Вавилоны райдыдтой стыр мӕсыг аразын. Нӕ сӕ бафӕндынд Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын, зӕхх уӕ цотӕй байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ фӕнд фехӕлдта, се ’взаг сын схӕццӕ кодта ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Сӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбӕрстой, уый тыххӕй сӕ фӕнд ныууагътой ӕмӕ алырдӕмты ныппырх сты.

Райдианы 6–11 сӕртӕ; Иудӕйы 14, 15.

  • Ӕвзӕрдзинад зӕххыл куыд апарахат?

  • Ной Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уый куыд равдыста?

  • Доны хъаймӕты фӕстӕ адӕмӕн хӕрӕн цы нӕ уыд?

УЫДОН ХУЫЦАУЫ КОММӔ КАСТЫСТЫ

Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы коммӕ нӕ кастысты. Фӕлӕ иууылдӕр хивӕнд нӕ уыдысты, зӕгъӕм, Адам ӕмӕ Евӕйы фырт Авел Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Библийы Енох ӕмӕ Нойы тыххӕй фыст ис, зӕгъгӕ, уыдон цыдысты Хуыцауимӕ, ома Йегъовӕйы коммӕ кастысты (Райдиан 5:22; 6:9). Библийы ма ис, Хуыцауы коммӕ чи каст, бирӕ ахӕм адӕмы кой.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын