Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bm 14 сӕр, 17 ф.
  • Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты
  • Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Пехуымпар федта цӕстылуайӕн фидӕны тыххӕй
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Чырысти зӕхмӕ ӕрцыд
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ Йесо Чырыстийыл сӕххӕст сты?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Пехуымпарӕдтӕ Чырыстийы тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
bm 14 сӕр, 17 ф.
Хуыцауы пехуымпар хъусын кӕны Хуыцауы ныхас

14 СӔР

Хуыцау дзырдта йӕ лӕггадгӕнджыты уылты

Йегъовӕ ӕвӕрдта пехуымпарты, цӕмӕй хъусын кодтаиккой йӕ тӕрхӕтты, раст дины ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕджы тыххӕй

ИУДӔ ӕмӕ Израилы паддзӕхты рӕстӕг пехуымпартӕ ахсджиаг куыст кодтой. Уыцы пехуымпартӕн уыди фидар уырнындзинад ӕмӕ ныфсджынӕй хъусын кодтой Хуыцауы фӕндтӕ. Ӕркӕсӕм, цы ахсджиаг хабӕрттӕ хъусын кодтой, уыдонӕй цыппармӕ.

1. Иерусалим ныппырх кӕндзысты. Хуыцауы пехуымпартӕ Исай ӕмӕ Йереми, бирӕ азтӕ раздӕр адӕмы фӕдзӕхстой, знӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ дзы цӕрӕг кӕй нал баззайдзӕн. Дзырдтой, Хуыцауы фыдӕх сӕ цӕмӕн баййафдзӕн, уый тыххӕй. Иерусалим уый аккаг нал уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы ном хастаид, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕрджытӕ куывтой мӕнгхуыцӕуттӕн, кодтой ӕнӕгъдау митӕ ӕмӕ фыдхъуыддӕгтӕ (2 Паддзӕхты 21:10–15; Исай 3:1–8, 16–26; Йереми 2:1–3:13).

2. Раст дин та ӕрфидар уыдзӕн. Дзуттӕгтӕ Вавилоны 70 азы уацары куы фӕуой, уӕд сӕ Хуыцау ссӕрибар кӕндзӕн. Фӕстӕмӕ сӕ бӕстӕмӕ ӕрӕздӕхдзысты ӕмӕ Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндон ногӕй сараздзысты (Йереми 46:27; Амос 9:13–15). Уымӕй иу-200 азы раздӕр Исай загъта, Персы паддзах Кир Вавилоныл кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕмӕн бар кӕй ратдзӕн, цӕмӕй та сӕ райгуырӕн бӕстӕйы раст дин ӕрфидар кӕной. Исай суанг лыстӕгдзинӕдты онг ныффыста, Кир Вавилон куыд бацахсдзӕн, уый (Исай 44:24–45:3).

Уацары чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ Вавилонӕй рацыдысты ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ здӕхынц

3. Фӕзындзӕн Ирвӕзынгӕнӕг. Чырысти райгуырдзӕн горӕт Вифлеемы (Михей 5:2). Йесо Иерусалиммӕ хӕрӕгыл бацӕудзӕн ӕмӕ уымӕй равдисдзӕн сӕрныллӕгдзинад (Захари 9:9). Кӕд фӕлмӕн ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыдзӕн, уӕддӕр ӕм бирӕтӕ нӕ хъусдзысты (Исай 42:1–3; 53:1, 3). Ӕгъатыр мард ӕй акӕндзысты, фӕлӕ ууыл йӕ цард нӕ фӕуыдзӕн. Йӕхи нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый фӕрцы адӕмӕн фадат фӕзындзӕн, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой (Исай 53:4, 5, 9–12). Уымӕн гӕнӕн уыдзӕн, кӕй райгас, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.

4. Чырысти уыдзӕн паддзах. Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон нӕу зӕххыл сабыр цард скӕнын. Уый бантысдзӕн Хуыцауы ӕвӕрд Паддзахӕн, уымӕн ӕмӕ хуыйны Фарны кънйаз (Исай 9:6, 7; Йереми 10:23). Чырысти бартӕ йӕ къухмӕ куы райса, уӕд адӕм цӕрдзысты хӕларӕй ӕмӕ сырдтӕй дӕр нӕ тӕрсдзысты (Исай 11:3–7). Рынчын ничиуал кӕндзӕн (Исай 33:24). Мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн (Исай 25:8). Уыцы рӕстӕг Чырысти райгас кӕндзӕн мӕрдты дӕр (Данел 12:13).

Исайы, Йеремийы, Данелы, Амосы, Михейы ӕмӕ Захарийы чингуытӕ.

  • Хуыцауы пехуымпартӕ цавӕр хабӕрттӕ хъусын кодтой?

  • Иерусалим кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ йӕ ногӕй кӕй сараздзысты, уый тыххӕй пехуымпартӕ цы ныффыстой?

  • Йегъовӕйы пехуымпартӕ Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ араздзӕн, уый тыххӕй цы дзырдтой?

  • Чырысти Паддзах куы уа, уӕд зӕххыл цыхуызӕн цард уыдзӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын