Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 6 сӕр, 9 ф.
  • Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иов Йегъовӕйы ном кадджын кодта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Хуыцауыл мӕ зӕрдӕ нӕ сивдзынӕн!»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Иовы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2006
  • «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 6 сӕр, 9 ф.
Иовӕн йӕ буар схъӕдгӕмттӕ

6 СӔР

Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад

Сайтан сдзырддаг кодта, Иов Хуыцауыл иузӕрдион кӕй у, уый, фӕлӕ Иов Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта

ЦЫМӔ адӕймаг уӕззау фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕла ӕмӕ, Хуыцауы коммӕ кӕй кӕсы, уый йын куы ницы пайда хӕсса, уӕд ыл иузӕрдионӕй баззайдзӕн? Ацы фарста фӕзынд ӕмӕ йын дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд Иовы рӕстӕджы.

Израилӕгтӕ Египеты куы цардысты, уӕд Авраамы хӕстӕг Иов та царди Аравийы. Уыцы рӕстӕг уӕлӕрвты зӕдтӕ Хуыцауы раз ӕрлӕууыдысты, се ’хсӕн уыди Сайтан дӕр. Йегъовӕ йын загъта, йӕ лӕггадгӕнӕг Иовы хуызӕн ӕнӕфау ӕмӕ рӕстзӕрдӕ адӕймаг кӕй нӕй. Уӕд Хӕйрӕг Хуыцауӕн загъта, зӕгъгӕ йын куы нӕ арфӕ кӕнис ӕмӕ йӕ куы нӕ хъахъхъӕнис, уӕд дын Иов нӕ лӕггад кӕнид. Стӕй ма йын загъта, Иовмӕ цыдӕриддӕр ис, уый куы фесафа, уӕд ӕй кӕй ралгъитдзӕн.

Angels in heaven gathered before God and Satan is among them

Хуыцау Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовӕн йӕ хъӕздыгдзинад байса, йӕ сывӕллӕтты йын амара, йӕхиуыл та йын уӕззау низ бафтауа. Иов нӕ зыдта, уыцы бӕллӕхтӕ йыл Хӕйрӕджы аххосӕй кӕй ӕрцыдысты, ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, Хуыцау ын ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ цӕмӕн бавзарын кодта. Фӕлӕ уӕддӕр Иов Хуыцауы нӕ ралгъыста.

Иовмӕ ӕрбацыдысты йе ’ртӕ ӕмбалы ӕмӕ йемӕ бирӕ фӕныхас кодтой. Сӕ ныхӕстӕ фыст сты Иовы чиныджы. Уыцы ницӕйаг ӕмбӕлттӕ йын дзырдтой, Хуыцау ӕй кӕй бафхӕрдта, сусӕгӕй цы тӕригъӕдтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй. Стӕй ма йын загътой, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй райгонд кӕй никуы вӕййы ӕмӕ сыл кӕй не ’ууӕнды. Иов сӕ мӕнг хъуыдытыл не сразы ӕмӕ фидарӕй загъта, цалынмӕ удӕгас уа, уӕдмӕ Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыдзӕн!

Фӕлӕ Иов йӕхи ӕгӕр кӕй раст кодта, уымӕй рӕдыди. Семӕ ма уыди, сӕхицӕй кӕстӕр чи уыд, иу ахӕм нӕлгоймаг, Елиуй, зӕгъгӕ. Уый лӕмбынӕг фӕхъуыста Иовмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм, стӕй йӕ хъуыды загъта. Иовӕн бауайдзӕф кодта, кӕй дзы ферох, ӕппӕты ахсджиагдӕр хъуыддаг – Йегъовӕ Хуыцау Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнын сӕйрагдӕр у, цавӕрфӕнды адӕймаджы сраст кӕнынӕй дӕр. Стӕй ма Елиуй карзӕй бауайдзӕф кодта Иовы ’мбӕлттӕн дӕр.

Уый фӕстӕ Иовимӕ ныхас кодта Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йын йӕ хъуыды сраст кодта. Йӕ хъус ын ӕрдардта, цы сфӕлдыста, уымӕ ӕмӕ йын афтӕмӕй равдыста, Хуыцауы раз адӕймаг рыджы мур йеддӕмӕ кӕй ницы у. Иов йӕ рӕдыдыл сӕрныллӕгӕй басаст. Йегъовӕ адӕмы фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Иовы сдзӕбӕх кодта, ӕмӕ йын радта, раздӕр ӕм цы хъӕздыгдзинад уыд, уымӕй дыууӕ хатты фылдӕр, стӕй йын раарфӕ кодта ӕмӕ йын райгуырд дӕс сывӕллоны (Иаковы 5:11). Иов ахӕм уӕззау фӕлварӕнты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уый фӕрцы дзуапп радта Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕн, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты адӕймаг Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн.

Иовы чиныг.

  • Иовы рӕстӕджы Сайтан цы сдзырддаг кодта?

  • Иов Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй цы сбӕлвырд?

АХСДЖИАГ ФАРСТАТӔ

Иов уыд ӕнӕфау, рӕстзӕрдӕ ӕмӕ тарст Хуыцауӕй. Ӕмӕ Хӕйрӕг афтӕ куы загъта, Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕхи пайдайы тыххӕй кӕй лӕггад кӕны, уӕд ӕй уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ адӕм дӕр ӕмӕ зӕдтӕ дӕр Хуыцауӕн цӕйдӕр тыххӕй кӕй лӕггад кӕнынц. Афтӕмӕй сдзырддаг кодта, адӕм Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый. Уыцы фарста уыд, Хӕйрӕг Едемы цӕхӕрадоны цы фарста сдзырддаг кодта, уыимӕ баст, ома Йегъовӕ Хуыцау Дун-дунейы Хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕй ӕмӕ рӕстӕй архайы ӕви нӕ. Иовы чиныгӕй бӕрӕг у, адӕм ӕмӕ зӕдтӕ сӕ иузӕрдиондзинадӕй кӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйы фарс кӕй сты, уый.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын